Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

32 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Уӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнӕд

Уӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнӕд

«Ӕдзухдӕр уый тыххӕй фӕкувын, цӕмӕй уӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна» (ФИЛ. 1:9).

106 ЗАРӔГ Уарзондзинад рӕзын кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Горӕт Филиппты ӕмбырд куыд фӕзынд?

АПОСТОЛ Павел, стӕй Силӕ, Лука ӕмӕ Тимофей горӕт Филипптӕм куы ’рцыдысты, уӕд, кӕмӕн хъусын кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Уыцы цыппар ӕфсымӕры зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кодтой, уый фӕрцы дзы ӕмбырд фӕзынд. Ӕмӕ ног хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ райдыдтой иумӕ ӕмбырд кӕнын, ӕвӕццӕгӕн, уазӕгуарзон хо Лидийӕйы хӕдзары (Хъуыд. 16:40).

2. Филиппты ӕмбырд цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлд?

2 Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы ног ӕмбырд сӕмбӕлд фӕлварӕныл. Хӕйрӕг рӕстдзинады знӕгты сардыдта, ӕмӕ уыдон Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой ӕмӕ сӕ хъусын кӕнын хъыгдардтой. Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой, уистӕй сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны баппӕрстой. Куы сӕ рауагътой, уӕд ацыдысты, Филиппты цы ног ахуыргӕнинӕгтӕ фӕзынд, уыдонмӕ ӕмӕ сӕ бафидар кодтой. Стӕй Павел, Силӕ ӕмӕ Тимофей горӕтӕй ацыдысты, Лука та, ӕвӕццӕгӕн, уым баззад. Цымӕ ӕмбырд та цы баци? Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕ удӕй арт цагътой (Фил. 2:12). Павел сӕ тынг сӕрыстыр уыд!

3. Филиппӕгтӕм 1:9–11 стихтӕм гӕсгӕ, Павел цӕй тыххӕй куывта?

3 Иу-10 азы фӕстӕ Павел Филиппты ӕмбырдмӕ фыстӕг ныффыста. Уыцы фыстӕг кӕсгӕйӕ уайтагъддӕр бамбарӕн ис, йе ’фсымӕрты куыд тынг уарзта, уый. Павел ныффыста: «Йесо Чырыстийау уӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзын ӕмӕ уӕ фенынмӕ... тынг бӕллын» (Фил. 1:8). Павел сӕм ныффыста, Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувы, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна, ӕмӕ сӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна, ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕной, фау ӕрхӕссӕн сӕм мацӕмӕй уа, иннӕтӕн цӕлхдур ма уой ӕмӕ рӕстдзинады тыллӕг дӕттой. Павел сӕм цы зӕрдӕбын ныхӕстӕ ныффыста, уыдон махӕн дӕр стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:9–11.) Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Павел цы хъуыддӕгты кой кодта, уыдонӕй алкӕцымӕ дӕр ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон афтӕ архайын куыд у, уымӕ.

УӔ УАРЗОНДЗИНАД ФЫЛДӔРӔЙ-ФЫЛДӔР КӔНӔД

4. а) 1 Иоанны 4:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ куыд равдыста, кӕй нӕ уарзы, уый? б) Хуыцауы цавӕр уарзтӕй хъуамӕ уарзӕм?

4 Йегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдты тыххӕй амардаид. Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста йе стыр уарзондзинад. (Бакӕс 1 Иоанны 4:9, 10.) Хуыцау нӕ ахӕм удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ мах дӕр бауарзтам (Ром. 5:8). Фӕлӕ Хуыцауы цавӕр уарзтӕй хъуамӕ уарзӕм? Йесо уый бамбарын кодта, иу фарисеимӕ куы ныхас кодта, уӕд. Йесо йын загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матф. 22:36, 37). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы ӕрдӕг зӕрдӕйӕ уарзӕм. Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарзӕм. Павел филиппӕгтӕм ныффыста, сӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй хъуамӕ кӕна. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауы ноджы тынгдӕр уарзӕм?

5. Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм?

5 Цӕмӕй Хуыцауы уарзӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ хорз зонӕм. Библийы фыст ис: «Чи нӕ уарзы, уый... Хуыцауы нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8). Апостол Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй, цӕмӕй Хуыцауы бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр архайӕм Хуыцауы хуыздӕр базоныныл ӕмӕ, алцӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарыныл (Фил. 1:9). Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд Хуыцауы бауарзтам, кӕд ын йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй бирӕ нӕма зыдтам, уӕддӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдтам, уӕд та йӕ ноджы тынгдӕр бауарзтам. Уымӕ гӕсгӕ, Библи ӕдзух кӕй фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг кӕй фӕхъуыды кӕнӕм, уый хауы, нӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уыдӕттӕм (Фил. 2:16).

6. 1 Иоанны 4:11, 20, 21 стихтӕм гӕсгӕ ма ноджыдӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм, цӕмӕй нӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна?

6 Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй не ’фсымӕрты дӕр уарзӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 4:11, 20, 21.) Гӕнӕн ис, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ куы сты, уӕд сӕ куыннӕ хъуамӕ уарзӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ мах Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй йын йӕ диссаджы миниуджытӕ фӕзмӕм. Стӕй Йесойы дӕр фӕзмӕм. Уый нӕ афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард радта. Фӕлӕ нын уӕддӕр хатт зын вӕййы кӕрӕдзи уарзын. Ӕркӕсӕм, Филиппты ӕмбырды цавӕр хабар ӕрцыд, уымӕ.

7. Павел Еводийӕн ӕмӕ Синтихийӕн цы бафӕдзӕхста, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?

7 Еводи ӕмӕ Синтихи уыдысты зынгзӕрдӕ хотӕ. Павел йӕ фыстӕджы ныффыста, уыдон, дам, мемӕ «фӕрсӕй-фӕрстӕм» лӕггад кодтой. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хотӕ цӕйдӕр тыххӕй кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ сӕ мыды къӕм бахауд. Павел се ’мбырдмӕ фыстӕг куы ныффыста, уӕд сӕ кой скодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй «ӕмхуызон... хъуыды кӕной» (Фил. 4:2, 3). Уымӕй уӕлдай ма Павел ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр бафӕдзӕхста: «Алцыдӕр кӕнут ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй ӕмӕ ӕнӕ быцӕутӕй» (Фил. 2:14). Павелы бӕлвырд уынаффӕ ӕрмӕст уыцы иузӕрдион хотӕн нӕ баххуыс кодтаид, фӕлӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр, цӕмӕй ӕнгом уыдаиккой ӕмӕ кӕрӕдзи тынгдӕр уарзтаиккой.

Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй не ’фсымӕрты хорз миниуджытӕ уынӕм? (кӕс 8 абзац) *

8. Не ’фсымӕрты уарзын нӕ цы фӕхъыгдары ӕмӕ нӕ бон куыд у уыцы цӕлхдуры сӕрты ахизын?

8 Махӕн дӕр хатт Еводи ӕмӕ Синтихийау зын вӕййы нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын, уымӕн ӕмӕ сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ рӕдыдтытӕ йеддӕмӕ ницыуал фӕуынӕм. Ӕнӕрӕдигӕ нӕ ничи у, алы бон дӕр цӕмӕйдӕр рӕдийӕм. Ӕмӕ-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты рӕдыдтытӕм куы ныккомкоммӕ уӕм, уӕд сыл сыстырзӕрдӕ уыдзыстӕм ӕмӕ сӕ афтӕ тынг нал уарздзыстӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕры ферох, Паддзахады зал ӕфснайын кӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй смӕсты стӕм. Ӕмӕ йын уӕд йӕ рӕдыдтытӕ иууылдӕр куы ’рхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр мӕсты кӕндзыстӕм, ӕмӕ нӕ уарзондзинад ӕрмынӕг уыдзӕн. Кӕд ды дӕр искӕимӕ фӕзулдзых дӕ, уӕд ахъуыды кӕн: Йегъовӕ уыны дӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр ӕмӕ де ’фсымӕры хъӕндзинӕдтӕ дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр уый дӕр уарзы ӕмӕ дӕу дӕр. Уӕдӕ хъуамӕ Йегъовӕйау нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм. Ӕмӕ нын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзын зын куы уа, фӕлӕ сӕ уӕддӕр куы уарзӕм, уӕд ӕнгомдӕр уыдзыстӕм (Фил. 2:1, 2).

«АХСДЖИАГДӔР ЦЫ У, УЫЙ»

9. «Ахсджиагдӕр цы у», уыдӕттӕм цы хауы?

9 Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындӕй Павел филиппӕгтӕн уынаффӕ радта, цӕмӕй-иу, «ахсджиагдӕр цы у, уый» сбӕлвырд кодтаиккой. Ӕмӕ абон дӕр чырыстӕттӕ хъуамӕ архайой ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ (Фил. 1:10). «Ахсджиагдӕр цы у», уыдӕттӕм хауы, Йегъовӕйы ном кӕй хъуамӕ рухс кӕнӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты ӕмӕ ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад кӕй хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, уый (Матф. 6:9, 10; Иоан. 13:35). Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕ нӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр куы вӕййынц, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм.

10. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕм «фау ӕрхӕссӕн» мацӕмӕй уа?

10 Павел ма загъта, зӕгъгӕ уӕм хъуамӕ «фау ӕрхӕссӕн» мацӕмӕй уа. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ алцӕмӕй ӕххӕст уӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕмӕ ӕппындӕр куыд ницӕмӕй ис фау ӕрхӕссӕн, махӕн афтӕ нӕ рауайдзӕн. Фӕлӕ ӕдзух куы архайӕм, цӕмӕй нӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна, ӕмӕ-иу, ахсджиагдӕр цы у, уый куы сбӕлвырд кӕнӕм, уӕд нӕм Йегъовӕ фау ницӕмӕй хӕсдзӕн. Нӕ уарзондзинад цы хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, уыдонӕй иу у, иннӕтӕн цӕлхдур кӕй не свӕййӕм, уый.

11. Цӕмӕн хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй иннӕтӕн цӕлхдур ма суӕм?

11 «Иннӕтӕн цӕлхдур» кӕй хъуамӕ ма уӕм, уыцы фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Чырыстон иннӕтӕн цӕлхдур цӕмӕй свӕййы? Зӕгъӕм, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзары, йӕ уӕлӕ цы дары кӕнӕ та суанг кӕм кусы, уымӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕвзӕрӕй мацы аразӕм. Фӕлӕ искӕмӕн йе ’фсарм афтӕ куы дзура, ӕмӕ раст нӕ кӕнӕм, ӕмӕ йын афтӕмӕй цӕлхдур куы суӕм, уӕд уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Йесо загъта, йӕ фыстӕй йын искӕй чи фӕрӕдийын кӕна, ахӕм адӕймагӕн хуыздӕр кӕй уаид, йӕ хъуырыл ын уӕззау дур куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызмӕ куы ныппариккой! (Матф. 18:6).

12. Ацы абзацы цы пионерты кой ис, уыдон нын фӕзминаг цӕмӕй сты?

12 Ӕркӕсӕм, иу лӕг ӕмӕ ус, пионертӕ, Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ куыд архайдтой, уымӕ. Се ’мбырды уыди, донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, ахӕм къай. Сӕ дыууӕ дӕр схъомыл сты, цавӕрдӕр ӕгъдӕуттыл фидар чи хӕцыд, ахӕм бинонты ’хсӕн. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ чырыстӕттӕн не ’мбӕлы кинотеатрмӕ цӕуын, суанг дзы, ӕвзӕрӕй кӕм ницы ис, ахӕм кино куы ӕвдисой, уӕд дӕр. Ӕмӕ йӕ куы базыдтой, пионертӕ чи уыдысты, уыцы лӕг ӕмӕ ус киномӕ кӕй ацыдысты, уӕд сыл сӕ зӕрдӕ тынг фӕхудт. Уӕд уыцы пионертӕ аскъуыддзаг кодтой, киномӕ кӕй нал цӕудзысты, цалынмӕ уыцы ног хъусынгӕнджытӕ се ’фсарм, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый иртасын нӕ сахуыр кӕной, уӕдмӕ (Дзут. 5:14). Уыдон ӕрмӕст сӕхиуыл кӕй нӕ хъуыды кодтой, уымӕй равдыстой, сӕ ног хо ӕмӕ ӕфсымӕры ӕрмӕст ныхӕстӕй кӕй нӕ уарзынц, фӕлӕ хъуыддагӕй дӕр (Ром. 14:19–21; 1 Иоан. 3:18).

13. Афтӕ куыд рауайдзӕн, ӕмӕ, иннӕтӕн цы аразын кӕнӕм, уый сӕ тӕригъӕдмӕ ’ркӕна?

13 Искӕмӕн ма цӕлхдур суыдзыстӕм, цы йын аразын кӕнӕм, уый йӕ тӕригъӕдмӕ куы ’ркӕна, уымӕй. Афтӕ куыд хъуамӕ рауайа? Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Нуазгӕ чи кодта, иу ахӕм нӕлгоймаг Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ бирӕ рӕстӕг бахъуыд, цӕмӕй йӕ нозт ныууагътаид. Уый йын ӕнцон кӕцӕй уыдаид, фӕлӕ йын уӕддӕр рауад. Ӕмбӕрста йӕ, нозтмӕ ӕмгӕрон дӕр кӕй хъуамӕ мауал цӕуа. Ноджыдӕр ма йӕ фӕивын цы хъуыди, уыдӕттӕ фӕивта ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райста. Иухатт ӕй ӕмбырдӕй чидӕр бадтмӕ фӕхуыдта, нозт ын рауагъта ӕмӕ йын загъта: «Ды ныр чырыстон дӕ, ӕмӕ дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕххуыс кӕны. Сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы миниуджытӕй та иу у хиуыл хӕцын. Ӕмӕ дӕхиуыл куы хӕцай, уӕд бӕрцӕй фылдӕр нӕ бануаздзынӕ». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый раст уынаффӕ нӕу. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, уыцы ног ӕфсымӕр уыцы уынаффӕмӕ куы байхъуса, уӕд бӕллӕхы нӕ бахаудзӕн?

14. Ӕмбырдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, Филиппӕгтӕм 1:10 стихы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайынӕн?

14 Ӕмбырдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, Филиппӕгтӕм 1:10 стихы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайынӕн. Куыд? Фыццаг: ӕмбырдты дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уый нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Йегъовӕ ӕппӕты ахсджиагдӕрыл цы нымайы, уый. Дыккаг: ӕмбырдты ахуыр кӕнӕм, цы базонӕм, уый ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй нӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа. Ӕмӕ ӕртыккаг: ӕмбырдты кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзут. 10:24, 25). Ӕфсымӕртӕ нӕ куы бафидар кӕнынц, уӕд нӕ Хуыцауы дӕр ӕмӕ не ’фсымӕрты дӕр ноджы тынгдӕр уарзын райдайӕм. Ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзыстӕм, цӕмӕй не ’фсымӕртӕн цӕлхдур ма суӕм.

ДАРДДӔР ДӔР ДӔТТУТ «РӔСТДЗИНАДЫ ХЪӔЗДЫГ ТЫЛЛӔГ»

15. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ «рӕстдзинады хъӕздыг тыллӕг» дӕттӕм?

15 Павел зӕрдиагӕй куывта, цӕмӕй филиппӕгтӕ лӕвӕрдтаиккой «рӕстдзинады хъӕздыг тыллӕг» (Фил. 1:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «рӕстдзинады... тыллӕгмӕ» хауди, Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ адӕмы кӕй хъуамӕ уарзтаиккой, уый. Фӕлӕ ма уымӕ хауд, Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый тыххӕй ӕмӕ сӕ диссаджы ныфсы тыххӕй иннӕтӕн дӕр кӕй хъуамӕ дзырдтаиккой, уый. Филиппӕгтӕм 2:15 стихы Павел спайда кодта ӕндӕр абарстӕй, «ацы дунейы ӕрттивут рухсгӕнӕнтау», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй схуыдта «ацы дунейӕн рухс» (Матф. 5:14–16). Йесо ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «цӕттӕ кӕной ахуыргӕнинӕгтӕ» ӕмӕ загъта, кӕй йын уыдзысты «ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Матф. 28:18–20; Хъуыд. 1:8). Мах «рӕстдзинады... тыллӕг» фӕдӕттӕм, ацы ахсджиаг хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы фӕархайӕм, уӕд.

Павел Ромы, хӕдзары йӕ ахстӕй куы дардтой, уӕд; фыссы фыстӕг Филиппты ӕмбырдмӕ. Уымӕй уӕлдай, Павел алы фадатӕй дӕр пайда кӕны, цӕмӕй хъусын кӕна хъахъхъӕнджытӕн ӕмӕ йӕм чи ’рбацӕуы, уыдонӕн (кӕс 16 абзац)

16. Филиппӕгтӕм 1:12–14 стихтӕй куыд зыны, нӕ бон кӕй у зын уавӕрты дӕр рухсгӕнӕнтау ӕрттивын? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

16 Цыфӕнды уавӕрты дӕр нӕ бон у рухсгӕнӕнтау ӕрттивын. Иуӕй-иу хатт нӕм хорз хабар хъусын кӕнынӕн цӕлхдур цы фӕкӕсы, уый хъусын кӕнынӕн хорз фадат разыны. Зӕгъӕм, апостол Павел филиппӕгтӕм фыстӕг куы фыста, уӕд уыд Ромы ӕмӕ йӕ хӕдзары ахстӕй дардтой. Ӕмӕ кӕд рӕхыстӕй баст уыд, уӕддӕр-иу йӕ хъахъхъӕнджытӕн ӕмӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонӕн хъусын кодта. Павел ахӕм уавӕрты зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы ӕфсымӕрты ныфс бацыд, ӕмӕ «Хуыцауы ныхас ноджы уӕндондӕрӕй дзырдтой – ницӕмӕй тарстысты». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:12–14; 4:22.)

Ӕдзухдӕр фадӕттӕ агур хорз хабар хъусын кӕнынӕн (кӕс 17 абзац) *

17. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ зын уавӕрты дӕр кӕй фӕхъусын кӕнынц, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

17 Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ цӕрынц, сӕ бон сӕрибарӕй кӕнӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын кӕм нӕу, ахӕм бӕстӕты. Фӕлӕ Павелау сты хъӕбатыр. Уыдон хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕндӕр фадӕттӕ ссарынц (Матф. 10:16–20). Иу ахӕм бӕстӕйы иу районон цӕстдарӕг хъусынгӕнджытӕн загъта, алы хъусынгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон кӕй у йӕхи «территори» скӕнын, ома йӕ хиуӕттӕн, йӕ сыхӕгтӕн, йӕ къласӕгтӕн, йе ’мкусджытӕн ӕмӕ йӕ зонгӕтӕн хъусын кӕнын. Ӕмӕ дыууӕ азмӕ сӕ районы ӕмбырдты нымӕцыл дзӕвгар бафтыд. Чи зоны, мах ахӕм бӕстӕйы нӕ цӕрӕм. Фӕлӕ нын уӕддӕр уыцы сӕрӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сты фӕзминаг. Ды дӕр ӕдзух фадӕттӕ агур хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Ӕмӕ дын уӕд Йегъовӕ ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зын уавӕрты дӕр хъусын кӕнай (Фил. 2:13).

18. Ныртӕккӕ ахсджиаг цы у?

18 Ныртӕккӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, Павел филиппӕгтӕн цы уынаффӕтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уӕдӕ-иу хъуамӕ, ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнӕм, хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа, иннӕтӕн цӕлхдур ма уӕм ӕмӕ рӕстдзинады хъӕздыг тыллӕг дӕттӕм. Уӕд нӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм.

17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»

^ 5 абз. Ныртӕккӕ уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй не ’фсымӕрты уарзӕм. Павел филиппӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уымӕй базонӕн ис, нӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр цӕй фӕрцы кӕндзӕн, искӕй уарзын нын зын куы уа, суанг уӕд дӕр.

^ 54 абз. НЫВТӔ. Джон Паддзахады зал ӕфснайгӕйӕ ӕрлӕууыд ӕмӕ ныхас кӕны иу ӕфсымӕримӕ ӕмӕ йӕ лӕппуимӕ. Майкл та рыгцъирӕнӕй пъолтӕ сыгъдӕг кӕны. Уый Джонмӕ мӕсты кӕны ӕмӕ йӕхинымӕр хъуыды кӕны: «Джон хъуамӕ ӕфснайгӕ кӕна, уый та дзурыныл схӕцыд». Фӕстӕдӕр Майкл федта, Джон ӕрхъуыдыдзинад кӕй равдыста ӕмӕ ацӕргӕ хойӕн кӕй ӕххуыс кӕны. Уӕд Майкл ахъуыды кодта, фылдӕр кӕй хъуамӕ кӕса, йе ’фсымӕрмӕ хорзӕй цы ис, уымӕ.

^ 58 абз. НЫВТӔ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕйы иу ӕфсымӕр йӕ зонгӕйӕн афтӕ хъусын кӕны, цӕмӕй иннӕтӕ ма бамбарой, цӕуыл дзурынц, уый. Фӕстӕдӕр куысты сихорафон хъусын кӕны йе ’мкусӕгӕн.