Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕ, не Сфӕлдисӕджы фӕнды, цӕмӕй амондджын уат

Ӕрыгӕттӕ, не Сфӕлдисӕджы фӕнды, цӕмӕй амондджын уат

«[Хуыцау дӕ] царды... хорздзинӕдтӕй ӕфсады» (ПС. 103:5).

ЗАРДЖЫТӔ: 135, 39

1, 2. Царды фӕндаг ӕвзаргӕйӕ, не Сфӕлдисӕг нын цы дзуры, уымӕ хъусын зондыл дзурӕг цӕмӕн у? (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.)

КӔД ӕрыгон дӕ, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, арӕх уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, дӕ цард куыд саразай, уый фӕдыл. Чи зоны дӕ дӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ иннӕтӕ фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырмӕ ӕмӕ ӕхцаджын куыстмӕ тырнай. Фӕлӕ дын Йегъовӕ та ӕндӕр цыдӕр амоны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ныртӕккӕ скъолайы хорз ахуыр кӕнай, ӕмӕ фидӕны дӕ бон уа исты куыст ссарын ӕмӕ дӕхи фӕдарын (Кол. 3:23). Фӕлӕ уый зоны, ӕмӕ цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ кӕй хъӕуы, дӕ фидӕныл чи фӕзындзӕн, ахӕм ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссын. Ӕмӕ дын цы уагӕвӕрдтӕ дӕтты, уыдон дын фӕндагамонӕг уыдзысты ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзысты ацы фӕстаг бонты дӕ цард афтӕ аразынӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай (Матф. 24:14).

2 Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй зоны. Уый хорз зоны, фидӕны цы уыдзӕн ӕмӕ ацы дунейы кӕрон цас хӕстӕг у, уый (Ис. 46:10; Матф. 24:3, 36). Стӕй ма Йегъовӕ зоны, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм ӕмӕ ӕнамонд цӕй тыххӕй уыдзыстӕм, уый. Уӕдӕ нӕм искӕй уынаффӕ цыфӕнды зондджын ма фӕкӕса, уӕддӕр Библимӕ гӕсгӕ куы нӕ уа, уӕд уый зондджын уынаффӕ схонӕн нӕ уыдзӕн (Ӕмб. 19:21).

ӔЦӔГ ЗОНД ӔРМӔСТДӔР ЙЕГЪОВӔЙӔ ЦӔУЫ

3, 4. Адам ӕмӕ Евӕ ӕвзӕр уынаффӕмӕ кӕй байхъуыстой, уый сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтыл дӕр куыд фӕзынд?

3 Ӕвзӕр уынаффӕ фыццаг хатт лӕвӕрд ӕрцыд, зӕххыл адӕм куы фӕзындысты, уӕд. Уыцы уынаффӕ уыд Хӕйрӕгӕй. Уый Евӕйӕн загъта, Адамимӕ амондджындӕр кӕй уыдзысты, сӕхи цы фӕнды, уый куы аразой, уӕд (Райд. 3:1–6). Фӕлӕ ӕцӕгӕй та Хӕйрӕг йӕхиуыл хъуыды кодта. Уый фӕндыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ, стӕй сӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр йӕ дӕлбар уыдаиккой ӕмӕ Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн куывтаиккой. Фӕлӕ сын цымӕ Хӕйрӕг хорзӕй исты радта? Цыдӕриддӕр сын уыд, уый сын Йегъовӕ радта. Адамӕн радта Евӕйы, Евӕйӕн та – Адамы, ӕмӕ сӕ схайджын кодта уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕй. Ӕрцӕрын сӕ кодта рӕсугъд цӕхӕрадоны. Стӕй сын радта ӕххӕст буӕрттӕ, ӕмӕ сӕ бон уыд афтӕмӕй ӕнустӕм цӕрын.

4 Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты. Уыдон сӕхи сӕ Царддӕттӕгӕй фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ йӕ куыд зоныс, афтӕмӕй уый стыр бӕллӕхтӕм ӕркодта. Кӕй ӕртонынц, ахӕм дидинӕг сабыргай куыд бахус вӕййы ӕмӕ куыд амӕлы, афтӕ уыдон дӕр сабыргай базӕронд сты ӕмӕ фӕстагмӕ амардысты. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уый аххосӕй (Ром. 5:12). Адам ӕмӕ Евӕйау абон адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы закъӕттӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ, сӕхи цы фӕнды, уый аразынц (Еф. 2:1–3). Ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи фыдбылызы баппарынц. Уымӕй бӕрӕг у, ӕцӕг зонд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы (Ӕмб. 21:30).

5. Хуыцау цы зыдта ӕмӕ цымӕ хабар куыд рауад?

5 Фӕлӕ Йегъовӕ зыдта, чи йӕ агура ӕмӕ йын чи лӕггад кӕна, ахӕм адӕймӕгтӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ се ’хсӕн кӕй уыдзӕн бирӕ ӕрыгӕттӕ дӕр (Пс. 103:17, 18; 110:3). Уыцы ӕрыгӕттӕ Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ сты! Ды дӕр уыдоны ’хсӕн дӕ? Кӕд о, уӕд фидарӕй зӕгъӕн ис, Хуыцау дӕ кӕй хайджын кӕны бирӕ «хорздзинӕдтӕй» ӕмӕ уый фӕрцы тынг амондджын кӕй дӕ. (Бакӕс Псалом 103:5; Ӕмб. 10:22.) Уыцы хорздзинӕдтӕй иуӕй-иутӕ сты: уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, хорз ӕмбӕлттӕ, раст нысӕнттӕ ӕмӕ ӕцӕг сӕрибардзинад. Ӕмӕ сыл ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм.

ЙЕГЪОВӔ ДЫН ДӔТТЫ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАРГӔНӔН ХӔРИНАГ

6. Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕныныл цӕмӕн хъуамӕ архайай ӕмӕ дын уыцы хъуыддаджы йӕхӕдӕг куыд ӕххуыс кӕны?

6 Цӕрӕгойтӕй уӕлдай мах ӕмбарӕм, не Сфӕлдисӕджы кӕй хъуамӕ зонӕм ӕмӕ йӕм кӕй хъуамӕ ӕввахс кӕнӕм (Матф. 4:4). Хуыцаумӕ куы фӕхъусӕм, уӕд зондӕй схайджын вӕййӕм, свӕййӕм арфуынӕг ӕмӕ нӕ цардӕй вӕййӕм райгонд. Йесо Чырысти загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матф. 5:3). Цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕм ис Библи, стӕй ма нын Хуыцау «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45). Ӕмӕ нын ахӕм хӕринаг ис парахатӕй! (Ис. 65:13, 14).

7. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дын цы пайда хӕсдзӕн?

7 Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаджы фӕрцы хайджын уыдзынӕ зондӕй ӕмӕ сахуыр уыдзынӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ дӕ уый бирӕ цӕмӕйдӕрты хъахъхъӕндзӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:10–14.) Уыцы миниуджытӕ дӕм куы уой, уӕд дӕхи сайын никуы бауадздзынӕ. Зӕгъӕм, ахӕм мӕнг ныхӕстыл нӕ баууӕнддзынӕ, зӕгъгӕ, «Хуыцау нӕй» кӕнӕ «ӕхца ӕмӕ мулк адӕймаджы амондджын кӕнынц». Уыцы миниуджытӕ ма дын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кӕнай ӕмӕ, зиан чи хӕссы, ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕхи хизай. Уӕдӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы зонд агур ӕмӕ раст хъуыды кӕныныл архай. Уый дын хӕсдзӕн стыр пайда, ӕмӕ йӕ уӕд ӕмбардзынӕ, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ дӕ хорзыл кӕй тыхсы (Пс. 34:8; Ис. 48:17, 18).

8. Ныр Хуыцаумӕ куы ’ввахс кӕнай, уӕд дын уый фидӕны цы ’ххуыс фӕуыдзӕн?

8 Тагъд рӕстӕджы Хӕйрӕджы дунейӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕппындӕр дзы ницыуал баззайдзӕн. Уӕд нӕ чи хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ ныл чи тыхсдзӕн? Уый ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн уыдзӕн йӕ бон. Чи зоны-иу нын уыцы рӕстӕг суанг хӕринаг самал кӕнын дӕр афтӕ зын уа, ӕмӕ-иу нын ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн! (Ав. 3:2, 12–19). Уӕдӕ ныр уый рӕстӕг у, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс ноджы тынгдӕр дарын сахуыр уӕм (2 Пет. 2:9). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд, нӕ алыварс цыфӕнды ма цӕуа, уӕддӕр нӕ Давидау фидар ныфс уыдзӕн, Йегъовӕ нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн. Давид ныффыста: «Йегъовӕ ӕдзухдӕр ис мӕ цӕстыты раз. Ӕз никуы фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый ис мӕ рахиз фарс» (Пс. 16:8).

ЙЕГЪОВӔ ДЫН ДӔТТЫ ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР ӔМБӔЛТТӔ

9. а) Иоанны 6:44 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ цы аразы? б) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ базонгӕ уай, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, ӕнӕуи искӕимӕ базонгӕ уай, уымӕй?

9 Рӕстдзинады фӕндагыл чи нӕ цӕуы, ахӕм искӕимӕ куы базонгӕ вӕййыс, уӕд уыцы адӕймаджы тыххӕй цы фӕзоныс? Фӕзоныс ын йӕ ном ӕмӕ, хуызӕй цавӕр у, уый, ӕндӕр, ӕвӕццӕгӕн, ницы. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ куы базонгӕ вӕййыс, уӕд та хабар бынтон ӕндӕрхуызон вӕййы. Фӕзоныс, уыцы адӕймаг Йегъовӕйы кӕй уарзы. Стӕй ма фӕзоныс, Йегъовӕ йӕм хорзӕй цыдӕр кӕй федта ӕмӕ йӕ йӕ организацимӕ кӕй ӕрбакодта, цӕмӕй йын иннӕтимӕ иумӕ лӕггад кӕна. (Бакӕс Иоанны 6:44.) Ӕмӕ, цы адӕмыхаттӕй кӕнӕ цы бӕстӕйӕ у, йе та, цавӕр уавӕрты схъомыл, уый куы нӕ зонай, уӕд дӕр зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ды уыцы адӕймаджы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зоныс, уый та – дӕу тыххӕй.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нын ӕппӕты хуыздӕр ӕмбӕлттӕ уа ӕмӕ нӕ разы раст нысӕнттӕ ӕвӕрӕм (кӕс 9–12 абзацтӕ)

10, 11. Йегъовӕйы адӕмы цы иу кӕны ӕмӕ сын уый цы пайда хӕссы?

10 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ куы базонгӕ вӕййыс, уӕд ӕй фӕзоныс, кӕй уӕ иу кӕнынц царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, адӕймаг ӕндӕр ӕвзагыл куы фӕдзуры, уӕд дӕр ӕй фӕзоныс, уӕ дыууӕ дӕр рӕстдзинады «сыгъдӕг ӕвзагыл» кӕй дзурут (Соф. 3:9). Уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ уӕ дыууӕйы дӕр уыцы иу Хуыцау уырны, уӕ цард уыцы иу уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразут ӕмӕ уӕ фидӕнӕй уыцы иу ныфс ис. Уыдӕтты фӕрцы кӕрӕдзийыл феууӕндут ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ свӕййут.

11 Кӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, кӕй нын ис ӕппӕты хуыздӕр ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ нын ахӕм ӕмбӕлттӕ та ис ӕгас зӕххыл дӕр. Ӕмӕ кӕд нырма се ’ппӕтимӕ зонгӕ не стӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм, ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕй сты. Йегъовӕйы адӕмы йеддӕмӕ ма ахӕм хорздзинадӕй ӕндӕр чи у хайджын?!

ЙЕГЪОВӔ ДЫН ӔХХУЫС КӔНЫ ДӔ РАЗЫ РАСТ НЫСӔНТТӔ ӔВӔРЫНӔН

12. Хуыцауы хъуыддаджы дӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у дӕ разы сӕвӕрын?

12 Бакӕс Екклесиаст 11:9–12:1. Дӕ разы исты нысӕнттӕ сӕвӕрдтай? Кӕд о, уӕд архайыс, цӕмӕй дӕ къухы бафтой? Чи зоны, дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй алы бон дӕр Библи кӕсай, ӕмбырды ноджы хуыздӕр дзуаппытӕ дӕттай кӕнӕ та-иу дӕ хӕслӕвӕрдтӕ ноджы хуыздӕр бацӕттӕ кӕнай. Науӕд та, чи зоны, дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй уацамынды Библийӕ ноджы арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнай. Цавӕрфӕнды нысан ма уа, уӕддӕр, дӕ къухы куы бафты кӕнӕ та дын де ’нтыстдзинад иннӕтӕ куы бафиппайынц ӕмӕ дӕ уый тыххӕй куы раппӕлынц, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕцин кӕныс. Ӕмӕ, уӕвгӕ, куыннӕ хъуамӕ цин кӕнай, кӕд ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисыс, Йесойау дын Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй у! (Пс. 40:8; Ӕмб. 27:11).

13. Ацы дунейы цӕмӕдӕрты бӕллыны бӕсты Хуыцауӕн лӕггад кӕнын хуыздӕр цӕмӕн у?

13 Кӕд Хуыцауы хъуыддаджы цавӕрдӕр нысӕнттӕм тырныс ӕмӕ дын уый ӕппӕты сӕйраг у, уӕд фыдӕнхъӕл никуы фӕуыдзынӕ, фӕлӕ дӕ цардӕй алкӕддӕр уыдзынӕ райгонд. Апостол Павел ныффыста: «Ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу» (1 Кор. 15:58). Фӕлӕ адӕм ацы дунейы цӕмӕдӕрты куы фӕбӕллынц, зӕгъӕм, хъӕздыгдзинадмӕ ӕмӕ кадмӕ, уӕд амондджындӕр нӕ фӕвӕййынц. Ӕмӕ кӕд сӕ къухы бирӕ цыдӕртӕ бафты, уӕддӕр арӕх сӕ цардӕй райгонд нӕ вӕййынц (Лук. 9:25). Уый хорз зыны паддзах Соломоны хабарӕй (Ром. 15:4).

14. Соломоны хабарӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын?

14 Соломон уыд тынг хъӕздыг ӕмӕ хъомысджын паддзах. Иуафон уый йӕхицӕн загъта: «Цӕй, бавзарон, цы у циндзинад. Царды хорздзинӕдтӕ фенон» (Еккл. 2:1–10). Уый сарӕзта рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, скодта дыргъдӕттӕ ӕмӕ парктӕ ӕмӕ йӕхицӕн «нӕ» ницӕмӕй дзырдта. Цымӕ уыдӕтты фӕрцы амондджын ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд уыд? Соломонӕн йӕ къухы цыдӕриддӕр бафтыд, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ загъта: «Акастӕн, мӕ къухтӕ цы сарӕзтой... ӕппӕт уыдӕттӕм, ӕмӕ бамбӕрстон: ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы... ӕмӕ ницӕмӕй ис пайда» (Еккл. 2:11). Соломоны хабар дын зондзонӕн уыдзӕн?

15. Уырнындзинад нӕ цӕмӕн хъӕуы? Фидар уырнындзинад нӕм куы уа, уӕд нын уый 32-ӕм псаломы 8-ӕм стихмӕ гӕсгӕ цы пайда хӕсдзӕн?

15 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дӕхи стыр рӕдыдтытӕй бахизай. Уымӕ гӕсгӕ дӕ хъӕуы уырнындзинад, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсай ӕмӕ йын йӕ фӕндон дӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрай. Ахӕм уырнындзинад дӕм куы уа, уӕд фӕсмойнаг никуы фӕуыдзынӕ. Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн, «йӕ номмӕ [йын] цы уарзондзинад» равдыстай, уый (Дзут. 6:10). Уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй дӕм фидар уырнындзинад уа. Уый фӕрцы раст уынаффӕтӕ хӕсдзынӕ ӕмӕ ӕмбардзынӕ, дӕ уӕларвон Фыды ӕрмӕстдӕр дӕ хорз кӕй фӕнды. (Бакӕс Псалом 32:8.)

ХУЫЦАУ ДЫН ДӔТТЫ ӔЦӔГ СӔРИБАРДЗИНАД

16. Сӕрибардзинадӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнай ӕмӕ дзы ӕмбаргӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ пайда кӕнай?

16 Павел ныффыста: «Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад» (2 Кор. 3:17). Йегъовӕ уарзы сӕрибардзинад, ӕмӕ мах дӕр афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕрибардзинад уарзӕм. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнай, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи фыдбылызӕй бахиздзынӕ. Чи зоны, ахӕм ӕрыгӕтты зоныс, ӕмӕ порнографимӕ фӕкӕсынц, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц, цардӕн тӕссаг чи у, ахӕм спорты фӕархайынц, наркотиктӕ фӕкӕнынц кӕнӕ карз нозт фӕнуазынц. Чи зоны сын уыдӕттӕ цавӕрдӕр ӕхсызгондзинад ӕрхӕссынц. Фӕлӕ сын уый арӕх тынг зынаргъ слӕууы – исты ӕвзӕр низ сыл бахӕцы, ӕнӕниздзинадӕн зиан цы хӕссы, уыдӕттыл фӕцахуыр вӕййынц кӕнӕ та суанг мӕлгӕ дӕр акӕнынц (Гал. 6:7, 8). Уӕдӕ кӕд ахӕм ӕрыгӕттӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый сӕрибардзинад у, уӕд сӕхи сайынц (Тит. 3:3).

17, 18. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Хуыцаумӕ куы хъусай, уӕд уыдзынӕ сӕрибар? б) Адам ӕмӕ Евӕ райдианы цы сӕрибардзинадӕй хайджын уыдысты, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, абон адӕмӕн цы сӕрибардзинад ис, уымӕй?

17 Искуы афтӕ уыд, ӕмӕ адӕймаг Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕры, уый тыххӕй йыл цавӕрдӕр низ бахӕцыд? Уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй! Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Йегъовӕмӕ куы хъусай, уӕд, де ’нӕниздзинадӕн зиан цы ’рхӕсса, уыдӕттӕй дӕхи хиздзынӕ ӕмӕ уыдзынӕ ӕцӕг сӕрибар (Пс. 19:7–11). Ӕмӕ уыцы сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ куы пайда кӕнай, ома Хуыцауы закъӕттӕ куы ’ххӕст кӕнай ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайай, уӕд Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ дӕ ныййарджытӕн дӕр равдисдзынӕ, фылдӕр сӕрибардзинад дын кӕй ис раттӕн. Фидӕны та Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты схайджын кӕндзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинадӕй» (Ром. 8:21).

18 Адам ӕмӕ Евӕ дӕр Едемы цӕхӕрадоны раст ахӕм сӕрибардзинадӕй хайджын уыдысты. Хуыцау сын радта ӕрмӕстдӕр иу фӕдзӕхст – иу бӕласы дыргътӕй хӕрыны бар сын нӕ уыд (Райд. 2:9, 17). Мыййаг, уыцы фӕдзӕхст ӕгӕр карз уыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Ахъуыды-ма кӕн: абон адӕм ӕрымысынц ӕмӕ иннӕтӕн феххӕст кӕнын кӕнынц дуне закъӕттӕ. Йегъовӕ та Адам ӕмӕ Евӕйӕн иу закъон йеддӕмӕ нӕ радта.

19. Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо куыд ахуыр кӕнынц, цӕмӕй сӕрибар уӕм?

19 Йегъовӕ у ӕмбаргӕ Хуыцау. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕнӕнымӕц закъӕттӕ нӕ дӕтты, фӕлӕ сӕ фӕразонӕй ахуыр кӕны уарзондзинады закъон ӕххӕст кӕнын. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм (Ром. 12:9). Йесойӕ дӕр уый ис зӕгъӕн. Зӕгъӕм, адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд бамбарын кодта, адӕймаджы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм цы ’ркӕны, уый (Матф. 5:27, 28). Ног дунейы дӕр нӕ Йесо, Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ахуыр кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстдзинадмӕ дӕр ӕмӕ фыддзинадмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсӕм (Дзут. 1:9). Стӕй зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр суыдзыстӕм ӕххӕст. Ахъуыды-ма кӕн, ӕвзӕр фӕндтӕ нӕм куы нал уа ӕмӕ нын не ’нӕххӕстдзинад цы ’взарын кӕны, уыдӕттӕй куы фервӕзӕм, уӕд куыд хорз уыдзӕн! Ӕппынфӕстаг, Хуыцау нын зӕрдӕ цы «диссаджы сӕрибардзинадӕй» бавӕрдта, уымӕй схайджын уыдзыстӕм.

20. а) Йегъовӕ йӕ сӕрибардзинадӕй куыд пайда кӕны? б) Дӕ бон куыд у Хуыцауы фӕзмын?

20 Ног дунейы нӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон нӕ уыдзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Нӕ сӕрибардзинадӕн алкӕддӕр уыдзӕн арӕнтӕ, ӕмӕ, Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ уыцы арӕнты сӕрты никуы ахиздзыстӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм Йегъовӕйы. Кӕд Йегъовӕйӕн йӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон у, уӕддӕр алы хъуыддаджы дӕр, уыимӕ адӕмимӕ баст хъуыддӕгты, алкӕддӕр фӕархайы йӕ уарзондзинадмӕ гӕсгӕ (1 Иоан. 4:7, 8). Уӕдӕ ӕцӕг сӕрибар схонӕн ис, Хуыцауы чи фӕзмы, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймаджы.

21. а) Давид Йегъовӕйы тыххӕй цы загъта? б) Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

21 Йегъовӕ дын цы бирӕ хорздзинӕдтӕй хай кӕны, уыдонӕн аргъ кӕныс? Куыд федтам, афтӕмӕй уыцы хорздзинӕдтӕй иуӕй-иутӕ сты: уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, хорз ӕмбӕлттӕ, раст нысӕнттӕ ӕмӕ ӕцӕг сӕрибардзинад. Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъис, Давид Хуыцаумӕ кувгӕйӕ цы ныхӕстӕ загъта, ахӕм ныхӕстӕ: «Ды мын бацамондзынӕ царды фӕндаг. Хӕлар цӕстӕй мӕм кӕсыс ӕмӕ мӕ зӕрдӕ у цинӕй ӕфсӕст. Адӕймаг дӕ рахиз фарс лӕууа – уый циндзинад хӕссы ӕнустӕм» (Пс. 16:11). Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, 16-ӕм псаломы ма цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ базондзыстӕм, ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый.