Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Аргъауӕг Иоанн – йӕ циндзинад не ’рмынӕг

Аргъауӕг Иоанн – йӕ циндзинад не ’рмынӕг

ЧИ ЗОНЫ дӕ тынг фӕнды ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, фӕлӕ ныртӕккӕ уый дӕ бон нӕу. Гӕнӕн ис, ахӕм хӕстӕ ӕмбырды ӕндӕр чидӕр ӕххӕст кӕны. Кӕнӕ, чи зоны, фӕбӕллыс, раздӕрау та ӕххӕстрӕстӕг куы лӕггад кӕнис, уымӕ. Фӕлӕ дыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ де ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, йе та дын цардамӕлттӕ кӕнын кӕй фӕзындӕр, уый тыххӕй кӕнӕ дыл дӕ бинонты раз цы хӕстӕ ис, уыдоны тыххӕй ныртӕккӕ дӕ бон нӕу фылдӕр аразын. Науӕд, чи зоны, организацийы ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй дын фадат нал ис, бирӕ азты дӕргъы цы хӕстӕ ӕххӕст кодтай, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, ахӕм уавӕрты фӕхъуыды кӕныс, Хуыцауы хъуыддаджы дӕ цас фӕнды аразын, уыйбӕрц кӕй нӕ аразыс. Ӕмӕ кӕд хатт дӕ ныфс асӕтты, уӕд уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕхимӕ ма ныхъхъусай кӕнӕ дӕ зӕрдӕйы маст хӕссын ма райдайай? Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа?

Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Аргъауӕг Иоанн. Уый ӕххӕст кодта кадджын хӕстӕ. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, йӕ цард афтӕ цӕхгӕр кӕй фӕивдзӕн. Уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыд, ӕмӕ, цас фӕлӕггад кодта, уымӕй фылдӕр ахӕстоны кӕй арвитдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр Иоаннӕн йӕ зӕрдӕйы уыд циндзинад ӕмӕ, цалынмӕ цард, уӕдмӕ йӕ циндзинад не ’рмынӕг. Цымӕ йын цы ’ххуыс кодта? Ӕмӕ махӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, исты афтӕ куы нӕ рауайа, уӕд?

ЙӔ ЛӔГГАД ЫН ЦИНДЗИНАД ХАСТА

Н. э. 29 азы уалдзӕджы Иоанн райдыдта, Йегъовӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый аразын – адӕмы Мессийӕйы ’рцыдмӕ цӕттӕ кӕнын. Уый дзырдта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг» (Матф. 3:2; Лук. 1:12–17). Ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Адӕм ӕм байхъусынмӕ цыдысты алы рӕттӕй, суанг дардӕй дӕр. Ӕмӕ-иу бирӕтӕ сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ-иу донаргъуыд райстой. Уымӕй уӕлдай ма Иоанн ныфсджынӕй фӕдзӕхста, сӕхи цӕсты рӕстгӕнджытӕ чи уыдысты, уыцы дины разамонджыты. Дзырдта сын, сӕ цард куы нӕ аивой, уӕд сӕм карз тӕрхон кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Матф. 3:5–12). Йӕ лӕггады ӕппӕты ахсджиагдӕр хабар та ӕрцыд н. э. 29 азы фӕззӕджы – уӕд Йесойӕн донаргъуыд радта. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Иоанн адӕмӕн дзырдта, цӕмӕй цыдаиккой Йесойы фӕдыл, уымӕн ӕмӕ уый уыд зӕрдӕвӕрд Мессийӕ (Иоан. 1:32–37).

Иоанныл ахӕм кадджын хӕс уыд, ӕмӕ Йесойӕн йӕ бон уыд афтӕ зӕгъын: «Сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр нӕ уыди» (Матф. 11:11). Иоанн куыннӕ цин кодтаид, цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын, уыдоныл. Абон дӕр бирӕтӕ схайджын вӕййынц стыр арфӕдзинӕдтӕй. Цӕвиттонӕн райсӕм ӕфсымӕр Террийы хабар. Йӕ бинойнаг Сандрӕимӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц 50 азӕй фылдӕр. Терри дзуры: «Лӕггад кӕнынӕн мын бирӕ диссаджы фадӕттӕ фӕци. Лӕггад кодтон пионерӕй, Вефилы, сӕрмагонд пионерӕй, районон цӕстдарӕгӕй, облӕстон цӕстдарӕгӕй, ӕмӕ та ныр ногӕй лӕггад кӕнын сӕрмагонд пионерӕй». Организацийы нын нӕ бар цавӕрдӕр хӕстӕ куы бакӕнынц, уӕд тынг фӕцин кӕнӕм. Фӕлӕ Иоанны хабарӕй куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй, нӕ уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд нӕ фӕхъӕуы архайын, цӕмӕй-иу нӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа.

ЙЕГЪОВӔ ДЫН ДӔ БАР ЦЫ ХӔСТӔ БАКОДТА, УЫДОНӔН АРГЪ КӔН

Аргъауӕг Иоанн алкӕддӕр аргъ кодта, цы кадджын хӕстӕ йын уыди, уыдонӕн, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ циндзинад нӕ мынӕг кодта. Зӕгъӕм, Йесойы аргъуыды фӕстӕ Иоанны фӕдылдзӕуджытӕ къаддӕр кӕнын райдыдтой, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ та фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Уӕд Иоанмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тыхстхуызӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Уыцы адӕймаг донаргъуыд дӕтты, ӕмӕ адӕм иууылдӕр уымӕ цӕуынц» (Иоан. 3:26). Иоанн сын дзуапп радта: «Усаг кӕмӕн ис, уый у усгур. Усгурӕн йе ’мбал та фӕлӕууы, ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс куы фехъусы, уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Афтӕ мӕ цинӕн дӕр кӕрон нӕй» (Иоан. 3:29). Иоанн Йесоимӕ ерыс нӕ кодта. Стӕй афтӕ дӕр нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, иугӕр Йесойы лӕггад ахсджиагдӕр у, уӕд мӕ лӕггадӕн ахӕм аргъ нал ис. Иоанн аргъ кодта, «усгурӕн йе ’мбал» кӕй уыд, уымӕн, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зӕрдӕйы уыд циндзинад.

Иоаннӕн ахӕм зондахаст кӕй уыд, уый фӕрцы йӕ цардӕй алкӕддӕр уыди райгонд, кӕд йӕ хӕс ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд, уӕддӕр. Зӕгъӕм, уый йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ уыди назорей, ӕмӕ йын нӕ уыд сӕн нуазӕн (Лук. 1:15). Тынг хуымӕтӕг цард кӕй кодта, уый бӕрӕг у Йесойы ныхӕстӕй дӕр, зӕгъгӕ, дам, «ӕрцыд Иоанн, ӕмӕ нӕдӕр хӕргӕ кӕны, нӕдӕр нуазгӕ». Йесойӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та фылдӕр сӕрибардзинад уыд (Матф. 11:18, 19). Стӕй Иоанн йӕхӕдӕг иу диссаг дӕр нӕ сарӕзта. Фӕлӕ йӕ зыдта, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн лӕвӕрд кӕй ӕрцыд диссӕгтӕ аразыны тых, ӕмӕ дзы чидӕртӕ раздӕр Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты (Матф. 10:1; Иоан. 10:41). Фӕлӕ Иоанн уыдӕттыл нӕ хъуыды кодта. Уый дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй арӕзта, Йегъовӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый.

Махӕн дӕр нӕ циндзинад не ’рмынӕг уыдзӕн, ныртӕккӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы нӕ бар цы хӕстӕ ис, уыдонӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд. Терри, гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, загъта: «Мӕ лӕггады-иу исты куы фӕивта, уӕд-иу мӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сарӕзтон мӕ ног хӕстӕм». Терри йӕ цардыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд тынг ӕхсызгонӕй ӕрымысы, ӕххӕстрӕстӕг куыд лӕггад кодта, уый. Ӕмӕ зӕгъы, ӕппындӕр кӕй ницӕуыл фӕсмон кӕны.

Хуыцауы организацийы ныл цы хӕстӕ вӕййы, уыдонӕй алкӕцыйӕн дӕр йе ’цӕг аргъ цӕй мидӕг ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын нӕ лӕггад ноджы фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн. Цыфӕнды хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ дӕр мах вӕййӕм «Хуыцауы ӕмкусджытӕ», ӕмӕ уый та стыр кад у (1 Кор. 3:9). Зӕгъӕм, нӕ бинонтӕн цавӕрдӕр зынаргъ дзаума бынӕн куы баззайа, уӕд ӕм зилдзыстӕм, цӕмӕй, куыд уыди, афтӕ рӕсугъдӕй лӕууа. Раст афтӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын цы стыр кад у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу цавӕрдӕр рӕдыд хъуыдыты тыххӕй нӕ циндзинад не ’рмынӕг уыдзӕн. Нӕ нывӕндтӕ-иу иннӕты нывӕндтимӕ нӕ бардзыстӕм. Цы кадджын хӕстӕ ныл ис, уыдонӕн аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, иннӕтыл цы хӕстӕ ис, уыдон кадджындӕр сты, зӕгъгӕ (Гал. 6:4).

ДӔ ХЪУЫДЫТӔ УӔНТ ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДӔГТЫЛ

Иоанн, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, цы хӕс ыл уыд, уый ӕххӕст кӕнын ӕй бирӕ рӕстӕг кӕй нӕ бахъӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ лӕггад афтӕ тагъд фӕуыдзӕн, уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыдаид (Иоан. 3:30). Н. э. 30 азы, Йесойӕн донаргъуыд куы радта, уымӕй иу-6 мӕйы фӕстӕ, паддзах Ирод Иоанны ахӕстоны бакодта. Фӕлӕ Иоанн уӕддӕр хъусӕй нӕ лӕууыд ӕмӕ дарддӕр дзырдта, Хуыцауы цӕсты раст цы уыд, уый (Мар. 6:17–20). Йӕ царды ахӕм ивындзинӕдтӕ куы ’рцыд, уӕд ын цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ циндзинад ма ’рмынӕг уыдаид? Йӕ хъуыдытӕ раздӕрау уыдысты Хуыцауы хъуыддӕгтыл.

Иоанн ахӕстоны куы уыд, уӕд-иу фехъуыста, Йесо цас хъуыддӕгтӕ арӕзта, уый тыххӕй (Матф. 11:2; Лук. 7:18). Уый фидарӕй зыдта, Йесо Мессийӕ кӕй у. Фӕлӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодта, цымӕ, Фыстады Мессийӕйы тыххӕй цыдӕриддӕр фыст ис, уыдон иууылдӕр Йесо куыд сӕххӕст кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Чи зоны, хъуыды кодта: «Мессийӕ хъуамӕ йӕ къухмӕ райса паддзахы бартӕ, ӕмӕ цымӕ Йесойы хицаудзинад тагъд нӕ райдайдзӕн? Ӕмӕ мӕ уӕд ахӕстонӕй не ссӕрибар кӕндзӕн?» Иоанны фӕндыд, Йесо цы хъуамӕ сараза, уый хуыздӕр бамбарын, ӕмӕ йӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйы арвыста, цӕмӕй йӕ бафарстаиккой: «Ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?» (Лук. 7:19). Йесо сын загъта, зӕгъгӕ, ацӕут ӕмӕ Иоаннӕн радзурут: «Куырмытӕ цӕстӕй уынынц, къуылыхтӕ къуылых нал цӕуынц, хъотырджынтӕ сӕ низӕй дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц ӕмӕ мӕгуыртӕн хъуыстгонд цӕуы хорз хабар» (Лук. 7:20–22). Ӕмӕ Иоанмӕ куы ’рбаздӕхтысты ӕмӕ йын куы дзырдтой, Йесо цы диссӕгтӕ аразы ӕмӕ рынчынты куыд дзӕбӕх кӕны, уӕд сӕм, хӕрзаг, тынг лӕмбынӕг хъуыста.

Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цы хорз хабӕрттӕ фехъуыста, уыдон ӕй куыннӕ бафидар кодтаиккой. Уыцы хабӕрттӕй бӕрӕг уыд, Йесо кӕй ӕххӕст кӕны пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы тыххӕй. Ӕмӕ кӕд Иоанны ахӕстонӕй не ссӕрибар кодта, уӕддӕр ныр Иоанн фидарӕй зыдта, йӕ лӕггад дзӕгъӕлы кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ йын йӕ уӕззау уавӕрты дӕр уый уыд цины хос.

Ӕгас дунейы дӕр хорз хабар хъуыстгонд куыд цӕуы, уый тыххӕй цы хабӕрттӕ фехъусӕм, уыдон-иу нын уыдзысты цины хос

Иоаннау махӕн дӕр нӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл куы уой, уӕд нӕ бон уыдзӕн цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй фидар фӕлӕууын (Кол. 1:9–11). Уый тыххӕй нӕ хъӕуы Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Уый фӕрцы-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, Хуыцауы хъуыддаджы цы аразӕм, уый дзӕгъӕлы кӕй никуы вӕййы (1 Кор. 15:58). Сандрӕ дзуры: «Алы бон дӕр Библийӕ иу сӕр кӕй бакӕсын, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахсдӕр вӕййын. Стӕй уый фӕрцы фылдӕр Йегъовӕйыл фӕхъуыды кӕнын, мӕхиуыл нӕ, фӕлӕ». Нӕ бон ма у, ӕнӕхъӕн дунейы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы цы аразынц, уый тыххӕй фылдӕр базонын. Ӕмӕ уӕд ӕрмӕст нӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, фӕлӕ, Йегъовӕ цы аразы, ууыл. Сандрӕ зӕгъы: «Нӕ интернет-телеуынынады ӕрвылмӕйон программӕты фӕрцы хуыздӕр базонӕм, ӕнӕхъӕн дунейы нӕ организацийы чи ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, ӕмӕ цыма иумӕ вӕййӕм, афтӕ нӕм фӕкӕсы. Стӕй нын уыцы программӕтӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй, цы хӕстӕ ныл ис, уыдон дарддӕр цингӕнгӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм».

Кӕд Аргъауӕг Иоанн бирӕ нӕ фӕлӕггад кодта, уӕддӕр лӕггад кодта «Илийайы зӕрдӕйы уаг ӕмӕ хъаруимӕ». Стӕй Илийайау уый дӕр «мах хуызӕн адӕймаг уыд» (Лук. 1:17; Иак. 5:17). Уӕдӕ мах дӕр Иоаннау, Йегъовӕ нын нӕ бар цы хӕстӕ бакодта, уыдонӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ-иу нӕ хъуыдытӕ алкӕддӕр Хуыцауы хъуыддӕгтыл куы уой, уӕд дарддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм, нӕ царды цыфӕнды ма фӕива, уӕддӕр.