Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Чи дӕм хъусы, уыдон фервӕздзысты

Чи дӕм хъусы, уыдон фервӕздзысты

«Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ. Ацы хъуыддӕгты лӕуд у алкӕддӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 ТИМ. 4:16).

67 ЗАРӔГ «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Рӕстдзинад куы базыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ алкӕй дӕр цы фӕнды?

«РӔСТДЗИНАД куы базыдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ хъуыды кодтон, тӕхуды, мӕ бинонтӕ иууылдӕр дзӕнӕты куы цӕриккой, зӕгъгӕ. Уӕлдайдӕр та мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ сӕрыхицау Уэйн ӕмӕ мӕ гыццыл лӕппу дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой»,– загъта иу хо, Полинӕ *. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ бинонтӕ * Йегъовӕйӕн нӕма лӕггад кӕнынц, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Полинӕйау фӕхъуыды кӕныс, куыд хорз уаид, уыдон дӕр мемӕ Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕниккой, зӕгъгӕ.

2. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Нӕ бон нӕу нӕ бинонтӕн хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ тыххӕй айсын кӕнын. Фӕлӕ сын нӕ бон у баххуыс кӕнын, цӕмӕй ахъуыды кӕной, Библийы цы фыст ис, ууыл ӕмӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсой (2 Тим. 3:14, 15). Ӕмӕ ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ахӕм фарстатӕм: нӕ бинонтӕн цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм? Цӕмӕн фӕхъӕуы, цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарын? Нӕ бон куыд у нӕ бинонтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы бауарзой? Ӕмӕ не ’мбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у нӕ бинонтӕн уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын?

НӔ БИНОНТӔН ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ХЪУСЫН КӔНӔМ?

3. 2 Петры 3:9 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бинонтӕн цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнӕм?

3 Тагъд Йегъовӕ ацы дуне фесафдзӕн. Ӕмӕ фервӕздзысты, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ӕрмӕстдӕр уыдон (Хъуыд. 13:48). Мах нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнӕм, цӕмӕй ӕнӕзонгӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды нӕ бинонтӕн дӕр хъусын кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат». (Бакӕс 2 Петры 3:9.)

4. Нӕ бинонтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ хатт раст цы нӕ фӕаразӕм?

4 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ирвӕзындзинады хабар хъусын кӕнын куыд ӕмбӕлы ӕмӕ куыд не ’мбӕлы, уый. Ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй йемӕ фӕлмӕн, уӕздан ныхас кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ бинонтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ та, гӕнӕн ис, тыхныхас кӕнӕ ӕгӕр ӕргом ныхас кӕнӕм.

5. Нӕ бинонтӕн рӕстдзинады тыххӕй куы дзурӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

5 Бирӕтӕ куы ’рхъуыды кӕнынц, сӕ бинонтӕн райдианты куыд хъусын кодтой, уӕд фӕзӕгъынц, бӕргӕ, семӕ-иу ӕндӕрхуызон куы ныхас кодтаин, зӕгъгӕ. Апостол Павел чырыстӕттӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Кол. 4:5, 6). Ӕмӕ нӕ бинонтимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд хорз уаид, ацы уынаффӕ нӕ зӕрдыл куы дариккам. Кӕннод сын ӕххуыс нӕ бакӕндзыстӕм, фӕлӕ ма сӕ нӕхимӕ сызнӕт кӕндзыстӕм.

НӔ БОН КУЫД У НӔ БИНОНТӔН БАХХУЫС КӔНЫН?

Дӕ бинонты куы ’мбарай ӕмӕ сын хорздзинад куы аразай, уӕд сын ӕппӕты тынгдӕр афтӕмӕй баххуыс кӕндзынӕ, рӕстдзинады фӕндагӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, уый бамбарынӕн (кӕс 6–8 абзацтӕ) *

6, 7. Чырыстонӕн йӕ цардӕмбал Йегъовӕйӕн куы нӕ лӕггад кӕна, уӕд ахсджиаг цӕмӕн у, цы хъуыды кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмбарын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 Цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый-иу бамбар. Райдианы кӕй кой кодтам, уыцы хо, Полинӕ, загъта: «Фыццаг мӕ мӕ сӕрыхицауимӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕмӕ Библийы тыххӕй фӕндыд дзурын. Ӕнӕуи хабӕрттыл-иу никуы дзырдтам». Фӕлӕ Полинӕйы лӕг, Уэйн, Библи ӕвзӕр зыдта, ӕмӕ-иу не ’мбӕрста, Полинӕ йын цытӕ дзырдта, уый. Уэйнмӕ афтӕ каст, цыма йӕ бинойнаджы йӕ дин йеддӕмӕ ницыуал ӕндавы. Ӕмӕ йын тарсти, цавӕрдӕр ӕвзӕр сектӕмӕ бахауд ӕмӕ йын йӕ сӕрызонд сзыгъуыммӕ кодтой, зӕгъгӕ.

7 Полинӕ йӕхӕдӕг дӕр зӕгъы, иуафон изӕрыгӕтты ӕмӕ улӕфгӕ бонты йӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕцӕгдӕр бирӕ рӕстӕг кӕй ӕрвыста. Семӕ-иу ӕмбырдты дӕр уыд, уӕдӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр иумӕ цыдысты, стӕй-иу сӕм уазӕгуаты дӕр цыд. Полинӕ загъта: «Иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыд афтӕ, ӕмӕ-иу Уэйн хӕдзармӕ куы ’рбацыд, уӕд-иу махӕй никӕй баййӕфта, ӕмӕ йӕхимӕ каст хъӕды халонау иунӕг». Уэйны куыннӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ лӕппу йӕ фарсмӕ уыдаиккой. Сӕ рӕстӕг-иу кӕимӕ ӕрвыстой, уыцы адӕмы нӕ зыдта, ӕмӕ йӕм афтӕ каст, цыма Полинӕйӕн йӕ ног ӕмбӕлттӕ уымӕй зынаргъдӕр систы. Ӕмӕ йӕм уӕд Уэйн дӕр бартхъирӕн кодта, ахицӕн дӕ уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Куыд дӕм кӕсы, Полинӕйӕн йӕ бон куыд уыдаид фылдӕр ӕмбаргӕдзинад равдисын?

8. 1 Петры 3:1, 2 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бинонтӕн сӕ зӕрдӕтӕ тынгдӕр цы бацагайдзӕн?

8 Дӕ хъуыддӕгтӕ дӕ бӕсты дзурӕнт. Арӕх нӕ бинонтӕн сӕ зӕрдӕтӕ тынгдӕр бацагайы, цы фӕдзурӕм, уый нӕ, фӕлӕ, цы фӕаразӕм, уый. (Бакӕс 1 Петры 3:1, 2.) Ӕмӕ Полинӕ дӕр уый бамбӕрста. Уый зӕгъы: «Ӕз ӕй зыдтон, Уэйн нӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй нӕ фӕнды хицӕн кӕнын. Фӕлӕ мӕм йӕ ныхӕсты фӕстӕ бахъардта, Йегъовӕ цы зӕгъы, уый кӕй хъуамӕ райдыдтаин аразын. Хъуамӕ дзургӕ къаддӕр кодтаин ӕмӕ фылдӕр хорз хъуыддӕгтӕ арӕзтаин». Уэйны-иу Библийыл ныхас кӕнын куы нӕ фӕндыд, уӕд-иу ын Полинӕ уыдӕтты кой нал кодта. Стӕй йемӕ райдыдта ӕнӕуи хабӕрттыл дӕр дзурын. Уэйн бафиппайдта, Полинӕ фӕлмӕндӕр адӕймаг кӕй сси, стӕй сӕ лӕппу дӕр кӕй сси коммӕгӕсдӕр (Ӕмб. 31:18, 27, 28). Библийы фӕрцы йӕ бинонтӕ хуыздӕрырдӕм кӕй ивынц, уый уынгӕйӕ Уэйн хъуыды кӕнын райдыдта, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл ӕмӕ рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста (1 Кор. 7:12–14, 16).

9. Нӕ бинонтӕн дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм?

9 Дӕ бинонтӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕн. Ацы хъуыддаджы нын Йегъовӕ у фӕзминаг. Уый адӕмӕн «алы бон дӕр» фадат дӕтты, цӕмӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой ӕмӕ цардӕй схайджын уой (Йер. 7:25). Апостол Павел дӕр Тимофейӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй иннӕтӕн алкӕддӕр ӕххуыс кодтаид. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи дӕр фервӕзын кодтаид ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдоны дӕр (1 Тим. 4:16). Мах нӕ бинонты тынг уарзӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй базоной, Хуыцауы Ныхасы цы ахсджиаг хабӕртты кой ис, уыдон. Полинӕ дӕр йӕ бинонтӕн дарддӕр ӕххуыс кодта, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ дзӕгъӕлы нӕ фесты. Ныр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕны йӕ сӕрыхицауимӕ иумӕ, ӕмӕ йын уый у стыр цины хос. Сӕ дыууӕ дӕр сты пионертӕ, ӕмӕ ма Уэйн хистӕр нӕлгоймаг дӕр у.

10. Фӕразон цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

10 Фӕразон у. Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдайӕм, уӕд, чи зоны, нӕ бинонты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, ӕндӕр цӕуылдӕрты кӕй баууӕндӕм ӕмӕ нӕ цард кӕй аивӕм, уый. Арӕх нӕм фыццаг фау хӕссын райдайынц, семӕ дины бӕрӕгбӕттӕ кӕй нал фӕкӕнӕм ӕмӕ политикӕимӕ баст хабӕртты кӕй нал фӕархайӕм, уый тыххӕй. Нӕ бинонтӕй ӕмӕ нӕм нӕ хиуӕттӕй иуӕй-иутӕ мӕсты дӕр свӕййынц (Матф. 10:35, 36). Фӕлӕ сыл хъуамӕ нӕ къух ма ауигъӕм. Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый бамбарынӕн сын куы нал ӕххуыс кӕнӕм, уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ сын тӕрхон рахастам, ӕнустӕм цӕрыны аккаг не сты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын Йегъовӕ тӕрхон кӕнын нӕ бахӕс кодта. Уыцы хъуыддаг Йесо Чырыстийы бар бакодта (Иоан. 5:22). Фӕразон куы уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕппынфӕстаг нӕ бинонты бафӕнда Библи ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. (Кӕс рамкӕ «Пайда кӕн нӕ сайтӕй».)

11–13. Алисӕ йӕ ныййарджытимӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй дӕ бон цы у зондӕн райсын?

11 У фидар зондыл хӕст, фӕлӕ ныхас кӕн фӕлмӕнӕй (Ӕмб. 15:2). Ӕркӕсӕм Алисӕйы хабармӕ. Йегъовӕйы тыххӕй куы базыдта, уыцы рӕстӕг йӕ ныййарджытӕй дард царди. Йӕ ныййарджытӕ та уыдысты атеисттӕ ӕмӕ ма ӕдзух архайдтой политикӕимӕ баст хабӕртты дӕр. Алисӕ бамбӕрста, цы хорз цыдӕртӕ базыдта, уыдоны тыххӕй сын кӕй хъуамӕ радзура, ӕмӕ, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Уый загъта: «Ӕндӕр цӕуылдӕрты кӕй баууӕндыдтӕ, стӕй ӕндӕрхуызон цӕрын кӕй райдыдтай, уый дӕ бинонтӕн уайтагъд куы нӕ зӕгъай, уӕд сын уый фӕстӕ ноджы зындӕр уыдзӕн». Алисӕ-иу ахъуыды кодта, йӕ ныййарджытӕм цымыдисаг цавӕр темӕтӕ фӕкӕсдзысты, ууыл, ӕмӕ-иу сӕм уыцы темӕты тыххӕй, зӕгъӕм, уарзондзинады тыххӕй, писмоты фыста. Ныффыста-иу, Библи уыцы фарстатӕ куыд ӕмбарын кӕны, ӕмӕ-иу сӕ сӕ хъуыдыйӕ бафарста (1 Кор. 13:1–13). Уымӕй уӕлдай ма-иу сӕм ныффыста, кӕй йӕ схъомыл кодтой ӕмӕ йыл кӕй тыхстысты, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй у, ӕмӕ-иу сын лӕвӕрттӕ дӕр арвыста. Куы-иу сӕм ӕрцыд, уӕд та-иу хӕдзары куыстытӕ ӕнӕзивӕгӕй кодта, цӕмӕй-иу йӕ мадӕн йӕ къух фӕрогдӕр кодтаид. Алисӕ-иу, цӕуыл баууӕндыд, уыдӕттӕ йӕ ныййарджытӕн куы дзырдта, уӕд уый фыццаг сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд.

12 Алисӕ-иу йӕ ныййарджыты бӕрӕггӕнӕг куы ’рцыд, уӕд дӕр-иу алы бон дӕр Библи каст. Алисӕ зӕгъы: «Уый фӕрцы мӕ мад бамбӕрста, Библи кӕй ахуыр кӕнын, уый мын тынг ахсджиаг кӕй у». Йӕ фыд та сфӕнд кодта, Библийы цӕй кой ис, уый базонын, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, йӕ чызджы зондахаст афтӕ цӕмӕн фӕивта, уый бамбарын. Стӕй ма йӕ фӕндыд Библийы исты хъӕндзинӕдтӕ ссарын. Алисӕ йын Библи радта, цалдӕр ныхасы дзы афыста, афтӕмӕй. Ӕмӕ хабар куыд рауад? Йӕ фыд Хуыцауы Ныхасы ницы хъӕндзинад ссардта, фӕлӕ йын Библи йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта.

13 Нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд дӕр хъуамӕ фидар зондыл хӕст уӕм, ӕрмӕст хъуамӕ семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм (1 Кор. 4:12б). Зӕгъӕм, Алисӕйӕн йӕ мад йӕ ныхмӕ цыд. Донаргъуыд куы райста, уӕд ӕй йӕ мад схуыдта «ӕгоммӕгӕс чызг». Уӕд Алисӕ куыд бакодта? Мӕнӕ куыд зӕгъы: «Ӕз нӕ ныхъхъус дӕн. Фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй бамбарын кодтон, цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн, уӕдмӕ уый фидарӕй кӕй аскъуыддзаг кодтон ӕмӕ мӕ фӕнд кӕй нӕ аивдзынӕн. Стӕй йын загътон, бирӕ йӕ кӕй уарзын. Ӕмӕ уӕд нӕ дыууӕ дӕр фӕкуыдтам. Уый фӕстӕ йын скодтон, кӕй уарзта, ахӕм хӕринаг. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ мад гыццылгай ӕмбарын райдыдта, Библийы фӕрцы хуыздӕрырдӕм кӕй ивын».

14. Нӕ бинонтӕ нын нӕ фӕнд куы ивын кӕной, уӕд сын цӕуылнӕ хъуамӕ басӕттӕм?

14 Чи зоны, нӕ бинонты цасдӕр рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй йӕ бамбарой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын ирхӕфсӕны хуызӕн кӕй нӕу. Зӕгъӕм, Алисӕйы ныййарджыты фӕндыд, цӕмӕй уӕлдӕр ахуыр райстаид. Фӕлӕ Алисӕ уый бӕсты сфӕнд кодта пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ мад уый куы базыдта, уӕд та кӕуын райдыдта. Фӕлӕ уӕддӕр Алисӕ йӕ фӕнд нӕ аивта. Уый зӕгъы: «Дӕ бинонтӕн иу хъуыддаджы куы басӕттай, уӕд дын иннӕ хъуыддӕгты дӕр дӕ хъуыды ивын кӕндзысты. Фӕлӕ фидар зондыл хӕст куы уай, ӕрмӕст семӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнай, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, байхъусой». Ӕмӕ йӕ бинонты хабар дӕр афтӕ рауад. Ныртӕккӕ йӕ фыд дӕр ӕмӕ йӕ мад дӕр лӕггад кӕнынц пионертӕй. Ӕмӕ ма йӕ фыд хистӕр нӕлгоймаг дӕр у.

ӔМБЫРДЫ АЛКӔЙ БОН ДӔР КУЫД У БАХХУЫС КӔНЫН?

Ӕмбырдӕн йӕ бон куыд у, нӕ бинонтӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн баххуыс кӕнын? (кӕс 15, 16 абзацтӕ) *

15. Матфейы 5:14–16 стихты ӕмӕ 1 Петры 2:12 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ иннӕты «хорз хъуыддӕгтӕ» нӕ бинонтӕн куыд баххуыс кӕндзысты?

15 Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ ’рбакӕны чырыстон ӕмбырды «хорз хъуыддӕгты» фӕрцы. (Бакӕс Матфейы 5:14–16; 1 Петры 2:12.) Кӕд дӕ цардӕмбал Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, уӕд де ’мбырдӕй искӕимӕ зонгӕ у? Полинӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй кӕйдӕрты сӕхимӕ фӕхуыдта, цӕмӕй Уэйн семӕ базонгӕ уыдаид. Уэйн радзырдта, иу ӕфсымӕры фӕрцы кӕй бамбӕрста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты, уый. Афтӕ загъта: «Уыцы ӕфсымӕр йӕ куыстӕй иу бон отпуск райста, цӕмӕй мемӕ футболмӕ бакастаид. Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтон, зӕгъын, фанатик нӕу».

16. Цӕмӕн хъӕуы нӕ бинонты ӕмбырдтӕм хонын?

16 Нӕ бинонтӕн баххуыс кӕнынӕн ма ис иу хорз мадзал – ис сӕ ӕмбырдтӕм хонӕн (1 Кор. 14:24, 25). Уэйн фыццаг хатт цы фембӕлдмӕ ӕрбацыд, уый уыди Ӕрымысӕн изӕр. Ӕмӕ уыцы фембӕлдмӕ ӕрбацӕуыныл сразы, йӕ куысты фӕстӕ кӕй уыд ӕмӕ программӕ цыбыр кӕй уыд, уый тыххӕй. Уэйн дзуры: «Раныхас цӕй тыххӕй уыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстон. Фӕлӕ дзы цы адӕм уыд, уыдон мӕ никуы ферох уыдзысты. Ӕрбацыдысты-иу мӕм ӕмӕ-иу мын зӕрдиагӕй салам радтой, мӕ къух-иу мын райстой. Бӕрӕг уыд, хорз адӕм кӕй сты». Иу лӕг ӕмӕ ус, схонӕм сӕ Джон ӕмӕ Лизӕ, уӕдмӕ дӕр Полинӕйӕн ӕххуыс кодтой, ӕмбырды-иу ӕмӕ-иу уацамынды йӕ лӕппумӕ фӕкастысты. Ӕмӕ Уэйн куы сфӕнд кодта, Полинӕ цӕуыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй фылдӕр базонын, уӕд Джонӕн загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кодтаид.

17. Нӕхи цавӕр хъуыддаджы хъуамӕ ма аххосджын кӕнӕм, фӕлӕ уӕддӕр нӕ бинонтӕн дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм?

17 Мах ныфс ис, нӕ бинонтӕ иууылдӕр рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты ӕмӕ немӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзысты. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, афтӕ дӕр рауайа, ӕмӕ сын кӕд тынг зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ суой, уӕддӕр Хуыцауы фӕндагыл ма ’рлӕууой. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ нӕхи ма аххосджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ ахӕм уынаффӕ сӕхӕдӕг рахӕсдзысты. Нӕ бон нӕу, мах цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл искӕй тыххӕй баууӕндын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ бинонтӕ куы уыной, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ куыд амондджын дӕ, уӕд, гӕнӕн ис, сӕ хъуыды фӕивой. Дӕ бинонты тыххӕй кув. Семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕн. Ӕмӕ сын дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕн (Хъуыд. 20:20). Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын дӕ фыдӕбонӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ дӕм дӕ бинонтӕ куы байхъусой, уӕд фервӕздзысты!

57 ЗАРӔГ Хъусын кӕнӕм алыхуызон адӕмӕн

^ 5 абз. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ бинонтӕ Йегъовӕйы базоной. Фӕлӕ хъуамӕ сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕной, лӕггад ын кӕндзысты ӕви нӕ. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу нӕм нӕ бинонтӕ хуыздӕр байхъусой.

^ 1 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 1 абз. Кӕд ацы статьяйы дзырд нӕ бинонтыл цӕуы, уӕддӕр ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ нӕ бон архайын у нӕ хиуӕттӕн ӕмӕ нӕ хӕстӕджытӕн хъусын кӕнгӕйӕ дӕр.

^ 54 абз. НЫВ. Ӕрыгон ӕфсымӕр йе ’нӕуырнӕг фыдӕн ӕххуыс кӕны йӕ машинӕ аразынӕн. Стӕй хорз афон равзӕрста, цӕмӕй йын равдиса видеоролик сайтӕй jw.org®.

^ 56 абз. НЫВТӔ. Хойӕн йе ’нӕуырнӕг лӕг дзуры, боны мидӕг цытӕ куыста, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕм уый лӕмбынӕг хъусы. Уый фӕстӕ хо йӕ бинонтимӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвиты.

^ 58 абз. НЫВТӔ. Хо ӕмбырдӕй кӕйдӕрты сӕхимӕ фӕхуыдта. Бӕрӕг у, зӕрдиагӕй сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ лӕгимӕ хуыздӕр базонгӕ уой. Фӕстӕдӕр лӕг йӕ бинойнагимӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд.