Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Гыццылӕй тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕн куыд ис удӕнцой дӕттӕн?

Гыццылӕй тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕн куыд ис удӕнцой дӕттӕн?

«Удӕнцойдӕттӕг Хуыцау... нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 КОР. 1:3, 4).

134 ЗАРӔГ Сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг, алы адӕймаджы дӕр кӕй хъӕуы, цӕмӕй йын исчи удӕнцой дӕтта ӕмӕ йӕхи бон дӕр кӕй у иннӕтӕн удӕнцой дӕттын? б) Иуӕй-иу сывӕллӕттыл цавӕр хабар ӕрцӕуы?

АДӔЙМАГ афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу ӕй исчи барӕвдауа ӕмӕ-иу ын удӕнцой ратта, ӕмӕ йӕхи бон дӕр у иннӕтӕн удӕнцой дӕттын. Зӕгъӕм, сывӕллон хъазгӕ-хъазын куы фӕкӕлы ӕмӕ йӕ уӕраг куы ныппырх кӕны, уӕд уайтагъд йӕ мадмӕ кӕугӕйӕ балидзы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мадӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ йӕ адзӕбӕх кӕна, фӕлӕ йӕ бон у сывӕллоны ӕрсабыр кӕнын. Афӕрсы йӕ, цы кодтай, зӕгъгӕ, йӕ цӕссыгтӕ йын ныссӕрфы, йӕ хъӕбысмӕ йӕ сисы ӕмӕ йӕ фӕлмӕн ныхасӕй ӕрсабыр кӕны. Стӕй ма йын йӕ цӕф хосӕй байсӕрды ӕмӕ йын ӕй бабӕтты. Ӕмӕ сывӕллон йӕ кӕуынӕй банцайы ӕмӕ та ногӕй хъазынмӕ азгъоры. Рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд йӕ хъӕдгом байгас вӕййы.

2 Фӕлӕ хатгай сывӕллӕттыл уымӕй бирӕ фыддӕр хабар ӕрцӕуы – тыхми ӕмӕ сын ӕвзӕр митӕ бакӕнынц. Ӕмӕ кӕмӕндӕрты иу хатт бакӕнынц ахӕм ми, кӕмӕндӕрты та ахӕм митӕ бирӕ азты дӕргъы фӕкӕнынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр сӕ зӕрдӕйы арф хъӕдгом баззайы. Сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ чи бакӕны, уыдонӕй кӕйдӕрты ӕрцахсынц ӕмӕ сӕ сбадын кӕнынц, чидӕртӕ та ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Ӕмӕ кӕд иуӕй-иутӕ уайтагъд ӕфхӕрд баййафынц, уӕддӕр, ахӕм ми кӕмӕн бакӕнынц, уыдон бирӕ азты дӕргъы зӕрдӕрыст вӕййынц.

3. 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕйы цы фӕнды? Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Кӕд не ’мчырыстӕттӕй искӕмӕн гыццылӕй тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ бакодтой ӕмӕ ныронг зӕрдӕрыст у, уӕд ын куыд ис баххуыс кӕнӕн? (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4.) Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ зынаргъ сты, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ алчидӕр иннӕты уарзтӕй рӕвдыд уа ӕмӕ йын зын сахат иннӕтӕ удӕнцойы хос уой. Уымӕ гӕсгӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фарстамӕ: 1) Гыццылӕй тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕн удӕнцой дӕттын цӕмӕн фӕхъӕуы? 2) Кӕмӕн у йӕ бон ахӕм адӕймӕгтӕн удӕнцой дӕттын? 3) Куыд сын ис удӕнцой дӕттӕн?

УДӔНЦОЙ ДӔТТЫН СЫН ЦӔМӔН ФӔХЪӔУЫ?

4, 5. а) Сывӕллон стыр адӕймагӕй кӕй хицӕн кӕны, уый зӕрдыл дарын цӕмӕн хъӕуы? б) Сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ куы бакӕнынц, уӕд сыл уый куыд фӕзыны?

4 Гыццылӕй тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕй кӕмӕндӕрты фӕхъӕуы удӕнцой дӕттын, кӕд уыцы хабарӕй бирӕ азтӕ рацӕуы, уӕддӕр. Афтӕ цӕмӕн у, уый бамбарыны тыххӕй зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ сывӕллон стыр адӕймагӕй тынг хицӕн кӕны. Стыр адӕймаджы куы бафхӕрынц, уӕд ыл уый тынг фӕзыны, фӕлӕ сывӕллоныл та ахӕм цыдӕртӕ ноджы тынгдӕр фӕзынынц. Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.

5 Ахсджиаг у, цӕмӕй сывӕллӕттӕ, чи сӕ хъомыл кӕны, уыдонимӕ ӕнгом уой ӕмӕ сыл ӕууӕндой. Афтӕмӕй сӕхи ӕдас фӕхатынц ӕмӕ сӕ чи уарзы, уыдоныл феууӕндынц (Пс. 22:9). Фӕлӕ, хъыгагӕн, сывӕллӕттӕн арӕх тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ бакӕнынц сӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ кӕнӕ та, бинонтимӕ хорз чи вӕййы, ахӕм исчи, ӕмӕ сын ахӕм ми арӕхдӕр бакӕнынц сӕ хӕдзары. Сывӕллон кӕуыл ӕууӕнды, ахӕм исчи йын куы бакӕны ахӕм ми, уӕд иннӕтыл дӕр нал феууӕнды, ӕмӕ, бирӕ азтӕ куы рацӕуы, уӕд дӕр ын ӕнцон нӕ вӕййы иннӕтыл ӕууӕндын.

6. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ бакӕнай, уый у фыдракӕнд ӕмӕ сын стыр зиан хӕссы?

6 Сывӕллӕттӕн сӕ бон нӕу сӕхи бахъахъхъӕнын. Уымӕ гӕсгӕ, тыхми ӕмӕ сын ӕвзӕр митӕ бакӕнай, уый у стыр фыдракӕнд. Уыдон, лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уыдонмӕ зондӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр цӕттӕ нӕ вӕййынц, стӕй уымӕ цӕттӕ нӕ вӕййы сӕ буар дӕр. Ӕмӕ сын тыхми куы бакӕнынц, уӕд сыл уый афтӕ фӕзыны, ӕмӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ раст цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц, сӕхимӕ ницӕйаг кӕсын райдайынц ӕмӕ иннӕтыл нал феууӕндынц.

7. а) Сывӕллӕтты ӕнцонтӕй асайӕн цӕмӕн вӕййы ӕмӕ сын тыхми чи бакӕны, уыдон сӕ куыд асайынц? б) Сывӕллӕттыл уыцы сайд куыд фӕзыны?

7 Сывӕллӕттӕн сӕ бон нӕма у стыр адӕймӕгтау хъуыды кӕнын, уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ сын тӕссаг цӕмӕй у, уый ӕмбарын ӕмӕ уымӕй сӕхи хизын (1 Кор. 13:11). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ чи бакӕны, уыдон сӕ ӕнцонтӕй асайынц. Фӕзӕгъынц сын, ахӕм хабар сыл сӕхи аххосӕй кӕй ӕрцыд кӕнӕ та сӕ бафӕдзӕхсынц, цӕмӕй йӕ макӕмӕн радзурой. Йе та сын фӕзӕгъынц, сӕ ныхӕстыл сын кӕй ничи баууӕнддзӕн ӕмӕ сын кӕй ничи баххуыс кӕндзӕн. Кӕнӕ та сӕ асайынц, зӕгъгӕ, дам, стыртӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ афтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уымӕй равдисынц, кӕрӕдзи кӕй уарзынц. Ӕмӕ уый сайд кӕй у, уый сывӕллон бамбары ӕрмӕстдӕр бирӕ азты фӕстӕ. Ӕмӕ чидӕртӕ, куы сыстыр вӕййынц, уӕд дӕр сӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсынц ӕмӕ сӕ исчи уарза ӕмӕ сын удӕнцой дӕтта, сӕхи уый аккагыл нӕ фӕнымайынц.

8. Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, зӕрдӕрыст чи у, уыдонӕн удӕнцой дӕттын?

8 Уӕдӕ диссаг нӕу, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы хъӕдгом бирӕ азты дӕргъы дӕр кӕй нӕ байгас вӕййы. Уымӕй стырдӕр фыдракӕнд нӕй! Ӕмӕ ахӕм хабар ӕгас дунейы бирӕ сывӕллӕттыл кӕй ӕрцӕуы, уымӕй бӕрӕг у, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм. Библийы фӕстаг бонты тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн» ӕмӕ «ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ... кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр» (2 Тим. 3:1–5, 13). Хӕйрӕджы фыдвӕндтӕ хӕссынц маст ӕмӕ фыдбылыз. Ӕмӕ адӕймагӕн хъыг вӕййы, чидӕртӕ, Хӕйрӕгӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕй фӕаразынц, уый. Фӕлӕ Йегъовӕ Хӕйрӕгӕй ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдонӕй бирӕ тыхджындӕр у. Йегъовӕ Хӕйрӕджы фыдхъуыддӕгтӕ иууылдӕр уыны. Уый нын уыны нӕ хъизӕмӕрттӕ, ӕмӕ йӕ бон у махӕн удӕнцой раттын. Ахӕм «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн» кӕй лӕггад кӕнӕм, уый махӕн у стыр арфӕдзинад. «Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр, цӕмӕй нын цы удӕнцой дӕтты, уымӕй махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын» (2 Кор. 1:3, 4). Зӕрдӕрыст чи у, уыдонӕн Йегъовӕ удӕнцой кӕй уылты фӕдӕтты?

ЙӔ БОН КӔМӔН У ЗӔРДӔРЫСТ ХОТӔ ӔМӔ ӔФСЫМӔРТӔН УДӔНЦОЙ ДӔТТЫН?

9. Гыццылӕй тыхми кӕмӕн бакодтой ӕмӕ уыцы хабарӕй йӕ ныййарджытӕ кӕй нӕ бахъахъхъӕдтой, уыдонӕн, 27-ӕм псаломы 10-ӕм стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны?

9 Гыццылӕй йӕ хиуӕттӕй чидӕр тыхми кӕмӕн бакодта кӕнӕ та ахӕм хабарӕй йӕ ныййарджытӕ кӕй нӕ бахъахъхъӕдтой, уыдонӕн уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы удӕнцой дӕттын. Псаломзарӕггӕнӕг Давид зыдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр удӕнцой кӕй дӕтдзӕн. (Бакӕс Псалом 27:10.) Давиды уырныдта, адӕймагыл йӕ бинонтӕ куы нӕ тыхсой, уӕддӕр Йегъовӕ кӕй суыдзӕн йӕ Фыд. Йегъовӕ ахӕм адӕймагӕн удӕнцой ратты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уылты. Хуыцауӕн иумӕ кӕимӕ лӕггад кӕнӕм, уыдонимӕ мах стӕм иу бинонтау. Йесо иухатт ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр» (Матф. 12:48–50).

10. Апостол Павел хистӕр нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кодта, уый тыххӕй цы ныффыста?

10 Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ чырыстон ӕмбырды чи ис, уыдон иу бинонтау сты? Ӕркӕсӕм апостол Павелы хабармӕ. Павел Хуыцауыл уыд иузӕрдион ӕмӕ хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ фыдӕбон кодта. Ӕмӕ йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ фӕзмыдтаиккой, йӕхӕдӕг Чырыстийы куыд фӕзмыдта, афтӕ (1 Кор. 11:1). Павел хистӕр нӕлгоймаг уӕвгӕйӕ йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кодта, уый тыххӕй загъта: «Мах [уӕ] рӕвдыдтам, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбулты куыд фӕрӕвдауы, афтӕ» (1 Фес. 2:7). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ Павелы фӕзмой ӕмӕ, зӕрдӕрыст чи у, уыдонӕн Библийы фӕрцы удӕнцой дӕттой ӕмӕ сӕ ныхасӕй рӕвдауой.

Фӕлтӕрдджын хотӕ стыр ӕххуыс ӕмӕ удӕнцойы хос вӕййынц зӕрдӕрыст хотӕн (кӕс 11 абзац) *

11. Зӕрдӕрыст чи у, уыдонӕн ӕрмӕстдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ дӕттой удӕнцой? Бамбарын ӕй кӕн.

11 Гыццылӕй тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕн цымӕ удӕнцой ӕрмӕстдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ дӕттой? Нӕ, махӕй алкӕмӕн дӕр у йӕ хӕс иннӕты «фидар кӕнын» (1 Фес. 4:18). Зӕгъӕм, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыцы хотӕн стыр ӕххуыс ӕмӕ удӕнцойы хос уыдзысты фӕлтӕрдджын хотӕ. Йегъовӕ йӕхи дзӕгъӕлы нӕ бары, йӕ хъӕбулы зӕрдӕ чи сабыр кӕны, ахӕм мадимӕ (Ис. 66:13). Библийы ис, тыхст уавӕры чи уыд, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ чи сабыр кодта, ахӕм сылгоймӕгты цӕвиттонтӕ (Иов 42:11). Чырыстон сылгоймӕгтӕ зӕрдӕрыст хоты ныхасӕй куыд барӕвдауынц, уымӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны! Хатгай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлтӕрдджын хотӕн хибарӕй фӕзӕгъынц, цӕмӕй зӕрдӕрыст хотӕн баххуыс кӕной *.

ЗӔРДӔРЫСТ ХОТӔ ӔМӔ ӔФСЫМӔРТӔН УДӔНЦОЙ ДӔТТӔН КУЫД ИС?

12. Зӕрдӕрыст адӕймагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ-иу нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

12 Зӕрдӕрыст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕмӕн баххуыс кӕныныл куы архайӕм, уӕд-иу хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм ӕмӕ сӕ дзурын кӕй тыххӕй нӕ фӕнда, ахӕм хабӕрттӕй-иу сӕ ма фӕрсӕм (1 Фес. 4:11). Уӕдӕ нӕ бон куыд у ахӕм адӕймӕгтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын удӕнцой дӕттын? Аныхас кӕнӕм фондз хъуыддагыл.

13. 1 Паддзӕхты 19:5–8 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕйы зӕд Илийайы куыд бафидар кодта ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

13 Хъуыддагӕй сын ӕххуыс кӕн. Иухатт пехуымпар Илийа йе знӕгтӕй куы ’мбӕхст, уӕд афтӕ зӕрдӕрыст уыд, ӕмӕ мӕлӕтмӕ бӕллыд. Уӕд ӕм Йегъовӕ йӕ хъомысджын зӕды арвыста. Зӕд Илийайӕн хъуыддагӕй баххуыс кодта – тӕвд дзул ӕмӕ йын дон радта, цӕмӕй та йӕм хъарутӕ фӕзындаид. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 19:5–8.) Ацы хабарӕй ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ хатгай гыццыл хорздзинад дӕр адӕймагӕн стыр ӕххуыс фӕвӕййы. Махӕн та нӕ бон цавӕр гыццыл хъуыддӕгтӕй у равдисын, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй зӕрдӕрыст чи у, уыдоны кӕй уарзӕм? Зӕгъӕм, нӕ бон сӕ у къӕбӕр ахӕрынмӕ фӕхонын, исты гыццыл лӕвар сын скӕнын кӕнӕ та сын открыткӕ балӕвар кӕнын. Ӕмӕ нын кӕд бынтон ӕнцон нӕу семӕ се ’нкъарӕнты тыххӕй дзурын, уӕддӕр сын ахӕм гыццыл хъуыддӕгты фӕрцы нӕ бон у равдисын, кӕй сыл тыхсӕм, уый.

14. Илийайы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

14 Ӕххуыс сын кӕн, цӕмӕй сӕхи ӕдас хатой ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой. Илийайы хабарӕй ма иу цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм. Йегъовӕ дзы диссаджы хуызы хъарутӕ бауагъта, цӕмӕй дард фӕндагыл Хоривы хохмӕ фӕцыдаид. Уым Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ кӕддӕр скодта бадзырд, ӕмӕ уыцы дард ран Илийа йӕхи ӕдас хатыдаид. Марынмӕ йӕ чи хъавыд, уыцы знӕгтӕй уым дард уыд, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уыдаид. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Цӕмӕй, гыццылӕй тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, ахӕм адӕймагӕн удӕнцой раттӕм, уый тыххӕй уал фыццаджыдӕр хъӕуы ууыл батыхсын, цӕмӕй йӕхи ӕдас хата. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой уый, ӕмӕ ахӕм зӕрдӕрыст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕрты аныхас кӕнын ӕнцондӕр уаид сӕ хӕдзары, кӕмӕндӕрты – та Паддзахады залы.

Адӕймагмӕ фӕразонӕй куы хъусӕм, йемӕ иумӕ зӕрдӕбынӕй куы кувӕм ӕмӕ йӕ ныхасӕй куы рӕвдауӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕндзыстӕм (кӕс 15–20 абзацтӕ) *

15, 16. Лӕмбынӕг хъусай, уымӕ цы хауы?

15 Лӕмбынӕг-иу сӕм хъус. Библи нын дзуры: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна» (Иак. 1:19). Чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ лӕмбынӕг хъусын уый у, ӕмӕ адӕймаджы фарсмӕ куы бадай ӕмӕ йӕм ӕнӕдзургӕйӕ куы хъусай. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Зӕгъӕм, Илийа Йегъовӕйӕн йӕ сагъӕстӕ куы дзырдта, уӕд ын Йегъовӕ равдыста, лӕмбынӕг ӕм кӕй хъуыста. Илийа йе знӕгтӕй тарсти, стӕй йӕм афтӕ каст, ӕмӕ иунӕг у ӕмӕ йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у. Йегъовӕ йын йе ’нкъарӕнтӕ ӕмбӕрста, ӕмӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы ӕнкъарӕнтыл фӕтых уыдаид (1 Пад. 19:9–11, 15–18).

16 Нӕ хотӕй кӕнӕ нын не ’фсымӕртӕй исчи йӕ сагъӕстӕ куы дзура, уӕд ын куыд ис равдисӕн, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын йӕ рыст кӕй ӕмбарӕм? Хатгай уый тыххӕй фаг вӕййы цалдӕр фӕлмӕн ныхасы зӕгъын дӕр. Зӕгъӕм, нӕ бон ын у зӕгъын: «Зын мын у, ахӕм хабар дыл кӕй ӕрцыд. Сывӕллонӕн ахӕм ми бакӕнай, уымӕй фыддӕр ма цы хъуамӕ уа!» Йе та йӕм нӕ бон у иу кӕнӕ дыууӕ фарстайы раттын, цӕмӕй бамбарӕм, цы нын дзуры, уый хорз ӕмбарӕм ӕви нӕ. Зӕгъӕм, нӕ бон ӕй у бафӕрсын: «Ома дӕ уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ..?» кӕнӕ та: «Раст дӕ бамбӕрстон..?» Афтӕ адӕймаг уындзӕн, лӕмбынӕг ӕм кӕй хъусӕм ӕмӕ кӕй архайӕм, цӕмӕй йӕ бамбарӕм (1 Кор. 13:4, 7).

17. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй-иу адӕймагмӕ фӕразонӕй хъусӕм ӕмӕ-иу «дзурынмӕ... тагъд ма кӕнӕм»?

17 Фӕлӕ-иу дын адӕймаг йӕ сагъӕстӕ куы дзура, уӕд-иу «дзурынмӕ... тагъд ма кӕн». Йӕ ныхас-иу ын ӕрдӕгыл ма аскъуын, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ йын уынаффӕ раттын кӕнӕ та йын йӕ зондахаст бараст кӕнын хъӕуы, уӕддӕр. Фӕразонӕй-иу ӕм хъус. Илийа Йегъовӕйӕн, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый куы дзырдта, уӕд йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, тынг кӕй маст кодта. Фӕстӕдӕр ын Йегъовӕ йӕ уырнындзинад бафидар кодта, ӕмӕ та йын Илийа ногӕй радзырдта, цы йӕ тыхсын кодта, уый, ӕмӕ та фӕстӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ракодта (1 Пад. 19:9, 10, 13, 14). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Адӕймаг нын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзургӕйӕ уыцы иу ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕйы бафӕзмӕм ӕмӕ-иу ӕм фӕразонӕй байхъусӕм. Куыд бакӕна, уый дзурыны бӕсты йын фӕлтау равдисӕм, йӕ рыст ын кӕй ӕмбарӕм (1 Пет. 3:8).

18. Зӕрдӕрыст адӕймагӕн цавӕр куывдтытӕ баххуыс кӕндзысты ӕмӕ афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн?

18 Йемӕ иумӕ зӕрдӕбынӕй акув. Зӕрдӕрыст адӕймагӕн хатгай зын вӕййы Хуыцаумӕ кувын. Чи зоны, йӕхи уый аккагыл нӕ нымайы. Цӕмӕй ахӕм адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ бон у йемӕ иумӕ Йегъовӕмӕ акувын ӕмӕ-иу кувгӕ-кувын уыцы адӕймаджы ном зӕгъын. Стӕй ма нӕ бон у куывды мидӕг зӕгъын, уыцы адӕймаг махӕн дӕр ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр тынг зынаргъ кӕй у. Нӕ бон ма у Йегъовӕйӕн зӕгъын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна. Ахӕм куывдтытӕ зӕрдӕрыст адӕймагӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзысты (Иак. 5:16).

19. Цӕмӕй нӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн удӕнцойы хос уой, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

19 Дӕ ныхӕстӕ йын хъуамӕ удӕнцойы хос фӕуой. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй-иу исты зӕгъыны размӕ ахъуыды кӕнай. Ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ сты карды цӕфау, фӕлмӕн ныхас та у ӕвдадзы хос (Ӕмб. 12:18). Уӕдӕ-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй-иу дӕ ныхӕстӕ уой фӕлмӕн ӕмӕ-иу адӕймаджы зӕрдӕ ӕрсабыр кӕной. Рох дӕ ма уӕд: цыфӕнды зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ма зӕгъай, уӕддӕр, Йегъовӕ Библийы кӕй ныффыссын кодта, уыцы ныхӕсты ис бирӕ стырдӕр тых (Дзут. 4:12).

20. Гыццылӕй тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕй иуӕй-иутӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ вӕййы ӕмӕ сын нӕ бон цы у сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын?

20 Гыццылӕй тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕй чидӕртӕ сӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсынц ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ ничи уарзы, суанг ма афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ иннӕты уарзты аккаг не сты. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу! Ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн-иу Библийы фӕрцы сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Йегъовӕ сӕ бирӕ кӕй уарзы. (Кӕс рамкӕ « Библийы фӕрцы сын удӕнцой дӕтт».) Ӕрхъуыды-ма кӕн, пехуымпар Данел лӕмӕгъ ӕмӕ ныфссаст куы уыд, уӕд ӕй зӕд куыд бафидар кодта, уый. Йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй у. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй Данелӕй уый рох ма уыдаид (Дан. 10:2, 11, 19). Раст афтӕ, зӕрдӕрыст чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр Йегъовӕйӕн сты тынг зынаргъ!

21. Йӕ фыдхъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Ныр та уал нӕ бон цы у аразын?

21 Иннӕтӕн удӕнцой раттыныл куы фӕархайӕм, уӕд сын афтӕмӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы. Стӕй нӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы. Уымӕй иу фыдхъуыддаг дӕр ӕмбӕхст нӕу. Йегъовӕ алцыдӕр уыны, ӕмӕ, йӕ фыдхъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн (Ным. 14:18). Ныр та уал нӕ бон у зӕрдӕрыст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ нӕ уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисын. Ныфсы хос ма нын уый у, ӕмӕ, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне хъизӕмӕрттӕ кӕмӕн бавзарын кодтой, уыдонӕн Йегъовӕ сӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн. Тагъд ахӕм рӕстӕг ралӕудзӕн, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты (Ис. 65:17).

109 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм

^ 5 абз. Гыццылӕй тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдоныл уыцы хабар афтӕ фӕзыны, ӕмӕ сӕ бирӕ азты фӕстӕ дӕр фӕхъӕуы цавӕрдӕр ӕнкъарӕнтимӕ тох кӕнын. Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, хабар афтӕ цӕмӕн у, уый бамбарынӕн. Стӕй базондзыстӕм, кӕмӕн у йӕ бон ахӕм адӕймӕгтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сын удӕнцой дӕттын. Ӕмӕ фӕстагмӕ ӕркӕсдзыстӕм, уый куыд ис аразӕн, уымӕ.

^ 11 абз. Гыццылӕй тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, ахӕм адӕймаджы дохтырты ӕххуыс хъӕуы ӕви нӕ, уый хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна.

^ 76 абз. НЫВ. Фӕлтӕрдджын хо зӕрдӕрыст хойы фидар кӕны.

^ 78 абз. НЫВ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕрдӕрыст хоимӕ ныхас кӕнынц. Хо ӕрбахуыдта, чи йӕ фидар кодта, уыцы фӕлтӕрдджын хойы дӕр.