ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2018 аз, ноябрь

Ацы номыры ис, 2018 азы 31 декабрӕй 2019 азы 3 февралмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

«Балхӕн рӕстдзинад ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн»

Рӕстдзинад «балхӕнай», уый цӕуыл дзурӕг у? Иугӕр ӕй балхӕдтам, уӕд нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй йыл фидар хӕцӕм?

«Ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл»

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрыныл фӕндфидарӕй архайӕм?

Дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар, ӕмӕ цӕрай!

Аввакумы чиныг нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдты дӕр нӕ зӕрдӕты фарн бахъахъхъӕнӕм.

Кӕй зондыл цӕуыс?

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕты зондыл ма цӕуӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы зондӕй архайын сахуыр уӕм?

Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕныс?

Павелы ныхӕстӕ, «уӕ зонд ног кӕнут», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг сты ӕмӕ уый нӕ бон куыд у аразын?

Хӕларзӕрдӕдзинад – ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй бӕрӕг чи вӕййы, ахӕм миниуӕг

Хӕларзӕрдӕдзинад у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу. Нӕ бон куыд у ацы диссаджы миниуӕг нӕ удыхъӕды фидар кӕнын?

Кӕсджыты фарстатӕ

Йесо Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ изӕр цы «хӕрзгӕнджыты» кой кодта, уыдон чи уыдысты ӕмӕ сӕ афтӕ цӕмӕн хуыдтой?

Нӕ бон цы у Йегъовӕйӕн раттын?

Ӕмбисӕндты 3:9 фыст ис: «Кад кӕн Йегъовӕйӕн – дӕтт ын, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый». Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уымӕ цы хауы ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон куыд у Хуыцауы хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын?