Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕй зондыл цӕуыс?

Кӕй зондыл цӕуыс?

«Ацы дуне мауал фӕзмут» (РОМ. 12:2).

ЗАРДЖЫТӔ: 88, 45

1, 2. а) Петр Йесойӕн афтӕ куы бакодта, дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, зӕгъгӕ, уӕд ын Йесо цы загъта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Йесо Петрӕн афтӕ цӕмӕн загъта?

ЙЕСОЙЫ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ хъустыл нӕ баууӕндыдысты. Уыдон афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Йесо Израилы паддзахад йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн, фӕлӕ сын ныр дзуры, тагъд хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ йӕ стӕй кӕй амардзысты. Уӕд ын апостол Петр афтӕ бакодта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан! Ды мын мӕ разы цӕлхдур ӕвӕрыс, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты, фӕлӕ адӕймаджы» (Матф. 16:21–23; Хъуыд. 1:6).

2 Уыцы ныхӕстӕй Йесо равдыста, Хуыцауы зонд куыд тынг хицӕн кӕны Хӕйрӕджы дунейы зондӕй (1 Иоан. 5:19). Петр Йесойы цӕуын кодта, ацы дунейы адӕмӕй бирӕтӕ цы зондыл хӕст сты, ууыл. Фӕлӕ Йесо зыдта, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй хъизӕмӕрттӕ бавзарынмӕ ӕмӕ йӕ цард раттынмӕ цӕттӕ уыдаид. Йесо Петрӕн цы загъта, уымӕй равдыста, йӕхи ацы дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ кӕнын кӕй нӕ бауадздзӕн, фӕлӕ Йегъовӕйы зондӕй кӕй архайдзӕн.

3. Адӕймагӕн ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын, ацы дунейы зондыл та ӕнцонтӕй цӕмӕн ацӕуы?

3 Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнӕм ӕви ацы дунейы зондыл цӕуӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах архайӕм Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл. Фӕлӕ цымӕ нӕ зондахастӕй та цы ис зӕгъӕн? Алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм? Йегъовӕйы зондӕй архайын сахуыр уай, ууыл фыдӕбон кӕнын хъӕуы. Ацы дунейы зондыл та ӕнцонтӕй ис ацӕуӕн, уымӕн ӕмӕ «нӕ алыварс уӕлдӕфау... ахъардта» (Еф. 2:2). Уымӕй уӕлдай ма нӕ ацы дунейы адӕм арӕх ахӕм зондыл фӕаразынц, цӕмӕй нӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрӕм, ӕмӕ нӕм, гӕнӕн ис, уый хорз кӕсын райдайа. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын ӕнцон нӕу, ацы дунейы адӕмы хуызӕн хъуыды кӕнын райдайай, уый та ӕнцон у.

4. а) Ацы дунейы зондыл куы ацӕуӕм, уӕд ныл уый куыд фӕзындзӕн? б) Ацы статья нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

4 Ацы дунейы зондыл цӕуын куы райдайӕм, уӕд, гӕнӕн ис, хиуарзон суӕм ӕмӕ нӕхи бафӕнда скъуыддзаг кӕнын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Мар. 7:21, 22). Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауы зондӕй архайӕм, адӕмы зондӕй нӕ, фӕлӕ. Ацы статья нын уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн. Мах ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын цы пайда у ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ нын уый нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ къӕхтӕ бӕтты. Стӕй ма базондзыстӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ацы дунейы зондыл ма ацӕуӕм. Иннӕ статьяйы та дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый куыд ис базонӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куыд ис архайӕн.

ЙЕГЪОВӔ КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫ, АФТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫН ПАЙДА У

5. Иуӕй-иуты цӕуылнӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын исчи зонд амона?

5 Иуӕй-иуты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын исчи зонд амона. Уыдон фӕдзурынц, мӕхиуыл сӕр ис, зӕгъгӕ. Ома сӕ уый зӕгъын фӕфӕнды, ӕмӕ уынаффӕтӕ сӕхӕдӕг хӕсдзысты ӕмӕ сын уый бар ис, цӕмӕй, сӕхи цы фӕнды, уый аразой. Нӕ сӕ фӕфӕнды, ӕмӕ сын исчи уынаффӕгӕнӕг уа кӕнӕ искӕй хуызӕн уой *.

6. а) Йегъовӕ нын цавӕр сӕрибардзинад радта? б) Уыцы сӕрибардзинад ӕгӕрон у?

6 Фӕлӕ, цӕмӕдӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсай, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын алыхуызон хъуыддӕгты фӕдыл нӕхи хъуыды уа кӕнӕ нӕ хъуыды ӕргом дзурӕм, уый бар нын нӕй. 2 Коринфӕгтӕм 3:17 стихы фыст ис: «Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад». Йегъовӕ нын радта ахӕм сӕрибардзинад, цӕмӕй, нӕхи цавӕр фӕнды, ахӕм адӕймӕгтӕ уӕм. Уый бар нын ис, ӕмӕ, нӕхи зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый ӕвзарӕм. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон у. (Бакӕс 1 Петры 2:16.) Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый бамбарыны тыххӕй нӕ хъус ӕрдарӕм, Библийы уылты нын цы дзуры, уымӕ. Цымӕ нын уымӕй Йегъовӕ нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ къӕхтӕ бӕтты ӕви уый нӕ пайдайӕн у?

7, 8. Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнай, уый дын дӕ къухтӕ ӕмӕ дӕ къӕхтӕ бӕтты? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хорз ӕгъдауыл ахуыр кӕнынц. Афтӕ сӕ хъомыл кӕнынц, цӕмӕй уой ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ куыстуарзаг, стӕй иннӕтыл дӕр хъуыды кӕной. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сын уымӕй сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ бӕттынц. Афтӕ сӕ уымӕн хъомыл кӕнынц, цӕмӕй, куы сыстыр уой, уӕд сын царды ӕнцондӕр уа ӕмӕ амондджын уой. Сывӕллӕттӕ хицӕнӕй цӕрын куы райдайой, уӕд уынаффӕтӕ сӕхӕдӕг хӕсдзысты. Кӕд сын сӕ ныййарджытӕ цы амыдтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ цард аразой, уӕд хӕсдзысты, фӕстӕдӕр кӕуыл нӕ фӕсмон кӕндзысты, ахӕм уынаффӕтӕ. Уый фӕрцы сӕхи бирӕ мӕстытӕй бахиздзысты ӕмӕ фыдӕнхъӕл дӕр ницӕмӕй фӕуыдзысты.

8 Йегъовӕйы хорз фыдау фӕнды, цӕмӕй йӕ хъӕбултӕ зӕрдӕрухс уой ӕмӕ амондджын цард кӕной (Ис. 48:17, 18). Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй уагӕвӕрдтӕ радта, стӕй ма нын бацамыдта, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый дӕр. Хуыцау нын дзуры, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгты фӕдыл, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын уый куыд амоны, афтӕ кӕнӕм. Йӕ уагӕвӕрдтӕ нын нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ къӕхтӕ нӕ бӕттынц, фӕлӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ноджы ӕмбаргӕдӕр ӕмӕ арфуынӕгдӕр суӕм (Пс. 92:5; Ӕмб. 2:1–5; Ис. 55:9). Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, амондджын кӕй фӕрцы уыдзыстӕм, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг, нӕхи зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый ӕвзарын дӕр (Пс. 1:2, 3). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын у стыр пайда!

ЙЕГЪОВӔЙЫ ХЪУЫДЫТӔ АЦЫ ДУНЕЙЫ ХЪУЫДЫТӔЙ БИРӔ УӔЛДӔР СТЫ

9, 10. Йегъовӕйы хъуыдытӕ ацы дунейы хъуыдытӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй сты, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

9 Йегъовӕйы зондӕй архайын ма нӕ ноджыдӕр уый тыххӕй фӕнды, ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ ацы дунейы хъуыдытӕй бирӕ уӕлдӕр сты. Ацы дуне иннӕтӕн амоны, ӕгъдауыл дзурӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый, бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, хорз куыст куыд ис ссарӕн ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕн сӕ фылдӕр вӕййынц, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый ныхмӕ. Зӕгъӕм, ацы дуне адӕмы фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй, ӕрмӕстдӕр сӕхи цы фӕнды, уый аразой. Стӕй сӕ ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ хорз цӕуылдӕр нымайой. Хатгай фехъусӕн вӕййы, лӕг ӕмӕ усӕн ахӕм уынаффӕ кӕй раттынц, зӕгъгӕ, дам, кӕд сӕ бинонты царды сӕ зӕрдӕмӕ цыдӕр нӕ цӕуы, уӕд фӕлтау хицӕнтӕй цӕрӕнт кӕнӕ бынтондӕр ахицӕн уӕнт, ӕмӕ, дам, уӕд амондджындӕр уыдзысты. Ахӕм уынаффӕ у, Библи цы дзуры, уый ныхмӕ. Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ абоны царды ацы дунейы уынаффӕтӕ Библийы уынаффӕтӕй бирӕ ахадгӕдӕр сты?

10 Йесо загъта: «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй» (Матф. 11:19). Кӕд ацы дунейӕн бирӕ цыдӕртӕ бантыст, зӕгъӕм, ног технологитӕ фӕзынд, уӕддӕр адӕмӕн сӕ бон нӕу, зӕгъӕм, хӕстытӕн, расизмӕн ӕмӕ фыдракӕндтӕн кӕрон скӕнын, ӕмӕ уыцы хабӕртты аххосӕй бирӕтӕ сты ӕнамонд. Уымӕй уӕлдай ма ацы дуне ӕнӕгъдаудзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы. Фӕлӕ бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ бинонты цард халынц, адӕймаджы ӕнӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынынц ӕмӕ ма ӕндӕр зындзинӕдтӕм дӕр ӕркӕнынц. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕй та цы ис зӕгъӕн? Йӕ лӕггадгӕнджытӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕй кӕсынц ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕй кӕнынц, уый фӕрцы сӕ бинонтимӕ амондджынӕй цӕрынц, сты ӕнӕниздӕр ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр се ’хсӕн ис фарн (Ис. 2:4; Хъуыд. 10:34, 35; 1 Кор. 6:9–11). Уымӕй ирдӕй зыны, Йегъовӕйы хъуыдытӕ ацы дунейы хъуыдытӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй сты.

11. Моисей кӕй зондӕй архайдта ӕмӕ арфӕгонд куыд ӕрцыд?

11 Йегъовӕйӕн рагзаманты чи лӕггад кодта, уыдон дӕр ӕмбӕрстой, йӕ хъуыдытӕ ацы дунейы хъуыдытӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй сты. Зӕгъӕм, кӕд Моисейӕн «ӕгас Египеты зонд» бацамыдтой, уӕддӕр Хуыцауӕй ӕххуыс куырдта, цӕмӕй «зӕрдӕйӕ зондджын» суыдаид (Хъуыд. 7:22; Пс. 90:12). Стӕй ма Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ» (Рац. 33:13). Моисей Йегъовӕйы зондӕй кӕй архайдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Хуыцау ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ уый уылты йӕ фӕндон сӕххӕст кодта, стӕй ма, цы диссаджы уырнындзинады хицау уыд, уый тыххӕй Библийы ныффыссын кодта (Дзут. 11:24–27).

12. Апостол Павел-иу уынаффӕтӕ куыд хаста?

12 Апостол Павел уыд зондджын ӕмӕ ахуыргонд адӕймаг, стӕй зыдта дзуттаг ӕвзаг дӕр ӕмӕ грекъаг ӕвзаг дӕр (Хъуыд. 5:34; 21:37, 39; 22:2, 3). Фӕлӕ-иу ӕй уынаффӕ хӕссын куы хъуыди, уӕд-иу ацы дунейы зондӕй нӕ архайдта, фӕлӕ-иу архайдта, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:2; 1 Коринфӕгтӕм 2:6, 7, 13.) Уый фӕрцы йын хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ ӕнтыст ӕмӕ хайджын уыд ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй (2 Тим. 4:8).

13. Алкӕуыл дӕр нӕ цавӕр хӕс ис?

13 Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы хъуыдытӕ ацы дунейы хъуыдытӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй сты. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын ӕмӕ нын бирӕ ӕнтысдзӕн. Йегъовӕ нӕ йӕ зондыл тыххӕй нӕ цӕуын кӕны, ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр, стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц (Матф. 24:45; 2 Кор. 1:24). Адӕймагӕн йӕхиуыл ис уыцы хӕс, цӕмӕй йӕ зондахаст ива ӕмӕ уый фӕрцы, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын сахуыр уа. Нӕ бон куыд у уый аразын?

АЦЫ ДУНЕЙЫ ЗОНДЫЛ МА ЦУ

14, 15. а) Цӕмӕй Йегъовӕйы зондӕй архайын сахуыр уӕм, уый тыххӕй цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? б) Ромӕгтӕм 12:2 стихмӕ гӕсгӕ, ацы дунейы хъуыдытӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

14 Ромӕгтӕм 12:2 стих нын фӕдзӕхсы: «Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у: адӕймаг рӕстдзинад базоныны размӕ цавӕрфӕнды зондыл хӕст ма уыдаид, уӕддӕр йӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы зондӕй архайын сахуыр уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цы зондыл хӕст стӕм, ууыл хатгай фӕзыны, нӕ ныййарджытӕй нӕ туджы цы рахастам, уый кӕнӕ ныл царды цы хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдон. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у нӕ зондахаст ивын. Нӕ зондахаст кӕй фӕивы, ууыл арӕхдӕр фӕзыны, цӕуыл хъуыды кӕнӕм, уый. Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, йӕ хъуыдытӕ алкӕддӕр раст кӕй вӕййынц. Ӕмӕ уӕд мах дӕр фӕнддзӕн, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын.

15 Фӕлӕ цӕмӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын сахуыр уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «ацы дуне мауал фӕзмӕм», ома йӕ зондыл мауал цӕуӕм. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм зондахаст ӕвдыст кӕм цӕуы, уыдӕттӕй, фӕнды интернет уа, фӕнды зарджытӕ уой, фӕнды ӕндӕр исты. Уый куыд ахсджиаг у, уый бамбарыны тыххӕй ахъуыды кӕнӕм, адӕймаджы ӕнӕниздзинадыл хӕринаг куыд фӕзыны, ууыл. Зӕгъӕм, адӕймаг пайда хӕринӕгтӕ хӕры, цӕмӕй йе ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр уа. Фӕлӕ йын цымӕ уый исты ӕххуыс фӕуыдзӕн, уыцы иу рӕстӕг, чи нал бӕззы, ахӕм хӕринӕгтӕ дӕр куы хӕра, уӕд? Кӕцӕй! Раст афтӕ, кӕд Йегъовӕйы хъуыдытӕ бамбарыныл ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг ацы дунейы зондыл дӕр цӕуӕм, уӕд нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы фӕуыдзӕн.

16. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

16 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ацы дунейы хъуыдытӕй нӕхи бынтондӕр бахизӕм? Нӕ, уый гӕнӕн нӕй. Нӕ бон нӕу ацы дунейӕ «искуыдӕм алидзын», ӕмӕ ныл уый тыххӕй хатгай йӕ зонд фӕзыны (1 Кор. 5:9, 10). Зӕгъӕм, уацамынды фембӕлӕм, рӕдыд хъуыдытыл хӕст чи вӕййы, ахӕм адӕмыл. Ӕмӕ сӕ кӕд нӕхи дард ласын нӕ бон нӕу, уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй уыцы рӕдыд хъуыдытӕм не ’ргом ма здахӕм ӕмӕ уыдонау хъуыды кӕнын ма райдайӕм. Хъуамӕ-иу Йесойау, Хӕйрӕг нын цы хъуыдытӕ хъары, уыдон нӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм. Фӕлӕ уӕддӕр кӕцыдӕр хъуыддӕгты нӕ бон у ацы дунейы зондӕй нӕхи бахизын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:23.)

17. Цавӕр хъуыддӕгты у нӕ бон ацы дунейы зондӕй нӕхи бахизын?

17 Зӕгъӕм, хъуамӕ къӕрцхъус уӕм нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ. Библи нӕ фӕдзӕхсы, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймӕгтимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд ныл сӕ зондахаст кӕй фӕзындзӕн (Ӕмб. 13:20; 1 Кор. 15:12, 32, 33). Хъуамӕ ма лӕмбынӕг уӕм ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр. Зӕгъӕм, эволюци, тыхми кӕнӕ ӕнӕгъдаудзинад ӕвдыст кӕм цӕуы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд нӕ зонд нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн, «Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр» у, уыдӕттӕй (2 Кор. 10:5).

Нӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕхи ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕй хизой? (кӕс 18, 19 абзацтӕ)

18, 19. а) Ацы дунейы зонд уайтагъд кӕм нӕ рабӕрӕг вӕййы, уыцы хъуыддӕгтӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм? б) Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

18 Фӕлӕ ацы дунейы зонд алы хатт уайтагъд нӕ рабӕрӕг вӕййы, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы сбӕрӕг кӕнын, цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм къӕрцхъус. Хатгай ног хабӕрттӕ афтӕ радзурынц, цӕмӕй-иу адӕм политикӕимӕ баст фарстаты иуты кӕнӕ иннӕты фарс рахӕцой. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, хъӕздыг ӕмӕ зындгонд адӕмы тыххӕй цы хабӕрттӕ бакӕсӕн кӕнӕ фехъусӕн вӕййы, уыдонӕй бӕрӕг вӕййы, ацы дуне ӕнтыстдзинӕдтыл цы нымайы, уый. Иуӕй-иу киноты ӕмӕ чингуыты та рабӕрӕг вӕййы ахӕм зондахаст, ӕмӕ адӕймаг ӕрмӕстдӕр йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты мӕт хъуамӕ кӕна, ӕмӕ уыцы хабар афтӕ равдисынц, цыма уый хорз ӕмӕ раст хъуыддаг у. Фӕлӕ уыцы зондахастӕн, Библийы цы фыст ис, уыимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Библи дзуры, адӕймаг йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр амондджын кӕй уыдзысты, фыццаджыдӕр Йегъовӕйы куы уарзой, уӕд (Матф. 22:36–39). Кӕнӕ та, зӕгъӕм, сывӕллӕттӕн фыст радзырдтӕй ӕмӕ мультфильмтӕй иуӕй-иутӕ ахӕм вӕййынц, ӕмӕ дзы фыццаг бакастӕй ӕвзӕрӕй ницы ис, фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, сывӕллоны зондахастыл сабыргай афтӕ фӕзыной, ӕмӕ йӕм ӕнӕгъдау митӕ хорз кӕсын райдайой.

19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ иууылдӕр ӕвзӕр сты. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Ацы дунейы зонд уайтагъд кӕм нӕ рабӕрӕг вӕййы, уыцы хъуыддӕгтӕ сбӕрӕг кӕныныл фӕархайын? Цавӕр телепередачӕтӕм кӕсдзынӕн кӕнӕ цавӕр чингуытӕ кӕсдзынӕн, уый ӕвзаргӕйӕ къӕрцхъус вӕййын? Мӕ сывӕллӕттӕм дӕр уыцы хъуыддаджы мӕ хъус фӕдарын? Ӕххуыс сын кӕнын, цӕмӕй алыхуызон хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын сахуыр уой ӕмӕ, ацы дунейы цы фенынц ӕмӕ цы фехъусынц, уыдӕттӕй сӕхи хизой?» Йегъовӕйы зонд ацы дунейы зондӕй куыд тынг хицӕн кӕны, уый куы ’мбарӕм, уӕд ацы дунейы зондыл нӕ цӕудзыстӕм.

КӔЙ ЗОНДЫЛ ЦӔУЫС?

20. Куыд ис базонӕн, Йегъовӕйы зондӕй архайӕм ӕви ацы дунейы зондыл цӕуӕм?

20 Рох нӕ ма уӕд: цавӕрдӕр хабӕрттӕ кӕнӕ Йегъовӕйӕ ис базонӕн, кӕнӕ Хӕйрӕджы дунейӕ, ӕртыккаг дзы нӕй. Ӕмӕ цымӕ мах кӕй зондыл цӕуӕм? Дзуапп баст у, кӕй хъуыдытӕм хъусӕм, ууыл. Не ’ргом ацы дунейы хъуыдытӕм куы здахӕм, уӕд адӕмӕн сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ фӕзмын райдайдзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм, цӕмӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕ хъусӕм, уый ӕвзаргӕйӕ, стӕй нӕ хъус дарӕм, цӕуыл хъуыды кӕнӕм, уымӕ.

21. Иннӕ статьяйы дзырд цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл цӕудзӕн?

21 Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйы зондӕй архайын сахуыр уӕм, уый тыххӕй фаг нӕу нӕхи ацы дунейы зондӕй хизын. Хъӕуы ма нӕ хъуыды кӕнын, Хуыцау алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл, цӕмӕй сӕм мах дӕр уый цӕстӕй кӕсын сахуыр уӕм. Иннӕ статьяйы бӕстондӕр дзырд цӕудзӕн, уый куыд ис аразӕн, ууыл.

^ 5 абз. Фӕлӕ хабар ӕцӕгӕй афтӕ у, ӕмӕ, иннӕтӕй хицӕн кӕна, ууыл тынг чи фӕархайы, суанг ахӕм адӕймӕгтыл дӕр иннӕты зондахаст фӕзыны. Дзырд цӕуылфӕнды ма цӕуа,– цард куыд фӕзынд, уый фӕдыл цы хъуыдыйыл хӕст стӕм, ууыл ӕви нӕ уынд ӕмӕ нӕ кондыл, уӕддӕр ныл иннӕты зондахаст кӕмдӕр фӕзыны. Фӕлӕ нӕ бон у равзарын, кӕй зондыл цӕудзыстӕм, уый.