Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Йегъовӕ мын раарфӕ кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ

Йегъовӕ мын раарфӕ кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ

ХЪУЫДЫ-ИУ кодтон: «Зонын ӕй, хъуамӕ лӕггад кӕнон пионерӕй. Фӕлӕ цымӕ мӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн?» Германийы иу компанийы куыстон, ӕмӕ мӕ куыст уарзтон. Ӕз дзуапп лӕвӕрдтон, Африкӕмӕ хойрӕгтӕ ӕрвыст куыд цыдысты, уымӕн. Ӕрвыстам сӕ, зӕгъӕм, Дар-эс-Саламмӕ, Элизабетвилмӕ ӕмӕ Асмарӕмӕ. Уый ӕнхъӕл чи уыд, ӕмӕ иубон уыцы рӕтты ӕмӕ ма Африкӕйы бирӕ ӕндӕр рӕтты Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕндзынӕн!

Ӕппынфӕстаг куы фӕныфсхастдӕр дӕн ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд мӕ цард афтӕ фӕивта, ӕмӕ мын исчи куы загътаид, афтӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд мӕ нӕ бауырныдтаид (Еф. 3:20). Фӕлӕ уӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды базонын, уый куыд рауад. Гъемӕ уын мӕ хабӕрттӕ ракӕндзынӕн.

Ӕз райгуырдтӕн Берлины (Германийы) 1939 азы, Дыккаг дунеон хӕст куы райдыдта, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ. 1945 азы, хӕст йӕ кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд, Берлиныл бомбӕтӕ калын райдыдтой. Иухатт бомбӕ нӕ уынджы ӕрхауд, ӕмӕ мӕ фыдимӕ, мӕ мадимӕ ӕмӕ мӕ кӕстӕр хоимӕ алыгъдыстӕм, адӕм-иу бомбӕтӕй кӕм ӕмбӕхстысты, ахӕм бынатмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Берлины тӕссаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ фӕстӕдӕр алыгъдыстӕм Эрфуртмӕ (мӕ мад уырдыгӕй уыди).

Мӕ ныййарджытимӕ ӕмӕ мӕ хоимӕ Германийы, иу-1950 азы

Мӕ мад рӕстдзинад тынг агуырдта. Касти-иу философты чингуытӕ ӕмӕ алыхуызон динты ахуырӕдтӕ иртӕста, фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕ ницӕмӕй рухс кодта. Иухатт нӕм ӕрбацыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, уый уыдаид 1948 азы. Мӕ мад сӕ мидӕмӕ бахуыдта ӕмӕ сӕ фарстаты бын фӕкодта. Иу сахат дӕр нӕ аныхас кодтаиккой, афтӕ дын мӕнӕн ӕмӕ мӕ кӕстӕр хойӕн куы зӕгъид: «Рӕстдзинад ссардтон!» Уый фӕстӕ мӕ мадимӕ ӕмӕ мӕ хоимӕ Эрфурты ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтам.

1950 азы фӕстӕмӕ Берлинмӕ ралыгъдыстӕм. Ӕмӕ уым цыдыстӕм ӕмбырдмӕ «Берлин, Кройцберг». Уый фӕстӕ Берлины ӕндӕр ранмӕ куы ралыгъдыстӕм, уӕд та цыдыстӕм ӕмбырдмӕ «Берлин, Темпельхоф». Цасдӕры фӕстӕ мӕ мад донаргъуыд райста. Фӕлӕ ӕз уымӕ мӕ ныфс нӕма хастон. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕнут, цымӕ цӕуылнӕ, зӕгъгӕ.

ФӔНЫФСДЖЫНДӔР ДӔН

Тынг ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мын зын уыд Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын. Иннӕ хъусынгӕнджытимӕ-иу уацамынды цыдтӕн, фӕлӕ дыууӕ азы дӕргъы мӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд. Фӕлӕ уый фӕстӕ хуыздӕр базонгӕ дӕн, стыр хъӕбатырдзинад чи равдыста ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион чи разынд, бирӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ. Иутӕ дзы хӕсты рӕстӕг уыдысты нацистон концлагерты кӕнӕ Скӕсӕн Германийы ахӕстӕтты. Иннӕтӕ та сусӕгӕй ластой литературӕ Скӕсӕн Германимӕ, кӕд сын, кӕй сӕ ӕрцахсдзысты, уымӕй тӕссаг уыд, уӕддӕр. Ӕз-иу сыл дис кодтон, ӕмӕ мын сӕ цӕвиттон тынг баххуыс кодта. Ӕмӕ-иу хъуыды кодтон: «Кӕд уыдон Йегъовӕйы ӕмӕ се ’фсымӕрты тыххӕй сӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодтаиккой ӕмӕ ахӕстонӕй дӕр нӕ тарстысты, уӕд ӕз хъуамӕ ма бацархайон, цӕмӕй афтӕ ӕнӕныфсхаст мауал уон?»

1955 азы цы зиу уыд, уым кӕй архайдтон, уый фӕрцы фӕныфсджындӕр дӕн. «Информатор»-ы * мыхуыргонд ӕрцыд ӕфсымӕр Нейтан Норры писмо, ӕмӕ дзы фыст уыд, зӕгъгӕ, дам, ацы зиу уыдзӕн нӕ организацийы стырдӕр зиутӕй сӕ иу. Стӕй ма дзы фыст уыд, зӕгъгӕ, хъусынгӕнджытӕ дзы иууылдӕр куы бацархайой, уӕд «нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, хъусын кӕныны хъуыддаджы уыцы мӕйы хуызӕн мӕй кӕй никуыма уыд». Ӕмӕ мӕнгӕй ницы загъта! Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтон. Ӕмӕ 1956 азы мӕ фыдимӕ ӕмӕ мӕ хоимӕ донаргъуыд райстам. Фӕлӕ та мӕ стӕй хъуыди ӕндӕр ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын.

Рагӕй дӕр ӕй зыдтон, пионерӕй лӕггад кӕнын ӕппӕты хуыздӕр нысан кӕй у, фӕлӕ ууыл фӕстӕ-фӕстӕ кодтон. Фыццаг уал сфӕнд кодтон базарады дӕсныйад райсын: фӕндыди мӕ, ӕндӕр бӕстӕты компанитимӕ ӕмгуыст кӕнӕн куыд ис, ууыл сахуыр кӕнын. Уый фӕстӕ мӕ зӕрды уыд иу цасдӕр уыцы куыст кӕнын, цӕмӕй мӕм фӕлтӕрддзинад фӕзындаид. Ӕмӕ 1961 азы райдыдтон Гамбургы кусын. Гамбург у Германийы наулӕууӕн горӕттӕй ӕппӕты стырдӕр. Мӕ куыст мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, ӕмӕ-иу мӕхицӕн дзырдтон, цӕй, фӕстӕдӕр райдайдзынӕн пионерӕй лӕггад кӕнын, зӕгъгӕ. Ӕппынфӕстаг хабар куыд рауад?

Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, ӕфсымӕрты уылты мын кӕй баххуыс кодта йӕ хъуыддаг фыццаг бынаты сӕвӕрынӕн. Ме ’мбӕлттӕй цалдӕрӕй райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ мын фӕзминаг уыдысты. Стӕй ма-иу мын ӕфсымӕр Эрих Мундт дӕр дзырдта, цӕмӕй мӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтаин. Уый дӕр, концлагер цы у, уый йӕхиуыл бавзӕрста. Ӕмӕ радзырдта, концлагеры, дам, йӕ ныфс йӕхиуыл чи дардта, уыцы ӕфсымӕртӕ, дам, фӕстӕдӕр ӕрлӕмӕгъ сты. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл чи дардта, уыдон иузӕрдионӕй баззадысты ӕмӕ систы ӕмбырды цӕджындзтӕ.

Пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд, 1963 аз

Баххуыс ма мын кодта ӕфсымӕр Мартин Пётцингер дӕр (фӕстӕдӕр лӕггад кодта Разамонӕг советы). Уый-иу ӕфсымӕртӕн афтӕ дзырдта: «Хъӕбатырдзинадӕй фылдӕр ӕфтиаг уын ницы ’рхӕсдзӕн!» Ӕз уыцы ныхӕстыл фӕхъуыдытӕ кодтон, ӕмӕ сфӕнд кодтон мӕ куыст ныууадзын. Гъемӕ 1963 азы июны пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Ӕмӕ ууыл никуы фӕфӕсмон кодтон! Дыууӕ мӕйы фӕстӕ мӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионерӕй, ног куыст агурын дӕр нӕма райдыдтон, афтӕ. Цалдӕр азы фӕстӕ Йегъовӕ цы сарӕзта, ууыл та хъуыды дӕр никуы акодтаин – фӕхуыдтой мӕ Галаады скъолайы 44-ӕм къласмӕ!

ГАЛААДЫ СКЪОЛАЙЫ БАМБӔРСТОН ИУ АХСДЖИАГ ХЪУЫДДАГ

Галаады скъолайы мӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райстон. Ӕмӕ дзы иу ахсджиаг хъуыды уыд ахӕм: «Кӕдӕм уӕ арвитой, уым лӕггадгӕнгӕйӕ-иу уӕ ныфс уайтагъд ма асӕттӕд». Уӕлдайдӕр нын уый кой кодтой ӕфсымӕртӕ Нейтан Норр ӕмӕ Лайман Суингл. Дзырдтой-иу нын, зӕгъгӕ, кӕм лӕггад кӕнат, уым уын зын куы уа, уӕддӕр-иу уырдыгӕй лидзынмӕ ма фӕут. Ӕфсымӕр Норр нын загъта: «Цы дзы уындзыстут? Чъизи дзы кӕй у, ӕхсӕнчъытӕ дзы кӕй ис кӕнӕ адӕм мӕгуыр ӕмӕ ӕвзӕр уавӕрты кӕй цӕрынц, уый? Ӕви бӕлӕстӕ, дидинджытӕ ӕмӕ худӕндзаст цӕсгӕмттӕ? Хъуамӕ сахуыр уат адӕмы уарзын!» Иухатт нын ӕфсымӕр Суингл ӕмбарын кодта, иуӕй-иу ӕфсымӕртӕн сӕ ныфс тагъд цӕмӕн асаст, уый. Ӕмӕ дзургӕ-дзурын йӕ зӕрдӕ суынгӕг, йӕ цӕстытӕ дӕр ма доны разылдысты. Цалынмӕ не ’рсабыр, уӕдмӕ йӕ бон дзурын дӕр нал уыд. Уый мӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, нӕдӕр Чырыстийы, нӕдӕр йӕ иузӕрдион ӕфсымӕрты кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзынӕн (Матф. 25:40).

Ӕз, Клод ӕмӕ Генрих, Лубумбашийы (Конгойы) миссионертӕй куы лӕггад кодтам, уӕд, 1967 аз

Скъолайы фӕстӕ нӕ кӕдӕм арвитдзысты, уый куы базыдтам, уӕд нӕ вефилӕгтӕй чидӕртӕ фӕрсын райдыдтой, кӕдӕм нӕ снысан кодтой, уымӕй. Ӕмӕ цалынмӕ мӕнмӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ алкӕмӕн дӕр, кӕдӕм ацӕудзӕн, уыцы бӕстӕйы тыххӕй хорз цыдӕр загътой. Фӕлӕ сын ӕз куы загътон, Конго (Киншасӕ), зӕгъгӕ, уӕд фӕхъус сты, ӕмӕ стӕй афтӕ бакодтой: «Конгомӕ, зӕгъыс?.. Йегъовӕ дын ӕххуысгӕнӕг уӕд!» Уыцы азты Конгойы тыххӕй ног хабӕртты арӕх дзырдтой, адӕм дзы кӕрӕдзиимӕ кӕй хӕцынц ӕмӕ кӕрӕдзи кӕй марынц. Фӕлӕ ӕз хъуыды кодтон, Галаады скъолайы нын цы амыдтой, уыдӕттыл. 1967 азы сентябры нӕ ахуыр куы фӕци, уый фӕстӕ ӕртӕйӕ: ӕз, Генрих Денбостел ӕмӕ Клод Линдсей – араст стӕм Конгойы сӕйраг горӕт Киншасӕмӕ.

МИССИОНЕРТӔН ЗАММАНАЙ БЫНАТ АХУЫР КӔНЫНӔН

Киншасӕмӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд 3 мӕйы ахуыр кодтам французаг ӕвзаг. Уый фӕстӕ хӕдтӕхӕгыл атахтыстӕм хуссарырдӕм, Лубумбашимӕ (раздӕр хуынди Элизабетвил). Уый ис Замбимӕ хӕстӕг. Уым ӕрцардыстӕм миссионерты хӕдзары, горӕты центры.

Лубумбашийӕн йӕ фылдӕр хайы уӕдмӕ никуы ничи хъусын кодта, ӕмӕ дзы адӕм рӕстдзинады тыххӕй фыццаг махӕй фехъуыстой. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Библи ахуыр кӕнын уыйбӕрц адӕмы фӕндыд, ӕмӕ нын алкӕимӕ ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг дӕр нӕ уыд. Хъусын ма кодтам хицӕуттӕн ӕмӕ пъӕлицӕйы кусджытӕн дӕр. Адӕмӕй бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасӕн ӕмӕ, кӕй хъусын кодтам, уымӕн тынг аргъ кодтой. Сӕ фылдӕр дзырдтой ӕвзаг суахилийыл. Ӕмӕ мах дӕр Клод Линдсеимӕ уыцы ӕвзаг сахуыр кодтам. Уый фӕстӕ нӕ снысан кодтой, суахилийыл кӕм дзырдтой, уыцы ӕмбырдмӕ.

Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд уыцы территорийы хъусын кӕнын. Фӕлӕ зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдыстӕм. Арӕх-иу нӕ пъӕлицӕйӕгтӕ, стӕй расыг салдӕттӕ, сӕ къухы хӕцӕнгарз, афтӕмӕй, цавӕрдӕр фыдракӕндты аххосджын кодтой. Иухатт нӕм миссионерты хӕдзармӕ ӕмбырдмӕ ӕрбабырстой дуне пъӕлицӕйӕгтӕ ӕд хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ нӕ акодтой пъӕлицӕйы сӕйраг хайадмӕ. Уым нӕ фӕдардтой изӕры 10 сахатмӕ, зӕхбын пъолыл нӕ фӕбадын кодтой, афтӕмӕй.

1969 азы мӕ снысан кодтой цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Кӕм лӕггад кодтон, уым-иу мӕ иуӕй-иу рӕттӕм бахъуыд бирӕ цӕуын, цӕуын та-иу мӕ хъуыди цъыф фӕндӕгтыл ӕмӕ бӕрзонд кӕрдӕджы. Африкӕйы ахӕм бынӕттӕ бирӕ ис. Иу хъӕуы кӕм ӕрлӕууыдтӕн, уым-иу мӕ хуыссӕны бын ӕхсӕвы карк йӕ цъиутимӕ бадт. Йӕ хъуыдаттӕй-иу мӕ сӕумӕцъӕхӕй куыд райхъал кодта, уый мӕ никуы ферох уыдзӕн. Тынг ӕхсызгонӕй ӕрымысын, изӕрыгӕтты-иу ӕфсымӕртимӕ ӕддейӕ арты алыварс куыд бадтыстӕм ӕмӕ-иу рӕстдзинады тыххӕй куыд ныхӕстӕ кодтам, уый.

Не стырдӕр фӕлварӕнтӕй иу уыд, ӕмбырдты мӕнг ӕфсымӕртӕ кӕй уыди, уый. Сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хуыдтой, фӕлӕ ӕцӕгӕй та баст уыдысты, Китавалӕ чи хуынди, уыцы къордимӕ *. Иуӕй-иутӕ дзы донаргъуыд дӕр райстой ӕмӕ ма хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр систы. Уыдон уыдысты, «доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхты хуызӕн». Фӕлӕ дзы бирӕтӕн ницы бантыст, нӕ сын рауад иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты асайын (Иуд. 12). Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ ӕмбырдтӕ мӕнг ӕфсымӕртӕй ссыгъдӕг кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ адӕм ӕмбырдтӕм ныггуылф кодтой.

1971 азы мӕ снысан кодтой филиалмӕ, Киншасӕмӕ. Уым мӕ бар уыдысты писмотимӕ, литературӕйы заказтимӕ ӕмӕ уацамындимӕ баст хабӕрттӕ. Конго у стыр бӕстӕ, фӕлӕ дзы фӕндӕгтӕ ӕвзӕр уыдысты, кӕмдӕрты дзы рухс нӕ уыд, стӕй дзы транспорт дӕр рӕстмӕ нӕ цыди. Ӕмӕ Вефилы лӕггадгӕнгӕйӕ базыдтон, ахӕм бӕстӕйы куыд хъӕуы архайын, цӕмӕй нӕ хъуыддаг размӕ цӕуа. Ӕмбырдтӕм-иу цы писмотӕ арвыстам, уыдон-иу сӕм хатт мӕйгӕйттӕ цыдысты. Писмотӕ-иу хӕдтӕхӕгӕй равгӕдтой бӕлӕгътӕм. Уыцы бӕлӕгътӕ та-иу къуыригӕйттӕ иу ран лӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ-иу, доны цы дидинджытӕ зайы, уыдон бӕзджын гауызау дон афтӕ бамбӕрзтой, ӕмӕ-иу дзы бӕлӕгъӕн ацӕуӕн нӕ уыд. Фӕлӕ кӕд алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм, уӕддӕр нӕ хъуыддаг размӕ цыд.

Кӕд-иу нӕм ӕхца бирӕ нӕ уыд, уӕддӕр-иу ӕфсымӕртӕн бантыст стыр конгресстӕ ауадзын. Сценӕ-иу сӕхӕдӕг цӕмӕйдӕрты сарӕзтой. Къултӕ-иу скодтой, цы бӕрзонд кӕрдӕг дзы зайы, уымӕй, стӕй ма-иу уыцы кӕрдӕг тымбыл тыхт скодтой, ӕмӕ-иу дзы бадӕнтӕ рауад. Бамбукы хъӕдтӕ-иу зӕххы ныссагътой цӕджындзты бӕсты ӕмӕ-иу сын хъайванты бӕсты дӕр уыд бамбук. Хъӕзӕй быд гауызгӕндтӕй та-иу скодтой цар ӕмӕ стъӕлттӕ. Бӕласы цъар-иу ныллыгтӕ кодтой, ӕмӕ-иу сын уыцы лыггӕгтӕ уыдысты зӕгӕлты бӕсты – цӕджындзтыл-иу бафидар кӕнын цы хъуыд, уыдон-иу цъары лыггӕгтӕй бабастой. Уыцы ӕрхъуыдыджын, сӕрӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм кӕсгӕйӕ-иу дисӕй мардтӕн. Тынг адджын мын систы. Ӕндӕр ранмӕ мӕ куы арвыстой, уӕд сӕ тынг мысыдтӕн.

ЛӔГГАД КӔНЫН КЕНИЙЫ

1974 азы мӕ снысан кодтой Кенийы филиалмӕ, Найробимӕ. Куыст дзы бирӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ма Кенийы филиал дзуапп лӕвӕрдта, хӕстӕг ӕм чи уыд, уыцы 10 бӕстӕйӕн. Кӕцыдӕрты дзы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд уыд. Уыцы бӕстӕтӕм-иу мӕ арӕх арвыстой, уӕлдайдӕр Эфиопимӕ. Не ’фсымӕрты дзы тынг ӕфхӕрдтой ӕмӕ стыр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты. Бирӕтӕн дзы алы фыдмитӕ кодтой, ахӕстӕтты сӕ ӕппӕрстой. Кӕйдӕрты та маргӕ дӕр акодтой. Фӕлӕ эфиопаг ӕфсымӕртӕ иузӕрдионӕй баззадысты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ кӕрӕдзийы дӕр тынг уарзтой.

1980 азы мӕ цард баиу кодтон хо Гейл Мэтсонимӕ, ӕмӕ ма мӕнӕй амондджындӕр кӕм уыд! Гейлимӕ Галаады скъолайы иумӕ ахуыр кодтам, йӕхӕдӕг Канадӕйӕ у. Гейл лӕггад кодта миссионерӕй Боливийы, ӕмӕ-иу кӕрӕдзимӕ писмотӕ фыстам. 12 азы фӕстӕ та ногӕй фембӕлдыстӕм Нью-Йорчы. Ӕмӕ уый фӕстӕ Кенийы нӕ цард баиу кодтам. Гейлӕй тынг бузныг дӕн, уымӕн ӕмӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсы, стӕй-иу никуы ницӕмӕй хъаст кодта. Ӕмӕ ныр дӕр у ме ’нувыд ӕмбал ӕмӕ ме ’ххуысгӕнӕг.

1986 азы мӕ снысан кодтой цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Фӕлӕ ма уыцы иу рӕстӕг филиалы комитеты дӕр лӕггад кодтон. Цӕуӕг цӕстдарӕджы куыст кӕнгӕйӕ Гейлимӕ бӕрӕг кодтам ӕмбырдтӕ, Кенийы филиалмӕ чи хауд, уыцы бӕстӕты.

Конгрессы Асмарӕйы, 1992 аз

Мӕ зӕрдыл ма ӕрбалӕууы, 1992 азы Асмарӕйы (Эритрейы) конгресс куыд цӕттӕ кодтам, уый. Уыцы рӕстӕг Эритрейы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд нӕ уыд. Конгресс ауадзынӕн иу ӕнӕбары хордон йеддӕмӕ ницы ссардтам. Ӕддӕрдыгӕй цыхуызӕн уыд, уымӕй фыддӕр та мидӕгӕй уыди. Фӕлӕ конгрессы бон уыцы агъуыст нал базыдтон! Хотӕ ӕмӕ йӕ ӕфсымӕртӕ афтӕ бафснайдтой, ӕмӕ йӕ хуыз скалдта. Ӕмӕ дзы рауад Йегъовӕйӕн кувыны аккаг бынат. Бирӕ бинонтӕ ӕрбахастой рӕсугъд хъуымӕцтӕ ӕмӕ, фыдындӕй цы зынди, уыдӕттӕ уыцы хъуымӕцтӕй саив кодтой. Конгресмӕ ӕрбацыд 1 279 адӕймаджы. Уый уыд стыр цины бон!

Цӕуӕг цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд-иу кӕм ӕрлӕууыдыстӕм, уыцы цӕрӕнбынӕттӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой, ӕмӕ-иу нын алы хатт ӕнцон нӕ уыд. Иу къуыри-иу иухуызон уавӕрты цардыстӕм, иннӕ къуыри – ӕндӕрхуызон. Куы-иу денджызы был галуаны хуызӕн хӕдзары ӕрлӕууыдыстӕм, куы та – зестӕй конд хуымӕтӕг хӕдзаргонды, ӕмӕ-иу дзы уазӕгдонмӕ та 100 метры бӕрц цӕуын хъуыд. Фӕлӕ хабар куыдфӕнды ма уыдаид,– кӕм лӕггад кодтам, уыцы рӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд фыццаджыдӕр нӕ цӕстытыл ауайы, зынгзӕрдӕ пионертӕ ӕмӕ хъусынгӕнджытимӕ-иу куыд лӕггад кодтам, уый. Уыцы бӕстӕты нын бирӕ зынаргъ ӕмбӕлттӕ фӕзынд. Ӕмӕ нӕ ӕндӕр ранмӕ куы снысан кодтой, уӕд сӕ тынг мысыдыстӕм.

НӔ АРФӔДЗИНӔДТӔ ЭФИОПИЙЫ

1987 азӕй 1992 азмӕ, Кенийы филиалмӕ чи хауд, уыцы бӕстӕтӕй нын цалдӕры нӕ организаци регистраци скодтой. Ӕмӕ уыцы бӕстӕты фӕзынд филиалтӕ ӕмӕ офистӕ. 1993 азы нӕ снысан кодтой Эфиопийы офисмӕ, Аддис-Абебӕмӕ. Уым дӕр нӕ хъуыддаг цалдӕр дӕсазы ӕхгӕд уыд, фӕлӕ дзы ныр уыд сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар.

Эфиопийы, цӕуӕг цӕстдарӕгӕй куы лӕггад кодтон, уӕд, 1996 аз

Йегъовӕ Эфиопийы нӕ хъуыддагӕн тынг раарфӕ кодта. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. 2012 азӕй фӕстӕмӕ алы аз дӕр пионертӕй лӕггад кӕны хъусынгӕнджытӕн сӕ 20 процентӕй фылдӕр. Уӕдӕ дзы скъолатӕ дӕр уадзынц. Стӕй дзы арӕзт ӕрцыд 120 Паддзахады залӕй фылдӕр. 2004 азы Вефилы бинонтӕ рацыдысты ног агъуыстмӕ. Филиалы территорийы ма ис Конгрессты зал дӕр, ӕмӕ уый дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн стыр арфӕдзинад у.

Уал азмӕ ӕз ӕмӕ Гейл Эфиопийы бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ балымӕн стӕм. Сӕхи нын бауарзын кодтой сӕ зӕрдӕйы хъармӕй ӕмӕ сӕ хӕларзӕрдӕдзинадӕй. Фӕстаг рӕстӕг не ’нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕмӕ нӕ снысан кодтой Централон Европӕйы филиалмӕ. Ам нӕм хорз кӕсынц, тыхсынц ныл. Фӕлӕ нӕ зынаргъ эфиопаг ӕмбӕлтты тынг мысӕм.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ХЪУЫДДАГ «СЫРӔЗЫН» КОДТА

Мах нӕхи цӕстӕй федтам, Йегъовӕ йӕ хъуыддаг куыд «сырӕзын» кодта, уый (1 Кор. 3:6, 9). Зӕгъӕм, Конгомӕ Руандӕйӕ ӕрхуы къахынмӕ цы кусджытӕ ’рцыд, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнын куы райдыдтон, уӕд Руандӕйы хъусынгӕнджытӕ нӕма уыд. Ныр та дзы ис 30 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. 1967 азы Конгойы (Киншасӕйы) уыди иу-6 000 хъусынгӕнӕджы, ӕмӕ ныр та сты 230 000 хъусынгӕнӕджы бӕрц. Стӕй дзы 2018 азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 1 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Кӕддӕр Кенийы филиалмӕ чи хауд, уыцы бӕстӕты ныртӕккӕ ӕдӕппӕтӕй ис 100 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр.

50 азы размӕ мын Йегъовӕ алыхуызон ӕфсымӕрты уылты баххуыс кодта, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтаин. Ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй дӕн, уый ныр дӕр ма кӕмдӕрты рабӕрӕг вӕййы. Фӕлӕ ӕз сахуыр дӕн мӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын. Африкӕйы лӕггадгӕнгӕйӕ сахуыр дӕн фӕразондзинадыл, стӕй бамбӕрстон, цы мын ис, уымӕй райгонд кӕй хъуамӕ уон. Гейлимӕ фӕхъуыды кӕнӕм, диссаджы уазӕгуарзондзинад чи ӕвдисы, зындзинӕдтӕн чи фӕразы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл. Диссаджы адӕм сты. Зӕгъӕн дӕр ын нӕй, Йегъовӕйӕ йе стыр хорзӕхы тыххӕй куыд бузныг дӕн. Йегъовӕ мын ӕцӕгдӕр раарфӕ кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ! (Пс. 37:4).

^ 11 абз. «Информатор» фӕстӕдӕр схуыдтой «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», ныр та йӕ бӕсты цӕуы «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад».

^ 23 абз. Дзырд «Китавалӕ» цы дзырдӕй равзӕрд, уый суахилийыл нысан кӕны «хицауиуӕг кӕнын, разамынд дӕттын, кӕуылдӕр кӕнӕ цӕуылдӕр бар дарын». Ацы къордӕн уыди политикӕимӕ баст нысан – афтӕ бакӕнын, цӕмӕй сӕ бӕстӕ Бельгийы дӕлбар мауал уыдаид. Китавалӕйы къордтӕ-иу самал кодтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ ӕмӕ-иу сӕ ахуыр кодтой, стӕй-иу сӕ парахат кодтой. Уыдон-иу Библийы ахуырӕдтӕ сзыгъуыммӕ кодтой, цӕмӕй сын уыдаид ӕфсон, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй архайдтой, мӕнг динимӕ баст ӕгъдӕуттыл хӕст кӕй уыдысты ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕй кодтой, уымӕн.