Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Биографи

Йегъовӕ-иу нын «хорздзинад ракодта»

Йегъовӕ-иу нын «хорздзинад ракодта»

МӔ БИНОЙНАГ Даньелӕимӕ ӕрцыдыстӕм Габонмӕ, Централон Африкӕйы бӕстӕтӕй иумӕ. 1970-ӕм азты дзы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд уыди. Не ’рцыдӕй цалдӕр сахаты фӕстӕ уазӕгдзӕрӕны къомнӕт куыддӕр баххуырстам, афтӕ дын мын, бахизӕны чи куыста, уыцы сылгоймаг афтӕ куы бакӕнид: «Дӕ хорзӕхӕй, арӕнхъахъхъӕнӕн пъӕлицӕмӕ-ма бадзур».

Даньелӕ бафиппайдта, уазӕгдзӕрӕны бахизӕны раз пъӕлицӕйы машинӕ кӕй баурӕдта, ӕмӕ мын сусӕгӕй афтӕ бакодта: «Мауал дзур пъӕлицӕмӕ, ам сты!» Немӕ ма уыд иу ӕфсымӕр, ӕмӕ мӕ Даньелӕ кӕй бафӕдзӕхста, уый фӕрцы мын фадат фӕци, цӕмӕй йӕм цавӕрдӕр гӕххӕттытӕ радтаин. Цалдӕр минуты фӕстӕ нӕ Даньелӕимӕ ӕрцахстой.

Пъӕлицӕмӕ нӕ куы ластой, уӕд хъуыдытӕ кодтон, зӕгъын, цӕй амондджын дӕн, мӕ бинойнаг ахӕм хъӕбатыр кӕй у ӕмӕ Йегъовӕйы организацийыл афтӕ кӕй тыхсы. Афтӕ ӕмвӕндӕй бирӕ хӕттыты архайдтам. Ныртӕккӕ уын радзурдзынӕн, хицауад нын нӕ хъуыддаг ныкъкъуылымпы кӕныныл кӕм архайдта, уыцы бӕстӕтӕ бӕрӕг кӕнын куыд райдыдтам, уый тыххӕй.

ЙЕГЪОВӔ МЫН МӔ ЦӔСТЫТӔ БАЙГОМ КОДТА

Ӕз райгуырдтӕн 1930 азы цӕгат Францийы, иу гыццыл горӕт Круайы. Мӕ бинонтӕ католикон диныл тынг ӕнувыд уыдысты. Алы къуыри дӕр-иу аргъуанмӕ службӕмӕ цыдыстӕм, стӕй мӕ фыд аргъуаны хъуыддӕгты тынг архайдта. Фӕлӕ мыл иу-14 азы куы цыди, уӕд иу хабар ӕрцыд, ӕмӕ бамбӕрстон, аргъуаны цӕстмӕ митӕ кӕй кӕнынц, уый.

Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы немыцаг ӕфсӕдтӕ Франци куы бацахстой, уӕд Хуссар Францийы хицауад нацистты фарс рахӕцыд. Нӕ сауджын-иу нын ӕдзухдӕр йӕ раныхӕсты рӕстӕг дзырдта, цӕмӕй мах дӕр уыцы хицаудзинады фарс хӕцыдаиккам. Мах дис кодтам, ахӕм хабӕртты кӕйдӕр фарс кӕй хӕцы, ууыл. Уыцы рӕстӕг Францийы бирӕтӕ сусӕгӕй хъуыстой радиомӕ Би-би-си, ӕмӕ-иу ӕм мах дӕр хъуыстам. Уым-иу дзырдтой цӕдисон ӕфсӕдты хабӕрттӕ. Фӕлӕ фӕстӕдӕр, 1944 азы сентябры, нӕ сауджын сӕрмагонд службӕ скодта, цӕдисон ӕфсӕдтӕ немыцаг ӕфсады ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый номыл. Уый та мӕ ноджы стырдӕр дисы бафтыдта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сауджынтыл нал ӕууӕндыдтӕн.

Хӕст куы фӕци, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ фыд амард. Мӕ хистӕр хо, Симонӕ, уӕдмӕ уыд моймӕдзыд ӕмӕ цард Бельгийы. Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыди мӕ мадмӕ кӕсын. Уыцы рӕстӕг райдыдтон иу компанийы кусын. Мӕ куысты хицау ӕмӕ йӕ фырттӕ уыдысты католиктӕ ӕмӕ сӕ диныл тынг ӕнувыд уыдысты. Уыцы компанийы мын бирӕ бантыстаид. Фӕлӕ, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ бахъуыд иу уынаффӕ рахӕссын, ӕмӕ уымӕй кӕнгӕ уыд, уыцы куысты баззайдзынӕн ӕви нӕ.

1953 азы нӕм Симонӕ Францимӕ уазӕгуаты ӕрцыд. Уӕдмӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, ӕмӕ нын Библийы фӕрцы ӕмбарын кӕнын райдыдта, католикон аргъуаны ахуырӕдтӕ, зӕгъӕм, Троицӕ, зындоны арт ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырӕдтӕ, мӕнг кӕй сты. Фыццаг йемӕ нӕ разы кодтон, зӕгъын, дӕ Библи католикон нӕу. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстон, цы дзуры, уый раст кӕй у. Фӕстӕдӕр мын Симонӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» зӕронд номыртӕ ӕрбахаста, ӕмӕ-иу сӕ ӕхсӕвыгӕтты мӕ къомнӕты ӕхсызгонӕй кастӕн. Ӕмӕ, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ бамбӕрстон, рӕстдзинад кӕй ссардтон. Фӕлӕ уӕддӕр тарстӕн, зӕгъын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы суон ӕмӕ йӕ мӕ куысты хицау куы базона, уӕд ӕнӕ куыстӕй баззайдзынӕн.

Цалдӕр мӕйы дӕргъы мӕхӕдӕг Библи ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статьятӕ ахуыр кодтон. Иу бон сфӕнд кодтон Паддзахады залмӕ ацӕуын. Уым иууылдӕр тынг хӕларзӕрдӕ уыдысты, ӕмӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Иу фӕлтӕрд ӕфсымӕр мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ, 1954 азы сентябры, донаргъуыд райстон. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ мад ӕмӕ мӕ кӕстӕр хо дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы, ӕмӕ мын уый уыд стыр цины хос.

ӔХХӔСТРӔСТӔГ ЛӔГГАДГӔНГӔЙӔ НӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАРДТАМ

1958 азы уыдтӕн ӕхсӕнадӕмон конгрессы Нью-Йорчы. Уымӕй цалдӕр къуырийы размӕ мӕ мад фӕзиан, ӕмӕ йыл тынг фӕмаст кодтон. Конгрессӕй куы ’рыздӕхтӕн, уӕд мӕ кӕсын никӕмӕуал хъуыди. Гъемӕ мӕ куыст ныууагътон ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Уыцы рӕстӕг бафидыдтон Даньелӕ Делиимӕ, зынгзӕрдӕ пионеримӕ, ӕмӕ 1959 азы майы нӕ цард баиу кодтам.

Даньелӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдта провинцийы Бретань, йӕ хӕдзарӕй дард чи уыд, уыцы хъӕуты. Уым цард бирӕ католиктӕ, ӕмӕ йӕ хъӕбатырдзинад куыннӕ хъуыди, цӕмӕй ахӕм адӕмӕн хъусын кодтаид ӕмӕ иу хъӕуӕй иннӕ хъӕумӕ велосипедыл цыдаид. Мӕнау уый дӕр ӕмбӕрста, кӕрон хӕстӕг кӕй у, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕндыди ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын (Матф. 25:13). Даньелӕ удуӕлдай лӕггадгӕнӕг кӕй уыди, уый фӕрцы ӕххӕстрӕстӕг бирӕ азты дӕргъы фӕлӕггад кодтам.

Нӕ чындзӕхсӕвӕй цалдӕр боны куы рацыд, уӕд мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Ӕмӕ хъуамӕ сахуыр уыдаиккам хуымӕтӕг цард кӕнын. Фыццаг цы ’мбырд бӕрӕг кодтам, уым уыди 14 хъусынгӕнӕджы, ӕмӕ сӕ фадат никӕмӕн уыд, цӕмӕй нӕ сӕхимӕ суазӕг кодтаиккой. Гъемӕ Паддзахады залы сценӕйыл гобӕттӕ аппӕрстам ӕмӕ-иу уыдоныл фынӕй кодтам. Пъолыл хуыссын ӕнцон ай-гъайдӕр нӕ уыди, фӕлӕ нӕ астӕутӕн та уымӕй хуыздӕр цы уыд!

Ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнынмӕ-иу ацыдыстӕм нӕ гыццыл машинӕйыл

Нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгтӕ бирӕ уыдысты, фӕлӕ уӕддӕр Даньелӕ алцӕуыл дӕр сахуыр. Арӕх-иу афтӕ уыд, ӕмӕ-иу хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ бафӕстиат стӕм, цӕмӕй-иу цавӕрдӕр фарстатыл аныхас кодтаиккам. Ӕмӕ-иу Даньелӕйы та хъуыди нӕ гыццыл машинӕйы мӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Фӕлӕ-иу никуы схъуыр-хъуыр кодта. Районон цӕстдарӕгӕй дыууӕ азы йеддӕмӕ нӕ балӕггад кодтон, ӕмӕ уыцы рӕстӕг бамбӕрстам, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ ӕргом ныхас кӕной ӕмӕ ӕмвӕндӕй архайой (Еккл. 4:9).

ӔНДӔР ХУЫЗЫ ЛӔГГАД КӔНЫН РАЙДЫДТАМ

1962 азы нӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 37-ӕм къласмӕ Бруклинмӕ (штат Нью-Йорк). Дӕс мӕйы дӕргъы дзы ахуыр кодтам сӕдӕ хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕй. Не ’хсӕн уыди ӕртындӕс къайы. Даньелӕимӕ иумӕ уыцы скъолайы кӕй ахуыр кодтам, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымадтам. Абон дӕр ма ӕхсызгонӕй ӕрымысын, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыд, уыцы ӕфсымӕртимӕ иумӕ цы рӕстӕг арвыстам, уый. Се ’хсӕн уыдысты Фредерик Френц, Юлиссис Гласс ӕмӕ Александр Макмиллан.

Галаады скъолайы иумӕ кӕй ахуыр кодтам, уый тыххӕй тынг амондджын уыдыстӕм!

Ахуыры рӕстӕг нӕ разӕнгард кодтой, цӕмӕй нӕ хъус лыстӕг хабӕрттӕм дарын сахуыр уыдаиккам. Хатгай-иу сабатбонты фӕссихор, ахуыр-иу куы фестӕм, уӕд, ацыдыстӕм Нью-Йорчы зындгонд бынӕттӕ фенынмӕ. Уый дӕр нӕ ахуырмӕ хауд. Зыдтам-иу, къуырисӕры нӕ, цы федтам, уыдӕтты тыххӕй тест фыссын кӕй хъӕудзӕн. Сабаты-иу арӕх изӕрӕй фӕлладӕй ӕрбацыдыстӕм, фӕлӕ-иу нӕм уӕддӕр нӕ экскурсовод, вефилӕгтӕй иу, фарстатӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу нын тестмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн баххуыс кодтаид. Иу сабатбон фӕссихор горӕты цалдӕр сахаты фестӕм. Уыдыстӕм иу обсерваторийы ӕмӕ базыдтам, цы сты метеортӕ ӕмӕ метеориттӕ. Иу музейы та базыдтам, аллигатор ӕмӕ крокодил кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Вефилмӕ куы ’рбаздӕхтыстӕм, уӕд нӕ нӕ экскурсовод бафарста: «Уӕдӕ метеор ӕмӕ метеорит кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?» Даньелӕ тынг фӕллад уыд, ӕмӕ афтӕ куы бакӕнид: «Метеориттӕн сӕ дӕндӕгтӕ стырдӕр сты!»

Африкӕйы нӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй бӕрӕг кодтам, уый нын циндзинад хаста

Мах уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдыстӕм, ӕмӕ нӕ скъолайы фӕстӕ Францийы филиалмӕ снысан кӕндзысты. Уым иумӕ фӕлӕггад кодтам 53 азӕй фылдӕр. 1976 азы мӕ снысан кодтой филиалы комитеты координаторӕй, стӕй ма нын бахӕс кодтой, цӕмӕй Африкӕйы ӕмӕ Ӕввахс Скӕсӕны бӕстӕтӕ бӕрӕг кодтаиккам. Уыцы бӕстӕтӕй нын кӕцыдӕрты хицауад нӕ хъуыддаг къуылымпы кодта, кӕцыдӕрты та нын хъусын кӕныны бар ӕппындӕр нӕ уыд. Ӕмӕ Габонмӕ дӕр уыцы рӕстӕг ацыдыстӕм, ӕмӕ, райдианы цы хабары кой скодтон, уый ныл уӕд ӕрцыд. Раст зӕгъгӕйӕ-иу мӕм хатгай афтӕ каст, ӕмӕ уыцы ног хӕстӕ ӕххӕст кӕнын мӕ бон нӕ бауыдзӕн. Фӕлӕ мын Даньелӕ ахӕм ӕххуысгӕнӕг уыди, ӕмӕ мӕ къухы бирӕ ӕфтыд.

Тӕлмац кӕнын ӕфсымӕр Теодор Ярачы раныхас конгрессы «Хуыцауы рӕстдзинад», Париж, 1988 аз

СӔМБӔЛДЫСТӔМ СТЫР ЗЫНДЗИНАДЫЛ

Вефилы лӕггад кӕнын фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Цалынмӕ Галаады скъолайы ахуыр кӕнын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ Даньелӕ фондз мӕймӕ англисаг ӕвзаг сахуыр кодта. Ӕмӕ Вефилы тӕлмацгӕнӕгӕй кусын райдыдта, ӕмӕ уыцы куыстмӕ хорз арӕхст. Вефилы лӕггадгӕнгӕйӕ тынг амондджын уыдыстӕм, фӕлӕ ма нӕ циныл цин ӕфтыд, ӕмбырды хъуыддӕгты кӕй архайдтам, уый фӕрцы. Ӕхсызгонӕй ӕрымысын, иухатт Даньелӕимӕ ӕмбисӕхсӕв Парижы метройы куыд фӕцӕйцыдыстӕм, уый. Тынг фӕллад уыдыстӕм, фӕлӕ уӕддӕр цин кодтам, иумӕ цалдӕр Библийы ахуыры кӕй ауагътам, ууыл. Фӕлӕ, хъыгагӕн, фӕстӕдӕр Даньелӕйӕн йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕмӕ йӕ бон раздӕрау лӕггад кӕнын нал уыд.

1993 азы Даньелӕйӕн йӕ риуы рак ссардтой. Ӕмӕ йын бахъуыд операци скӕнын, стӕй йын кодтой, тыхджын хостӕй кӕм фӕпайда кӕнынц, ахӕм химиотерапи. Фынддӕс азы фӕстӕ та йӕм ногӕй рак ссардтой, фӕлӕ ацы хатт йӕ хабар ноджы фыддӕр уыд. Фӕлӕ Даньелӕ, Вефилы цы куыст кодта, уый афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ, гыццыл йӕхимӕ куы ’рцыд, уӕд та ногӕй йӕ куыстмӕ бавнӕлдта.

Кӕд Даньелӕ уӕззау низӕй рынчын уыд, уӕддӕр нӕ лӕггад ныууадзыныл хъуыды дӕр никуы акодтам. Иннӕмӕй та ахӕм низимӕ лӕггад кӕнын ӕнцон нӕу, уӕлдайдӕр та, цы тыхст уавӕры дӕ, уый иннӕтӕ куы нӕ зоной, уӕд (Ӕмб. 14:13). Даньелӕйӕн йӕ царды фӕстаг азты дӕр йӕ низ йӕ рӕсугъд цӕсгомыл ӕмӕ, гуырдзӕй цы уӕздандзинад рахаста, ууыл нӕ фӕбӕрӕг. Кӕд ын зын уыд, уӕддӕр йӕхицӕн тӕригъӕд кӕнын нӕ райдыдта. Фӕлӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ сарӕзта. Йӕ зындзинӕдты тыххӕй-иу ын чи дзырдта, уыдонмӕ-иу алкӕддӕр лӕмбынӕг хъуыста (Ӕмб. 17:17). Рак кӕмӕ уыди, уыцы хотӕй та бирӕтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй уыцы низӕй ма тарстаиккой.

Даньелӕйы низы тыххӕй нӕ бахъуыди нӕ лӕггады цыдӕртӕ фӕивын. Йӕ бон ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын куы нал уыд, уӕд йӕ хъарутӕ уымӕ сарӕзта, цӕмӕй мӕнӕн ӕххуыс кодтаид. Йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй мын мӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын ӕнцондӕр уыдаид, ӕмӕ уый фӕрцы филиалы комитеты координаторӕй фӕлӕггад кодтон 37 азы дӕргъы. Зӕгъӕм, алы бон дӕр-иу батыхст, цӕмӕй-иу нӕ къомнӕты сихор бахордтаиккам ӕмӕ-иу нӕ фӕллад суагътаиккам (Ӕмб. 18:22).

АЛЫ БОНЫ ЗЫНДЗИНӔДТӔ

Даньелӕ уыд хъӕлдзӕг ӕмӕ цардмондаг адӕймаг. Фӕлӕ йӕм фӕстӕдӕр рак ӕртыккаг хатт ссардтой. Афтӕ нӕм каст, ӕмӕ нын ничиуал баххуыс кӕндзӕн. Химиотерапи ӕмӕ-иу радиотерапийы фӕстӕ ахӕм лӕмӕгъ уыд, ӕмӕ-иу хатгай цӕугӕ дӕр тыххӕйты кодта. Мӕ зынаргъ бинойнагӕн, дӕсны тӕлмацгӕнӕгӕн, ныхӕстӕ кӕрӕдзийыл сбӕттын куыд зын у, уымӕ кӕсгӕйӕ-иу мӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл хоста.

Кӕд тынг зӕрдӕсаст уыдыстӕм, уӕддӕр-иу ӕппынӕдзух Хуыцаумӕ куывтам. Зыдтам ӕй, Йегъовӕ кӕй никуы бауадздзӕн, цӕмӕй, нӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм (1 Кор. 10:13). Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы уылты, стӕй, Вефилы медицинон хайады чи лӕггад кодта, уыдоны ӕмӕ иннӕ хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты уылты ӕххуыс кодта, ӕмӕ дзы уый тыххӕй алкӕддӕр бузныг уыдыстӕм.

Арӕх-иу Йегъовӕйӕ куырдтам, цӕмӕй нын бацамыдтаид, Даньелӕйы дзӕбӕх кӕнынӕн хуыздӕр цавӕр мадзал у, уый. 23 азы дӕргъы цы дохтырмӕ цыд, уымӕн йӕ бон бамбарын нӕ уыд, алы химиотерапийы фӕстӕ цӕмӕн бауадзыг вӕййы, уый, ӕмӕ йын цы кодтаид, уый нал зыдта. Гъемӕ йӕ нал дзӕбӕх кодта. Афтӕ нӕм каст, ӕмӕ нӕм фӕкӕсӕг нал ис, ӕмӕ, нӕ хабар дарддӕр куыд уыдзӕн, уый нӕ зыдтам. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕндӕр дохтыр сразы, цӕмӕй йӕ дзӕбӕх кодтаид. Уый афтӕ уыд, раст цыма нын Йегъовӕ йӕхӕдӕг бацамыдта, куыд кӕнгӕ у, уый.

Бамбӕрстам, райсомы боныл рагацау мӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Чырысти загъта, «райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ», зӕгъгӕ (Матф. 6:34). Нӕ цин ӕрмынӕг кӕнын кӕй нӕ уагътам ӕмӕ-иу ахудын дӕр кӕй зыдтам, уый фӕрцы дӕр нӕ зындзинӕдтӕн фӕрӕзтам. Иухатт Даньелӕйӕн дыууӕ мӕйы дӕргъы химиотерапи не скодтой, ӕмӕ йӕ мидбылты худгӕйӕ афтӕ бакодта: «Ныры хуызӕн дзӕбӕх никуыма уыдтӕн!» (Ӕмб. 17:22). Йӕ низ ӕй уӕгъд нӕ уагъта, фӕлӕ-иу уӕддӕр ног Паддзахады зарджытӕ ӕхсызгонӕй ахуыр кодта ӕмӕ-иу сӕ фидар хъӕлӕсӕй зарыд.

Даньелӕ йӕ циндзинад ӕрмынӕг кӕнын кӕй нӕ уагъта, уый фӕрцы мын ӕнцондӕр уыд, фӕстӕдӕр хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ мӕхи аразын куы бахъуыд, уӕд. 57 азы иумӕ фӕцардыстӕм, ӕмӕ Даньелӕ хӕдзары куыстытӕ ӕдзухдӕр йӕхӕдӕг кодта. Суанг мӕ хъайла кӕнын дӕр нӕ сахуыр кодта! Ӕмӕ йӕ бон куы ницыуал уыд, уӕд мӕхи бахъуыди къустӕ ӕмӕ гӕрзтӕ ӕхсын, стӕй хуымӕтӕг хӕринӕгтӕ кӕнын дӕр хъуамӕ сахуыр уыдаин. Къустӕ ӕхсгӕйӕ-иу хатгай агуывзӕ дӕр асастон, фӕлӕ уӕддӕр цин кодтон, Даньелӕйы зӕрдӕ мӕ бон истӕмӕй барухс кӕнын кӕй уыд, ууыл *.

ЙЕГЪОВӔЙӔ ЙӔ ХОРЗДЗИНӔДТЫ ТЫХХӔЙ БУЗНЫГ ДӔН

Мӕ цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ бон у зӕгъын: кӕд Даньелӕйы низы тыххӕй ӕмӕ ныл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм, уӕддӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Фыццаг уый, ӕмӕ, адӕймаг цыфӕнды ӕнӕвдӕлон куы уа, уӕддӕр хъуамӕ йӕ цардӕмбалыл тыхса, ӕмӕ йӕм цалынмӕ тыхтӕ ис, уӕдмӕ ууыл архайа (Еккл. 9:9). Дыккаг та уый, ӕмӕ адӕймаг исты гыццыл зындзинӕдтыл куы ’мбӕла, уӕд-иу сыл хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кӕна, науӕд, алы бон дӕр цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын у, уыдон нӕ уындзӕн (Ӕмб. 15:15).

Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнгӕйӕ цы рӕстӕг арвыстам, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ бон фидарӕй зӕгъын вӕййы, Йегъовӕ нын, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдыстӕм, афтӕ кӕй арфӕ кодта. Ӕз мӕхиуыл бавзӕрстон псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ [мын] хорздзинад ракодта» (Пс. 116:7).

^ 32 абз. Ацы статья мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодтам, уӕд хо Даньелӕ Боккар амард. Цыди йыл 78 азы.