Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Балхӕн рӕстдзинад ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн»

«Балхӕн рӕстдзинад ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн»

«Балхӕн рӕстдзинад ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн. Балхӕн зонд, зондамынд ӕмӕ ӕмбарындзинад» (ӔМБ. 23:23).

ЗАРДЖЫТӔ: 94, 96

1, 2. а) Царды нын ӕппӕты зынаргъдӕр цы у? б) Цавӕр зонындзинӕдтӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.)

ЦАРДЫ дын ӕппӕты зынаргъдӕр цы у? Къаддӕр аргъ цӕмӕн ис, ахӕм истӕуыл ӕй баивис? Махӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, ӕппӕты зынаргъдӕр у, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый, ӕмӕ йӕ ницӕуыл баивдзыстӕм. Стӕй ма аргъ кӕнӕм Библийы рӕстдзинадӕн, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у нӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕнгомдӕр кӕнын (Кол. 1:9, 10).

2 Ахъуыды-ма кӕн, нӕ Кадджын Зондамонӕг нын йӕ Ныхас Библийы цас цыдӕртӕ амоны! Хуыцау нын ӕргом кӕны, йӕ ном куыд тынг ахсджиаг у ӕмӕ цы диссаджы миниуджыты хицау у, уый. Стӕй ма нын ӕргом кӕны, афтӕ тынг нӕ кӕй уарзы, ӕмӕ йӕ зынаргъ Фырты мах тыххӕй радта. Йегъовӕ ма нын ӕмбарын кӕны, цы у, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахад. Уый зӕрдӕ ӕвӕры, сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты, «ӕндӕр фыстӕ» та – зӕххыл дзӕнӕты (Иоан. 10:16). Уымӕй уӕлдай ма нын амоны, нӕ цард куыд хъуамӕ аразӕм, уый. Мах ацы зонындзинӕдтӕн тынг аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон у не Сфӕлдисӕгмӕ ӕввахсдӕр кӕнын, стӕй уыдоны фӕрцы зонӕм, цӕмӕн цӕрӕм, уый.

3. Рӕстдзинады тыххӕй ӕхца фидын хъӕуы?

3 Йегъовӕ у тынг рӕдау Хуыцау. Уый йӕ зынаргъ Фырты мах тыххӕй нӕ бавгъау кодта. Стӕй, рӕстдзинад чи агуры, уыдоны уыны ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ ссарой. Йегъовӕ адӕймагӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕхца нӕ фӕагуры. Зӕгъӕм, иу лӕг, Симон куы федта, апостолтӕ сӕ къухтӕ кӕуыл ӕвӕрынц, уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын вӕййынц, уӕд сӕм ӕхцаимӕ бацыд, цӕмӕй уымӕн дӕр ахӕм тых радтаиккой. Фӕлӕ йын Петр бауайдзӕф кодта: «Де ’взист демӕ фесӕфӕд – ды Хуыцауы стыр лӕвар ӕхцайӕ балхӕнынмӕ хъавыдтӕ» (Хъуыд. 8:18–20). Уӕдӕ уӕд ацы ныхӕстӕ, «балхӕн рӕстдзинад», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты?

РӔСТДЗИНАД «БАЛХӔНАЙ», УЫЙ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

4. Ацы статьяйӕ рӕстдзинады тыххӕй цы базондзыстӕм?

4 Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 23:23. Цӕмӕй адӕймаг Библийы рӕстдзинад базона, уый тыххӕй йӕ хъӕуы бафыдӕбон кӕнын. Стӕй уый тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уа йӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ. Иугӕр рӕстдзинад «балхӕдтам», ома йӕ базыдтам, уӕд хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй йӕ «ма ауӕй кӕнӕм», ома йӕ ма ныууадзӕм. Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм, рӕстдзинад «балхӕнай», уый цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ уый тыххӕй цавӕр аргъ бафидын фӕхъӕуы, ууыл. Уый фӕрцы рӕстдзинадӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ фӕндфидарӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ «ма ауӕй кӕнӕм». Мах фендзыстӕм, рӕстдзинад уый аргъ кӕй у, ӕмӕ йӕ балхӕныны тыххӕй дӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнай.

5, 6. а) Нӕ бон куыд у рӕстдзинад ӕнӕ ӕхцайӕ балхӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) Рӕстдзинад зонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын цы пайда у?

5 Лӕвар цы вӕййы, суанг уый райсыны тыххӕй дӕр хатгай фӕхъӕуы бафыдӕбон кӕнын. Ӕмбисӕндты 23:23 стихы «балхӕнын»-ӕй цы дзуттаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «самал кӕнын» дӕр. Дыууӕ мивдисӕгӕн дӕр сӕ хъуыды уый у, ӕмӕ, адӕймаг тынг цӕмӕн аргъ кӕны, ахӕм цыдӕр цӕмӕй йӕ къухы бафта, уый тыххӕй йӕ хъӕуы бафыдӕбон кӕнын йе та цӕуылдӕр йӕ къух сисын. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, базыдтай, базары банантӕ лӕвар кӕй дӕттынц. Цымӕ уыцы банантӕ дӕ хӕдзары стъолыл диссаджы хуызы февзӕрдзысты? Кӕцӕй! Хъуамӕ бафыдӕбон кӕнай – базармӕ ацӕуай ӕмӕ сӕ ӕрбахӕссай. Уӕдӕ дӕ кӕд бананты тыххӕй ӕхца фидын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дӕ базармӕ ацӕуыны тыххӕй бахъӕудзӕн рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Рӕстдзинадӕн дӕр йӕ хабар афтӕ у. Ӕхца фидын ын нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ цӕмӕй самал кӕнай, уый тыххӕй хъӕуы бафыдӕбон кӕнын.

6 Бакӕс Исайы 55:1–3. Ацы ныхӕсты фӕрцы нын Йегъовӕ ӕмбарын кӕны, рӕстдзинад балхӕнай, уый цӕуыл дзурӕг у, уый. Ацы ран Йегъовӕ йӕ ныхас бары донимӕ, ӕхсыримӕ ӕмӕ сӕнимӕ. Уазал дон удӕнцой куыд ӕрхӕссы, раст афтӕ удӕнцой ӕрхӕссы Библийы рӕстдзинад дӕр. Ӕмӕ ӕхсыры фӕрцы сывӕллон куыд рӕзы ӕмӕ куыд фидар кӕны, раст афтӕ Библийы фӕрцы нӕ хӕлардзинад Хуыцауимӕ фидардӕр кӕны. Йегъовӕ ма йӕ ныхӕстӕ бары сӕнимӕ дӕр. Цымӕ цӕмӕн? Библийы фыст ис, сӕн адӕймаджы зӕрдӕ кӕй хъӕлдзӕг кӕны (Пс. 104:15). Уӕдӕ нын Йегъовӕ Исайы чиныджы афтӕ кӕй дзуры, «исут сӕн... ӕнӕ ӕхцайӕ, лӕвар», зӕгъгӕ, уымӕй нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ цард йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм (Пс. 19:8). Йегъовӕ нын ацы абарстыты фӕрцы ӕмбарын кӕны, рӕстдзинад зонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын цы стыр пайда хӕссы, уый. Рӕстдзинады тыххӕй цы аргъ фидӕм, уый у нӕ фыдӕбон. Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм, рӕстдзинад «балхӕныны» тыххӕй нӕ цавӕр фондз хъуыддагыл фӕхъӕуы нӕ къух сисын.

РӔСТДЗИНАД БАЛХӔНЫНЫ ТЫХХӔЙ ДӔ КЪУХ ЦӔУЫЛ СИСТАЙ?

7, 8. а) Рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй рӕстӕг цӕмӕн фӕхъӕуы? б) Иу ӕрыгон сылгоймаг рӕстдзинады тыххӕй цавӕр аргъ бафыста ӕмӕ йын уый цы пайда ӕрхаста?

7 Рӕстӕг. Рӕстдзинад балхӕнын кӕй фӕфӕнды, уыдонӕй алкӕй дӕр фӕхъӕуы ацы аргъ бафидын. Рӕстӕг хъӕуы, цӕмӕй хорз хабармӕ байхъусай, Библи ӕмӕ нӕ литературӕ кӕсай, Хуыцауы Ныхас арф иртасай, ӕмбырдтӕм дӕхи цӕттӕ кӕнай ӕмӕ сӕм цӕуай. Хъуамӕ-иу уыцы рӕстӕг балхӕнӕм, кӕнӕ та йӕ райсӕм, афтӕ ахсджиаг чи не сты, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕй. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16 ӕмӕ фиппаинаг.) Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ базонынӕн цас рӕстӕг бахъӕуы? Уый кӕнгӕ вӕййы адӕймагӕн йӕ уавӕртӕй. Йегъовӕйы зонд ӕмӕ хъуыддӕгты тыххӕй цасфӕнды ма зонӕм, уӕддӕр нӕ бон у уыцы зонындзинӕдтыл ӕдзухдӕр ӕфтауын (Ром. 11:33). «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыццаг номыры рӕстдзинад барст цыд «гыццыл дидинӕгимӕ» ӕмӕ дзы фыст уыд: «Рӕстдзинады „дидинджытӕй“ уӕ иу куы фӕуа, уӕд уын фаг ма уӕд. Иу дидинӕг фаг куы уыдаид, уӕд иннӕтӕ уӕвгӕ дӕр нӕ уыдаиккой. Ноджыдӕр агурут, ӕмбырд сӕ кӕнут». Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕз та Йегъовӕйы тыххӕй цас зонын?» Суанг ӕнусты дӕргъы дӕр нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын. Абон та тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнӕм ӕмӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, нӕ зонындзинӕдтыл ӕфтауӕм. Ӕркӕсӕм, рӕстдзинад чи агуырдта, уыдонӕй иуӕй-иуты цӕвиттонтӕм.

8 Иу ӕрыгон сылгоймаг, Марико *, Японийӕ Нью-Йоркмӕ (АИШ) ӕрцыд, цӕмӕй косметологты курсытӕм бацыдаид. Иу бон ыл, пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм хо хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ сӕмбӕлд. Марико кӕд цавӕрдӕр диныл хӕст уыд, уӕддӕр Библи ахуыр кӕныныл сразы. Цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ нӕ хойӕн загъта, цӕмӕй йӕм къуыри дыууӕ хатты цыдаид. Ӕмӕ йын кӕд курсытыл бирӕ рӕстӕг цыд ӕмӕ ма кусгӕ дӕр кодта, уӕддӕр уайтагъд ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта. Уымӕй уӕлдай ма къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнын райдыдта ирхӕфсӕнтыл, цӕмӕй йын фылдӕр рӕстӕг уыдаид Йегъовӕйы тыххӕй базонынӕн. Афтӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта, ӕмӕ, афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ донаргъуыд райста. Уымӕй ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ та, 2006 азы, райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ абоны онг у пионер.

9, 10. а) Адӕймаг рӕстдзинад куы балхӕны, уӕд куыст ӕмӕ ӕхцамӕ цы цӕстӕй ракӕсы? б) Иу ӕрыгон сылгоймаг йӕ къух цӕуыл систа ӕмӕ уый фӕдыл цы загъта?

9 Куыст ӕмӕ ӕхца. Цӕмӕй адӕймаг рӕстдзинад балхӕна, уый тыххӕй йӕ, гӕнӕн ис, бахъӕуа хорз куыстыл йӕ къух сисын. Зӕгъӕм, Петр ӕмӕ Андрей уыдысты кӕсагахсджытӕ, ӕмӕ сын Йесо куы загъта, «рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ», зӕгъгӕ, уӕд уыдон «уайтагъд сӕ хызтӕ ныууагътой» (Матф. 4:18–20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстдзинад базоныны тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ дӕ куыстыл дӕ къух сисай. Адӕймаджы кусын хъӕуы, цӕмӕй йӕ бинонты фӕдара (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ уӕддӕр арӕх, рӕстдзинад чи базоны, уыдоны фӕхъӕуы куыст ӕмӕ ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсын райдайын ӕмӕ, царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уый бамбарын. Йесо уый фӕдыл загъта: «Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут... Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты» (Матф. 6:19, 20). Ӕркӕсӕм иу ӕрыгон сылгоймаджы, Марийӕйы, хабармӕ.

10 Марийӕ скъолайы дӕр нӕма ахуыр кодта, афтӕмӕй гольфӕй хъазын райдыдта, ӕмӕ, хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд дӕр цыди гольфмӕ. Уыцы спортмӕ афтӕ хорз арӕхст, ӕмӕ йын фадат фӕзынд, йӕ ахуырӕн ын чи фыстаид, иу ахӕм университетмӕ бацӕуынӕн. Марийӕ гольфӕй фылдӕр ницы уарзта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сгуыхт спортсмен суыдаид ӕмӕ бирӕ ӕхца куыстаид. Фӕстӕдӕр райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ, цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардта, ӕмӕ йӕ цард ивын райдыдта. Уый загъта: «Мӕ зондахаст ӕмӕ мӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цас тынгдӕр ивтон, уыйас амондджынӕй-амондджындӕр кодтон». Марийӕ ӕмбӕрста, ӕнцон ын кӕй нӕ уыдзӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕр ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг, схъӕздыг уа, ууыл архайын дӕр (Матф. 6:24). Ӕмӕ кӕд йӕ бӕллиц уый уыд, цӕмӕй сгуыхт спортсмен суыдаид ӕмӕ бирӕ ӕхца куыстаид, уӕддӕр рӕстдзинады тыххӕй уыдӕттыл йӕ къух систа. Ныр пионерӕй лӕггад кӕны ӕмӕ, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй, ныр куыд амондджын ӕмӕ райгонд у, афтӕ никуы.

11. Рӕстдзинад чи балхӕны, уыдонмӕ сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ хатгай сӕ зӕрдӕйы ахаст куыд фӕивынц?

11 Нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ не ’мбӕлттӕ. Библийы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын чи райдайы, уыдонӕй кӕмӕдӕрты се ’мбӕлттӕ ӕмӕ сӕ хиуӕттӕ сӕ зӕрдӕйы ахаст фӕивынц. Цымӕ цӕмӕн? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй Хуыцаумӕ куывта: «Ссыгъдӕг сӕ кӕн рӕстдзинады фӕрцы. Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоан. 17:17). Дзырдбастӕй «ссыгъдӕг сӕ кӕн» цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр: «рахицӕн сӕ кӕн». Библийы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын куы райдайӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ацы дунейӕ нӕхи рахицӕн кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зондыл нал фӕцӕуӕм. Ӕмӕ иннӕтӕй хицӕн кӕнын кӕй райдайӕм, уый тыххӕй нӕм уыдон дӕр сӕ зӕрдӕйы ахаст фӕивынц. Ӕмӕ кӕд нӕ хиуӕттимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ хӕларӕй цӕрыныл фӕархайӕм, уӕддӕр нӕм, гӕнӕн ис, раздӕрау хорз зӕрдӕ мауал дарой кӕнӕ та ма суанг нӕ ныхмӕ дӕр цӕуой. Уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Йесо загъта: «О, адӕймагӕн йе знӕгтӕ уыдзысты йӕхи бинонтӕ» (Матф. 10:36). Фӕлӕ зӕрдӕ бавӕрдта, рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй нӕхи цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕнӕм, уӕддӕр нӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уыдон бирӕ фылдӕр кӕй уыдзысты. (Бакӕс Марчы 10:28–30.)

12. Иу ӕфсымӕр рӕстдзинады тыххӕй цавӕр аргъ бафыста?

12 Иу бизнесмен, Аарон, уыд дзуттаг ӕмӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахӕм зондыл хӕст уыд, ӕмӕ Хуыцауы ном дзурӕн нӕй. Фӕлӕ йӕ тынг фӕндыд Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонын. Иухатт ын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕр бамбарын кодта, Хуыцауы ном цы цыппар ӕмхъӕлӕсонӕй арӕзт у, уыдонмӕ хъӕлӕсонтӕ куы бафтауай, уӕд ӕй бакӕсӕн кӕй ис «Йегъовӕ». Уыцы хабар ӕй ахӕм дисы бафтыдта, ӕмӕ синагогӕмӕ ацыд, цӕмӕй уый тыххӕй раввинтӕн радзырдтаид. Уый афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ, Хуыцауы номы тыххӕй рӕстдзинад куы базоной, уӕд цин кӕндзысты. Фӕлӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Уыдон ыл бату кодтой ӕмӕ йӕ синагогӕйӕ ратардтой. Аарон Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ, кӕд уый йӕ бинонты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, уӕддӕр ӕй уый нӕ баурӕдта. Цасдӕры фӕстӕ Аарон сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Цӕмӕй уыцы ӕфсымӕрау мах дӕр рӕстдзинады фӕндагыл цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм цыфӕнды аргъ бафидынмӕ дӕр, дзырд не ’мбӕлттыл кӕнӕ нӕ хиуӕттыл куы цӕуа, суанг уӕд дӕр.

13, 14. Адӕймаджы рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй йӕ цард куыд бахъӕуы фӕивын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

13 Ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ. Цӕмӕй адӕймаг рӕстдзинады фӕндагыл слӕууа ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдайа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы йӕ зондахаст фӕивын ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Апостол Петр уый фӕдыл ныффыста: «Ут коммӕгӕс сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд цы монцты фӕдыл цыдыстут, уыдоны фӕдыл мауал цӕут. ...Алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг» (1 Пет. 1:14, 15). Рагон горӕт Коринфы цӕрджытӕ уыдысты тынг ӕгъдаухӕлд, ӕмӕ-иу рӕстдзинады фӕндагыл слӕууын кӕй фӕндыд, уый-иу хъуыди йӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ саразын (1 Кор. 6:9–11). Раст афтӕ абон дӕр бирӕты рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй бахъӕуы се ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Петр ма йӕ рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕттӕм ноджыдӕр ныффыста: «Фаг уын у, раздӕр ацы дунейы адӕмы зондмӕ гӕсгӕ кӕй цардыстут, уый: хӕлд митӕ кодтат, уе ’нӕфсарм монцты фӕдыл цыдыстут, нозтӕй бӕрц нӕ зыдтат, ӕнӕуаг цӕл-минас кодтат, фыднозт кодтат ӕмӕ кодтат нӕфӕтчиаг хъуыддаг – мӕнгхуыцӕуттӕн куывтат» (1 Пет. 4:3).

14 Девинн ӕмӕ Джасмин бирӕ азты дӕргъы фыднозт кодтой. Девинн уыд хорз бухгалтер, фӕлӕ-иу йӕ нозты тыххӕй иу куысты дӕр бирӕ нӕ бафӕстиат. Джасмин та уыд тынг ӕгъатыр сылгоймаг ӕмӕ йӕ иууылдӕр зыдтой, иннӕтӕн фыдмитӕ чи кӕны, ахӕм адӕймагӕй. Иу бон Джасмин фӕндагыл расыгӕй фӕцӕйцыд, ӕмӕ йыл дыууӕ миссионеры, лӕг ӕмӕ ус, сӕмбӕлдысты. Уыдон баныхас кодтой, иннӕ къуыри йӕм хӕдзармӕ кӕй ӕрбацӕудзысты ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдайдзысты. Фӕлӕ йӕм куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ дыууӕйы дӕр расыгӕй ӕрбаййӕфтой. Девинн ӕмӕ Джасмин уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕм уыцы миссионертӕ ӕцӕгдӕр ӕрбацӕудзысты. Фӕлӕ иннӕ хатт хабар ӕндӕрхуызон рауад. Библи ахуыр кӕнын зӕрдиагӕй райдыдтой ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ, цы-иу базыдтой, уымӕ гӕсгӕ архайдтой. Ӕртӕ мӕйы дӕр нӕ рацыд, афтӕ сӕ нозт ныууагътой ӕмӕ фӕстӕдӕр сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ баиу кодтой. Девинн ӕмӕ Джасмин куыд тынг фӕивтой, уый уынгӕйӕ сӕ хъӕуы цӕрджытӕй бирӕты бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын.

15. Рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй адӕймагӕн йӕ къух сисын тынг зын цӕуыл вӕййы ӕмӕ цӕмӕн?

15 Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ. Кӕмӕндӕрты ӕнцон вӕййы, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттыл сӕ къух сисын. Кӕмӕндӕрты та уый тынг зын вӕййы, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсынц, сӕ бинонтӕ, се ’мкусджытӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ сӕ ныхмӕ дзурын куы райдайой, уымӕй. Цавӕрдӕр ӕгъдӕуттыл сын сӕ къух сисын уӕлдай зын вӕййы, сӕ хиуӕттӕ марды кӕндтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд (Дык. з. 14:1). Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттыл нӕ къух сисӕм? Нӕ бон у, раджы заманты ахӕм хъӕбатырдзинад чи равдыста, уыдоны бафӕзмын, зӕгъӕм, Ефесы цӕрӕг чырыстӕтты.

16. Ефесы иуӕй-иутӕ рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй цы сарӕзтой?

16 Рагон Ефесы уыд бирӕ кӕлӕнгӕнджытӕ. Уыцы адӕмӕй чырыстон чи сси, уыдон рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй цы сарӕзтой? Библийы фыст ис: «Кӕлӕнгӕнджытӕй... бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой. Сӕ аргъ сын куы банымадтой, уӕд рауад фӕндзай мин ӕвзист ӕхцайы. Гъе ахӕм тых уыди Йегъовӕйы ныхасӕн: тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта» (Хъуыд. 19:19, 20). Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ рӕстдзинады тыххӕй бафыстой стыр аргъ, ӕмӕ уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыдысты.

17. а) Рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй нӕ цавӕр аргъ бахъуыд бафидын? б) Иннӕ статьяйы дзырд цавӕр фарстатыл цӕудзӕн?

17 Рӕстдзинады тыххӕй дӕу цавӕр аргъ бафидын бахъуыд? Не ’ппӕты дӕр хъуыди рӕстӕг, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаиккам. Кӕйдӕрты бахъуыд, бирӕ ӕхца кусынӕн сын цы фадӕттӕ уыд, уыдоныл сӕ къух сисын. Кӕмӕдӕрты сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ сӕ зӕрдӕйы ахаст фӕивтой. Бирӕты бахъуыд сӕ зондахаст фӕивын ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттыл ӕмӕ бӕрӕгбӕттыл сӕ къух сисын. Фӕлӕ цыфӕнды аргъ ма бафыстаиккам, уӕддӕр фидарӕй зонӕм, рӕстдзинад уый аргъ кӕй у. Уый фӕрцы стӕм Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ, ӕмӕ нын царды та уымӕй зынаргъдӕр ницы ис. Рӕстдзинады фӕрцы цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдоныл хъуыды кӕнгӕйӕ зын бамбарӕн вӕййы, куыд ис ахӕм хӕзна ауӕй кӕнӕн. Цымӕ афтӕ куыд рауайы? Ӕмӕ нӕ бон куыд у ахӕм стыр рӕдыдӕй нӕхи бахизын? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 8 абз. Ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.