Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй нӕхи куыд бахизӕм?

Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй нӕхи куыд бахизӕм?

РАГОН израилӕгтӕ Иорданы цӕугӕдоны сӕрты ахизынмӕ ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуынмӕ цӕттӕ куы уыдысты, уӕд сӕм ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр уазджытӕ фӕзынд. Уыдон уыдысты ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй нӕлгоймӕгты куывдмӕ фӕхуыдтаиккой. Израилӕгтӕн сӕ бон уыдаид ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ ма нын ахӕм хорз фадат кӕд уыдзӕн: ног ӕмбӕлттӕ нын фӕзындзӕн, дзӕбӕх фӕкафдзыстӕм, алыхуызон хорз хӕринӕгтӕй нӕхи фендзыстӕм. Уыцы сылгоймӕгтӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон, стӕй сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау тынг хицӕн кодтой, Хуыцауы закъон израилӕгтӕн цы фӕдзӕхста, уымӕй. Фӕлӕ уӕддӕр Израилы нӕлгоймӕгтӕй чидӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтой: «Цӕй, ницы нын уыдзӕн. Нӕхи хъахъхъӕндзыстӕм».

Ӕмӕ цымӕ сӕ хабар куыд рауад? Библи зӕгъы: «Израилӕгтӕ райдыдтой Моавы чызджытимӕ хӕтын». Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ уыцы сылгоймӕгты фӕндыд израилӕгты мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтауын. Ӕмӕ сын ӕцӕгдӕр кувын райдыдтой. Уымӕ гӕсгӕ «Йегъовӕйы маст ссыгъд Израилмӕ» (Ным. 25:1–3).

Уыцы израилӕгтӕ Хуыцауы закъон фехӕлдтой, гуымирытӕн кувын кӕй райдыдтой, стӕй ӕнӕгъдау чъизи хъуыддӕгтыл кӕй бафтыдысты, уымӕй. Мингай адӕм амардысты сӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй (Рац. 20:4, 5, 14; Дык. з. 13:6–9). Ӕмӕ ма уыцы хабар, Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд куы не ’рцыдаид! Уыцы нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы закъон куы нӕ фехӕлдтаиккой, уӕд иууылдӕр Иорданы сӕрты ахызтаиккой ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацыдаиккой (Ным. 25:5, 9).

Уыцы хабӕртты тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон та сты цӕвиттонтӕ, ӕмӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм» (1 Кор. 10:7–11). Хӕйрӕг куыннӕ цин кодтаид, израилӕгтӕй чидӕртӕ стыр тӕригъӕд кӕй ракодтой ӕмӕ уый аккаг кӕй нал уыдысты, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацыдаиккой. Сӕ хабар нын хъуамӕ зондзонӕн уа, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг тынг цин кӕнид, Хуыцауы ног дунемӕ бацӕуын нӕ куы бахъыгдарид, уӕд.

ТӔССАГ КЪӔППӔГ

Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй чырыстӕттӕ йӕ амӕттаг бауой. Ӕмӕ уый тыххӕй пайда кӕны, бирӕ адӕмы асайын ын кӕй фӕрцы бантыст, ахӕм мадзӕлттӕй. Гыццыл раздӕр куыд федтам, афтӕмӕй израилӕгты фӕсайдта, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл сӕ кӕй бафтыдта, уый фӕрцы. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр ӕнӕгъдаудзинад тынг тӕссаг къӕппӕг у. Адӕймаг уыцы къӕппӕджы кӕй тыххӕй бахауы, уыцы хъуыддӕгтӕй иу у порнографи.

Абон адӕймагӕн йӕ бон у порнографимӕ бакӕсын, куыд ничи йӕ базона, афтӕмӕй. Раздӕр цӕмӕй адӕймаг порнографимӕ бакастаид, уый тыххӕй хъуамӕ ацыдаид, хӕлд кино фенын йӕ бон кӕм уыд, ахӕм видеосалонмӕ. Кӕнӕ та исты хӕлд чиныг балхӕныны тыххӕй хъуамӕ бацыдаид ахӕм чингуыты дуканимӕ. Бирӕтӕ тарстысты, уыцы рӕтты сӕ исчи куы федтаид, уымӕй, ӕмӕ-иу сӕ сӕхи дард ластой. Фӕлӕ ныр интернетмӕ бахизын йӕ бон кӕмӕн у, уыдонӕн сӕ бон у порнографимӕ кӕсын куысты дӕр кӕнӕ суанг машинӕйы дӕр. Бирӕ бӕстӕты, цӕмӕй адӕймаг порнографимӕ бакӕса, уый тыххӕй йӕ хӕдзарӕй рацӕуын дӕр нӕ фӕхъӕуы.

Порнографимӕ кӕсын ма фенцондӕр, телефонтӕ ӕмӕ планшеттӕ кӕй фӕзынд, уый фӕрцы дӕр. Ныр адӕмӕн сӕ бон у хӕлд нывтӕм кӕсын уынджы фистӕгӕй цӕугӕйӕ дӕр ӕмӕ транспорты дӕр.

Порнографимӕ кӕсын ӕмӕ уый сусӕгӕй аразын кӕй фенцондӕр, уымӕ гӕсгӕ раздӕры рӕстӕгимӕ абаргӕйӕ порнографи абон фылдӕр адӕмӕн хӕссы зиан. Тынг бирӕтӕн уый ӕвзӕрырдӕм фӕзыны сӕ бинонты цардыл. Уымӕй уӕлдай, сӕхицӕн нал фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсгом сыгъдӕг нал вӕййы. Ӕппӕты фыддӕр та уый у, ӕмӕ сын тӕссаг вӕййы, Хуыцауӕй куы адард уой, уымӕй. Дызӕрдыггаг нӕу, порнографи стыр зиан кӕй хӕссы, чи йӕм кӕсы, уыдонӕн. Бирӕтӕн порнографи сӕ зӕрдӕты ныууадзы, бирӕ рӕстӕг чи нӕ байгас вӕййы кӕнӕ та кӕронмӕ чи никуы байгас вӕййы, ахӕм хъӕдгӕмттӕ.

Хъуамӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ нӕ уыцы къӕппӕгӕй бахъахъхъӕна. Ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ хъахъхъӕна, уӕд хъуамӕ израилӕгты хуызӕн ма уӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм «алы хъуыддаджы дӕр» (Рац. 19:5). Хъуамӕ ӕмбарӕм, Хуыцауы цӕсты порнографи тынг ӕлгъаг кӕй у. Уый кӕцӕй зонӕм?

ЙЕГЪОВӔ ЙЕ СӔФТ ЦӔМӔЙ УЫНЫ, УЫМӔЙ ДЕ СӔФТ УЫН

Ахъуыды-ма кӕн ацы хабарыл: Хуыцау Израилӕн цы закъӕттӕ радта, ахӕм закъӕттӕ уыцы рӕстӕг ӕндӕр никӕцы адӕммӕ уыд. Хуыцауы закъӕттӕ израилӕгты сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй ӕмӕ, уыцы адӕмтӕ цы хъуыддӕгтӕ кодтой, уыдонӕй хъахъхъӕдтой, цыма се ’хсӕн къул уыд, афтӕ (Дык. з. 4:6–8). Уыцы закъӕттӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй йе сӕфт кӕй уыны.

Йегъовӕ ранымадта, Израилы алыварс чи цард, уыцы адӕм цы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кодтой, уыдон, ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Кӕдӕм [уӕ] кӕнын, уыцы Ханааны зӕххыл куыд кӕнынц, афтӕ... ма кӕнут. [...] Ӕмӕ зӕхх дӕр счъизи, ӕмӕ йӕ ӕз бафхӕрдзынӕн, цы тӕригъӕдтӕ йыл фӕкодтой, уыдоны тыххӕй». Израилы сыгъдӕг Хуыцауӕн, ханаайнӕгтӕ куыд цардысты, уый афтӕ ӕлгъаг уыд, ӕмӕ йӕ цӕсты сӕ зӕхх дӕр сси чъизи (Лев. 18:3, 25).

Кӕд Йегъовӕ ханаайнӕгты бафхӕрдта, уӕддӕр иннӕ адӕмтӕ дарддӕр се ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕ кодтой. Уымӕй 1 500 азы фӕстӕ Павел, чырыстӕттӕ цы адӕмы ’хсӕн цардысты, уыдоны тыххӕй загъта, «се ’фсарм бынтондӕр фесӕфтой», зӕгъгӕ. Уыдон ӕцӕгдӕр «хӕлд митыл бафтыдысты, ӕмӕ ӕнӕфсисӕй алы чъизи хъуыддӕгтӕ кодтой» (Еф. 4:17–19). Абон дӕр бирӕтӕ тынг ӕнӕгъдау сты, ӕмӕ сӕм уый худинаг дӕр нӕ кӕсы. Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, сӕхи хизой, ацы дунейы цы ӕнӕгъдау цыдӕртӕ фенӕн ис, уыдӕттӕм кӕсынӕй.

Порнографи Хуыцауы номыл цъыф калы. Йегъовӕ адӕмы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕхи хуызӕн. Мах афтӕ конд стӕм, цӕмӕй ӕмбарӕм, цыдӕр раст кӕй у кӕнӕ цыдӕр раст кӕй нӕу, уый. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы сусӕг ахастытӕ вӕййы, уый фӕдыл Хуыцау радта бӕлвырд закъӕттӕ. Уый фӕндыд, цӕмӕй уыцы ахастытӕ уыдаиккой ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн ӕмӕ сын циндзинад хастаиккой (Райд. 1:26–28; Ӕмб. 5:18, 19). Порнографи чи уадзы ӕмӕ йӕ чи парахат кӕны, уыцы адӕмы митӕ цӕуыл дзурӕг сты? Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон сӕм нымады дӕр кӕй не сты, ууыл. Ӕцӕгдӕр, уыцы адӕм Йегъовӕйы ницӕмӕ дарынц. Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн, порнографи чи уадзы ӕмӕ йӕ чи парахат кӕны, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ закъӕттӕ чи халы, уыдонӕн (Ром. 1:24–27).

Порнографимӕ чи кӕсы кӕнӕ хӕлд чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ чи кӕсы, уыдоны тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Иуӕй-иутӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ порнографи ирхӕфсӕн йеддӕмӕ ницы у ӕмӕ ницы зиан хӕссы. Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон ӕххуыс кӕнынц, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн. Чи зоны, порнографимӕ кӕсын куы райдыдтой, уӕд ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтой. Куыдфӕнды ма уа, Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ порнографийӕ се сӕфт кӕй хъуамӕ уыной. Уым фыст ис: «Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон, ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут» (Пс. 97:10).

Порнографимӕ кӕсынӕй йӕхи хизын кӕй фӕнды, суанг уыдонӕн дӕр уый, гӕнӕн ис, ӕнцон ма уа. Мах стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ нӕ хъӕуы нӕ буары монцтимӕ тох кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма нын не ’нӕххӕст зӕрдӕ дӕр, чи зоны, дзура, порнографимӕ кӕсай, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис (Йер. 17:9). Фӕлӕ бирӕтӕ, чырыстон фӕндагыл куы слӕууыдысты, уӕд уыцы тохы фӕуӕлахиз сты. Ацы хъуыды дӕ тых уадздзӕн, кӕд порнографимӕ кӕсын дӕуӕн дӕр фӕлварӕн у, уӕд. Ӕркӕсӕм, Хуыцауы Ныхас нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы къӕппӕджы ма бахауӕм ӕмӕ порнографимӕ кӕсын ма райдайӕм.

ӔНӔГЪДАУ ФӔНДТӔ-ИУ ДӔ ЗӔРДӔЙӔ ФӔСУР

Уӕлдӕр куыд федтам, афтӕмӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ се ’взӕр фӕндты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый сӕ бӕллӕхмӕ ӕркодта. Ӕмӕ абон дӕр афтӕ у: адӕймаг йе ’взӕр фӕндты коммӕ куы кӕса, уӕд ӕй уый, гӕнӕн ис, бӕллӕхмӕ ’ркӕна. Йесойы ӕфсымӕр Иаков фӕдзӕхста: «Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый. Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ» (Иак. 1:14, 15). Адӕймагӕн ӕнӕгъдау фӕнд йӕ зӕрдӕйы куы ’рбынат кӕны, уӕд ӕй уый арӕхдӕр ӕркӕны тӕригъӕдмӕ. Уӕдӕ ма бауадз, цӕмӕй-иу ӕнӕгъдау хъуыдытӕ дӕ зӕрдӕйы бынат скӕной.

Кӕд дӕм ӕнӕгъдау хъуыдытӕ арӕх фӕзыны, уӕд дӕ хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын. Йесо загъта: «Кӕд [дӕ] дӕ къух кӕнӕ дӕ къах рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар. [...] Кӕд дӕ дӕ цӕст рӕдийын кӕны, уӕд уый дӕр скъах ӕмӕ йӕ аппар» (Матф. 18:8, 9). Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ нӕ буар сахъат кӕнӕм. Йӕ ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ нӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ цӕй тыххӕй фӕзыны, уый-иу хъуамӕ сбӕрӕг кӕнӕм, ӕмӕ-иу стӕй, фӕивын нӕ цы хъӕуы, уый ӕвӕстиатӕй фӕивӕм. Ацы уынаффӕйӕ нӕ бон куыд у спайда кӕнын, дзырд порнографийыл куы цӕуа, уӕд?

Ӕнӕнхъӕлӕджы исты хӕлд ныв куы ауынай, уӕд-иу афтӕ ма ахъуыды кӕн, цӕй, ницы мын уыдзӕн, зӕгъгӕ. Уайтагъд-иу иннӕрдӕм азил. Телевизор уа, компьютер уа ӕви телефон – уыцы тӕккӕ-иу ӕй ахуыссын кӕн. Дӕ хъуыдытӕ-иу, сыгъдӕг цы у, уымӕ сараз. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ хъуыдытыл дӕ бар цӕудзӕн ӕмӕ дӕ ӕвзӕр фӕндтӕ сӕ фӕдыл нӕ асайдзысты.

АДӔЙМАГӔН-ИУ ХӔЛД НЫВТӔ НОГӔЙ ЙӔ ЗӔРДЫЛ КУЫ ’РЛӔУУОЙ, УӔД ТА?

Зӕгъӕм, порнографимӕ кӕсынӕй дын фервӕзын бантыст, фӕлӕ уӕддӕр, цӕмӕ-иу кастӕ, уыдӕттӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц. Уӕд та дӕ бон цы у саразын? Хӕлд нывтӕ кӕнӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ адӕймаджы зонды, гӕнӕн ис, афтӕ ныффидар уой, ӕмӕ сӕ бирӕ рӕстӕг йӕ бон фервӕзын ма уа. Ногӕй та сӕры куыд фегуырынц, уый хатт ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны. Дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ куы рауайы, уӕд дӕ, чи зоны, ӕрфӕнды чъизи митӕ кӕнын, зӕгъӕм, мастурбаци кӕнын. Уӕдӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕм ахӕм хъуыдытӕ фӕзына, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ у семӕ тох кӕнынмӕ.

Архай, цӕмӕй дӕ фидар фӕнд уа дӕ хъуыдытӕй ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Апостол Павелы фӕзм. Уый загъта: «Мӕ буар хъизӕмарӕй марын ӕмӕ дзы цагъар аразын» (1 Кор. 9:27). Ма бауадз, цӕмӕй дӕ буары фӕндты цагъар суай. Ромӕгтӕм 12:2 стихы фыст ис: «Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст». Дӕ зӕрдыл дар: адӕймаг амондджын вӕййы, йе ’нӕгъдау фӕндты фӕдыл куы фӕцӕуы, уӕд нӕ, фӕлӕ йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд.

Адӕймаг амондджын вӕййы, йе ’нӕгъдау фӕндты фӕдыл куы фӕцӕуы, уӕд нӕ, фӕлӕ йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд

Бацархай, цӕмӕй бахъуыды кӕнай, ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн дын чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ. Зӕгъӕм, Псалом 119:37; Исай 52:11; Матфейы 5:28; Ефесӕгтӕм 5:3; Колоссӕгтӕм 3:5 ӕмӕ 1 Фессалоникӕгтӕм 4:4–8. Ацы стихтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй порнографимӕ, Йегъовӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй кӕсай ӕмӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕмбарай.

Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, иуӕй-иу хатт тынг фӕфӕнды ӕнӕгъдау истӕмӕ бакӕсын кӕнӕ ӕнӕгъдау цӕуылдӕрты хъуыды кӕнын. Уӕд та дӕ бон цы у бакӕнын? Ахӕм уавӕры куыд кӕнын хъӕуы, уымӕн нын цӕвиттон у Йесо (1 Пет. 2:21). Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕй Хӕйрӕг фӕлварын райдыдта. Йесо куыд бакодта? Хӕйрӕг ӕй цал хатты фӕлвӕрдта, уал хатты-иу ын Фыстадӕй дзуапп радта, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ныхмӕ фӕлӕууыд. Загъта йын: «Ацу ардыгӕй, Сайтан!» Ӕмӕ йӕ Хӕйрӕг ныууагъта. Йесо Хӕйрӕгимӕ куы тох кодта, уӕд йӕ къухтӕ не ’руагъта. Ӕмӕ ды дӕр Йесойы фӕзм (Матф. 4:1–11). Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне дарддӕр дӕр архайдзысты, цӕмӕй дӕ ӕнӕгъдау хъуыдытыл ӕфтауой. Фӕлӕ дӕ къухтӕ ма ’руадз. Дӕ бон у ӕнӕгъдау хъуыдыты ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы уыцы знагыл, порнографийыл, фӕуӕлахиз уыдзынӕ.

КУВ ЙЕГЪОВӔМӔ ӔМӔ ЙӔ КОММӔ КӔС

Ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы кур, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Павел загъта: «[Хуыцауӕй] курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7). Хуыцауы фарн дын ӕххуыс кӕндзӕн тӕригъӕдимӕ тох кӕнынӕн. Йегъовӕмӕ куы баввахс уай, уӕд дӕм «уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8).

Дунедарӕг Хуыцауы ӕввахс хӕлар куы уай, уӕд дын Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй искӕцыйы бахауынӕй тӕссаг нӕ уыдзӕн. Йесо загъта: «Ӕрбацӕуы ацы дунейы хицау [Хӕйрӕг]. Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы» (Иоан. 14:30). Цымӕ йӕ уый фидарӕй цӕмӕн уырныдта? Йесо бамбарын кодта: «Чи мӕ рарвыста, уый мемӕ ис – иунӕгӕй мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый» (Иоан. 8:29). Кӕд ды дӕр архайыс, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ алы хъуыддагӕй дӕр рухс кӕнай, уӕд дӕу дӕр никуы ныууадздзӕн. Порнографийӕ дӕхи хиз ӕмӕ Хӕйрӕгӕн йӕ къӕппӕджы никуы бахаудзынӕ.