Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хуыцау цы баиу кодта», уымӕн кад кӕнут

«Хуыцау цы баиу кодта», уымӕн кад кӕнут

«Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (МАР. 10:9).

ЗАРДЖЫТӔ: 131, 132

1, 2. Дзуттӕгтӕм 13:4 стихы цавӕр фӕдзӕхст ис?

АЛКӔЙ ДӔР нӕ фӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын, ӕмӕ, уӕвгӕ, Хуыцау кады аккаг у. Ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, йӕхӕдӕг дӕр нын кӕй кад кӕндзӕн (1 Сам. 2:30; Ӕмб. 3:9; Рарг. 4:11). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй кад кӕнӕм адӕмӕн дӕр, зӕгъӕм, зӕххон хицӕуттӕн (Ром. 12:10; 13:7). Фӕлӕ ма ис, уӕлдай тынг цӕмӕн хъуамӕ кад кӕнӕм, уый – бинонты цард.

2 Апостол Павел ныффыста: «Йӕ бинонты цард уӕ алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут» (Дзут. 13:4). Павел бинонты царды тыххӕй цы загъта, уый у фӕдзӕхст, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ бинонты цардӕн кад кӕной, хъуамӕ сын зынаргъ уа. Ды дӕр бинонты цардмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсыс, уӕлдайдӕр та, кӕд дӕхицӕн бинонтӕ ис, уӕд?

3. Йесо бинонты царды фӕдыл цавӕр фӕдзӕхст радта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Кӕд бинонты цардӕн кад кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй фӕзмӕм Йесо Чырыстийы. Фарисейтӕ Йесойы хицӕн кӕныны тыххӕй куы бафарстой, уӕд сын уый се ’ргом раздӕхта, Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы тыххӕй цы загъта, уымӕ: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд». (Бакӕс Марчы 10:2–12; Райд. 2:24.)

4. Йегъовӕмӕ бинонты царды тыххӕй цавӕр фӕнд уыд?

4 Йесо уыцы ныхӕстӕй равдыста, бинонты цардӕн бындур Хуыцау кӕй ӕрӕвӕрдта ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕрӕнбонтӕм кӕй хъуамӕ уой. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ, искуы ахицӕн уой, уый бар сын ис. Хуыцауы фӕнд уыд, цӕмӕй лӕгӕн уыдаид иу ус, усӕн та иу лӕг ӕмӕ кӕрӕдзийӕ макуы ахицӕн уыдаиккой.

БИНОНТЫ ЦАРД РӔСТӔГМӔ ЧИ ФӔИВТА, УЫЦЫ ХАБӔРТТӔ

5. Адӕм мӕлын кӕй райдыдтой, уый бинонты цардыл куыд фӕзынд?

5 Мах ӕй зонӕм, Адамы тӕригъӕды аххосӕй уавӕр кӕй фӕивта. Зӕгъӕм, адӕм мӕлын кӕй райдыдтой, уый бинонты цардыл фӕзынд. Апостол Павел чырыстӕттӕн бамбарын кодта, мӕлӕт бинонты цардӕн кӕрон кӕй скӕны ӕмӕ, йӕ цардӕмбал кӕмӕн амӕла, уымӕн уый фӕстӕ йӕ бон кӕй у йӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕнын (Ром. 7:1–3).

6. Хуыцауы цӕсты бинонты цард кадджын кӕй у, уый Моисейы закъонӕй куыд зыны?

6 Хуыцау Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уым уыд, бинонты цардмӕ чи хауд, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Закъон израилаг лӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу сын цалдӕргай усы уыдаид. Ахӕм ӕгъдау сӕм уыд, Хуыцау сын Закъон куы нӕма радта, уӕд дӕр. Ӕмӕ сын кӕд ахӕм бар уыд, уӕддӕр Закъон сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕдта, цӕмӕй ӕфхӕрды бынаты ма баззадаиккой. Зӕгъӕм, йӕ ус цагъар кӕмӕн уыд, ахӕм нӕлгоймаг-иу дыккаг ус куы ’рхаста, уӕд дӕр-иу йӕ фыццаг усы хъуамӕ хӕрд ӕмӕ дарӕсӕй цух ма уагътаид, стӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр, лӕгыл йӕ усы раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кодтаид (Рац. 21:9, 10). Кӕд мах Закъоны дӕлбар не стӕм, уӕддӕр уый фӕрцы ӕмбарӕм, Хуыцауы цӕсты бинонты цард куыд кадджын у, уый. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мах дӕр бинонты цардӕн кад кӕнӕм.

7, 8. а) Дыккаг закъоны 24:1 стихмӕ гӕсгӕ, Моисейы закъон хицӕн кӕныны бар кӕд лӕвӕрдта? б) Йегъовӕ хицӕн кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

7 Хицӕн кӕныны тыххӕй та Закъоны цы фыст уыд? Кӕд Хуыцауы фӕнд уый уыд, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус цӕрӕнбонтӕм иумӕ уыдаиккой, уӕддӕр сын цавӕрдӕр уавӕрты хицӕн кӕныны бар лӕвӕрдта. (Бакӕс Дыккаг закъон 24:1.) Лӕгӕн-иу бар уыд, цӕмӕй-иу йӕ усӕй ахицӕн уыдаид, «йӕ митӕ ӕнӕуаг куы уыдаиккой», уӕд. Уыцы «ӕнӕуаг» митӕ цы уыдысты, уый фӕдыл Закъон бӕлвырдӕй ницы дзырдта. Уыдон цавӕрдӕр гыццыл хъуыддӕгтӕ нӕ уыдаиккой, фӕлӕ, зӕгъӕм, ус йӕ бинонты ном кӕй тыххӕй фӕхудинаг кодтаид, ахӕм митӕ (Дык. з. 23:14). Фӕлӕ, Йесо зӕххыл куы цард, уыцы заман хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу дзуттӕгтӕй бирӕтӕ сӕ цардӕмбӕлттӕй гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр ахицӕн сты (Матф. 19:3). Мах нӕ фӕнды уыцы израилӕгты зондахаст бафӕзмын.

8 Пехуымпар Малахи бамбарын кодта, Хуыцау хицӕн кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Йӕ рӕстӕджы-иу нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ сӕ устытӕй, «[се] ’взонджы бонты... [сӕ] цард кӕимӕ баиу кодтой», уыдонӕй, ахицӕн сты. Чи зоны-иу сӕ уый тыххӕй ахицӕн сты, цӕмӕй-иу ӕрыгондӕр сылгоймӕгты,– мӕнхуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕмты,– ракуырдтаиккой. Хуыцау уымӕ цы цӕстӕй каст, уый фӕдыл Малахи ныффыста: «Ӕз ме сӕфт уынын хицӕн кӕнынӕй» (Мал. 2:14–16). Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕты райдианы афтӕ загъта, адӕймаг «баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар», зӕгъгӕ (Райд. 2:24). Ӕмӕ Йесо дӕр бинонты цардмӕ растдӕр ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсы, уый равдыста ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:6).

ХИЦӔН КӔНЫНЫ БАР ӔРМӔСТДӔР КӔД ИС?

9. Марчы 10:11, 12 стихты ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты?

9 Кӕмӕдӕрты, чи зоны, ахӕм фарста фӕзына: «Цымӕ чырыстӕттӕн хицӕн кӕныны ӕмӕ сӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕныны бар ис?» Йесо, уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый фӕдыл загъта: «Йӕ усӕй чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны ӕмӕ йӕ фыццаг усы тӕригъӕды цӕуы. Ӕмӕ йӕ лӕгӕй чи ахицӕн, ахӕм сылгоймаг ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд уый дӕр хӕтгӕ кӕны» (Мар. 10:11, 12; Лук. 16:18). Бӕрӕг у, Йесойы цӕсты бинонты цард кадджын кӕй уыд ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕм иннӕтӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кастаиккой. Лӕг-иу йӕ усӕй (ус ыл иузӕрдион уыд, афтӕмӕй) куы ахицӕн ӕмӕ-иу ӕндӕр искӕй куы ракуырдта, уӕд-иу уый нымад уыд хӕтындзинадыл. Ӕмӕ уый зӕгъӕн уыд, йӕ лӕгӕй-иу чи ахицӕн, ахӕм усӕй дӕр. Цымӕ цӕмӕн? Лӕг ӕмӕ ус куы ахицӕн вӕййынц, уӕд уымӕй сӕ бинонты цардӕн кӕрон не скӕнынц, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы цӕсты уӕддӕр нымад вӕййынц «иу буарыл». Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ ма, лӕг йӕ усӕй (ус ыл иузӕрдион куы уыдаид, афтӕмӕй) куы ахицӕн уыдаид, уӕд ӕй афтӕмӕй гадзрахатӕй цӕуын кодтаид. Ома куыд? Уӕды заман-иу хатгай афтӕ уыд, ӕмӕ-иу лӕг йӕ усӕй куы ахицӕн, уӕд-иу усы ногӕй смой кӕнын бахъуыд, йӕхи фӕдарын-иу ын зын кӕй уыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый афтӕ нымад уыд, ӕмӕ йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыд.

10. Чырыстӕттӕн хицӕн кӕныны ӕмӕ сӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕныны бар кӕд ис?

10 Йесо бамбарын кодта, лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар кӕд ис, уый: «Зӕгъын уын: йӕ усмӕ хӕтыны [грекъагау порне́йа] азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матф. 19:9). Ахӕм ныхӕстӕ ма загъта, адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд дӕр (Матф. 5:31, 32). Дыууӕ хатты дӕр Йесо скодта «хӕтыны» кой. Уымӕ хауынц, тӕригъӕдыл нымад чи сты, ахӕм хъуыддӕгтӕ: цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, проституци, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуынц, уый, гомосексуализм ӕмӕ фосимӕ схуыссын. Зӕгъӕм, лӕгмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы уа, уӕд усӕн йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, ахицӕн дзы уа ӕви нӕ. Куы дзы ахицӕн уа, уӕд Хуыцауы цӕсты лӕг ӕмӕ усыл нымад нал уыдзысты.

11. Йӕ цардӕмбал ӕнӕгъдау хъуыддаг кӕмӕн бакодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цӕмӕн аскъуыддзаг кӕнынц, кӕй дзы нӕ ахицӕн уыдзысты?

11 Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕмӕ адӕймагмӕ хӕтыны (порне́йа) азым ӕрхӕссӕн куы уа, уӕд дзы йӕ цардӕмбал ӕнӕмӕнг хъуамӕ ахицӕн уа. Зӕгъӕм, лӕг ӕнӕгъдау хъуыддаг куы бакӕна, уӕд ус, гӕнӕн ис, аскъуыддзаг кӕна, кӕй дзы нӕ ахицӕн уыдзӕн. Цымӕ цӕмӕн? Чи зоны йӕ уӕддӕр уарздзӕн ӕмӕ цӕттӕ уыдзӕн, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна ӕмӕ йемӕ иумӕ архайа сӕ бинонты цард банывыл кӕныныл. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дӕр ахъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ, йӕ лӕгӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ ногӕй куы не смой кӕна, уӕд цавӕрдӕр зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзӕн. Йӕ бон бауыдзӕн йӕхи фӕдарын? Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уыдонӕй йӕхи кӕй фӕцух кӕндзӕн, уый йын фӕлварӕн не суыдзӕн? Йӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзӕн? Сывӕллӕттӕ та цы бауыдзысты? Мыййаг ын афтӕмӕй зындӕр нӕ уыдзӕн йӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуой? (1 Кор. 7:14). Ӕцӕгдӕр, ӕнцон ын нӕ уыдзӕн.

12, 13. а) Осийы бинонтыл цы ’рцыд? б) Оси Гомеры фӕстӕмӕ цӕмӕн ӕрбакодта? Уыцы хабар абон бинонтӕн цӕуыл дзурӕг у?

12 Хуыцау бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарӕн ис пехуымпар Осийы хабары фӕрцы дӕр. Хуыцау Осийӕн загъта, цӕмӕй иу сылгоймаджы, Гомеры, ракуырдтаид. Йегъовӕ йын Гомеры тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «хӕтын райдайдзӕн ӕмӕ, кӕимӕ хӕта, уымӕй дын сывӕллӕттӕ ныййардзӕн». Оси Гомеры куы ракуырдта, уӕд уый «басывӕрджын ӕмӕ йын лӕппу ныййардта» (Оси 1:2, 3). Фӕстӕдӕр ма йын ноджыдӕр райгуырд лӕппу ӕмӕ чызг, ӕвӕццӕгӕн, кӕимӕ хӕтыд, уыдонӕй. Кӕд Гомер Осийыл гадзрахатӕй цыд, уӕддӕр дзы Оси нӕ ахицӕн. Цасдӕры фӕстӕ дзы Гомер йӕхӕдӕг ацыд ӕмӕ сси цагъар. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Оси фӕстӕмӕ балхӕдта (Оси 3:1, 2). Йегъовӕ Осийы хабары фӕрцы равдыста, израилӕгтӕн бирӕ хӕттыты кӕй ныххатыр кодта, кӕд ыл гадзрахатӕй цыдысты, уӕддӕр. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Адӕймагӕн йӕ цардӕмбал ӕнӕгъдау хъуыддаг куы бакӕны, уӕд ӕй фӕхъӕуы уынаффӕ рахӕссын. Йесо загъта, ахӕм адӕймагӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕр искӕимӕ йӕ цард баиу кӕна. Иннӕмӕй та йӕ бон у, ӕмӕ йын ныххатыр кӕна. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы уыдзӕн. Оси дӕр Гомеры фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕрбакодта. Гомер Осиимӕ фӕстӕмӕ куы бацард, уӕд хъуамӕ «ӕндӕр лӕгмӕ мауал цыдаид». Оси йӕм йӕхӕдӕг дӕр цасдӕр рӕстӕг «хӕстӕг нӕ цыд», ома йемӕ ӕмуат не ’рцыд (Оси 3:3). Фӕлӕ та фӕстӕдӕр, ӕвӕццӕгӕн, ногӕй ӕххӕст кӕнын райдыдта, лӕгыл йӕ усы раз цы хӕс ис, уый. Уыцы хабар амыдта, Йегъовӕ цӕттӕ кӕй уыд израилӕгтӕн ныххатыр кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй та йемӕ раздӕрау ӕнгом уыдаиккой (Оси 1:11; 3:3–5). Уый абон бинонтӕн цӕуыл дзурӕг у? Йӕ цардӕмбал ӕнӕгъдау хъуыддаг кӕмӕн бакӕны, ахӕм адӕймаг куы аскъуыддзаг кӕны, кӕй дзы нӕ ахицӕн уыдзӕн, уый ӕмӕ йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуы, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ йын ныххатыр кодта (1 Кор. 7:3, 5). Ӕмӕ сын уӕд Библимӕ гӕсгӕ ахицӕн кӕныны бар нал вӕййы. Уый фӕстӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ иумӕ архайой, цӕмӕй сӕ бинонты цард банывыл кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной бинонты цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсынӕн.

ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ ӔМБӔЛГӔЙӔ ДӔР УӔ БИНОНТЫ ЦАРДӔН КАД КӔНУТ

14. 1 Коринфӕгтӕм 7:10, 11 стихтӕм гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ усӕн хатгай сӕ хабар куыд рауайы?

14 Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй бинонты цард сӕ цӕсты кадджын уа, Йесо ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты куыд кадджын у, афтӕ. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нын уый алы хатт нӕ фӕуайы (Ром. 7:18–23). Уӕдӕ нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр кӕмӕндӕрты сӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ кӕй уыд. Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «ус йӕ лӕгӕй ма ацӕуӕд». Фӕлӕ-иу хатгай уӕддӕр хабар афтӕ рауад. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:10, 11.)

Бинонты царды стыр зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕддӕр цы ис саразӕн? (кӕс 15 абзац)

15, 16. а) Бинонты царды зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕддӕр лӕг ӕмӕ ус цӕуыл хъуамӕ архайой ӕмӕ цӕмӕн? б) Йӕ цардӕмбал ӕнӕуырнӕг кӕмӕн у, ахӕм чырыстонӕн йӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕд ын куыд кӕнгӕ у?

15 Павел нӕ загъта, ус-иу йӕ лӕгӕй цӕй тыххӕй ацыд, уый. Фӕлӕ нӕ бон у зӕгъын, уый тыххӕй-иу дзы кӕй нӕ ацыд, ӕмӕ-иу лӕгмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн уыд, уымӕн ӕмӕ уӕд усӕн бар уыдаид, цӕмӕй дзы ахицӕн уыдаид ӕмӕ ногӕй смой кодтаид. Фӕлӕ Павел загъта, зӕгъгӕ, ус йӕ лӕгӕй куы ацӕуа, уӕд «мой мауал скӕнӕд, науӕд та фӕстӕмӕ йӕ лӕгимӕ бафидауӕд». Уӕдӕ-иу ахӕм уавӕры уыдон Хуыцауы цӕсты уӕддӕр нымад уыдысты лӕг ӕмӕ усыл. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ куы фӕзына, фӕлӕ кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй куы нӕ цӕуой, уӕд-иу хъуамӕ бафидауой. Сӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу сӕ хъуамӕ макӕй фарс рахӕцой, фӕлӕ-иу сын Библийӕ уынаффӕ раттой.

16 Фӕлӕ, зӕгъӕм, чырыстонӕн йӕ цардӕмбал ӕнӕуырнӕг куы уа, уӕд та куыд кӕнгӕ у? Сӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕд цымӕ сӕ бон у хицӕнтӕй цӕрын? Куыд загътам, афтӕмӕй Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕныны бар ис, искӕмӕ сӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Фӕлӕ сӕ бон хицӕнтӕй цӕрын цӕй тыххӕй у, уый фӕдыл Библийы ницы ис фыст. Павел ныффыста: «Кӕд сылгоймагӕн... ӕнӕуырнӕг лӕг ис, фӕлӕ йемӕ цӕрыныл разы у, уӕд йӕ лӕджы ма ныууадзӕд» (1 Кор. 7:12, 13). Хорз уаид, абон дӕр бинонтӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архаиккой.

17, 18. Йӕ бинонты царды стыр зындзинӕдтӕ кӕмӕн уыд, уыцы чырыстӕттӕй чидӕртӕ сӕ цардӕмбӕлттимӕ цӕмӕн баззадысты?

17 Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ «ӕнӕуырнӕг лӕгӕн» йӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг вӕййынц, ӕмӕ йӕ усимӕ «цӕрыныл разы» нӕу. Гӕнӕн ис, йӕ усы фыднад кӕна, ӕмӕ уый тыххӕй усӕн йе ’нӕниздзинадӕн кӕнӕ та йӕ цардӕн дӕр тӕссаг уа. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, лӕджы ма фӕнда йӕ бинонты дарын, науӕд та йӕ бинойнаджы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕппындӕр ма уадза. Гӕнӕн ис, хо уый афтӕ банымайа, ӕмӕ йӕ цардӕмбал йемӕ «цӕрыныл разы» нӕу (лӕг цыфӕнды ма дзура, уӕддӕр) ӕмӕ аскъуыддзаг кӕна, кӕй дзы хъуамӕ ацӕуа. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ ахӕм уавӕрты дӕр сӕ цардӕмбӕлттимӕ баззайынц. Уыдон уыцы зындзинӕдтӕн фӕбыхсынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ бинонты цард фӕхуыздӕр уа. Цымӕ цӕмӕн?

18 Лӕг ӕмӕ ус ахӕм хабӕртты тыххӕй хицӕнтӕй куы цӕрой, уӕддӕр нымад уыдзысты лӕг ӕмӕ усыл. Стӕй ахӕм уавӕры, чи зоны, сӕмбӕлой, гыццыл раздӕр цы зындзинӕдты кой скодтам, ахӕм зындзинӕдтыл. Апостол Павел ма ноджыдӕр бамбарын кодта, дӕ цардӕмбалимӕ баззайай, уый раст цӕмӕн уыдзӕн, уый. Уый ныффыста: «Ӕнӕуырнӕг лӕг сыгъдӕгыл нымад у йӕ усы фӕрцы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр сыгъдӕгыл нымад у ӕфсымӕры фӕрцы. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты» (1 Кор. 7:14). Иузӕрдион чырыстӕттӕй бирӕтӕ стыр зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр сӕ цардӕмбӕлттимӕ баззадысты. Се ’хсӕн ахӕмтӕ ис, ӕмӕ сӕ цардӕмбӕлттӕ фӕстӕдӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты. Ӕмӕ сӕ зындзинӕдтӕн дзӕгъӕлы кӕй нӕ быхстой, ууыл тынг цин кӕнынц. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:16; 1 Пет. 3:1, 2.)

19. Чырыстон ӕмбырдты бирӕ амондджын бинонтӕ цӕй фӕрцы ис?

19 Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, хицӕн кӕныны бар кӕд ис, уый, апостол Павел та уынаффӕ радта, йӕ цардӕмбалӕй хицӕнӕй цӕрыныл чи хъуыды кӕны, уыдонӕн. Йесойы дӕр ӕмӕ Павелы дӕр фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ бинонты цардӕн кад кӕной. Абон ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр чырыстон ӕмбырдты ис бирӕ амондджын бинонтӕ. Де ’мбырды дӕр ахӕм бинонтӕ куыннӕ ис! Уыцы бинонты ӕфсымӕртӕ сӕ устыты уарзынц, хотӕ та сӕ лӕгты нымайынц. Ӕмӕ сӕ хабарӕй бӕрӕг у, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ бинонты цардӕн кад кӕной. Милуангай бинонтӕ афтӕ кӕй цӕрынц, ууыл мах тынг цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Еф. 5:31, 33).