Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕныс?

Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕныс?

«Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут» (РОМ. 12:2).

ЗАРДЖЫТӔ: 56, 123

1, 2. Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад куыд рӕзы, афтӕ цӕуыл сахуыр вӕййы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

ГЫЦЦЫЛ сывӕллонӕн чидӕр цыдӕр балӕвар кодта, ӕмӕ йын йӕ ныййарджытӕ дзурынц: «Бузныг ын зӕгъ». Сывӕллон дӕр афтӕ бакодта, фӕлӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй, ӕмӕ йын уыдон загътой афтӕ. Фӕлӕ куы байрӕзт, уӕд ӕмбарын райдыдта, йӕ ныййарджытӕ йын афтӕ цӕмӕн амыдтой, уый. Ӕмӕ ныр иннӕтӕн бузныг зӕгъын йӕхи фӕфӕнды, уымӕн ӕмӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын сахуыр.

2 Раст афтӕ мах дӕр, рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын куы райдыдтам, уӕд базыдтам, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъусын ахсджиаг кӕй у. Фӕлӕ, нӕ уырнындзинад цас тынгдӕр рӕзы, уыйас хуыздӕр фембарӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый – йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Йегъовӕйы хъуыдытӕн уый бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нын зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕмӕ, раст цы у, уый аразынӕн ӕххуыс кӕной, уӕд афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, йӕ зондӕй кӕй архайӕм.

3. Алыхуызон хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын хатгай ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

3 Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕныныл куы фӕархайӕм, уӕд нын уый ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ иннӕмӕй та уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый нӕ хатгай фӕхъыгдары раст хъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, мах зонӕм, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ, мулк ӕмӕ ӕхцамӕ, хъусын кӕныны хъуыддагмӕ, тугӕй пайда кӕнынмӕ ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕм. Фӕлӕ нын, чи зоны, зын вӕййы бамбарын, ахӕм цӕстӕй сӕм цӕмӕн кӕсы, уый. Уӕдӕ Йегъовӕйы зондӕй ноджы хуыздӕр архайын цӕй фӕрцы сахуыр уыдзыстӕм? Ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

ХУЫЦАУЫ ЗОНДӔЙ АРХАЙЫН ЦӔЙ ФӔРЦЫ САХУЫР УЫДЗЫСТӔМ?

4. Павелы ныхӕстӕ, «уӕ зонд ног кӕнут», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг сты?

4 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:2. Ацы ран апостол Павел бамбарын кодта, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын цӕй фӕрцы сахуыр уыдзыстӕм, уый. Павел нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй «ацы дуне мауал фӕзмӕм». Ӕмӕ айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ацы дунейы хъуыдытӕ нӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм. Фӕлӕ ма Павел афтӕ дӕр загъта, «уӕ зонд ног кӕнут», зӕгъгӕ. Цӕмӕй уый нӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ Библи ахуыр кӕнӕм, Хуыцауы хъуыдытӕ бамбарыныл архайӕм, лӕмбынӕг сыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм уый цӕстӕй кӕсӕм.

5. Библи ахуыр кӕнынмӕ цы хауы?

5 Библи ахуыр кӕнын уый нӕу, ӕмӕ цавӕрдӕр ӕрмӕг уӕлӕнгӕйтты бакӕсай ӕмӕ фарстатӕн дзуаппытӕ баххах кӕнай. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ мах фӕхъуыды кӕнӕм, цы бакастыстӕм, уый нын Йегъовӕйы тыххӕй, стӕй йӕ хъуыддӕгты ӕмӕ йӕ хъуыдыты тыххӕй цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Стӕй фӕархайӕм, Хуыцау нӕ цыдӕр цӕмӕн домы, цӕмӕйдӕрты та нӕ фӕдзӕхсгӕ цӕмӕн кӕны, уый бамбарыныл. Уымӕй уӕлдай ма фӕхъуыды кӕнӕм, нӕ царды нӕ фӕивын цы хъӕуы кӕнӕ нӕ нӕ зондахаст сраст кӕнын кӕм хъӕуы, ууыл. Чи зоны-иу нын Библи ахуыр кӕнгӕйӕ алы хатт нӕ рауайдзӕн ацы хъуыддӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр ахъуыды кӕнын. Фӕлӕ хорз уаид, цы бакӕсӕм, ууыл ахъуыды кӕнынӕн-иу нӕ рӕстӕгӕн, зӕгъӕм, йе ’мбис, куы рахицӕн кӕниккам (Пс. 119:97; 1 Тим. 4:15).

6. Адӕймаг Хуыцауы Ныхасыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд куыд фӕивы?

6 Адӕймаг Хуыцауы Ныхасыл ӕдзухдӕр куы фӕхъуыды кӕны, уӕд афтӕ фӕивы, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Ома куыд? Йӕхицӕн «сбӕлвырд кӕны», ома бамбары, Йегъовӕйы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй. Ӕмбарын райдайы, Йегъовӕ алцӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый ӕмӕ, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайы. Йӕ зонд сног вӕййы ӕмӕ йӕ зондахаст фӕивы. Ӕмӕ сабыргай Йегъовӕйы зондӕй архайын сахуыр вӕййы.

НӔ ХЪУЫДЫТӔ ФӔЗЫНЫНЦ НӔ ХЪУЫДДӔГТЫЛ

7, 8. а) Йегъовӕ хъӕздыгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы? (Кӕс нывтӕм статьяйы райдианы.) б) Хъӕздыгдзинадмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нын царды ӕппӕты сӕйраг цы уыдзӕн?

7 Цӕуыл хъуыды кӕнӕм, уый, цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсӕм, ӕрмӕст ууыл нӕ фӕзыны, фӕлӕ ма нӕ хъуыддӕгтыл дӕр (Мар. 7:21–23; Иак. 2:17). Уый хуыздӕр бамбарыны тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, Евангелитӕй базонӕн ис, Йегъовӕ мулк ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй. Хуыцау йӕ Фырты схъомыл кӕнынӕн равзӕрста, хуымӕтӕг цард чи кодта, ахӕм бинонты (Лев. 12:8; Лук. 2:24). Марийӕйӕн Йесо куы райгуырд, уӕд ӕй «нывӕрдта кӕвдӕсы, уымӕн ӕмӕ, ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат не ссардтой» (Лук. 2:7). Йегъовӕйы куы фӕндыдаид, уӕд, Йесо кӕм райгуырдаид, уымӕн бирӕ хуыздӕр бынат ссардтаид. Фӕлӕ йын сӕйрагдӕр уыд, цӕмӕй Йесойы схъомыл кодтаиккой, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыдаид, ахӕм бинонтӕ.

8 Ацы хабарӕй нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ хъӕздыгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Иуӕй-иу ныййарджытӕ фӕбӕллынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн, царды хуыздӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый уа, кӕд сын уый тыххӕй, Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзысты, уымӕй тӕссаг вӕййы, уӕддӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйы та фӕнды, цӕмӕй нын ӕппӕты сӕйраг уа, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Ды дӕр уыцы хъуыддагмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс? Дӕ хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг вӕййынц? (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.)

9, 10. Искӕмӕн къуылымпыйы хос уай, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, мах дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

9 Дыккаг цӕвиттон баст у, искӕмӕн къуылымпыйы хос уай, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, уыимӕ. Йесо загъта: «Мӕныл чи ӕууӕнды, уыцы гыццылтӕй иуы дӕр чи фӕрӕдийын кӕна, уымӕн... хуыздӕр уаид, йӕ хъуырыл ын куыройыдур куы бакӕниккой ӕмӕ йӕ денджызы куы ныппариккой» (Мар. 9:42). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, исчи искӕй рӕдийын кӕна, уымӕй йе сӕфт кӕй уыны. Ӕмӕ Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды кӕй фӕзмыдта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, Йегъовӕ дӕр уымӕ раст ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсы. Уый йе сӕфт уыны, адӕймаг йӕхи цы фӕнды, уый куы фӕаразы ӕмӕ иннӕты ӕнкъарӕнтыл куы нӕ фӕхъуыды кӕны, уымӕй (Иоан. 14:9).

10 Мах дӕр уыцы хъуыддагмӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы цӕстӕй кӕсӕм? Нӕ хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг вӕййынц? Зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕмӕ цавӕрдӕр модӕ цӕуы, фӕлӕ йӕ зонӕм, ӕмӕ ахӕм кондӕй куы цӕуӕм, уӕд уый ӕмбырдӕй кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн, чи зоны ма мӕсты дӕр кӕндзысты, йе та сӕм махмӕ кӕсгӕйӕ, гӕнӕн ис, ӕнӕгъдау хъуыдытӕ фӕзына. Цымӕ цӕттӕ стӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл нӕ къух сисӕм ӕмӕ афтӕмӕй, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый равдисӕм? (1 Тим. 2:9, 10).

11, 12. Ӕвзӕрдзинадмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм ӕмӕ хиуылхӕцгӕ куы уӕм, уӕд нӕхи цӕмӕй бахиздзыстӕм?

11 Ныр та ӕркӕсӕм ӕртыккаг цӕвиттонмӕ. Йегъовӕ йе сӕфт уыны фыддзинадӕй (Ис. 61:8). Йегъовӕ зоны, нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй хатгай нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ кӕй фӕзыны. Фӕлӕ нын уӕддӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй мах дӕр ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм. (Бакӕс Псалом 97:10.) Йегъовӕ фыддзинадӕй йе сӕфт цӕмӕн уыны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр фыддзинадмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсдзыстӕм ӕмӕ нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕхи ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хизын.

12 Ӕвзӕрдзинадмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд-иу бамбардзыстӕм, кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ Хуыцауы цӕсты ӕвзӕр кӕй сты, кӕд Библийы комкоммӕ сӕ кой нӕй, уӕддӕр. Зӕгъӕм, ацы дунейы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй иу у ахӕм кафт, ӕмӕ сылгоймаг (арӕхдӕр ӕрдӕгбӕгънӕгӕй), чи йын бафыста, ахӕм нӕлгоймаджы уӕрджытыл бадгӕйӕ ӕнӕгъдау кӕфтытӕ куы фӕкӕны *. Ӕмӕ фӕстаг рӕстӕг уыцы кафт тынг апарахат. Иуӕй-иутӕ уыцы кафт ӕнӕгъдаудзинадыл нӕ нымайынц, зӕгъгӕ, дам, ын ӕмуат ӕрцӕуынимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Фӕлӕ цымӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы зондӕй архайынц? Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕ, ӕвзӕрдзинадмӕ цыдӕриддӕр хауы, уымӕй йе сӕфт кӕй уыны. Уӕдӕ хиуылхӕцгӕ уӕм ӕмӕ, уый йе сӕфт цӕмӕй уыны, мах дӕр уымӕй не сӕфт уынӕм. Уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр нӕхи хизын (Ром. 12:9).

РАГАЦАУ ХЪУЫДЫ КӔН, АЛЫХУЫЗОН УАВӔРТЫ ЦАВӔР УЫНАФФӔТӔ ХӔСДЗЫНӔ, УУЫЛ

13. Йегъовӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл рагацау цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын?

13 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу, Йегъовӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл рагацау куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нын уый алыхуызон уавӕрты раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, ахӕм уавӕры бахаудыстӕм, ӕмӕ нӕ уайтагъд хъӕуы уынаффӕ рахӕссын, уӕд зондзыстӕм, куыд бакӕнӕм, уый (Ӕмб. 22:3). Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ.

14. Иосиф Потифары усӕн цы загъта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

14 Потифары ус Иосифы куы рӕдийын кодта, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид, уӕд ын Иосиф уайтагъд загъта, афтӕ кӕй нӕ бакӕндзӕн. Бӕрӕг у, Иосиф рагацау кӕй хъуыды кодта, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион уой, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. (Бакӕс Райдиан 39:8, 9.) Уый Потифары усӕн загъта: «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» Уӕдӕ Иосиф сахуыр, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Махӕй та цы ис зӕгъӕн? Зӕгъӕм дӕм де ’мкусджытӕй чидӕр дзырдӕппарӕнтӕ фӕкӕны. Кӕнӕ дӕм, зӕгъӕм, чидӕр телефонӕй ӕнӕгъдау ныхӕстӕ ныффыста йе та дӕм хӕлд ныв ӕрбарвыста *. Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл рагацау куы хъуыды кӕнӕм, йӕ зондӕй архайын куы сахуыр уӕм ӕмӕ, ахӕм уавӕрты нӕхи куыд дардзыстӕм, уый ныр куы аскъуыддзаг кӕнӕм, уӕд нӕхи рӕдыд къахдзӕфӕй бахиздзыстӕм.

15. Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйау Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй цӕй фӕрцы баззайдзыстӕм?

15 Ныр та ӕркӕсӕм ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы – Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы – цӕвиттонмӕ. Паддзах Навуходоносор бардзырд куы радта, цӕмӕй адӕм сызгъӕрин гуымирыйӕн бакуывтаиккой, уӕд уыдон фидарӕй загътой, афтӕ кӕй нӕ бакӕндзысты. Сӕ дзуаппӕй бӕрӕг у, рагацау кӕй хъуыды кодтой, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайыны тыххӕй сӕ цы аразын хъӕуы, ууыл (Рац. 20:4, 5; Дан. 3:4–6, 12, 16–18). Зӕгъӕм, де ’мкусджытӕ ӕхца ӕмбырд кӕнынц, мӕнг динимӕ баст чи у, ахӕм бӕрӕгбонмӕ, ӕмӕ дын дӕ куысты хицау загъта, цӕмӕй ды дӕр ӕхца радтай. Уӕд куыд бакӕндзынӕ? Ахӕм уавӕры кӕд бахаудзынӕ, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыны бӕсты фӕлтау ныр ахъуыды кӕн, Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Ӕмӕ искуы ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд дын ӕртӕ дзуттаг лӕппуйау ӕнцондӕр уыдзӕн, раст куыд у, афтӕ бакӕнын ӕмӕ, раст цы у, уый зӕгъын.

Туджы фарстайы фӕдыл ӕрмӕг бацагуырдтай, туджы гӕххӕтт байдзаг кодтай ӕмӕ дӕ дохтыримӕ аныхас кодтай? (кӕс 16 абзац)

16. Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый бамбарыныл рагацау куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда фӕуыдзӕн, дохтырты ӕххуыс нӕ куы бахъӕуа, уӕд?

16 Йегъовӕ хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл рагацау куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм, дохтырты ӕххуыс нӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фидарӕй аскъуыддзаг кодтам, нӕдӕр туг, нӕдӕр йӕ цыппар сӕйраг хайы бауадзыныл кӕй не сразы уыдзыстӕм (Хъуыд. 15:28, 29). Фӕлӕ хос кӕныны мадзӕлттӕй иуӕй-иутӕ тугимӕ баст вӕййынц, ӕмӕ алы чырыстоны дӕр йӕхи фӕхъӕуы Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ уынаффӕ рахӕссын. Хорз уаид, ахӕм уынаффӕ рагацау куы рахӕссиккам, рынчындонмӕ куы бахауӕм, уӕд нӕ, фӕлӕ. Рыстытӕ куы ’взарӕм ӕмӕ нын дохтыртӕ куы дзурой, цӕмӕй тагъддӕр уынаффӕ рахӕссӕм, уӕд нын ӕнцон нӕ уыдзӕн раст уынаффӕ рахӕссын. Уыцы фарстайы фӕдыл ӕрмӕг бацагурын, туджы гӕххӕтт байдзаг кӕнын ӕмӕ дохтыримӕ аныхас кӕнын рагацау хъӕуы *.

17–19. Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл ныр хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Нӕхи нӕ рагацау цы уавӕртӕм фӕхъӕуы бацӕттӕ кӕнын, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕр сты?

17 Ныр та нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Петр Йесойӕн ӕнӕрхъуыдыйӕ афтӕ куы загъта, «дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау», зӕгъгӕ, уӕд Йесо уайтагъд куыд бакодта, уый. Йесо, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фӕхъуыды кодта, Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ сарӕзтаид, ууыл, стӕй йӕ зӕххон цардимӕ ӕмӕ йӕ мӕлӕтимӕ баст пехуымпарӕдтыл. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы хъарутӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид. (Бакӕс Матфейы 16:21–23.)

18 Абон та Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ йӕ хъуыддаджы нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм (Матф. 6:33; 28:19, 20; Иак. 4:8). Фӕлӕ Петр Йесойы куыд рӕдийын кодта, афтӕ мах дӕр чидӕртӕ, гӕнӕн ис, рӕдийын кӕной, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл мауал цӕуӕм, ӕмӕ афтӕ, чи зоны, сӕ хорззӕрдӕйӕ кӕной. Зӕгъӕм дын дӕ куысты хицау хуыздӕр бынатӕй ӕмӕ стырдӕр мыздӕй зӕрдӕ бавӕрдта, фӕлӕ дын уый тыххӕй, гӕнӕн ис, фаг рӕстӕг мауал уа ӕмбырдтӕм цӕуынӕн ӕмӕ хъусын кӕнынӕн. Кӕнӕ, зӕгъӕм, скъоладзау дӕ ӕмӕ дын фадат фӕзынд хуыздӕр скъолайы ахуыр кӕнынӕн, фӕлӕ ис ӕндӕр горӕты ӕмӕ дӕ хъӕудзӕн дӕ ныййарджытӕй дард цӕрын. Уыцы рӕстӕг, куыд бакӕнай, уый зондзынӕ? Ахӕм уавӕры куы бахауай, уымӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕс, зӕгъгӕ, уӕд Хуыцаумӕ скувдзынӕн, уыцы фарстайы фӕдыл ӕрмӕг бацагурдзынӕн ӕмӕ мӕ ныййарджытимӕ кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕндзынӕн. Уыдӕттӕ ныр хъӕуы аразын, цӕмӕй, Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарай ӕмӕ йӕ зондӕй архайын сахуыр уай. Ӕмӕ дын ахӕм фадӕттӕ искуы куы фӕзына, уӕд дын фӕлварӕн не суыдзысты. Куыд бакӕнай, уый фидарӕй зондзынӕ, уымӕн ӕмӕ ныр аскъуыддзаг кодтай, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй у.

19 Дӕ бон ма у ахъуыды кӕнын, ӕнӕнхъӕлӕджы кӕм бахауай, ӕндӕр ахӕм уавӕртыл дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон нӕу нӕхи алы уавӕрмӕ дӕр бацӕттӕ кӕнын. Фӕлӕ-иу Библи ахуыр кӕнгӕйӕ, Йегъовӕ алцӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн цыфӕнды уавӕры дӕр, цы базыдтам, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ раст уынаффӕ рахӕссын. Уӕдӕ-иу Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дӕ хъус дар, Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕ, йӕ зондӕй архай ӕмӕ хъуыды кӕн, уый дын ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗОНДӔЙ ЧИ АРХАЙЫ, УЫДОНМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ ДИССАДЖЫ ФИДӔН!

20, 21. а) Ног дунейы цавӕр сӕрибардзинадӕй уыдзыстӕм хайджын? б) Абон дӕр циндзинадӕй хайджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

20 Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног дунемӕ. Нӕ фылдӕрӕн ис зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕргӕйӕ не ’ппӕт дӕр ссӕрибар уыдзыстӕм, ацы дунейы цы маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Ног дунейы дӕр нын уыдзӕн уынаффӕтӕ хӕссыны бар ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн, нӕхи зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый ӕвзарын.

21 Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕгӕрон сӕрибардзинадӕй уыдзыстӕм хайджын. Ног дунейы цы «сабыр адӕм» цӕрдзӕн, уыдон, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый фӕдыл уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ архайдзысты Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ ӕмӕ, алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы се ’ппӕт дӕр цинӕфсӕст ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзысты (Пс. 37:11). Фӕлӕ ныр дӕр уыцы циндзинадӕй хайджын уыдзыстӕм, Йегъовӕйы зондӕй архайын куы сахуыр уӕм, уӕд.

^ 12 абз. Ахӕм ми, уавӕртӕм гӕсгӕ, гӕнӕн ис, нымад ӕрцӕуа ӕнӕгъдаудзинадыл ӕмӕ, уый тыххӕй, чи зоны, бахъӕуа барадон комитет скӕнын. Кӕд чырыстӕттӕй исчи ахӕм хъуыддаг сарӕзта, уӕд ӕй хъӕуы хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурын (Иак. 5:14, 15).

^ 14 абз. Телефонӕй кӕмӕдӕр ӕнӕгъдау ныхӕстӕ куы ныффыссынц, ӕнӕгъдау къамтӕ кӕнӕ видеотӕ куы арвитынц, уый хонынц «секстинг». Чырыстон ахӕм ми куы бакӕна, уӕд, уавӕртӕм гӕсгӕ, гӕнӕн ис, бахъӕуа, цӕмӕй уыцы хъуыддаг барадон комитет равзара. Ӕрыгӕттӕй ахӕм къамтӕ, видеотӕ ӕмӕ СМС-тӕ чи ӕрвыста, уыдонӕй кӕмӕндӕрты сӕ хъуыддаг тӕрхондонмӕ бахауд ӕмӕ сын нымад ӕрцыд ӕнӕгъдау ми бакӕныныл. Фылдӕр базоныны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org/os ӕмӕ кӕс онлайн-статья «Цы хъуамӕ зонон секстингы тыххӕй?» рубрикӕйы «Фӕсивӕды фарстатӕ» (Кӕс БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ > ӔРЫГӔТТӔ). Стӕй ма кӕс 2013 азы ноябры «Пробудитесь!», статья «Как поговорить со своим ребенком о секстинге?», 4, 5 фӕрстӕ.

^ 16 абз. Ацы фарстайы фӕдыл нын уынаффӕ рахӕссынӕн Библийӕ цы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонӕн ис, зӕгъӕм, чиныджы «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», 246–249 фӕрстӕ.