Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, апостол Павел «ист ӕрцыд ӕртыккаг арвмӕ» ӕмӕ «ист ӕрцыд дзӕнӕтмӕ», зӕгъгӕ? (2 Кор. 12:2–4).

2 Коринфӕгтӕм 12:2, 3 стихты Павел ныффыста, «ӕртыккаг арвмӕ» ист чи ’рцыд, ахӕм адӕймаджы тыххӕй. Цымӕ уый чи уыд? Коринфы ӕмбырдмӕ фысгӕйӕ Павел чырыстӕттӕн се ’ргом раздӕхта, Хуыцау ӕй апостолӕй кӕй равзӕрста, уымӕ (2 Кор. 11:5, 23). Стӕй ской кодта, «Хицау... [ын] цы цӕстылуайӕнтӕ равдыста ӕмӕ... [йын] цы раргом кодта, уыдӕтты» тыххӕй. Ам Павел йӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй кой кодта, ӕмӕ уӕдӕ уыцы цӕстылуайӕнтӕ дӕр йӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр ничи федта (2 Кор. 12:1, 5).

Уӕдӕ, «ӕртыккаг арвмӕ» ӕмӕ «дзӕнӕтмӕ» цы адӕймаг ист ӕрцыд, уый уыд Павел йӕхӕдӕг (2 Кор. 12:2–4). Павел спайда кодта дзырдбастӕй «раргом кодта», ӕмӕ уый амоны фидӕны хабӕрттӕ раргом кӕнынмӕ.

Павел цӕстылуайӕны цы «ӕртыккаг арв» федта, уый цы у?

Библийы дзырд «арв» фӕамоны ӕнӕуи уӕлӕрвтӕм (Райд. 11:4; 27:28; Матф. 6:26). Фӕлӕ ма ӕндӕр цӕмӕдӕрты дӕр фӕамоны, зӕгъӕм, адӕмы хицаудзинадмӕ (Дан. 4:20–22). Фӕамоны ма Хуыцауы хицаудзинадмӕ дӕр, зӕгъӕм, йӕ Паддзахадмӕ (Рарг. 21:1).

Павел федта «ӕртыккаг арв». Цымӕ уый куыд ӕмбаргӕ у? Библийы цӕйдӕр кой ӕртӕ хатты фӕцӕуы ӕргом тынгдӕр раздахыны тыххӕй кӕнӕ та цавӕрдӕр хъуыды фӕтыхджындӕр кӕныны тыххӕй (Ис. 6:3; Йез. 21:27; Рарг. 4:8). Куыд зыны, афтӕмӕй Павел «ӕртыккаг арвы» кой кӕнгӕйӕ дзырдта ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ ӕппӕты уӕлдӕр хицаудзинады тыххӕй – йӕ сӕргъы Мессийӕ, ома Чырысти, ӕвӕрд кӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид ӕмӕ 144 000 паддзахы кӕм хъуамӕ уыдаид, уыцы Паддзахады тыххӕй. (Кӕс «Понимание Писания», статья «Небо», дӕлсӕргонд «Новые небеса и новая земля».) Апостол Петр куыд ныффыста, афтӕмӕй мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм «ног арвмӕ», Хуыцау нын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ (2 Пет. 3:13).

Павел цы «дзӕнӕты» кой кодта, уый та цӕмӕ амоны?

Дзырд «дзӕнӕт» дӕр фӕамоны цалдӕр хабармӕ. Фыццаг дыууӕ адӕймаджы дзӕнӕты кӕй цардысты, уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ амоны, фидӕны зӕххыл чи уыдзӕн, уыцы дзӕнӕтмӕ. Фӕамоны ма, ног дунейы Хуыцауы адӕм цы фарнӕй хайджын уыдзысты, уымӕ дӕр. Стӕй ма фӕамоны, уӕлӕрвты, «Хуыцауы дзӕнӕты», чи цӕрдзӕн, уыдон цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты, уыдонмӕ (Рарг. 2:7). (Кӕс 2015 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 8 фарс, 8 абзац.)

Павел цы дзӕнӕты кой кодта, уый, гӕнӕн ис, амоны уыцы ӕртӕ хабарӕй алкӕцымӕ дӕр.

Уӕдӕ цы ис зӕгъӕн?

2 Коринфӕгтӕм 12:2 стихы цы «ӕртыккаг арвы» кой ис, уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны «ног арвмӕ» – йӕ сӕргъы Мессийӕ, ома Чырысти, ӕвӕрд кӕмӕн у ӕмӕ 144 000 паддзахы кӕм уыдзӕн, уыцы Паддзахадмӕ (2 Пет. 3:13).

Павел Хуыцауы Паддзахад «ӕртыккаг арв» уымӕн схуыдта, ӕмӕ у ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ ӕппӕты уӕлдӕр хицаудзинад.

Павел йӕ цӕстылуайӕны цы «дзӕнӕтмӕ» ист ӕрцыд, уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны: 1) фидӕны зӕххыл чи уыдзӕн, уыцы дзӕнӕтмӕ; 2) уыцы рӕстӕг, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цы диссаджы фарн уыдзӕн, уымӕ; 3) «Хуыцауы дзӕнӕты», ома уӕлӕрвты, чи цӕрдзӕн, уыдон цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты, уыдонмӕ. Ӕмӕ фидӕны, Павел цы дзӕнӕты кой кодта, уый ӕртӕ хабаримӕ дӕр уыдзӕн баст.

Уӕдӕ ног дуне арӕзт уыдзӕн ног арвӕй, ома уӕларвон Паддзахадӕй, ӕмӕ ног зӕххӕй, ома, Йегъовӕйӕн зӕххыл дзӕнӕты чи лӕггад кӕндзӕн, уыцы адӕмӕй.