Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

31 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Нӕ ныфс нӕ сӕтты»!

«Нӕ ныфс нӕ сӕтты»!

«Нӕ ныфс нӕ сӕтты» (2 КОР. 4:16).

128 ЗАРӔГ Кӕронмӕ фидар лӕуу

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Павел чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл цы ’рлӕууын кодта?

ЧЫРЫСТӔТТӔ иууылдӕр архайынц ерысы – уыдон згъорынц, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, уыцы ерысы рагӕй архайӕм ӕви дзы ӕрӕджы райдыдтам архайын,– хъуамӕ дарддӕр згъорӕм, цалынмӕ кӕронмӕ нӕ бахӕццӕ уӕм, уӕдмӕ. Апостол Павел Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уый махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл згъоргӕйӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уӕм. Филиппты ӕмбырд Павелы фыстӕг куы райста, уӕд дзы уыди, Йегъовӕйӕн бирӕ азтӕ чи лӕггад кодта, ахӕм чырыстӕттӕ. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой, уӕддӕр сын Павел сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ фӕндагыл дарддӕр фӕразонӕй кӕй хъуамӕ згъорой. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй, йӕхӕдӕг йӕ нысанмӕ ӕппӕт хъарутӕй куыд тырныдта, уыдон дӕр дарддӕр сӕ нысанмӕ афтӕ тырныдтаиккой (Фил. 3:14).

2. Павел филиппӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уый йӕ афоныл цӕмӕн уыд?

2 Павел филиппӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уый уыд йӕ афоныл. Уыцы ӕмбырды чырыстӕттӕ суанг райдианӕй дӕр ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Н. э. 50 азы Хуыцау Павелӕн цӕстылуайӕны загъта, цӕмӕй Македонимӕ ацыдаид. Гъемӕ Силӕимӕ Филипптӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ацыдысты (Хъуыд. 16:9). Уым сӕмбӕлдысты иу сылгоймагыл, Лидийӕйыл. Уый сӕм «лӕмбынӕг хъуыста, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ байгом кодта», ӕмӕ Лидийӕ хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ арф айста (Хъуыд. 16:14). Уый фӕстӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд райстой. Фӕлӕ Хӕйрӕг ӕнцад нӕ бадт. Горӕты цӕрджытӕй чидӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ рацыдысты, ӕрцахстой сӕ ӕмӕ сӕ горӕты хицӕуттӕм акодтой. Фӕаххосджын сӕ кодтой, зӕгъгӕ, дам, адӕмы змӕнтынц. Павел ӕмӕ Силӕйы фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны баппӕрстой. Куы сӕ рауагътой, уӕд та сын загътой, цӕмӕй горӕтӕй ацыдаиккой (Хъуыд. 16:16–40). Фӕлӕ сӕ ныфс нӕ асаст. Ӕмӕ филиппаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй та цы ис зӕгъӕн? Уыдон дӕр фидар фӕлӕууыдысты! Дзырд дӕр ыл нӕй, Павел ӕмӕ Силӕйы цӕвиттон сӕ стыр ныфс бауагъта.

3. Павел цы зыдта ӕмӕ цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Павелы цардӕй бӕрӕг у, йӕ фӕндагыл фӕразонӕй кӕй згъордта ӕмӕ йӕ ныфс кӕй нӕ саст (2 Кор. 4:16). Фӕлӕ уый зыдта, ӕмӕ цӕмӕй кӕронмӕ бахӕццӕ уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдаиккой йӕ нысаныл. Уӕдӕ Павелы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Нӕ рӕстӕджы Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ куыд равдыстой, нӕ бон кӕй у цыфӕнды зындзинӕдты дӕр фидар фӕлӕууын? Ӕмӕ нӕ фидӕнӕй цы ныфс ис, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ фӕндагыл фӕразонӕй згъорӕм ӕмӕ нӕ ныфс ма асӕтта? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ацы фарстатӕм.

НӔ БОН КУЫД У ПАВЕЛЫ БАФӔЗМЫН?

4. Павел къуындӕг уавӕрты дӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

4 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Павел филиппӕгтӕм фыстӕг куы фыста, уӕд цы уавӕрты уыд ӕмӕ куыд зӕрдиагӕй архайдта, ууыл. Павел уыд Ромы ӕмӕ йӕ хӕдзары ахстӕй дардтой. Йӕ бон нӕ уыд хъусын кӕнынмӕ искуыдӕм цӕуын. Фӕлӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонӕн-иу хъусын кодта ӕмӕ, иннӕ рӕтты цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдонмӕ фыстӕджытӕ фыста. Абон дӕр чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ низы тыххӕй кӕнӕ, ацӕргӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ бон нӕу хӕдзарӕй рацӕуын. Фӕлӕ уыдонӕй бирӕтӕ алы фадатӕй дӕр фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной. Зӕгъӕм, фӕхъусын кӕнынц, хӕдзармӕ сӕм чи ’рбацӕуы, уыдонӕн кӕнӕ писмотӕ фӕфыссынц, иннӕ хъусынгӕнджытӕ хӕдзары кӕй нӕ баййафынц, уыцы адӕммӕ.

5. Филиппӕгтӕм 3:12–14 стихтӕм гӕсгӕ, Павелӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр йӕ нысаныл уыдаиккой?

5 Павелы згъорын ницы хъыгдардта: нӕдӕр, уый размӕ йын цы бантыст, уыдӕттӕ, нӕдӕр йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ. Уый загъта, кӕй йӕ хъуыди «ферох кӕнын, фӕстейӕ цы баззад, уый», цӕмӕй йӕ хъарутӕ радтаид, «разӕй цы ис, уымӕ», ома цӕмӕй йӕ фӕндагыл згъоргӕйӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уыдаид. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 3:12–14.) Павел цы арӕзта, цӕмӕй йӕ мацы хъыгдардтаид? Фыццаг: кӕд раздӕр дзуттаг диныл тынг ӕнувыд уыд ӕмӕ йын йӕ дины бирӕ бантыст, уӕддӕр уыдӕттӕ банымадта «быроныл» (Фил. 3:3–8). Дыккаг: кӕд, раздӕр чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрдта, уый тыххӕй йӕ йӕ цӕсгом хордта, уӕддӕр ын уый къуылымпыйы хос нӕ фӕци ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кодта. Ӕмӕ ӕртыккаг: афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ фаг бафыдӕбон кодта. Павел-иу ахст дӕр уыд, фыднад дӕр-иу ӕй фӕкодтой, дуртӕй йӕ фӕхостой, ӕртӕ хатты бахауд ахӕм уавӕры, ӕмӕ-иу цы науыл цыди, уый-иу ныппырх, суанг ма-иу ӕххормаг дӕр уыд, стӕй зыдта, бӕгънӕг цы у, уый дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр ӕнтыстджынӕй лӕггад кодта (2 Кор. 11:23–27). Ӕмӕ кӕд ӕнтыстджын уыд, стӕй бирӕ зындзинӕдтӕ дӕр бавзӕрста, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн дарддӕр кӕй хъуамӕ лӕггад кӕна. Ӕмӕ уымӕй махӕн дӕр фӕзминаг у.

6. «Фӕстейӕ цы баззад», уыдӕттӕм цы хауы?

6 Нӕ бон куыд у Павелау, «фӕстейӕ цы баззад», уыдӕттӕ ферох кӕнын? Гӕнӕн ис, нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ныр дӕр ма нӕхи хӕрӕм. Кӕд афтӕ у, уӕд нӕ бон у Чырыстийы нывонды тыххӕй ӕрмӕг раиртасын ӕмӕ йыл ахъуыды кӕнын. Стӕй нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ нын кӕй ныххатыр кодта, ууыл. Уый фӕрцы нӕ ныфс бацӕудзӕн, ӕмӕ нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй афтӕ тынг нал маст кӕндзыстӕм кӕнӕ та нӕхи ӕппындӕр нал хӕрдзыстӕм. Павелы хабарӕй ма ноджыдӕр цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Чи зоны нын уыд ӕхцаджын куыст, ӕмӕ нын фадат уыди, цӕмӕй схъӕздыг уыдаиккам, фӕлӕ уыцы куыст ныууагътам, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнӕм. Хорз уаид, «фӕстейӕ цы баззад», ома, нӕхи цӕмӕй фӕцух кодтам, уыдӕттӕ куы ферох кӕниккам ӕмӕ сӕм нӕ зӕрдӕ куы нал ӕхсаид (Ным. 11:4–6; Еккл. 7:10). «Фӕстейӕ цы баззад», уыдӕттӕм ма хауынц, уый размӕ нӕ къухы цы ’нтыстдзинӕдтӕ бафтыд, уыдон, стӕй, кӕуыл сӕмбӕлдыстӕм, уыцы фӕлварӕнтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын бирӕ азты дӕргъы куыд арфӕ кодта ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Фӕлӕ уӕддӕр мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕй ныббуц уӕм ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, ӕз мӕ хӕс сӕххӕст кодтон (1 Кор. 15:58).

Нӕ фӕндагыл згъоргӕйӕ хъуамӕ тырнӕм нӕ нысанмӕ ӕмӕ не ’ргом ма здахӕм, цы нӕ бахъыгдара, уыдӕттӕм (кӕс 7 абзац)

7. 1 Коринфӕгтӕм 9:24–27 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл згъоргӕйӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Йесо Чырысти загъта: «Уӕ тых, уӕ бонӕй архайут» (Лук. 13:23, 24). Ӕмӕ Павел ацы ныхӕстӕ хорз ӕмбӕрста. Уый зыдта, Чырыстийау кӕронмӕ йӕ тых, йӕ бонӕй кӕй хъуамӕ архайдтаид. Уымӕ гӕсгӕ чырыстон фӕндаг абарста ерысимӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 9:24–27.) Ерысы згъорджытӕн сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр вӕййынц, кӕронмӕ куыд бахӕццӕ уой, ууыл ӕмӕ сӕ цы бахъыгдара, уыдӕттӕм се ’ргом нӕ фездахынц. Зӕгъӕм, хатгай сӕ фӕхъӕуы горӕты уынгты дӕр згъорын, ӕмӕ сӕ фӕндагыл вӕййы дуканитӕ ӕмӕ, цӕст йӕхимӕ цы ӕлвасы, ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ. Цымӕ згъорджытӕй исчи дуканийы витринӕйы раз ӕрлӕудзӕн ӕмӕ дзы цытӕ ис, уыдӕттӕм ракӕс-бакӕс кӕндзӕн? Кӕд ӕй рамбулын фӕнды, уӕд не ’рлӕудзӕн! Цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл згъоргӕйӕ мах дӕр хъуамӕ не ’ргом ма здахӕм, цы нӕ бахъыгдара, уыдӕттӕм. Нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр нӕ нысаныл куы уой ӕмӕ Павелау нӕ тых, нӕ бонӕй куы архайӕм, уӕд мах дӕр «рамбулдзыстӕм» ӕмӕ нӕ хӕрзиуӕг райсдзыстӕм!

НӔ БОН КУЫД У ЦӔЛХДУРТЫ СӔРТЫ ХИЗЫН?

8. Нӕ фӕндагыл згъоргӕйӕ цы цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй ӕртӕ цы сты?

8 Ныр та ӕркӕсӕм, нӕ фӕндагыл цы цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй ӕртӕмӕ. Фыццаг: цӕмӕдӕр нӕ, цас ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы бахъӕуы. Дыккаг: азтӕ ныл сӕ уӕз куы ’руадзынц. Ӕмӕ ӕртыккаг: нӕ фӕлварӕнтӕ бирӕ рӕстӕг куы ахӕссынц. Ӕркӕсӕм, иннӕтӕ ахӕм зындзинӕдты сӕрты куыд ахизынц, уымӕ. Сӕ цӕвиттонтӕ нын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты (Фил. 3:17).

9. Цӕмӕдӕр нӕ, цас ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы бахъӕуы, уӕд ныл уый хатт куыд фӕзыны?

9 Цӕмӕдӕр нӕ, цас ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы бахъӕуы. Мах тынг бӕллӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ тагъддӕр сӕххӕст уой. Зӕгъӕм, пехуымпар Аввакум дӕр бӕллыд, цӕмӕй Йегъовӕ Иудӕйы фыддзинадӕн кӕрон скодтаид, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕй кӕй хъӕуы (Ав. 2:3). Фӕлӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныныл фӕстиат кӕны, уӕд ын, гӕнӕн ис, афтӕ зӕрдиагӕй мауал лӕггад кӕнӕм. Чи зоны ма нӕ ныфс дӕр асӕтта (Ӕмб. 13:12). Сӕ хабар афтӕ рауад, 20 ӕнусы райдианы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты. Сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕнхъӕлдтой, сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг 1914 азы кӕй райсдзысты. Ӕмӕ уыцы аз сӕ хӕрзиуӕг куы нӕ райстой, уӕд иузӕрдион чырыстӕттӕ куыд архайдтой?

Ройал ӕмӕ Перл Спатц 1914 азы цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый нӕ сӕххӕст, фӕлӕ уӕддӕр бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кодтой (кӕс 10 абзац)

10. Иу бинонтӕ сӕ хӕрзиуӕг, кӕд ӕнхъӕл уыдысты, уӕд куы нӕ райстой, уӕд куыд архайдтой?

10 Ӕркӕсӕм дыууӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы хабармӕ. Ӕфсымӕр Ройал Спатц донаргъуыд райста 1908 азы, уӕд ыл цыд 20 азы. Уый фидарӕй уырныдта, тагъд уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕудзӕн. Ройал ӕмбӕлд иу хоимӕ, Перл, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын 1911 азы загъта: «Хорз ӕй зоныс, 1914 азы цы хъуамӕ ’рцӕуа, уый. Ӕмӕ кӕд разы дӕ, цӕмӕй нӕ цард баиу кӕнӕм, уӕд фӕтагъд кӕнӕм!» Фӕлӕ уыцы аз сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг куы нӕ райстой, уӕд цымӕ, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл нал згъордтой? Уый сын цӕлхдур не сси. Уыдонӕн ӕппӕты сӕйраг уыд Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын, сӕ хӕрзиуӕг райсын нӕ, фӕлӕ. Ройал ӕмӕ Перлӕн сӕ нысан уыд сӕ фӕндагыл фӕразонӕй згъорын. Ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кодтой ӕмӕ йыл сӕ зӕххон царды кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадысты. Ды дӕр куыннӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, Йегъовӕ йӕ ном куы ссыгъдӕг кӕна, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый куы сбӕлвырд кӕна ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр куы сӕххӕст кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ. Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ ацы хъуыддӕгтӕ йӕ рӕстӕджы кӕй сараздзӕн, ууыл. Уӕдмӕ та уал Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕн. Ӕмӕ дӕ кӕд цӕмӕдӕр, цас ӕнхъӕл уыдтӕ, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд.

Артур Секорд; йӕ зӕронды бонты дӕр ӕй фӕндыд Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый дӕттын (кӕс 11 абзац)

11, 12. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ кӕд не уӕнгты хъару нал ис, уӕддӕр нӕ бон у нӕ фӕндагыл дарддӕр згъорын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

11 Азтӕ ныл сӕ уӕз куы ’руадзынц. Ерысы згъорджытӕй уӕлдай, махӕн ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ хъаруджын уӕм, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл ӕнтыстджынӕй згъорӕм. Кӕд ацӕргӕ чырыстӕттӕн се уӕнгты уыйас хъару нал ис, уӕддӕр дзы бирӕтӕн сӕ зӕрдӕты зынг судзы ӕмӕ сӕ фӕнды Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый дӕттын (2 Кор. 4:16). Иу ахӕм лӕггадгӕнӕг уыд ӕфсымӕр Артур Секорд *. 88 азы йыл куы цыд, уӕдмӕ Вефилы фӕлӕггад кодта 55 азы. Ӕфсымӕр Секордӕн йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта, стӕй тынг ӕрлӕмӕгъ, ӕмӕ йӕм хъуыди кӕсын. Иухатт, чи йӕм хъуамӕ базылдаид, уыцы хо йӕм куы ’рбацыд, уӕд йӕ хуыссӕны раз ӕрлӕууыд ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Ӕфсымӕр Секорд, ацы къӕхтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ фӕцыдысты». Артур ӕм скаст, йӕ мидбылты бахудт ӕмӕ загъта: «О, афтӕ у. Фӕлӕ ныронг цы сарӕзтам, уый афтӕ ахсджиаг нӕу. Ахсджиагдӕр у, цӕмӕй ныр иузӕрдионӕй баззайӕм».

12 Чи зоны, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕныс, фӕлӕ ныр де ’нӕниздзинады тыххӕй дӕ бон нал у раздӕрау бирӕ аразын. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, йӕ номыл цыдӕриддӕр сарӕзтай, уымӕн (Дзут. 6:10). Стӕй дӕ рох ма уӕд: Йегъовӕйы бирӕ уарзӕм ӕви нӕ, уый, цас аразӕм, уымӕй баргӕ нӕу. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, цингӕнгӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ, нӕ бон цы у, уый кӕй аразӕм, уымӕй (Кол. 3:23). Йегъовӕ ӕмбары, нӕ бон алцы кӕй нӕу, ӕмӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ нӕ домы (Мар. 12:43, 44).

Анатолий ӕмӕ Лидийӕ Мельник бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, фӕлӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты (кӕс 13 абзац)

13. Нӕ фӕлварӕнтӕ бирӕ рӕстӕг куы ахӕссой, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн Анатолий ӕмӕ Лидийӕйы бафӕзмын?

13 Нӕ фӕлварӕнтӕ бирӕ рӕстӕг куы ахӕссынц. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ бирӕ азты дӕргъы стыр зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Ӕркӕсӕм Анатолий Мельникы хабармӕ *. Уый цард Молдавийы, ӕмӕ йыл 12 азы куы цыд, уӕд ын йӕ фыды ӕрцахстой, ахӕстоны йӕ сбадын кодтой ӕмӕ йӕ стӕй Сыбырмӕ ахастой, йӕ хӕдзарӕй 7 000 километры дарддӕр. Иу азы фӕстӕ та Сыбырмӕ ахастой Анатолийы, йӕ мады ӕмӕ йӕ мады ныййарджыты дӕр. Уым сын цасдӕры фӕстӕ фадат фӕзынд иннӕ хъӕумӕ ӕмбырдтӕм цӕуынӕн. Фӕлӕ-иу сӕ уыцы уазалы, стӕй миты цӕуын хъуыди 6 сахатӕй фылдӕр. Уӕдмӕ Анатолий бинонтӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ сын Лидийӕимӕ чызг райгуырд. Сӕ чызгыл афӕдз куы цыд, уӕд Анатолийы ахӕстоны сбадын кодтой, ӕмӕ дзы ӕртӕ азы фӕци. Кӕд сӕ бинонтӕ бирӕ азты дӕргъы стыр зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой, уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Ныр Анатолийыл цӕуы 82 азы ӕмӕ лӕггад кӕны Централон Азийы, филиалы комитеты. Цӕй ӕмӕ мах дӕр ацы бинонтау Йегъовӕйы хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм ӕмӕ, нырмӕ куыд фидар лӕууыдыстӕм, дарддӕр дӕр афтӕ фидар лӕууӕм (Гал. 6:9).

УӔ ХЪУЫДЫТӔ ИУУЫЛДӔР УӔНТ, ФИДӔНӔЙ УӔ ЦЫ НЫФС ИС, УУЫЛ

14. Павелы цы хъуыди аразын, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафтыдаид?

14 Апостол Павел сӕрст чырыстон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ каст «Хуыцауы хӕрзиуӕгмӕ», ома «уӕларвон цардмӕ». Ӕмӕ йӕ фидарӕй уырныдта, йӕ фӕндагыл згъоргӕйӕ кӕронмӕ кӕй бахӕццӕ уыдзӕн ӕмӕ йӕ нысан йӕ къухы кӕй бафтдзӕн. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста, уыцы нысанмӕ дарддӕр дӕр «ӕппӕт хъарутӕй» кӕй хъуамӕ тырна (Фил. 3:14). Павелы фӕндыд, цӕмӕй филиппӕгтӕн сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сӕ нысаныл уыдаиккой. Ӕмӕ сын уый бамбарын кодта иу цымыдисаг абарсты фӕрцы.

15. Павел цавӕр абарстӕй спайда кодта, цӕмӕй филиппӕгтӕн бамбарын кодтаид, сӕ нысанмӕ «ӕппӕт хъарутӕй» кӕй хъуамӕ тырныдтаиккой?

15 Павел филиппӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ бӕстӕ уӕлӕрвты кӕй ис, ома уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты (Фил. 3:20). Цӕмӕн сӕ хъуыди уый сӕ зӕрдыл дарын? Уыцы заман адӕм тырныдтой, цӕмӕй-иу ромӕгтыл нымад ӕрцыдаиккой *. Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ уыдысты, бирӕ хуыздӕр чи у, ахӕм хицауады дӕлбар, ӕмӕ сын уый ноджы фылдӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхастаид. Уӕдӕ уыимӕ абаргӕйӕ цы уыд, адӕймаг ромагыл нымад уыдаид, уый! Уымӕ гӕсгӕ Павел филиппӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, «афтӕ цӕрут, уӕ цард Чырыстийы тыххӕй хорз хабары аккаг куыд уа». Ацы стихы дзырдбаст «афтӕ цӕрут» нысан кӕны «бӕстӕйы цӕрӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын» (Фил. 1:27). Абон сӕрст чырыстӕттӕ сӕ нысанмӕ, ома, уӕлӕрвты ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уымӕ, тырнынц ӕппӕт хъарутӕй, ӕмӕ уымӕй сты фӕзминаг.

16. а) Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл дзӕнӕты, уӕддӕр дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм? б) Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕ нӕ ныфс куыд уадзынц?

16 Уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл дзӕнӕты,– хъуамӕ нӕ нысанмӕ дарддӕр «ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм». Нӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр хъуамӕ, «фӕстейӕ цы баззад», уымӕ ма фӕкӕс-фӕкӕс кӕнӕм ӕмӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын исты хъыгдара (Фил. 3:16). Чи зоны нӕ цӕмӕдӕр, цас ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд кӕнӕ та не уӕнгты ӕвзонджы хъару нал ис. Йе та, гӕнӕн ис, бирӕ азты дӕргъы стыр зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафӕм. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хъуамӕ «мӕт мацӕуыл кӕнӕм», фӕлӕ Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнӕм ӕмӕ дзы курӕм, цы нӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ схайджын кӕндзӕн, хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаиккам, ахӕм фарнӕй. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7.)

17. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Ерысы чи фӕархайы, уыдон кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кӕнынц, уӕд сӕ хъарутыл нал фӕауӕрдынц. Афтӕ мах дӕр нӕ фӕндаджы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр хъуамӕ уой нӕ нысаныл. Хъуамӕ нӕ хъарутыл ма ауӕрдӕм ӕмӕ нӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ зӕрдиагӕй тырнӕм. Мах фӕнды, нӕ бон цас у, уыйбӕрц аразын. Фӕлӕ ма нӕ ноджыдӕр цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ фӕндагыл дарддӕр фӕразонӕй згъорӕм? Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, нӕ царды фыццаг бынаты цы хъуамӕ ӕвӕрӕм ӕмӕ куыд ис сбӕлвырд кӕнӕн, «ахсджиагдӕр цы у, уый» (Фил. 1:9, 10).

79 ЗАРӔГ Ӕххуыс сын кӕн, цӕмӕй фидар лӕууой

^ 5 абз. Уӕлдай нӕу, Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви йын ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын,– мах фӕнды, цӕмӕй ӕнусон цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл фӕразонӕй згъорӕм ӕмӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уӕм. Апостол Павел филиппӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уый нын уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ ацы статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын.

^ 11 абз. Кӕс Артур Секорды биографи 1965 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 380–382 фӕрстӕ (англ.).

^ 13 абз. Кӕс Анатолий Мельникы биографи статьяйы «С детства научен любить Бога», 2004 азы 22 октябры «Пробудитесь!».

^ 15 абз. Горӕт Филипптӕ Ромы дӕлбар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ цӕрджытӕн уыди, ромӕгтӕн цы бартӕ уыд, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ. Уӕдӕ филиппаг ӕфсымӕртӕ Павелы ныхӕстӕ хорз бамбӕрстаиккой.