Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар, ӕмӕ цӕрай!

Дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар, ӕмӕ цӕрай!

«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у» (ӔМБ. 3:5).

ЗАРДЖЫТӔ: 3, 8

1. Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ ныфсыл ныфс бафтауын цӕмӕн фӕхъӕуы?

МАХӔЙ алкӕмӕн дӕр фӕхъӕуы йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Чидӕртӕ нӕ, гӕнӕн ис, ӕдзухдӕр цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕнынц, цӕмӕйдӕрты фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц кӕнӕ цӕйдӕр тыххӕй фӕхъизӕмар кӕнынц. Чи зоны ныл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ цавӕрдӕр низӕй рынчын кӕй стӕм, уый тыххӕй удхар кӕнӕм, йе та нын чидӕр кӕй фӕзиан, ууыл маст кӕнӕм. Чидӕртӕ та нӕ, гӕнӕн ис, ӕфхӕрд феййафынц. Уымӕй уӕлдай ма нӕ алыварс адӕм бонӕй-бонмӕ ӕгъатырдӕр кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм ӕмӕ ног дунейы къӕсӕрыл кӕй лӕууӕм (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ, чи зоны, бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Цымӕ нӕ ныфсыл ныфс цӕй фӕрцы бафтдзӕн?

2, 3. а) Аввакумы тыххӕй цы зонӕм? б) Аввакумы чиныгмӕ нӕ ӕркӕсын цӕмӕн хъӕуы?

2 Нӕ ныфсыл ныфс цӕй фӕрцы бафтдзӕн, уый базонынӕн нын баххуыс кӕндзӕн Аввакумы чиныг. Библийы Аввакумы царды тыххӕй бӕлвырдӕй ницы ис фыст, фӕлӕ, йӕ чиныджы цы фыст ис, уый нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы. Аввакумы ном, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «зӕрдиаг хъӕбыстӕ». Ацы дзырдбаст, гӕнӕн ис, амоны, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты йӕ хъӕбысы кӕй ӕрбакӕны кӕнӕ та йыл уыдон фидар кӕй хӕцынц, уымӕ. Иуафон Аввакум Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йӕ цы тыхсын кодта, уый фӕдыл ӕм цалдӕр фарстайы радта. Йегъовӕ йын йӕ фарстатӕн дзуапп радта ӕмӕ йӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй, цӕуыл ныхас кодтой, уый ныффыстаид, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, фидӕны уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн удӕнцой кӕй ӕрхӕсдзӕн (Ав. 2:2).

3 Аввакум Йегъовӕимӕ кӕй ныхас кодта, уымӕй дарддӕр Библийы ацы пехуымпары тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ йӕ чиныг тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ уый дӕр Библийы иннӕ чингуытау фыст ӕрцыд «махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ром. 15:4). Аввакумы чиныг махӕй алкӕмӕн дӕр цы пайда у? Ацы чиныг нын ӕмбарын кӕны, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарай, уый цӕуыл дзурӕг у. Стӕй ма дзы базонӕн ис, нӕ бон кӕй у нӕ зӕрдӕты фарн бахъахъхъӕнын, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр. Цӕй уӕдӕ Аввакумы чиныгмӕ бӕстондӕр ӕркӕсӕм.

ЙЕГЪОВӔМӔ КУВ

4. Аввакумы мӕты цы ’фтыдта?

4 Бакӕс Аввакумы 1:2, 3. Аввакум царди тынг уӕззау рӕстӕджы. Йӕ алыварс адӕм уыдысты фыдзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр, ӕмӕ йын уый тынг зын уыд. Аввакумӕн ахӕм фарстатӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой: «Цымӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн? Йегъовӕ уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ архайын цӕуылнӕ райдайы?» Аввакум хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕгъатырдзинад йеддӕмӕ ницы уыдта, ӕмӕ йӕ уыдӕттӕ мӕты ’фтыдтой. Уыцы тыхст рӕстӕг Аввакум Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй хъуыддӕгтӕм ӕркастаид. Чи зоны йӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ Йегъовӕ, йӕ адӕм цы уавӕры сты, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕныныл фӕстиат кӕны. Дӕумӕ дӕр искуы Аввакумы хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ уыд?

5. Аввакумы чиныгӕй цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

5 Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Аввакум йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл нал дардта ӕмӕ, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта? Нӕ! Аввакум, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ йӕ цы тыхсын кодта, уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕн кӕй радзырдта, уымӕй бӕрӕг у, йӕ къухтӕ кӕй не ’руагъта ӕмӕ Хуыцауыл раздӕрау йӕ зӕрдӕ кӕй дардта. Аввакум ахӕм тыхст уымӕн уыд, ӕмӕ не ’мбӕрста, Йегъовӕ цӕмӕн фӕстиат кӕны ӕмӕ йын йӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы. Йегъовӕ Аввакумӕн, цы йӕ тыхсын кодта, уыдӕттӕ кӕй ныффыссын кодта, уымӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: хъуамӕ ма тӕрсӕм, цы нӕ тыхсын кӕны кӕнӕ цӕуыл дызӕрдыг кӕнӕм, уыдӕтты тыххӕй Хуыцауӕн дзурын. Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры, цӕмӕй йын нӕ зӕрдӕтӕ ӕргом кӕнӕм (Пс. 50:15; 62:8). Ӕмбисӕндты 3:5 стих дӕр нӕ разӕнгард кӕны: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у». Фидарӕй зӕгъӕн ис, Аввакум ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй архайдта.

6. Кувын ахсджиаг цӕмӕн у?

6 Аввакум Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ дардта, уымӕн ӕмӕ йӕ нымадта йӕ Хӕларыл ӕмӕ йӕ Фыдыл, ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодта. Аввакум нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ тыхст хъуыдытӕ сӕ быны скодтаиккой, стӕй йӕхи зондӕй ныфсджын нӕ уыд. Уый-иу йӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн радзырдта, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау», ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын нӕ сагъӕстӕ ӕргом кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм (Пс. 65:2). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу нӕ Йегъовӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакӕндзӕн, ома-иу нын уынаффӕ ратдзӕн ӕмӕ-иу нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн (Пс. 73:23, 24). Цыфӕнды зындзинӕдты ма бахауӕм, уӕддӕр-иу нын Хуыцау баххуыс кӕндзӕн, нӕ уавӕрмӕ нын цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарынӕн. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы нӕхӕдӕг дӕр нӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсдзыстӕм. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм.

ЙЕГЪОВӔМӔ-ИУ ЛӔМБЫНӔГ ХЪУС

7. Йегъовӕ куыд бакодта, Аввакум ын йӕ сагъӕстӕ куы радзырдта, уӕд?

7 Бакӕс Аввакумы 1:5–7. Аввакум йӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн куы радзырдта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодта, цымӕ Хуыцау куыд архайдзӕн, зӕгъгӕ. Йегъовӕ у уарзӕгой Хуыцау, ӕмӕ Аввакумы ӕнкъарӕнтӕ хорз ӕмбӕрста. Уый уыдта, Аввакум куыд хъизӕмар кӕны, уый ӕмӕ зыдта, ӕххуысмӕ дӕр ӕм уый тыххӕй кӕй сдзынӕзта. Ӕмӕ йын уайдзӕф нӕ бакодта, фӕлӕ йын раргом кодта, тагъд ӕгоммӕгӕс дзуттӕгты кӕй бафхӕрдзӕн. Фыддзинадӕн тагъд рӕстӕджы кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый Йегъовӕ, гӕнӕн ис, фыццаг Аввакумӕн фехъусын кодта.

8. Аввакум, Йегъовӕ йын цы хабар раргом кодта, уый фехъусын ӕнхъӕл цӕуылнӕ уыд?

8 Йегъовӕ Аввакумӕн раргом кодта, тагъд архайын кӕй райдайдзӕн. Загъта йын, Иудӕйы цӕрӕг фыдзӕрдӕ адӕмы ныхмӕ халдейты, ома вавилойнӕгты, кӕй сыстын кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ бафхӕра. Йегъовӕ афтӕ кӕй загъта, уый уыдзӕн «уӕ рӕстӕджы», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыцы тӕрхон хъуамӕ кӕнӕ Аввакумы рӕстӕджы сӕххӕст уыдаид, кӕнӕ – йӕ дуджы цӕрӕг адӕмы рӕстӕджы. Аввакум ахӕм хабар фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыд. Вавилойнӕгтӕ уыдысты тынг ӕгъатыр адӕм. Израилӕгтӕ дӕр ӕгъатыр уыдысты, фӕлӕ уыдон Йегъовӕйы закъӕттӕ уӕддӕр зыдтой. Вавилойнӕгтӕ та уыдонӕй бирӕ фыддӕр уыдысты, стӕй ма мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм дӕр уыдысты. Ӕмӕ уӕдӕ Йегъовӕ вавилойнӕгты къухӕй йӕ адӕмы бафхӕрын цӕмӕн сфӕнд кодта, кӕд ӕмӕ ма афтӕмӕй сӕ хъизӕмӕрттыл ноджы фылдӕр бафтыдаид? Аввакумы бынаты ды куыд фӕуыдаис?

9. Аввакуммӕ ма ноджыдӕр цавӕр фарстатӕ фӕзынд?

9 Бакӕс Аввакумы 1:12–14, 17. Кӕд Аввакум бамбӕрста, Йегъовӕ дзуттӕгты куыд бафхӕрдзӕн, уый, уӕддӕр ма йын тыхст хъуыдытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Фӕлӕ Аввакум сӕрныллӕгӕй загъта, Йегъовӕ йӕ «Къӕдзӕх» кӕй у ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ зӕрдӕ йыл кӕй дары (Дык. з. 32:4; Ис. 26:4). Аввакум нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, ӕмӕ та йӕм уӕндонӕй фарстатӕ дӕттын райдыдта. Тыхсын ӕй кодтой ахӕм фарстатӕ: «Йегъовӕ цӕмӕн бауадздзӕн, цӕмӕй Иудӕйы цӕрджытӕн сӕ уавӕр фыддӕр фӕуа? Фыддзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны? Фыддзинад фылдӕрӕй-фылдӕр куыд кӕны, уымӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ бон куыд у ӕнцад кӕсын? Йегъовӕ „Сыгъдӕг Хуыцау“ у, уымӕн „[йӕ] цӕстытӕ фыддзинадмӕ кӕсынӕн ӕгӕр сыгъдӕг“ сты, ӕмӕ уӕд ахӕм фыдхъуыддӕгтӕн цӕмӕн быхсы?»

10. Хатгай нӕм Аввакумы хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн фӕзыны?

10 Хатгай махмӕ дӕр фӕзыны Аввакумы хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ. Мах Йегъовӕмӕ лӕмбынӕг фӕхъусӕм. Стӕй йыл нӕ зӕрдӕ фӕдарӕм, йӕ Ныхас ын фӕкӕсӕм ӕмӕ йӕ фӕахуыр кӕнӕм, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ ныфс у фидар. Уымӕй уӕлдай ма йын йӕ организацийы фӕрцы йӕ зӕрдӕвӕрдты тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ базонӕм. Фӕлӕ нын уӕддӕр, чи зоны, ахӕм фарста ӕнцой нӕ дӕтты: «Нӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?» Ӕркӕсӕм, Аввакум дарддӕр куыд архайдта ӕмӕ йӕ хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔС

11. Аввакум йӕхицӕн фидарӕй цы загъта?

11 Бакӕс Аввакумы 2:1. Аввакум Йегъовӕимӕ куы аныхас кодта, уӕд йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, Йегъовӕ архайын кӕд райдайдзӕн, уымӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн. Афтӕ фӕндфидар кӕй уыд, уый бӕрӕг у, уый фӕстӕ дӕр ма афтӕ кӕй загъта, «ӕнцад ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн бӕллӕхы бонмӕ», зӕгъгӕ, уымӕй (Ав. 3:16). Йегъовӕйы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр-иу фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, Хуыцау архайын кӕд райдайдзӕн, уымӕ. Сӕ цӕвиттонтӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм, фӕлӕ Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм (Мих. 7:7; Иак. 5:7, 8).

12. Аввакумы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 Аввакум Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Фыццаг: цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр-иу хъуамӕ ӕппынӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм. Дыккаг: хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм, Йегъовӕ нын йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы дзуры, уымӕ. Ӕртыккаг: хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ архайын кӕд райдайдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмӕ нӕ хъуамӕ фидар ныфс уа, нӕ зындзинӕдтӕн нын кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕйы рыст кӕй ӕрсабыр кӕндзӕн. Аввакумау ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ куы кувӕм, стӕй нын цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ йӕм фӕразонӕй куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр ӕмӕ фидар лӕудзыстӕм. Цы ныфс нын ис, уый фӕрцы цыфӕнды зындзинӕдтӕн дӕр фӕраздзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты уыдзӕн циндзинад (Ром. 12:12).

13. Йегъовӕ Аввакумӕн йӕ зӕрдӕ куыд ӕрсабыр кодта?

13 Бакӕс Аввакумы 2:3. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс, Аввакум ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хорз зыдта, Аввакум цы зын уавӕрты уыд, уый. Йегъовӕ дзы ныфс бауагъта, цы фарстатӕ йӕ тыхсын кӕнынц, уыдонӕн тагъд рӕстӕджы дзуапп кӕй фендзӕн, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Фӕразон у ӕмӕ мыл дӕ зӕрдӕ дар. Дӕ куывдӕн дын дзуапп ратдзынӕн, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ фӕстиат кӕнын, уӕддӕр!» Йегъовӕ Аввакумӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн бӕлвырд рӕстӕг кӕй снысан кодта. Ӕмӕ йӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕнхъӕлмӕ кастаид. Ӕмӕ Аввакум нӕ фӕфыдӕнхъӕл!

Нӕ фидар фӕнд цӕмӕн у Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын? (кӕс 14 абзац)

14. Зындзинӕдты рӕстӕг нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

14 Йегъовӕмӕ фӕразонӕй куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм, уӕд ыл цыфӕнды зындзинӕдты дӕр нӕ ныфс дардзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр. Йесо нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нын Йегъовӕ цы «рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонтӕ» нӕ раргом кодта, уыдон базоныныл ма архайӕм (Хъуыд. 1:7). Уӕдӕ нӕ къухтӕ макуы ’руадзӕм, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ фӕразонӕй Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Хъуамӕ нӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм (Мар. 13:35–37; Гал. 6:9).

ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ЙӔ ЗӔРДӔ ЧИ ДАРЫ, УЫДОН СХАЙДЖЫН УЫДЗЫСТЫ ӔНУСОН ЦАРДӔЙ

15, 16. а) Аввакумы чиныгӕй цавӕр зӕрдӕвӕрдты тыххӕй ис базонӕн? б) Уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

15 Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «Рӕстгӕнӕг... цӕрдзӕн, иузӕрдион кӕй у, уый фӕрцы. Зӕхх... байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы кады тыххӕй зонындзинӕдтӕй» (Ав. 2:4, 14). Хуыцау, фӕразон чи у ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕй алкӕй дӕр ӕнусон цардӕй схайджын кӕндзӕн.

16 Аввакумы 2:4 стихы фыст ныхӕстӕ афтӕ ахсджиаг сты, ӕмӕ апостол Павел йӕ фыстӕджыты уыцы ныхӕстӕ ӕртӕ хатты ӕрхаста (Ром. 1:17; Гал. 3:11; Дзут. 10:38). Цыфӕнды зындзинӕдты дӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

17. Аввакумы чиныджы нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

17 Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ Аввакумы чиныг не ’ппӕтӕн дӕр у стыр ӕххуыс ӕмӕ дзы зондӕн бирӕ цыдӕртӕ ис райсӕн. Йегъовӕ, рӕстӕй чи цӕры ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕй алкӕй дӕр ӕнусон цардӕй схайджын кӕндзӕн. Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарӕм, цыфӕнды тыхст уавӕры ма уӕм, уӕддӕр. Аввакумы уылты Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ныфс ӕвӕры, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, адӕм йӕ Паддзахады дӕлбар куы цӕрой, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд зӕххыл цӕрдзӕн ӕрмӕстдӕр амондджын ӕмӕ фарнуарзаг адӕм ӕмӕ иууылдӕр лӕггад кӕндзысты Йегъовӕйӕн (Матф. 5:5; Дзут. 10:36–39).

ДӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАР ӔМӔ ЙЫН ЦИНГӔНГӔЙӔ ЛӔГГАД КӔН

18. Йегъовӕйы ныхӕстӕ Аввакумы ныфс куыд бауагътой?

18 Бакӕс Аввакумы 3:16–19. Йегъовӕйы ныхӕстӕ Аввакумы стыр ныфс бауагътой. Аввакум хъуыды кодта, Йегъовӕ-иу кӕддӕр йӕ адӕмы тыххӕй цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоныл. Ӕмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарын райдыдта. Аввакум зыдта, Йегъовӕ тагъд архайын кӕй райдайдзӕн! Уый ӕмбӕрста, цасдӕр рӕстӕг ма, гӕнӕн ис, кӕй хъизӕмар кӕндзӕн, фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕ уыд сабыр. Аввакуммӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ нал уыд, фӕлӕ йӕ ныфс дарын райдыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. 18 стихы фыст ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйыл куыд фидарӕй ӕууӕндыд, уый. Иуӕй-иу библииртасджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы стих комкоммӕ ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ: «Хицауы тыххӕй фырцинӕй гӕппытӕ кӕндзынӕн, Хуыцауы тыххӕй фырцинӕй кафдзынӕн». Аввакумы 3:16–19 стихты цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон не ’ппӕты дӕр стыр ныфс уадзынц! Йегъовӕ нын диссаджы фидӕнӕй ӕнӕуи зӕрдӕ не ’вӕры, фӕлӕ ма нын дзуры, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныныл ныридӕгӕн дӕр кӕй архайы.

19. Аввакумау нӕ зӕрдӕтӕ сабыр цӕй фӕрцы уыдзысты?

19 Аввакумы чиныгӕй мах базыдтам ахсджиаг хъуыддаг: хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм (Ав. 2:4). Уый тыххӕй та хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый фидардӕр кӕна. Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн цалдӕр хъуыддаджы: 1) хъуамӕ ӕдзухдӕр Хуыцауӕн ӕргом кӕнӕм, цыдӕриддӕр нӕ тыхсын кӕны, уый; 2) хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм, Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы уылты цы дзуры, уымӕ ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ архайӕм; 3) хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ йӕм фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Аввакум дӕр раст афтӕ архайдта. Кӕд райдианы маст кодта, уӕд дзы фӕстагмӕ та стыр ныфс бацыд ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы циндзинад фӕзынд! Мах дӕр Аввакумы куы фӕзмӕм, уӕд-иу нӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакӕндзӕн! Ӕмӕ нын ацы фыддунейы цӕргӕйӕ та уымӕй стырдӕр ныфсы хос цы хъуамӕ уа!