Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Дзӕнӕты фембӕлдзыстӕм!»

«Дзӕнӕты фембӕлдзыстӕм!»

«Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (ЛУК. 23:43).

ЗАРДЖЫТӔ: 145, 139

1, 2. Адӕм дзӕнӕт цы фӕхонынц?

ХУССАР КОРЕЙМӔ, горӕт Сеулмӕ, конгресмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрцыд, уыдон конгрессы фӕстӕ стадионӕй куы цыдысты, уӕд сыл бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ амбырд сты. Уыдонмӕ бакӕсын диссаг уыд! Бирӕтӕ сӕ къухтӕ тылдтой ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: «Дзӕнӕты фембӕлдзыстӕм!» Дӕумӕ гӕсгӕ, цавӕр дзӕнӕты кой кодтой?

2 Иутӕ дзӕнӕт иу цыдӕр фӕхонынц, иннӕтӕ – ӕндӕр цыдӕр. Чидӕртӕ фӕзӕгъынц, дзӕнӕт ӕрымысгӕ цыдӕр кӕй у. Чидӕртӕ та дзӕнӕт схониккой, цин кӕм фӕкӕнынц ӕмӕ сын хорз кӕм вӕййы, ахӕм бынат. Ӕххормаг адӕймаг хӕринӕгтӕй дзаг фынгыл бадгӕйӕ зӕгъид, ай мӕнӕ дзӕнӕтмӕ куы бахаудтӕн, зӕгъгӕ. Чидӕртӕ та, бирӕ рӕсугъд дидинджытӕ кӕм зайы, ахӕм ран куы фестиккой, уӕд ӕй дзӕнӕт схониккой. Ды та дзӕнӕт цы схонис? Ныфс дӕ ис, фидӕны искуы дзӕнӕт кӕй уыдзӕн?

3. Библийы дзӕнӕты кой фыццаг хатт кӕм цӕуы?

3 Библийы ис, кӕддӕр чи уыд, уыцы дзӕнӕты кой дӕр ӕмӕ, фидӕны чи уыдзӕн, уыцы дзӕнӕты кой дӕр. Фыццаг хатт дзы дзӕнӕты кой цӕуы ӕппӕты фыццаг чиныджы. Католикон «Дуэсаг Библийы» (тӕлмац ӕрцыд латинаг ӕвзагӕй) Райдианы 2:8 стихы фыст ис: «Ӕппӕты райдианы Дунедарӕг Хуыцау скодта ӕхсызгондзинады дзӕнӕт, ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта, кӕй скодта, уый [ома Адамы]». (Зулаив ӕй нӕхӕдӕг ныффыстам.) Дзуттаг тексты ацы стихы ӕмбӕлы дзырдбаст «Едемы цӕхӕрадон». Дзырд «Едем» нысан кӕны «ӕхсызгондзинад», ӕмӕ уыцы цӕхӕрадон ӕцӕгӕйдӕр уыд, адӕймаг ӕхсызгондзинад кӕм банкъардтаид, ахӕм бынат. Уыди дзы тынг рӕсугъд ӕрдз, фагӕй фылдӕр хӕринаг, стӕй дзы адӕм ӕмӕ сырдтӕ кӕрӕдзийӕ нӕ тарстысты (Райд. 1:29–31).

4. Дзуттаг текст грекъаг ӕвзагмӕ куы тӕлмац кодтой, уӕд Едемы цӕхӕрадоны кой кӕнгӕйӕ дзырд пара́дейсос-ӕй цӕмӕн спайда кодтой?

4 Дзырд «цӕхӕрадон»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый грекъаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой дзырд пара́дейсос-ӕй (нысан кӕны «дзӕнӕт»). Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй-иу грекъаг бӕлццон дзырд пара́дейсос куы фехъуыста, уӕд-иу йӕ цӕстытыл ауад ахӕм ныв: стыр рӕсугъд парк, знаггад дзы ничи никӕмӕн кӕны, ис дзы алыхуызон бӕрзонд дыргъбӕлӕстӕ ӕмӕ сыгъдӕг суадӕттӕ, доныбылты хизынц антилопӕты ӕмӕ фысты дзугтӕ (Cyclopaedia by M’Clintock and Strong). Уый фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Едемы цӕхӕрадон ӕцӕгдӕр дзӕнӕт кӕй уыд. (Абар Райдиан 2:15, 16.)

5, 6. Адӕм дзӕнӕты цӕрыны фадатӕй сӕхи ӕнӕхай куыд фӕкодтой? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарста ӕвзӕры?

5 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы раст ахӕм дзӕнӕты ӕрцӕрын кодта. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты, ӕмӕ уый аххосӕй сӕхи дӕр ӕмӕ ма сӕ байзӕддӕгты дӕр уым цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фӕкодтой (Райд. 3:23, 24). Едемы цӕхӕрадоны уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм нал цард, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕддӕр Нойы заманты онг уыд, цалынмӕ Доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ.

6 Искӕмӕ, чи зоны, ахӕм фарста фӕзына: «Цымӕ ма искуы зӕххыл ногӕй дзӕнӕт уыдзӕн?» Библи уый фӕдыл цы дзуры? Кӕд дӕ ныфс ис, кӕй уарзыс, уыдонимӕ иумӕ дзӕнӕты кӕй цӕрдзынӕ, уӕд дӕ ныфсӕн фидар бындур ис? Дӕ бон цӕмӕн у фидарӕй зӕгъын, фидӕны дзӕнӕт кӕй уыдзӕн?

ФИДӔНЫ ДЗӔНӔТ КӔЙ УЫДЗӔН, УЫМӔН БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ

7, 8. а) Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? б) Хуыцауы зӕрдӕвӕрд фехъусгӕйӕ Авраам цӕуыл ахъуыды кодтаид?

7 Дзӕнӕты тыххӕй цы фарстатӕ ӕвзӕры, уыдонӕн дзуаппытӕ агурын хъӕуы Библийы, уымӕн ӕмӕ уыцы чиныг у Хуыцауӕй – дзӕнӕт чи скодта, уымӕй. Ӕркӕсӕм, Хуыцау йӕ хӕлар Авраамӕн цы загъта, уымӕ. Хуыцау ын загъта, «денджызы был змис куыд бирӕ ис, афтӕ» йын йӕ байзӕддӕгты кӕй сбирӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй» (Райд. 22:17, 18). Ӕмӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ Авраамы фыртӕн ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр уымӕй зӕрдӕ бавӕрдта. (Бакӕс Райдиан 26:4; 28:14.)

8 Библийы афтӕ никуы ис фыст, ӕмӕ Авраам афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ фидӕны адӕм арфӕдзинӕдтӕй уӕлӕрвты дзӕнӕты схайджын уыдзысты. Уӕдӕ раст уыдзӕн зӕгъын, ӕмӕ йын Хуыцау зӕрдӕ куы бавӕрдта, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты, уӕд уый кӕй ахъуыды кодта, уыцы арфӕдзинӕдтӕ зӕххыл кӕй уыдзысты, ууыл. Фӕлӕ, дзӕнӕт зӕххыл кӕй уыдзӕн, уымӕн ма цымӕ Библийы ӕндӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

9, 10. Зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый ма цавӕр пехуымпарӕдтӕй у бӕрӕг?

9 Авраамы байзӕддӕгтӕй сӕ иу, Давид, Хуыцауы фӕндӕй загъта, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ нал уыдзӕн (Пс. 37:1, 2, 10). Стӕй ма загъта: «Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты. Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:11, 29; 2 Сам. 23:2). Цымӕ, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Уыдоны фидар ныфс уыд, фидӕны зӕххыл ӕрмӕстдӕр рӕстгӕнджытӕ кӕй цӕрдзысты ӕмӕ та зӕхх ногӕй кӕй суыдзӕн дзӕнӕт, Едемы цӕхӕрадон цавӕр уыд, растдӕр ахӕм.

10 Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйӕ аздӕхтысты ӕмӕ йын йӕ фӕндон нал ӕххӕст кодтой, кӕд сӕхи йӕ лӕггадгӕнджытӕ хуыдтой, уӕддӕр. Гъемӕ сӕ Хуыцау вавилойнӕгты къухмӕ радта, ӕмӕ сын уыдон сӕ бӕстӕ ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ бирӕты уацары акодтой (2 Аз. 36:15–21; Йер. 4:22–27). Фӕлӕ Хуыцауы пехуымпартӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй 70 азы фӕстӕ израилӕгтӕ хъуамӕ фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаиккой. Ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Фӕлӕ ма уыцы пехуымпарӕдтӕ махмӕ дӕр хауынц. Ныртӕккӕ уыцы пехуымпарӕдтӕй кӕцыдӕртыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ фендзыстӕм, фидӕны зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый куыд бӕлвырд кӕнынц.

11. Исайы 11:6–9 стихты фыст ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты, фӕлӕ уӕддӕр цавӕр фарста ӕвзӕры?

11 Бакӕс Исайы 11:6–9. Хуыцау пехуымпар Исайы уылты загъта, йӕ адӕм сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ’рыздӕхой, уӕд сын уым тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн. Израилӕгты тӕрсын нӕ хъуыд нӕдӕр сырдтӕй, нӕдӕр фыдгӕнӕг адӕмӕй. Стырӕй-чысылӕй, алкӕмӕн дӕр дзы уыдаид ӕдас. Ӕмӕ Хуыцау йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Уыцы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ дӕ цӕстытыл Едемы цӕхӕрадон нӕ ауайы? (Ис. 51:3). Уыцы пехуымпарады ма куыд загъд уыд, афтӕмӕй зӕхх – Израилы зӕххӕн йӕ кӕцыдӕр хай нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн зӕхх – «байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ». Уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн?

12. а) Вавилоны уацарӕй йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ чи хъуамӕ ӕрыздӕхтаид, уыцы израилӕгтӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст? б) Исайы 35:5–10 стихты ныхӕстӕ ма фидӕны дӕр кӕй хъуамӕ сӕххӕст уой, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

12 Бакӕс Исайы 35:5–10. Исай та ногӕй загъта, йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ чи хъуамӕ ӕрыздӕхтаид, уыцы израилӕгтӕн нӕдӕр сырдтӕй ӕмӕ нӕдӕр адӕмӕй тӕссаг кӕй нӕ уыдаид. Сӕ зӕхх хъуамӕ лӕвӕрдтаид хъӕздыг тыллӕг, уымӕн ӕмӕ Едемы цӕхӕрадонау уыдаид донӕфсӕст (Райд. 2:10–14; Йер. 31:12). Цымӕ ацы ныхӕстӕ ӕрмӕстдӕр уӕд хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой? Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ, чи ӕрыздӕхт, уыдон диссаджы хуызы сӕ низтӕй фервӕзтысты. Зӕгъӕм, куырм чи уыд, уыдон цӕстӕй нӕ ракастысты. Уӕдӕ Хуыцау уыцы пехуымпарады фӕрцы бамбарын кодта, адӕм сӕ низтӕй фидӕны кӕй сдзӕбӕх уыдзысты.

13, 14. Израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ’рыздӕхтысты, уӕд Исайы 65:21–23 стихты ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты? Фӕлӕ ма уыцы пехуымпарадӕй цавӕр ныхӕстӕ хъуамӕ сӕххӕст уой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

13 Бакӕс Исайы 65:21–23. Дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд дзы рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, стӕй цӕттӕ хуымтӕ ӕмӕ сӕнӕфсирдӕттӕ нӕ баййӕфтой. Фӕлӕ сӕ уавӕр хъуамӕ фӕивтаид, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау раарфӕ кодтаид. Ахъуыды-ма кӕн, хӕдзӕрттӕ куы арӕзтаиккой, куы дзы цардаиккой ӕмӕ сӕ зӕххы хъӕздыг тыллӕг куы хордтаиккой, уӕд куыд цин кодтаиккой!

14 Дӕ хъус-ма ӕрдар уыцы пехуымпарадӕй иу хабармӕ. Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ нӕ бонтӕ «бӕласы бонтау бирӕ» уыдзысты? Ис ахӕм бӕлӕстӕ, ӕмӕ сыл цӕуы цалдӕргай мин азы. Цӕмӕй адӕймаг уыйбӕрц фӕцӕра, уый тыххӕй хъуамӕ уа ӕнӕниз. Адӕм, Исайы пехуымпарады цы уавӕрты кой цӕуы, ахӕм уавӕрты куы цӕриккой, уӕд уый уаид ӕцӕг дзӕнӕт! Ӕмӕ, уӕвгӕ, уыцы пехуымпарад ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн!

Йесо дзӕнӕты тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон куыд сӕххӕст уыдзысты? (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

15. Исайы чиныджы цы арфӕдзинӕдты кой цӕуы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

15 Ахъуыды-ма кӕнӕм, цы пехуымпарӕдтыл аныхас кодтам, уыдонӕй куыд зыны, фидӕны дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый. Зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр арфӕгонд ӕрцӕудзысты. Тӕссаг сын нал уыдзӕн нӕдӕр сырдтӕй, нӕдӕр фыдгӕнӕг адӕмӕй. Куырмытӕ, къуырматӕ ӕмӕ къуылыхтӕ иууылдӕр сдзӕбӕх уыдзысты. Адӕм сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ сӕ зӕххӕй тыллӕг исдзысты. Сӕ царды бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтӕй бирӕ фылдӕр. Ӕмӕ нӕ Библи ныфс уадзы, ахӕм дзӕнӕт ӕцӕгдӕр кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ нын, чи зоны, чидӕртӕ фӕдзурынц, уыцы пехуымпарӕдтӕ дзӕнӕтмӕ ницы бар дарынц, зӕгъгӕ. Афтӕ чи фӕзӕгъы, уыдонӕн цы ис зӕгъӕн? Нӕ бон цӕмӕн у ӕууӕндын, зӕххыл ӕцӕгдӕр дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, ууыл? Уымӕй нӕ фидар ныфс ис, Йесо Чырысти – зӕххыл ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг – цы загъта, уый фӕрцы.

ДЫ УЫДЗЫНӔ ДЗӔНӔТЫ!

16, 17. Йесо дзӕнӕты кой цавӕр уавӕры скодта?

16 Йесо Чырыстийы ӕнаххосӕй фӕаххосджын кодтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой, йӕ фӕйнӕ фарс та йын байтыгътой дыууӕ фыдгӕнӕджы. Сӕ мӕлӕты хӕдразмӕ сӕ иу баууӕндыд, Йесо Паддзах кӕй у, ууыл ӕмӕ йын загъта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн» (Лук. 23:39–42). Йесо уыцы нӕлгоймагӕн цы загъта, ууыл дӕ фидӕн дӕр у баст. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты Лукайы 23:43 стихы. Иуӕй-иу иртасджытӕ уыцы стихы дзырд «абон»-ы размӕ сӕвӕрынц къӕдзыг, ӕмӕ рауайы афтӕ: «Ӕцӕг дын зӕгъын, абон мемӕ уыдзынӕ дзӕнӕты». Уыцы къӕдзыг кӕм хъуамӕ лӕууа, уый фӕдыл иртасджытӕ иу хъуыдыйыл хӕст не сты. Цымӕ Йесойы дзырд «абон»-ӕй цы зӕгъын фӕндыд?

17 Нырыккон ӕвзӕгтӕй бирӕты хъуыдыйады ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ, зӕгъӕм, къӕдзыгтӕ кӕнӕ дыстъӕлфтӕ, ӕвӕрд ӕрцӕуынц, цӕмӕй йын йӕ хъуыды радӕттӕн кӕнӕ та фӕбӕлвырддӕр кӕнӕн уа. Фӕлӕ нӕ рӕстӕгмӕ чи ӕрхӕццӕ, ахӕм рагондӕр грекъаг къухфыстыты къӕдзыгтӕ кӕмдӕр ӕмбӕлынц, кӕмдӕр та – нӕ. Уӕдӕ цымӕ Йесойы ныхӕстӕ растдӕр куыд уаид ратӕлмац кӕнӕн: «Зӕгъын дын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» ӕви «Зӕгъын дын: абон уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты»? Тӕлмацгӕнджытӕ къӕдзыг сӕвӕрынц, Йесойы ныхӕсты фӕдыл цы хъуыдыйыл хӕст вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ алыхуызон Библийы тӕлмацты афтӕ дӕр ӕмбӕлы ӕмӕ афтӕ дӕр.

18, 19. Йесойы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый нӕ бон цӕй фӕрцы у бамбарын?

18 Фӕлӕ-ма дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Йесо уымӕй гыццыл раздӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта, уый: «Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы уыдзӕн зӕххы хуылфы». Стӕй ма загъта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты адӕмы къухтӕм, ӕмӕ йӕ уыдон амардзысты, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн» (Матф. 12:40; 16:21; 17:22, 23; Мар. 10:34). Апостол Петр куыд загъта, афтӕмӕй уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст сты (Хъуыд. 10:39, 40). Уӕдӕ Йесо ӕмӕ, йӕ фарсмӕ кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕг цы бон амардысты, уыцы бон Йесо дзӕнӕтмӕ нӕ бахауд. Йесо цалдӕр боны уыд «ингӕны [кӕнӕ «гадесы»]», цалынмӕ йӕ Хуыцау нӕ райгас кодта, уӕдмӕ (Хъуыд. 2:31, 32, фип.) *.

19 Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Йесо уыцы фыдгӕнӕгӕн дзӕнӕтӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд йӕ ныхас афтӕ кӕй райдыдта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон». Моисейы заман дӕр-иу адӕм сӕ ныхас афтӕ арӕх райдыдтой. Зӕгъӕм, Моисей загъта: «Абон дын кӕй дзурын, уыцы ныхӕстӕ хъуамӕ уой дӕ зӕрдӕйы» (Дык. з. 6:6; 7:11; 8:1; 30:15).

20. Йесойы ныхӕстӕ раст кӕй ӕмбарӕм, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

20 Ӕввахс Скӕсӕнӕй иу Библи тӕлмацгӕнӕг Йесойы ныхӕсты фӕдыл загъта: «Ацы стихы ӕргом здӕхт у дзырд „абон“-мӕ ӕмӕ йӕ кӕсын хъӕуы афтӕ: „Ӕцӕг дын дзурын абон, ды уыдзынӕ мемӕ дзӕнӕты“. Ныхас загъд уыд уыцы бон ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид фӕстӕдӕр. Скӕсӕны цӕрӕг адӕм-иу сӕ ныхас афтӕ арӕх райдыдтой, ӕмӕ уый дзурӕг уыд, чидӕр дзырд бӕлвырд кӕцыдӕр бон кӕй радта ӕмӕ йӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ууыл». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, 5 ӕнусы цы сириаг тӕлмац фӕзынд, уым Йесойы ныхӕстӕ афтӕ тӕлмац сты: «Амен, ӕз дын абон дзурын, ды мемӕ уыдзынӕ Едемы цӕхӕрадоны». Ацы ныхӕстӕ не ’ппӕты дӕр стыр ныфс уадзынц.

21. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йесойы фарсмӕ кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕг уӕларвон цардмӕ хуынд кӕй нӕ уыд?

21 Уыцы фыдгӕнӕг нӕ зыдта, Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ, йемӕ уӕларвон Паддзахады кӕй уыдзысты, уый фӕдыл бадзырд кӕй скодта (Лук. 22:29). Стӕй уыцы адӕймаг донаргъуыд нӕ уыди, ӕмӕ уӕдӕ уӕларвон цардмӕ дӕр хуынд нӕ уыд (Иоан. 3:3–6, 12). Уӕдӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо, зӕххыл цы дзӕнӕт уыдзӕн, уый кой кодта. Уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ апостол Павел федта цӕстылуайӕн. Уыцы цӕстылуайӕны иу лӕг «ист ӕрцыд дзӕнӕтмӕ» (2 Кор. 12:1–4). Йесойы фарсмӕ кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕгӕй уӕлдай, Павел ӕмӕ иннӕ иузӕрдион апостолтӕ уӕларвон цардмӕ хуынд уыдысты, цӕмӕй Йесоимӕ иумӕ паддзӕхтӕ уыдаиккой. Фӕлӕ цымӕ, Павел цы дзӕнӕты кой кодта, уымӕ, зӕххыл цы дзӕнӕт уыдзӕн, уый дӕр хауы? * Ӕмӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ды дӕр уым уай?

РАЗӔЙ НӔМ ЦЫ ’НХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

22, 23. Дӕ бон цӕмӕ у ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

22 Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн Давиды ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты» (Пс. 37:29; 2 Пет. 3:13). Давид кодта, адӕм зӕххыл Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уыцы рӕстӕджы кой. Исайы 65:22 стихы фыст ис: «Мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау бирӕ». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕмы царды бонтӕ уыдзысты мин азтӕ. Дӕ бон у уымӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын? О, уымӕн ӕмӕ Раргомады 21:1–4 стихтӕм гӕсгӕ, ног дунейы Хуыцау адӕмы йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй та иу у, мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн, уый.

23 Уӕдӕ Библи дзӕнӕты тыххӕй цы дзуры? Адам ӕмӕ Евӕ дзӕнӕты цӕрыны фадатӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкодтой. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, зӕххыл та ногӕй дзӕнӕт кӕй уыдзӕн. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, адӕм зӕххыл арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты. Давид ныффыста, сабыр адӕм ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн кӕй райсдзысты ӕмӕ йыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Исайы чиныджы фыст пехуымпарӕдтӕ дӕр нӕ ныфс уадзынц, зӕххыл диссаджы дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм. Ӕмӕ мах уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Цымӕ уый кӕд уыдзӕн? Йесо, йӕ фарсмӕ кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕгӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый куы сӕххӕст уа, уӕд. Дӕуӕн дӕр фадат ис, цӕмӕй уыцы дзӕнӕты цӕрай. Уӕд, Хуссар Корейы конгрессы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ цы ныхӕстӕ загътой, «дзӕнӕты фембӕлдзыстӕм», зӕгъгӕ, уыдон ӕцӕг разындзысты!

^ 18 абз. Профессор Марвин Пейт куыд ныффыста, афтӕмӕй ахуыргӕндтӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, дзырд «абон»-ӕй Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ уыцы бон, ома 24 сахаты мидӕг, амӕлдзӕн ӕмӕ дзӕнӕтмӕ бахаудзӕн. Фӕлӕ дарддӕр ныффыста, уыцы хъуыды кӕй у, Библийы ма ноджыдӕр цы фыст ис, уый ныхмӕ. Зӕгъӕм, Йесо куы амард, уӕд уыд ингӕны ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацыд (Матф. 12:40; Хъуыд. 2:31; Ром. 10:7).

^ 21 абз. Кӕс ацы номыры «Кӕсджыты фарстатӕ».