Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕстаг номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Хуыцау тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый Библийӕ куыд зыны?

Рагон израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд сын Хуыцау сӕ хъизӕмӕрттӕ уыдта ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбӕрста (Рац. 3:7; Ис. 63:9). Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг уӕм. Хуыцау нын тӕригъӕд фӕкӕны, суанг афтӕ куы фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ йӕ уарзты аккаг не стӕм, уӕд дӕр (wp18.3, 8, 9 фф.).

Йесо адӕмӕн цы амыдта, уый сын куыд ӕххуыс кодта сӕ хъулон митӕ ныууадзынӕн?

Йесойы заман дзуттӕгтӕй бирӕтӕ хъулон митӕ кодтой. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъус ӕрдардта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой, уымӕ. Дӕ адӕмыхаттӕй сӕрыстыр уай, уый та растыл нӕ нымадта. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй кӕрӕдзи ӕфсымӕртыл нымадтаиккой (w18.06, 9, 10 фф.).

Хуыцау Моисейӕн Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны бар кӕй нӕ радта, уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Моисей уыд Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар (Дык. з. 34:10). Израилӕгтӕ 40 азы бӕрц ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕрацу-бацу кодтой, уӕд та ногӕй хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, дон сын кӕй нӕ уыд, ууыл. Йегъовӕ Моисейӕн бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, къӕдзӕхӕн зӕгъ, цӕмӕй дон ратта. Фӕлӕ Моисей къӕдзӕхмӕ не сдзырдта, фӕлӕ йӕ цӕвгӕ ӕркодта. Йегъовӕ йӕм тынг смӕсты. Цымӕ цӕмӕн? Чи зоны, уымӕн, ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ нӕ байхъуыста. Кӕнӕ та, чи зоны, уымӕн, ӕмӕ, цы диссаг сарӕзта, уый тыххӕй йӕ не скадджын кодта (Ным. 20:6–12). Ацы хабарӕй ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ тынг ахсджиаг у Йегъовӕмӕ хъусын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын (w18.07, 13, 14 фф.).

Иннӕтӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ куы тӕрхон кӕнай, уӕд ӕнцонтӕй цӕмӕн ис фӕрӕдийӕн?

Иннӕты тыххӕй цы хъуыды кӕнӕм, ууыл хатгай фӕзынынц ӕртӕ хъуыддаджы: адӕймаг цавӕр расӕйӕ кӕнӕ адӕмыхаттӕй у, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр у ӕмӕ цы кары ис. Ахсджиаг у, цӕмӕй иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыныл архайӕм ӕмӕ макӕй хъулон кӕнӕм (Хъуыд. 10:34, 35) (w18.08, 8–12 фф.).

Ацӕргӕ ӕфсымӕртӕ иннӕтӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

Кӕд ацӕргӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ нал ӕххӕст кӕнынц, уӕддӕр сын Йегъовӕ аргъ кӕны ӕмӕ сӕ бон у иннӕтӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, сӕ бон у хоты ӕнӕуырнӕг лӕгты бӕрӕг кӕнын, чи ’рлӕмӕгъ, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын, Библийы ахуыртӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн алыхуызӕтты ӕххуыс кӕнын (w18.09, 8–11 фф.).

Иннӕты ахуыр кӕнынӕн нӕм цавӕр кусӕнгӕрзтӕ ис?

Уыдон сты визиткӕтӕ, ӕмбырды фембӕлдтӕм хуынды гӕххӕттытӕ, аст буклеты, журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Уыцы кусӕнгӕрзтӕм ма хауынц цалдӕр брошюрӕйы, адӕймагимӕ Библи сӕйраджыдӕр кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, дыууӕ ахӕм чиныджы ӕмӕ цыппар видеороликы, зӕгъӕм, видеоролик «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» (w18.10, 16 ф.).

Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у рӕстдзинад «балхӕнын»? (Ӕмб. 23:23).

Рӕстдзинады тыххӕй ӕхца фидын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ йӕ цӕмӕй «самал кӕнай», уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг рахицӕн кӕнын ӕмӕ бафыдӕбон кӕнын (w18.11, 4 ф.).

Кӕд Гомер Осийыл гадзрахатӕй цыд, уӕддӕр Оси куыд бакодта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Кӕд Гомер Осийыл гадзрахатӕй цыд, уӕддӕр ын уый ныххатыр кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ йемӕ бацард. Йӕ цардӕмбалмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн ис, уыцы чырыстонӕн йӕ бон у, ӕмӕ йын ныххатыр кӕна. Ӕмӕ йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд ын Библимӕ гӕсгӕ уый бар нал уыдзӕн, цӕмӕй дзы ахицӕн уа (w18.12, 13 ф.).