Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг куы уа, уӕд-иу дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар

Дӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг куы уа, уӕд-иу дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар

«[Мӕ] зӕрдӕ мастӕй йедзаг у» (1 САМ. 1:15).

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ фӕстаг бонты кой куы кодта, уӕд ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ... царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой» (Лук. 21:34). Мах хъӕуы уыцы фӕдзӕхстмӕ хъусын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ алыварс адӕм цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдонӕй мах дӕр хызт не стӕм.

2. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц?

2 Хатт хабар афтӕ рауайы, ӕмӕ зындзинӕдты бын фӕвӕййӕм. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Джон *, у нервыты низӕй рынчын (рассеянный склероз). Джон зӕрдӕсаст фӕци, йӕ цардӕмбал, 19 азы кӕимӕ фӕцард, уый дзы куы ацыд, уӕд. Уый фӕстӕ та йӕ дыууӕ чызджы Йегъовӕйы ныууагътой. Иу лӕг ӕмӕ ус та, Боб ӕмӕ Линдӕ, сӕмбӕлдысты ӕндӕрхуызон зындзинӕдтыл. Сӕ дыууӕ дӕр ӕнӕ куыстӕй баззадысты ӕмӕ сӕ бахъуыд сӕ хӕдзарӕй ӕндӕр ранмӕ ацӕуын. Уымӕй уӕлдай ма Линдӕмӕ ссардтой зӕрдӕйы низ, ӕмӕ йын дохтыр загъта, гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ уыцы низӕй мӕлгӕ дӕр акӕна. Стӕй ма йӕм фӕзынд ӕндӕр низ дӕр – артрит.

3. Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

3 Мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ хорз кӕй ӕмбары, истӕуыл куы фӕмаст кӕнӕм, уӕд нын куыд зын вӕййы, уый. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7.) Библийӕ нӕ бон у базонын, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ-иу сын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта, уый. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

ИЛИЙА УЫД «МАХ ХУЫЗӔН АДӔЙМАГ»

4. Илийа цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд ӕмӕ-иу ын цы баххуыс кодта?

4 Илийа Йегъовӕйӕн уӕззау рӕстӕджыты лӕггад кодта ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Уыцы рӕстӕг, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи нӕ уыд, уыцы паддзӕхтӕй иу, Ахав, ракуырдта фыдзӕрдӕ сылгоймаг Йезавелы, Ваалы лӕггадгӕнӕджы. Ахав ӕмӕ Йезавел израилӕгты Ваалӕн кувыныл бафтыдтой ӕмӕ Йегъовӕйы пехуымпартӕй бирӕты амардтой. Фӕлӕ Илийа аирвӕзт. Стӕй ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд дӕр удӕгасӕй баззад, йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый фӕрцы (1 Пад. 17:2–4, 14–16). Уымӕй уӕлдай ма Илийа йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта, Ваалы лӕггадгӕнджыты ӕмӕ пехуымпарты ныхмӕ куы ’рлӕууыд, уӕд дӕр. Йлийа израилӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаиккой (1 Пад. 18:21–24, 36–38). Уыцы уӕззау рӕстӕджыты Илийа Йегъовӕйы ӕххуыс йӕхиуыл бирӕ хӕттыты бавзӕрста.

Йегъовӕ йӕ зӕды Илийамӕ арвыста, цӕмӕй та йӕм ногӕй тыхтӕ фӕзындаид (кӕс 5, 6 абзацтӕ) *

5, 6. 1 Паддзӕхты 19:1–4 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй Илийамӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыд ӕмӕ Йегъовӕ куыд равдыста, кӕй йӕ уарзта, уый?

5 Бакӕс 1 Паддзӕхты 19:1–4. Фӕлӕ Йезавел Илийамӕ куы бартхъирӕн кодта, амардзынӕн дӕ, зӕгъгӕ, уӕд Илийа фӕтарст. Гъемӕ Вирсавимӕ алыгъд. Илийайӕн йӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ «Хуыцауӕй мӕлӕт курын райдыдта». Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ йӕм цӕмӕн фӕзынд? Уымӕн ӕмӕ уыди «мах хуызӕн адӕймаг», ома уый дӕр уыд ӕнӕххӕст (Иак. 5:17). Ӕвӕццӕгӕн ыл йӕ маст ӕмӕ йӕ фӕллад ӕртӕфстысты. Чи зоны, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, раст дины сӕрыл кӕй тох кӕны, уый дзӕгъӕлы у, Израилы хорзырдӕм ницы ивы ӕмӕ Йегъовӕйӕн уый йеддӕмӕ ничиуал лӕггад кӕны (1 Пад. 18:3, 4, 13; 19:10, 14). Уыцы иузӕрдион пехуымпармӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ кӕй уыд, уый нӕм, чи зоны, диссаг кӕсы. Фӕлӕ Йегъовӕ хорз ӕмбӕрста, Илийайы зӕрдӕйы цы уыд, уый.

6 Илийа Йегъовӕйӕн йе ’нкъарӕнтӕ куы раргом кодта, уӕд ын Йегъовӕ уайдзӕф нӕ бакодта, фӕлӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй та йӕм ногӕй тыхтӕ фӕзындаид (1 Пад. 19:5–7). Фӕстӕдӕр ын Йегъовӕ йе стыр хъару равдыста, ӕмӕ йын афтӕмӕй фӕлмӕнӕй йӕ зондахаст сраст кодта. Стӕй ма йын загъта, Израилы ма йын кӕй ис, Ваалӕн чи нӕ куывта, 7 000 ахӕм адӕймаджы (1 Пад. 19:11–18). Уыдӕтты фӕрцы Йегъовӕ Илийайӕн равдыста, кӕй йӕ уарзта, уый.

ЙЕГЪОВӔ НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН?

7. Йегъовӕ Илийайы ’нкъарӕнтӕ кӕй ӕмбӕрста, уый нӕ ныфс куыд уадзы?

7 Мыййаг, ды дӕр истӕуыл маст кӕныс? Йегъовӕ Илийайы ’нкъарӕнтӕ кӕй ӕмбӕрста, уый нын стыр ныфсы хос куыннӕ у! Мах дӕр исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм ӕмӕ нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд нӕ Йегъовӕ фембары. Йегъовӕ зоны, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу. Суанг ма зоны, цӕуыл фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ дӕр (Пс. 103:14; 139:3, 4). Мах дӕр Илийайау нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нын баххуыс кӕндзӕн, адӕймаджы зӕрдӕсаст чи фӕкӕны, ахӕм зындзинӕдтыл-иу куы сӕмбӕлӕм, уӕд (Пс. 55:22).

8. Истӕуыл куы маст кӕнай, уӕд дын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?

8 Истӕуыл куы маст кӕнай, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ дӕ уавӕр никуы фӕивдзӕн. Уый тыххӕй, чи зоны, дӕ ныфс асӕтта. Кӕд дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Уый фӕнды, цӕмӕй йын дӕ сагъӕстӕ дзурай, ӕмӕ дын дӕ дзыназын ӕнӕмӕнгӕй фехъусдзӕн (Пс. 5:3; 1 Пет. 5:7). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ дӕ зындзинӕдты тыххӕй арӕх кув. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ демӕ, Илийаимӕ куыд ныхас кодта, афтӕ нӕ ныхас кӕндзӕн, фӕлӕ демӕ дзурдзӕн йӕ Ныхас Библийы уылты ӕмӕ йӕ организацийы уылты. Библийы фыст хабӕрттӕ куы кӕсай, уӕд-иу дын уыдон удӕнцой ӕрхӕсдзысты ӕмӕ-иу дӕ ныфс бауадздзысты. Уымӕй уӕлдай ма дын дӕ ныфсыл ныфс ӕфтаудзысты дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (Ром. 15:4; Дзут. 10:24, 25).

9. Хорз ӕмбал нын куыд баххуыс кӕны?

9 Йегъовӕ Илийайӕн загъта, цӕмӕй йӕ хӕстӕй кӕцыдӕртӕ Елисейы бар бакодтаид. Афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕрцы Илийайӕн фӕзынд, йӕ ныфсыл-иу ын ныфс чи бафтыдтаид, ахӕм хорз ӕмбал. Мах дӕр-иу, цӕуыл фӕмӕт кӕнӕм, уыдӕттӕ нӕ хорз ӕмбалӕн куы радзурӕм, уӕд-иу нын нӕ зӕрдӕйы уаргъ фӕрогдӕр кӕндзӕн (2 Пад. 2:2; Ӕмб. 17:17). Кӕд дын, дӕ зӕрдӕ кӕмӕн раргом кӕнай, ахӕм ӕмбал нӕй, уӕд та Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй, дӕ ныфсыл дын ныфс чи бафтаудзӕн, ахӕм фӕлтӕрд чырыстон дӕ фарсмӕ балӕууа.

10. Илийайы хабар нӕ ныфс куыд уадзы? Исайы 40:28, 29 стихты Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?

10 Йегъовӕ Илийайӕн йӕ маст сфӕразынӕн баххуыс кодта, ӕмӕ ма йын Илийа уый фӕстӕ дӕр бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Илийайы хабар нӕ стыр ныфс уадзы. Хатт цӕуылдӕр афтӕ фӕмаст кӕнӕм, ӕмӕ нӕм хъару нал вӕййы ӕмӕ нын циндзинад ницыуал фӕхӕссы. Уыцы рӕстӕг-иу нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нын тых ратдзӕн, цӕмӕй йын нӕ бон дарддӕр дӕр лӕггад кӕнын уа. (Бакӕс Исайы 40:28, 29.)

АННӔ, ДАВИД ӔМӔ ПСАЛОМЗАРӔГГӔНӔГ СӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАРДТОЙ

11–13. Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕй ӕртӕйыл, сӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг кӕй уыд, уый куыд фӕзынд?

11 Библийы ма ис, йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг кӕмӕн уыд, ӕндӕр ахӕм адӕймӕгты кой дӕр. Зӕгъӕм, Аннӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг та Израилы ӕгад уыди. Уымӕй уӕлдай ма йын йӕ ныфс састой йӕ лӕджы иннӕ усы ӕлхыскъ ныхӕстӕ (1 Сам. 1:2, 6). Уыдӕтты тыххӕй Аннӕ афтӕ тынг маст кодта, ӕмӕ ӕдзух цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта, хӕргӕ дӕр-иу ницы кодта (1 Сам. 1:7, 10).

12 Хатт-иу паддзах Давидӕн дӕр йӕ зӕрдӕ мастӕй байдзаг. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уый. Цы бирӕ рӕдыдтытӕ ӕруагъта, уыдон ын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой (Пс. 40:12). Йӕ хъӕбултӕй иу, Авессалом, йӕ ныхмӕ рацыд, ӕмӕ йын ӕй ӕппынфӕстаг амардтой (2 Сам. 15:13, 14; 18:33). Уымӕй уӕлдай ма йыл йе ’ввахс ӕмбӕлттӕй иу гадзрахатӕй рацыд (2 Сам. 16:23–17:2; Пс. 55:12–14). Давид цы псаломтӕ ныффыста, уыдонӕй бирӕтӕй бӕрӕг у, куыд зӕрдӕсаст-иу уыд ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл куыд тынг дардта, уый (Пс. 38:5–10; 94:17–19).

Псаломзарӕггӕнӕгӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаид? (кӕс 13–15 абзацтӕ) *

13 Иу псаломзарӕггӕнӕг та райдыдта фыдгӕнджытӕм хӕлӕг кӕнын. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд левит Асафы байзӕддӕгтӕй иу ӕмӕ лӕггад кодта «Хуыцауы кадджын кувӕндоны». Уыцы псаломзарӕггӕнӕг дӕр афтӕ тынг маст кодта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал калд ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд нал уыд. Суанг ма, Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыд, уыдоныл дӕр нал цин кодта (Пс. 73:2–5, 7, 12–14, 16, 17, 21).

14, 15. Цы ’ртӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы кой кодтам, уыдоны цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

14 Цы ’ртӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы кой кодтам, уыдон сӕ ныфс дардтой, Йегъовӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Уыдон-иу Йегъовӕмӕ, цӕуыл тыхстысты, уый тыххӕй куывтой, ӕмӕ, афтӕ тынг цӕмӕн маст кодтой, уый йын-иу ӕргом радзырдтой. Ӕмӕ афтӕ никуы уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы кувӕндонмӕ мауал цыдаиккой (1 Сам. 1:9, 10; Пс. 55:22; 73:17; 122:1).

15 Йегъовӕ се ’ртӕйӕн дӕр баххуыс кодта. Аннӕйӕн йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр (1 Сам. 1:18). Давид та загъта: «Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны» (Пс. 34:19). Псаломзарӕггӕнӕг дӕр бамбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ рахиз къухыл кӕй хӕцы ӕмӕ йын разамынд кӕй дӕтты. Уый зарыд: «Мӕнӕн та хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын. Ӕз мӕхи бакодтон Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы уазӕг» (Пс. 73:23, 24, 28). Ацы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хатт уӕззау зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм ӕмӕ тынг фӕмаст кӕнӕм. Фӕлӕ, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, ууыл-иу куы хъуыды кӕнӕм, куы йӕм кувӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уый куы аразӕм, уӕд-иу сӕ нӕ бон сфӕразын бауыдзӕн (Пс. 143:1, 4–8).

ДӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАР, ӔМӔ ДЫН АЛЦЫДӔР РАУАЙДЗӔН

Хо фыццаг йӕхи иннӕтӕй дард ласта, фӕлӕ йӕ уавӕр хуыздӕрырдӕм фӕивта, йӕ тыхтӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ куы сарӕзта, уӕд (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

16, 17. а) Йегъовӕйӕ ӕмӕ нӕ йӕ адӕмӕй нӕхи дард ласын цӕуылнӕ хъӕуы? б) Нӕ хъарутыл-иу хъарутӕ цӕй фӕрцы бафтдзӕн?

16 Цы ’ртӕ цӕвиттонмӕ ӕркастыстӕм, уыдонӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ адӕмӕй нӕхи дард ма ласӕм (Ӕмб. 18:1). Нэнсийы йӕ сӕрыхицау куы ныууагъта, уӕд стыр маст бавзӕрста. Нэнси загъта: «Арӕх-иу афтӕ уыдтӕн, ӕмӕ-иу мӕ никӕй уынын фӕндыд, стӕй-иу мӕм дзурын дӕр никӕимӕ цыд. Фӕлӕ мӕхи иннӕтӕй цас дарддӕр ластон, уыйас мӕ уавӕр фыддӕр кодта». Хабар фӕивта, Нэнси, зындзинӕдтӕ чи ӕвзӕрста, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын куы райдыдта, уӕд. Уый загъта: «Иннӕтӕ-иу сӕ зындзинӕдты тыххӕй куы дзырдтой, уӕд-иу сӕм байхъуыстон. Уыцы адӕмыл цас фылдӕр хъуыды кодтон, уыйас мӕхиуыл къаддӕр хъуыды кодтон».

17 Нӕ хъарутыл хъарутӕ бафты, ӕмбырдтӕм куы фӕцӕуӕм, уӕд. Ӕмбырды куы вӕййӕм, уӕд-ма Йегъовӕйӕн ноджыдӕр иу фадат раттӕм, цӕмӕй-иу нын «баххуыс кӕна» ӕмӕ-иу нын нӕ «зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна» (Пс. 86:17). Уым нӕ бафидар кӕны йӕ сыгъдӕг тыхы, йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕрцы. Ӕмбырдты нын вӕййы фадат, цӕмӕй-иу «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм» (Ром. 1:11, 12). Иу хо, София, загъта: «Йегъовӕйы ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕрцы фидар фӕлӕууыдтӕн. Стыр ӕххуыс мын фесты ӕмбырдтӕ. Ӕз ӕй бамбӕрстон, уацамынды ӕмӕ ме ’мбырды хъуыддӕгты фылдӕр куы фӕархайын, уӕд къаддӕр кӕй фӕтыхсын ӕмӕ къаддӕр кӕй фӕмӕт кӕнын».

18. Нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?

18 Нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд-иу хъуамӕ рох ма кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ фидӕны нӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ нын абон дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сӕ сфӕразӕм. Зӕрдӕсаст ӕмӕ ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕ ахӕм тых ратты, цӕмӕй нӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм», ӕмӕ нӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕ сӕ быны ма фӕкӕной (Фил. 2:13).

19. Ромӕгтӕм 8:37–39 стихты цы фыст ис, уый нӕ цавӕр ныфс уадзы?

19 Бакӕс Ромӕгтӕм 8:37–39. Апостол Павел ныффыста, Хуыцау нӕм цы уарзондзинад равдыста, уымӕй нӕ кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн. Йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг кӕмӕн у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, нӕ бон куыд у, зӕрдӕсаст чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты рыст ӕмбарын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмын.

44 ЗАРӔГ Ныфссаст адӕймаджы куывд

^ 5 абз. Истӕуыл ӕгӕр тынг кӕнӕ бирӕ рӕстӕг куы маст кӕнӕм, уӕд уый, гӕнӕн ис, не ’нӕниздзинадыл фӕзына ӕмӕ нӕ ныфс асӕтта. Ахӕм уавӕры нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн? Уый базоныны тыххӕй ӕркӕсдзыстӕм, Илийайӕн йӕ ныфс куы асаст, уӕд ын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта, уымӕ. Стӕй ма Библийӕ цалдӕр цӕвиттоны фӕрцы базондзыстӕм, истӕуыл куы фӕмаст кӕнӕм, уӕд-иу цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ баххуыс кӕна.

^ 2 абз. Ацы статьяйы нӕмттӕ ивд сты.

^ 53 абз. НЫВ. Йегъовӕйы зӕд Илийайы арӕхстгай хъал кӕны ӕмӕ йын дзул ӕмӕ дон дӕтты.

^ 55 абз. НЫВ. Псаломзарӕггӕнӕг, ӕвӕццӕгӕн, Асафы байзӕддӕгтӕй иу, псаломтӕ фыссы ӕмӕ иннӕ левиттимӕ зары.