Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ бон цы у Йегъовӕйӕн раттын?

Нӕ бон цы у Йегъовӕйӕн раттын?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Ацы уагӕвӕрд хауы, Йегъовӕ махӕн цы дӕтты ӕмӕ йын мах цы дӕттӕм, уымӕ дӕр. Йегъовӕ нын бирӕ лӕвӕрттӕ скодта, ӕмӕ нын ӕппӕт уыдӕттӕ хӕссынц циндзинад. Фӕлӕ нын ноджы стырдӕр циндзинад та хӕссы, нӕхӕдӕг ын исты куы фӕдӕттӕм, уый. Нӕ бон цы у Йегъовӕйӕн раттын? Ӕмбисӕндты 3:9 стихы фыст ис: «Кад кӕн Йегъовӕйӕн – дӕтт ын, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый». Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый у нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕ. Хуыцауы хъуыддагӕн ӕппӕт уыдӕттӕй куы феххуыс кӕнӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, Йегъовӕйӕн скӕнӕм лӕвар, ӕмӕ уый фӕрцы вӕййӕм тынг амондджын.

Нӕ фӕрӕзты кой куы кӕнӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ кӕнын ма рох кӕнӕм? Апостол Павел Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕн бауынаффӕ кодта, цӕмӕй-иу сӕм цы уыд, уымӕй хицӕнӕй сӕвӕрдтаиккой ӕмӕ-иу ӕй стӕй мысайнагӕн радтаиккой (1 Кор. 16:2). Дӕ бӕстӕйы мысайнаг раттӕн куыд ис, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн кӕм ис? Дӕ хорзӕхӕй, ӕркӕс, дӕлдӕр цы рамкӕ ис, уымӕ.

Кӕцыдӕр бӕстӕты мысайнаг интернеты уылты ӕрвитыны фадат нӕй. Фӕлӕ ма мысайнаг арвитынӕн ноджыдӕр цы мадзӕлттӕ ис, уый тыххӕй базонӕн ис хайы «Как делать пожертвования на всемирную деятельность». Иуӕй-иу бӕстӕты сайты jw.org ис хай «Арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ», ӕмӕ дзы ссарӕн ис, мысайнӕгты тыххӕй цы фарстатӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн дзуапп.