Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕ, уӕ бон у, ӕмӕ уӕ цардӕй райгонд уат

Ӕрыгӕттӕ, уӕ бон у, ӕмӕ уӕ цардӕй райгонд уат

«Ды мын бацамондзынӕ царды фӕндаг» (ПС. 16:11).

ЗАРДЖЫТӔ: 133, 89

1, 2. Тонийы хабарӕй куыд зыны, адӕймагӕн йӕ бон кӕй у йӕ цард фӕивын?

ИУ ӔРЫГОН лӕппу, Тони, хъомыл кодта ӕнӕ фыдӕй. Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд сфӕнд кодта скъола ныууадзын, уымӕн ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын ӕппындӕр нӕ фӕндыд. Тони-иу улӕфгӕ бонты кӕнӕ кинотӕм кӕсынмӕ ацыд, кӕнӕ-иу йӕ рӕстӕг йе ’мбӕлттимӕ ӕрвыста. Ӕвзӕр лӕппу схонӕн ӕй нӕ уыд – фыдмитӕ нӕ кодта, стӕй наркотиктӕ дӕр нӕ кодта. Фӕлӕ, цӕмӕн цӕры, уый не ’мбӕрста. Стӕй, Хуыцау ис ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг кодта. Иу бон базонгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ, лӕг ӕмӕ усимӕ, ӕмӕ, цӕуыл дызӕрдыг кодта, уый сын загъта ӕмӕ сӕм цавӕрдӕр фарстатӕ радта. Уыдон ын радтой дыууӕ брошюрӕйы «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа» ӕмӕ «Была ли жизнь создана?».

2 Уыцы Ӕвдисӕнтӕ Тонимӕ иннӕ хатт куы ’рбацыдысты, уӕд бафиппайдтой, йӕ хъуыды кӕй фӕивта. Бӕрӕг уыд, цы брошюрӕтӕ йын ныууагътой, уыдон иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕй нӕ бакаст, уымӕн ӕмӕ ӕнцъылдтӕ уыдысты. Тони сын загъта: «Ӕвӕццӕгӕн, Хуыцау ӕцӕгӕйдӕр ис». Ӕвдисӕнтӕ йын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй куы загътой, уӕд сразы. Библи кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Ӕмӕ кӕд раздӕр скъолайы ӕвзӕр ахуыр кодта, уӕд фӕстӕдӕр та сси скъолайы хуыздӕр ахуырдзаутӕй сӕ иу. Суанг ма директор дӕр дис кодта. Иухатт Тонийӕн загъта: «Тынг фӕивтай, стӕй бирӕ хуыздӕр ахуыр кӕнын райдыдтай. Мыййаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ кӕй вӕййыс, уый тыххӕй?» Уый йын загъта, о, зӕгъгӕ, ӕмӕ, Библийӕ цы базыдта, уый тыххӕй йын радзырдта. Тони скъола хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ фӕци ӕмӕ абон лӕггад кӕны пионерӕй, стӕй у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр. Тони у тынг амондджын, ныр ын уарзӕгой Фыд Йегъовӕ кӕй ис, уый тыххӕй (Пс. 68:5).

ЙЕГЪОВӔМӔ ХЪУС, ӔМӔ ӔНТЫСТДЖЫН УАЙ

3. Йегъовӕ ӕрыгӕттӕн цы дзуры?

3 Тонийы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ ӕрыгӕттыл тынг кӕй тыхсы. Уый фӕнды, цӕмӕй ӕнтыстджын ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд уай. Ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ дзуры: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты» (Еккл. 12:1). Ацы дунейы цӕргӕйӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕн гӕнӕн ис. Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы ӕнтыстджын уыдзынӕ ныр дӕр ӕмӕ, хистӕр кары куы уай, уӕд дӕр. Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ дыууӕ хабармӕ: израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх куыд бацахстой ӕмӕ Давид Голиафыл куыд фӕуӕлахиз.

4, 5. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх куыд бацахстой ӕмӕ Давид Голиафыл куыд фӕуӕлахиз, уыцы дыууӕ хабарӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.)

4 Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ хӕстӕг куы уыдысты ӕмӕ йӕ куы хъуамӕ бацахстаиккой, уӕд сын цымӕ Хуыцау цавӕр амындтӕ радта? Мыййаг сын афтӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй хуыздӕр хӕцын сахуыр уыдаиккой ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи тохмӕ бацӕттӕ кодтаиккой? (Дык. з. 28:1, 2). Нӕ, уый сын загъта, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтаиккой ӕмӕ йыл сӕ ныфс дардтаиккой (Йес. Н. 1:7–9). Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ уый хорз уынаффӕ нӕ уыд. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый уыд ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй израилӕгтӕ Ханааны цӕрӕг адӕмтыл иу иннӕйы фӕдыл фӕуӕлахиз сты (Йес. Н. 24:11–13). Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцаумӕ хъусай, уый тыххӕй хъӕуы уырнындзинад, ӕмӕ уырнындзинады фӕрцы та адӕймаг алкӕддӕр вӕййы ӕнтыстджын. Афтӕ уыд раджы заманты дӕр ӕмӕ афтӕ у абон дӕр.

5 Голиаф уыд тыхджын хӕстон, йӕ бӕрзӕнд уыд иу-3 метры. Уый Давиды размӕ гӕрзифтонгӕй рацыд (1 Сам. 17:4–7). Давид та ныфсджын уыд Хуыцауӕй, ӕмӕ йӕм дурӕхсӕн йеддӕмӕ ницы уыд. Уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыдонмӕ Давид, хӕрзаг, ӕнӕзонд фӕкаст. Фӕлӕ куыд тынг рӕдыдысты! Ӕцӕг ӕнӕзонд Голиаф разынд (1 Сам. 17:48–51).

6. Бӕстондӕр цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

6 Айразмӕйы статьяйы ӕркастыстӕм, амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, цыппар ахӕм хъуыддагмӕ: хъуамӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй нӕхи цух ма уадзӕм, Хуыцау нын кӕй радта, уыцы ӕмбӕлттӕн аргъ кӕнӕм, нӕ разы раст нысӕнттӕ ӕвӕрӕм ӕмӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд сӕрибардзинадӕн аргъ кӕнӕм. Цӕй ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм. Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты, 16-ӕм псаломы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон.

УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАРГӔНӔН ХӔРИНАГӔЙ ДӔХИ ЦУХ МА УАДЗ

7. а) Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидар кӕй у, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? б) Давид афтӕ куы загъта, «Йегъовӕ у мӕ хай», зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта? Уый йын цы пайда ӕрхаста?

7 Йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм адӕймаг Хуыцауыл ӕууӕнды ӕмӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсы. Уый Хуыцауӕй разамынд агуры ӕмӕ йӕ фидар фӕнд у йӕ коммӕ кӕсын (1 Кор. 2:12, 13). Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Давид. Уый зарыд: «Царды мидӕг Йегъовӕ у мӕ хай ӕмӕ мӕ нуазӕн» (Пс. 16:5). Давид цӕй кой кодта, афтӕ куы загъта, «мӕ хай», зӕгъгӕ? Йегъовӕимӕ ӕнгом кӕй уыд, уый кой. Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йӕхи Хуыцауы уазӕг бакодта (Пс. 16:1). Ӕмӕ йын уый цы пайда ӕрхаста? Давид загъта: «Мӕ зӕрдӕ у цинӕй ӕфсӕст». Давид Хуыцауимӕ ӕнгом кӕй уыд, уымӕй стырдӕр циндзинад ын ницы хаста. (Бакӕс Псалом 16:9, 11.)

8. Дӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзынӕ?

8 Йӕ уды дзӕбӕхӕн чи цӕры ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, Давиды зӕрдӕйы цы цин уыд, ахӕм цин никуы банкъардзысты (1 Тим. 6:9, 10). Канадӕйы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Ӕцӕг амонд уый нӕу, ӕмӕ, дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр агуры, уый дын уа. Ӕцӕг амонд баст у, царды хорздзинӕдтӕй нӕ чи хайджын кӕны, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн цы дӕттыс, ууыл» (Иак. 1:17). Уырнындзинад дӕм куы уа ӕмӕ Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд, цӕмӕн цӕрыс, уый зондзынӕ ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ. Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын? Дӕ рӕстӕг Хуыцауимӕ ӕрвит – йӕ Ныхас ын кӕс, йе сконд хъуыддӕгтӕм ын де ’ргом здах ӕмӕ йын йӕ миниуджытыл, уыимӕ, кӕй дӕ уарзы, ууыл дӕр, хъуыды кӕн (Ром. 1:20; 5:8).

9. Цӕмӕй нын Хуыцауы Ныхас нӕ зондахаст ива, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?

9 Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый хатгай равдисы, уарзӕгой фыдау нын зонд кӕй фӕамоны, уымӕй. Давид Йегъовӕйы зондамындӕй алкӕддӕр уыд бузныг. Уый загъта: «Ӕз арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн, мӕнӕн уынаффӕ чи дӕтты, уымӕн. Суанг мын ӕхсӕвы дӕр мӕ арфӕмбӕхст хъуыдытӕ фӕамонынц зонд» (Пс. 16:7). Давид-иу Хуыцауы хъуыдытӕм йе ’ргом здӕхта ӕмӕ, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕныныл архайдта. Уый фӕрцы йӕ зондахаст раст кодта ӕмӕ йӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм ивта. Ды дӕр афтӕ куы архайай, уӕд Хуыцауы ноджы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы суыдзынӕ фӕлтӕрд чырыстон. Иу хо, Кристин, загъта: «Библи иртасгӕйӕ, цы бакӕсын, ууыл лӕмбынӕг куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма Йегъовӕ уыцы ныхӕстӕ мӕнӕн ныффыссын кодта!»

10. Исайы 26:3 стихмӕ гӕсгӕ, адӕймагӕн фидар уырнындзинад куы уа, уӕд ын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

10 Фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уый ацы дунемӕ ӕмӕ йӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсы. Йегъовӕ дын ахӕм диссаджы зонындзинӕдтӕ цӕмӕн дӕтты? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй зонай, царды ӕппӕты сӕйраг цы у, уый, стӕй зондджын уынаффӕтӕ хӕссай ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсай! (Бакӕс Исайы 26:3.) Америкӕйы Иугонд Штатты чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр, Джошуа, загъта: «Адӕймаг Йегъовӕимӕ ӕнгом куы вӕййы, уӕд алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй фӕкӕсы».

ӔЦӔГ ӔМБӔЛТТӔ АГУР

11. Давид цы загъта, ӕцӕг ӕмбӕлттӕ куыд ис ссарӕн, уый тыххӕй?

11 Бакӕс Псалом 16:3. Давид зыдта, ӕцӕг ӕмбӕлттӕ куыд ис ссарӕн, уый. Уый цин кодта, Йегъовӕйы чи уарзта, ахӕм ӕмбӕлттӕ йын кӕй уыд, ууыл. Давид сӕ схуыдта «сыгъдӕджытӕ», уымӕн ӕмӕ уыдысты хӕрзӕгъдау ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймӕгтӕ. Ӕндӕр псаломзарӕггӕнӕг дӕр, йӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ равзӕрста, уый тыххӕй загъта: «Ӕз дӕн, чи дӕ тӕрсы ӕмӕ дын дӕ бардзырдтӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдоны ӕмбал» (Пс. 119:63). Айразмӕйы статьяйы куыд федтам, афтӕмӕй дӕуӕн дӕр дӕ бон у бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ ссарын, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдоны ’хсӕн. Ӕмӕ хорз уаид, де ’мбӕлттӕ алыхуызон кары хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы уаиккой.

12. Давид ӕмӕ Ионафаны цы иу кодта?

12 Давид, йӕхи карӕн чи уыд, ӕрмӕст ахӕмтимӕ нӕ лымӕн кодта. Йе ’ввахс ӕмбал чи уыди, уый хъуыды кӕныс? Йӕ ном хуынд Ионафан. Библийӕ зонӕм, се ’хсӕн диссаджы хӕлардзинад кӕй уыд. Фӕлӕ йӕ зоныс, Ионафан Давидӕй иу-30 азы хистӕр кӕй уыди? Уӕдӕ сӕ уӕд цы иу кодта? Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауыл ӕууӕндыдысты, кӕрӕдзийӕн аргъ кодтой ӕмӕ сӕ алчидӕр Хуыцауы знӕгтимӕ хӕцгӕйӕ цы хъӕбатырдзинад равдыста, уый сӕ дыууӕ дӕр уыдтой (1 Сам. 13:3; 14:13; 17:48–50; 18:1).

13. Фылдӕр ӕмбӕлттӕ дын цӕй фӕрцы уыдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Давид ӕмӕ Ионафанау мах дӕр фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, ахӕм ӕмбӕлттӕ нын куы вӕййы, уӕд. Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Кирӕ, загъта: «Ис мын, алы ӕмӕ алы бӕстӕты чи цӕры ӕмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи сты, бирӕ ахӕм ӕмбӕлттӕ». Ды дӕр алыхуызон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, Библи ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр не ’хсӕн цы иудзинад ис, уый.

ДӔ РАЗЫ РАСТ НЫСӔНТТӔ ӔВӔР

14. а) Цы дын баххуыс кӕндзӕн дӕ разы раст нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн? б) Иуӕй-иу ӕрыгӕттӕ цы дзурынц, сӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрдтой, уый тыххӕй?

14 Бакӕс Псалом 16:8. Давидӕн царды ӕппӕты сӕйраг уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ды дӕр дӕ хъарутӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ куы саразай ӕмӕ дӕ разы раст нысӕнттӕ куы ’вӕрай, уӕд дӕ цардӕй уыдзынӕ райгонд. Иу ӕфсымӕр, Стивен, загъта: «Мӕ разы нысан куы сӕвӕрын, куы йӕм фӕтырнын ӕмӕ стӕй, цы мын бантыст, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд тынг фӕцин кӕнын». Германийӕ чи у, фӕлӕ ныртӕккӕ ӕндӕр бӕстӕйы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕрыгон ӕфсымӕр та загъта: «Зӕрондӕй мӕ цардыл куы хъуыды кӕнон, уӕд мӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, мӕ уды дзӕбӕхӕн кӕй цардтӕн, ӕрмӕстдӕр уый ӕрбафта мӕ зӕрдыл». Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? Кӕд о, уӕд дӕ курдиӕттӕй афтӕ пайда кӕн, цӕмӕй Хуыцауӕн кад хӕссай ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнай (Гал. 6:10). Дӕ разы раст нысӕнттӕ ӕвӕр ӕмӕ Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын сӕ дӕ къухы бафтын кӕна. Уымӕн ӕхсызгон вӕййы ахӕм куывдтытӕн дзуапп дӕттын! (1 Иоан. 3:22; 5:14, 15).

15. Дӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у дӕ разы сӕвӕрын? (Кӕс рамкӕ «Мӕ бон цавӕр нысӕнттыл у ахъуыды кӕнын?».)

15 Дӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у дӕ разы сӕвӕрын? Зӕгъӕм, ӕмбырды хи ныхӕстӕй дзуапп дӕттын, пионерӕй лӕггад кӕнын кӕнӕ та Вефилы лӕггад кӕнын. Дӕ бон ма у ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын дӕр, цӕмӕй уыцы ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕнай. Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Барак, загъта: «Райсомӕй куы райхъал вӕййын ӕмӕ, мӕ хъарутӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн кӕй дӕттын, ууыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд тынг фӕцин кӕнын. Ахӕм циндзинад мын ӕндӕр ницы хӕссы».

ХУЫЦАУӔЙ ЛӔВӔРД СӔРИБАРДЗИНАДӔН АРГЪ КӔН

16. Давид Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй уарзта, уый куыд равдыста?

16 Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцауы закъӕттӕ куы феххӕст кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд свӕййӕм ӕцӕг сӕрибар. Мах фӕархайӕм, цӕмӕй, хорз цы у, уый уарзӕм, ӕвзӕр цы у, уымӕй та не сӕфт уынӕм (Амос 5:15). Давид ӕмбӕрста, хорздзинад Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы (Пс. 31:19). Хорздзинад у, ӕфсарм, хӕрзӕгъдаудзинад кӕнӕ, хорз, зӕгъгӕ, цӕмӕй фӕзӕгъынц, уый. Давид йӕ тых, йӕ бонӕй архайдта, цӕмӕй Хуыцауы фӕзмыдтаид ӕмӕ, Йегъовӕ цы уарзы, уый уарзтаид. Уымӕй уӕлдай ма архайдта, цӕмӕй, Хуыцау ӕвзӕрдзинадыл цы нымайы, уымӕй йе сӕфт уыдтаид. Ӕвзӕрдзинадмӕ цы хъуыддӕгтӕ хауынц, уыдонӕй иу у мӕнгхуыцӕуттӕн кувын. Мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдон сӕхи ӕгад кӕнынц ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы кад ӕмбӕлы, уый ӕндӕр искӕмӕн кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕн раттынц (Ис. 2:8, 9; Рарг. 4:11).

17, 18. а) Мӕнгхуыцӕуттӕн кувын цӕмӕ ӕркӕны, уый фӕдыл Давид цы загъта? б) Абон афтӕ цӕй тыххӕй рауайы, ӕмӕ адӕмӕн «сӕ мӕстытӕ фылдӕр кӕнынц»?

17 Раджы заманты мӕнгхуыцӕуттӕн кувын арӕх баст уыд ӕнӕгъдау хъуыддӕгтимӕ (Оси 4:13, 14). Уый бирӕты зӕрдӕмӕ цыд, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон уыд сӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадын. Фӕлӕ сӕ цымӕ амондджын схонӕн уыд? Давид загъта: «Ӕндӕр хуыцауы фӕдыл чи алидзы, уыдонӕн сӕ мӕстытӕ фылдӕр кӕнынц». (Бакӕс Псалом 16:4.) Ноджы диссагдӕр та уый уыд, ӕмӕ-иу ахӕм адӕм сӕ сывӕллӕтты мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхастой! (Ис. 57:5). Йегъовӕ сын сӕ ӕгъатыр митӕй йе сӕфт уыдта (Йер. 7:31). Уыцы рӕстӕг куы цардаис ӕмӕ дын, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, ахӕм ныййарджытӕ куы уыдаид, уӕд сӕ бузныг куыннӕ уыдаис!

18 Абон дӕр мӕнг динтӕй бирӕтӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ, суанг гомосексуализм дӕр, ӕвзӕрыл нӕ нымайынц. Ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕрибар сты, фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕны (1 Кор. 6:18, 19). Ахӕм адӕмӕн «сӕ мӕстытӕ фылдӕр кӕнынц», ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр бафиппайдтай. Уӕдӕ цӕмӕй дӕхи уыдӕттӕй бахизай, уый тыххӕй дӕ уӕларвон Фыды коммӕ кӕс. Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, уый дӕ пайдайӕн кӕй у. Рох дӕ ма уӕд: ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ цыфӕнды ӕхсызгондзинад ма хӕссой, уӕддӕр ӕппынфӕстаг адӕймагӕн зиан ӕрхӕссынц (Гал. 6:8). Гыццыл раздӕр кӕй кой скодтам, уыцы ӕфсымӕр, Джошуа, загъта: «Нӕ бон у нӕ сӕрибардзинадӕй, нӕхи куыддӕриддӕр фӕнды, афтӕ пайда кӕнын. Фӕлӕ дзы раст куы нӕ пайда кӕнӕм, уӕд амондджын нӕ уыдзыстӕм».

19, 20. Йегъовӕйыл чи ӕууӕнды ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыцы ӕрыгӕттӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоан. 8:31, 32). Абон нӕ рӕстдзинад цы хъуыддӕгтӕй сӕрибар кӕны, уыдонмӕ хауынц мӕнг динты ахуырӕдтӕ ӕмӕ мӕнгуырнындзинӕдтӕ дӕр. Фидӕны та схайджын уыдзыстӕм, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинадӕй» (Ром. 8:21). Дӕ бон у ныртӕккӕ дӕр уыцы сӕрибардзинад банкъарын. Уый тыххӕй та дӕ хъӕуы Чырыстийы «ныхасмӕ гӕсгӕ», ома йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, цӕрын. Ӕмӕ уӕд рӕстдзинад ӕнӕуи нӕ зондзынӕ, фӕлӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрдзынӕ.

20 Ӕрыгӕттӕ, Хуыцау уын цы сӕрибардзинад радта, уымӕн аргъ кӕнут. Ӕмбаргӕйӕ дзы пайда кӕнут, ӕмӕ уын уӕд уыдзӕн хорз фидӕн. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр загъта: «Ӕрыгонӕй дӕ сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ куы пайда кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, хистӕр кары дӕ ахсджиагдӕр уынаффӕтӕ хӕссын куы бахъӕуа, уӕд, зӕгъӕм, куыст агургӕйӕ кӕнӕ та, бинонтӕ скӕнай ӕви уал цасдӕр рӕстӕг банхъӕлмӕ кӕсай, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ».

21. «Ӕцӕг цардмӕ» чи кӕны, уыцы фӕндагыл цӕуынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн?

21 Ацы дунейы адӕм хорз цард цыфӕнды ма хоной, уӕддӕр у цыбыр. Райсом цы уыдзӕн, уый ничи зоны (Иак. 4:13, 14). Уӕдӕ, «ӕцӕг цардмӕ», ома ӕнусон цардмӕ, чи кӕны, уыцы фӕндагыл цӕуай, уый зондыл дзурӕг у (1 Тим. 6:19). Хуыцау нӕ уыцы фӕндагыл тыххӕй нӕ цӕуын кӕны. Махӕн нӕхи бон у равзарын, цӕудзыстӕм ыл ӕви нӕ. Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕн, цӕмӕй дӕ бон зӕгъын уа, Хуыцау у «мӕ хай», зӕгъгӕ. Цы «бирӕ хорздзинӕдтӕй» дӕ хайджын кӕны, уыдонӕн аргъ кӕн (Пс. 103:5). Ӕмӕ фидарӕй зон, Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд дын уый ӕнустӕм циндзинад кӕй хӕсдзӕн (Пс. 16:11).