Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуыцауы сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны?

Хуыцауы сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны?

«Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (ФИЛ. 4:13).

104 ЗАРӔГ Хуыцауы лӕвар – йӕ сыгъдӕг тых

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Алы бон дӕр нын нӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн цы ӕххуыс кӕны? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

«КУЫ ахъуыды кӕнын, цы зындзинӕдтӕ сфӕрӕзтон, ууыл, уӕд ӕй фембарын, уый мӕхи хъаруйӕ мӕ бон кӕй нӕ бауыдаид». Мыййаг, ахӕм ныхӕстӕ искуы загътай? Махӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц афтӕ. Чи зоны, уӕззау низӕй рынчын уыдтӕ кӕнӕ дӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ адӕймаг фӕзиан. Уыцы зындзинад куыд сфӕрӕзтай, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд фембарыс, алы бон дӕр фидар ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй лӕууыдтӕ, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хайджын кодта, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Кор. 4:7–9).

2 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс ма нӕ хъӕуы, цӕмӕй ацы фыддунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм (1 Иоан. 5:19). Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъарутӕ хъӕуы, цӕмӕй «фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» тох кӕнӕм (Еф. 6:12). Уымӕ гӕсгӕ аныхас кӕндзыстӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн кӕй фӕрцы ӕххуыс кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕй дыууӕйыл. Стӕй ӕркӕсдзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна.

ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХ НЫН ХЪАРУТӔ ДӔТТЫ

3. Йегъовӕ нын зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн кӕй фӕрцы ӕххуыс кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕй иу цавӕр у?

3 Йегъовӕйы сыгъдӕг тых нын хъарутӕ дӕтты, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг дӕр нӕ бон уа нӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Апостол Павел ӕмбӕрста, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр йӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс дардта «Чырыстийы тыхыл» (2 Кор. 12:9). Йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг Павел бирӕ хъусын кодта, стӕй ма йӕхи фӕдарыны тыххӕй кусгӕ дӕр кодта. Коринфы куы уыд, уӕд ӕрлӕууыд Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы хӕдзары. Уыдон цатыртӕ хуыдтой. Павел дӕр уыцы куыст кӕй кодта, уымӕ гӕсгӕ-иу къуыри цалдӕр боны семӕ куыста (Хъуыд. 18:1–4). Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Павелӕн хъарутӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ бон кусын дӕр уыдаид ӕмӕ лӕггад кӕнын дӕр.

4. 2 Коринфӕгтӕм 12:7б–9 стихтӕм гӕсгӕ, Павел цӕимӕ тох кодта?

4 Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 12:7б–9. Ацы стихты Павел цӕй кой кодта, афтӕ куы загъта, «мӕ буары фӕцавдӕуыд сындз», зӕгъгӕ? Адӕймаджы буары сындз куы фӕныхсы, уӕд ын тынг фӕриссы. Уӕдӕ Павелы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ йӕ удхарӕй чи мардта, ахӕм фӕлварӕныл кӕй сӕмбӕлд. Уыцы фӕлварӕны тыххӕй загъта, зӕгъгӕ мӕ «Сайтаны зӕд» тухӕнӕй мары (комк. «цӕвы», фип.). Павелӕн йӕ фӕлварӕнтӕ уыдысты, цыма йын йӕ буары исчи сындз ныссагъта, уый хуызӕн. Уыцы фӕлварӕнтӕ, чи зоны, Сайтаны кӕнӕ йӕ дӕлимонты аххосӕй не ’взӕрста. Фӕлӕ уыдон, Павелы чи тыхсын кодта, уыцы «сындз» куы федтой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, архайын райдыдтой, цӕмӕй йын йӕ уавӕр фӕфыддӕр кодтаиккой. Цымӕ Павел куыд бакодта?

5. Йегъовӕ Павелы куывдтытӕн дзуапп куыд радта?

5 Райдианы Павелы фӕндыд уыцы «сындзӕй» фервӕзын. Уый загъта: «Хуыцауӕн ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕ уыцы сындзӕй фервӕзын кӕна». Фӕлӕ кӕд Павел куывта, уӕддӕр йӕ «сындзӕй» нӕ фервӕзт. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕ нӕ хъуыста? Нӕ. Йегъовӕ Павелы йӕ фӕлварӕнӕй нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ йын хъарутӕ радта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид. Йегъовӕ загъта: «Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады» (2 Кор. 12:8, 9). Ӕмӕ Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы Павелӕн йӕ зӕрдӕйы уыди циндзинад ӕмӕ фарн (Фил. 4:4–7).

6. а) Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты? б) Абзацы цы стихтӕ ис, уыдон дӕ куыд фидар кӕнынц?

6 Павелау ды дӕр искуы Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтай, цӕмӕй дӕ дӕ фӕлварӕнӕй фервӕзын кодтаид? Чи зоны йӕм бирӕ хӕттыты зӕрдиагӕй куывтай, фӕлӕ дӕ фӕлварӕнӕй нӕ фервӕзтӕ кӕнӕ та уавӕр фыддӕр фӕци. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ райгонд нӕ уыд? Павелы цӕвиттон ма рох кӕн. Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕн дзуапп куыд радта, афтӕ дӕ куывдтытӕн дӕр ӕнӕмӕнг ратдзӕн дзуапп! Чи зоны дӕ дӕ фӕлварӕнӕй ма фервӕзын кӕна. Фӕлӕ дын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фидар фӕлӕууынӕн хъарутӕ ратдзӕн (Пс. 61:3, 4). Чи зоны дӕ «ссӕндынц», ома ӕфхӕрд ӕййафыс, фӕлӕ дӕ Йегъовӕ нӕ ныууадздзӕн (2 Кор. 4:8, 9; Фил. 4:13).

СЫГЪДӔГ ТЫХ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ ДАРДДӔР ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНӔМ

7, 8. а) Хуыцауы сыгъдӕг тых дымгӕимӕ абарӕн цӕмӕн ис? б) Петр куыд бамбарын кодта, сыгъдӕг тых куыд архайы, уый?

7 Хуыцауы сыгъдӕг тых ма нын куыд ӕххуыс кӕны? Хуыцауы сыгъдӕг тых абарӕн ис дымгӕимӕ. Нау дымгӕйы фӕрцы бынатмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ вӕййы, денджыз куы фӕабухы, суанг уӕд дӕр. Раст афтӕ мах дӕр сыгъдӕг тых размӕ хӕссы, ома нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, цалынмӕ йӕ зӕрдӕвӕрд ног дуне нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ.

8 Апостол Петр кӕсагахсӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ хорз зыдта, денджызы куыд цӕуын хъӕуы, уыцы хабӕрттӕ. Ӕмӕ, сыгъдӕг тых куыд архайы, уый бамбарын кӕнынӕн кӕмӕй спайда кодта, уыцы дзырдбаст, ӕвӕццӕгӕн, баст у денджызы цӕуынимӕ. Петр ныффыста: «Пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ». «Амыдта»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «хаста» (2 Пет. 1:21).

9. Петры ныхӕстӕ, сыгъдӕг тых сын куыд «амыдта», зӕгъгӕ, чи фехъуыстаид, уый-иу цӕуыл ахъуыды кодтаид?

9 Петры ныхӕстӕ, сыгъдӕг тых сын куыд «амыдта», зӕгъгӕ, чи фехъуыстаид, уый-иу цӕуыл ахъуыды кодтаид? Лука дӕр Хъуыддӕгты чиныджы спайда кодта уыцы грекъаг дзырдӕй (Петр дзы цы формӕйы спайда кодта, ахӕм формӕйы хуызӕнӕй), цӕмӕй бамбарын кодтаид, цы науыл цыдысты, уый дымгӕ куыд «хаста», уый (Хъуыд. 27:15). Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ, Петр афтӕ куы загъта, Библи фысджытӕ, сыгъдӕг тых сын куыд «амыдта», афтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, уӕд спайда кодта, «денджызы цӕуынимӕ баст чи уыд, ахӕм рӕсугъд абарстӕй». Ӕндӕр ныхӕстӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Петр загъта, дымгӕ нау размӕ куыд фӕхӕссы, афтӕ сыгъдӕг тых дӕр Библи фысджытӕн разамынд кӕй лӕвӕрдта. Уыцы ахуыргонд ма загъта: «Библи чи фыста, уыдон, зӕгъӕн ис, сӕ наупӕлӕзтӕ систой». Уыдон цӕттӕ уыдысты сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайынмӕ. Йегъовӕ сарӕзта, йӕхицӕй цы кӕнгӕ уыд, уый – радта сын «дымгӕ», ома йӕ сыгъдӕг тых. Библи чи фыста, уыдон дӕр сарӕзтой, сӕхицӕй цы кӕнгӕ уыд, уый – архайдтой сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ.

ФЫЦЦАГ ХЪУЫДДАГ: Хуыцауы хъуыддӕгты ӕппӕт хъарутӕй архай

ДЫККАГ ХЪУЫДДАГ: Хуыцауы хъуыддӕгты ӕдзухдӕр архай (кӕс 11 абзац) *

10, 11. Цавӕр дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы ис сбӕлвырд кӕнӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын куыд амоны, афтӕ кӕй архайӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ адӕмы йӕ сыгъдӕг тыхӕй Библийы чингуытӕ фыссынӕн куы хайджын кодта, уыцы рӕстӕджытӕ раджы аивгъуыдтой. Фӕлӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджытӕн разамынд дӕтты абоны онг дӕр. Абон дӕр Йегъовӕ аразы, йӕхицӕй цы кӕнгӕ у, уый. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын кӕд ӕххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, нӕхицӕй цы кӕнгӕ у, уый кӕй аразӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та цы хъӕуы?

11 Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл. Цӕмӕй наудзау дымгӕйы фӕрцы бынатмӕ бахӕццӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ дыууӕ хъуыддаджы сараза. Фыццаг: хъуамӕ денджызмӕ рацӕуа ӕмӕ, дымгӕ кӕцырдӕм дымы, уыцырдӕм йӕ нау сараза. Афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд наулӕууӕны баззайдзӕн. Дыккаг: хъуамӕ наупӕлӕзтӕ сиса ӕмӕ сӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тынгдӕр айтындза. Уый уымӕн хъӕуы, ӕмӕ, дымгӕ куы дыма, уӕддӕр нау размӕ нӕ ацӕудзӕн, цалынмӕ наупӕлӕзтӕ дымгӕйӕ нӕ байдзаг уой, уӕдмӕ. Раст афтӕ махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын, йӕ сыгъдӕг тых нын куы ’ххуыс кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ нын цӕмӕй сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ аразӕм дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг: хъуамӕ цӕуӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ кӕдӕм кӕны, уыцырдӕм, ома Хуыцауы хъуыддӕгты архайӕм. Дыккаг: хъуамӕ нӕ «наупӕлӕзтӕ», гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тынгдӕр айтындзӕм, ома уыцы хъуыддӕгты ӕппӕт хъарутӕй архайӕм (Пс. 119:32). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ сыгъдӕг тых размӕ хӕсдзӕн, нӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ-иу фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд дӕр ӕмӕ нын хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм, цалынмӕ йӕ ног дуне нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ.

12. Ныр та цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

12 Мах аныхас кодтам, сыгъдӕг тых нын цы дыууӕ хъуыддаджы ӕххуыс кӕны, уыдоныл. Сыгъдӕг тых нын хъарутӕ дӕтты ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты рӕстӕг Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Сыгъдӕг тых ма нӕ размӕ кӕны ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уӕм. Ныр та аныхас кӕндзыстӕм, цавӕр цыппар хъуыддаджы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна.

СЫГЪДӔГ ТЫХ НЫН НОДЖЫ ТЫНГДӔР КӔД ӔХХУЫС КӔНДЗӔН?

13. 2 Тимофеймӕ 3:16, 17 стихтӕм гӕсгӕ нын Библи куыд ӕххуыс кӕндзӕн, фӕлӕ нӕхӕдӕг та цы хъуамӕ аразӕм?

13 Фыццаг, Библи иртасут. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16, 17.) Хуыцау-иу йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ хъуыдытӕ нывӕрдта, Библи чи фыста, уыдоны зонды. Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауы амындтӕ нӕ зондыл ӕмӕ нӕ зӕрдӕйыл бандавынц. Уыдоны фӕрцы нӕ цард фӕивӕм, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Дзут. 4:12). Фӕлӕ нын цӕмӕй сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй Библи алы бон дӕр иртасӕм ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнӕм. Ӕрмӕстдӕр уӕд ӕндавдзӕн Библи, цы дзурӕм ӕмӕ цы аразӕм, ууыл.

14. а) Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ нӕ фембӕлдты Хуыцауы сыгъдӕг тых вӕййы? б) Сыгъдӕг тых нын нӕ фембӕлдты ноджы тынгдӕр кӕд ӕххуыс кӕндзӕн?

14 Дыккаг, Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕнут (Пс. 22:22). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ чырыстон фембӕлдты «дымгӕ» фӕдымы, ома дзы вӕййы Хуыцауы сыгъдӕг тых (Рарг. 2:29). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ фембӕлдты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ Хуыцауӕй фӕкурӕм йӕ сыгъдӕг тых, иумӕ фӕзарӕм Библийыл арӕзт зарджытӕ ӕмӕ фехъусӕм, сыгъдӕг тыхы фӕрцы нысангонд чи ӕрцӕуы, уыцы ӕфсымӕрты амындтӕ. Сыгъдӕг тых феххуыс кӕны хотӕн дӕр, цӕмӕй-иу сӕ хӕслӕвӕрдтӕ бацӕттӕ кӕной ӕмӕ-иу сӕ радзурой. Фӕлӕ нын цӕмӕй сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбырдтӕм нӕхи цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ дзуаппытӕ дӕттӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбацыдыстӕм, нӕ наупӕлӕзтӕ айтыгътам, афтӕмӕй.

15. Сыгъдӕг тых нын уацамынды куыд феххуыс кӕны?

15 Ӕртыккаг, хъусын кӕнут. Хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ Библийӕ куы фӕпайда кӕнӕм, уӕд нын сыгъдӕг тых феххуыс кӕны (Ром. 15:18, 19). Фӕлӕ нын цӕмӕй сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр хъусын кӕнӕм ӕмӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, Библийӕ пайда кӕнӕм. Цӕмӕй-иу нын уацамынды адӕмимӕ хуыздӕр аныхас кӕнын рауайа, уый тыххӕй нӕ бон у пайда кӕнын, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад»-ы цы цӕвиттонтӕ вӕййы, уыдонӕй.

16. Сыгъдӕг тыхӕй сӕйраджыдӕр цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм?

16 Цыппӕрӕм, Йегъовӕмӕ кувут (Матф. 7:7–11; Лук. 11:13). Цӕмӕй сыгъдӕг тыхӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ сӕйраджыдӕр хъӕуы Йегъовӕмӕ кувын. Йегъовӕ нын алкӕддӕр нӕ куывдтытӕ хъусдзӕн ӕмӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн – нӕдӕр ахӕстоны къултӕ, нӕдӕр Хӕйрӕг (Иак. 1:17). Нӕ бон куыд у афтӕ кувын, цӕмӕй нын сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна? Уый тыххӕй ӕркӕсӕм, ӕрмӕстдӕр Лукайы Евангелийы фыст чи ’рцыд, уыцы фӕсномыг ныхасмӕ *.

ӔППЫНӔДЗУХ КУВӔМ

17. Лукайы 11:5–9, 13 стихты фыст фӕсномыг ныхасӕй кувыны тыххӕй цы базыдтам?

17 Бакӕс Лукайы 11:5–9, 13. Чырыстийы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых куыд хъуамӕ курӕм, уый. Уыцы фӕсномыг ныхасы нӕлгоймаг цы куырдта, уый райста, уымӕн ӕмӕ йе ’мбалы нал ӕмӕ нал уагъта. Кӕд ӕнафон уыди, уӕддӕр йе ’мбалӕй ӕххуыс ракурын нӕ фефсӕрмы кодта (Лук. 11:8) *. Йесо ацы фӕсномыг ныхас кувынимӕ куыд сбаста? Уый загъта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты, агурут, ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты». Уӕдӕ дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Цӕмӕй-иу нӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кӕна, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ ӕппынӕдзух кувӕм.

18. Чырыстийы фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тых кӕй дӕтдзӕн?

18 Чырыстийы фӕсномыг ныхасы фӕрцы ма ӕмбарӕм, Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тых цӕмӕн ратдзӕн, уый. Фӕсномыг ныхасы цы нӕлгоймаджы кой цӕуы, уый фӕндыд, ӕхсӕвы йӕм чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы хорз суазӕг кӕнын. Ӕмбӕрста йӕ, уазӕгӕн къӕбӕр бахӕрын кӕнын кӕй хъӕуы, фӕлӕ йӕм ницы уыд. Йесо загъта, уыцы нӕлгоймагӕн йӕ сыхаг дзул уый тыххӕй кӕй радта, ӕмӕ йӕ нал ӕмӕ нал уагъта. Уыцы фӕсномыг ныхасы фӕрцы нӕ Йесо цӕуыл ахуыр кӕны? Кӕд ӕнӕххӕст адӕймаг, чи йын лӕгъстӕ кодта, уыцы сыхагӕн баххуыс кодта, уӕд нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыд куыннӕ баххуыс кӕндзӕн, ӕппынӕдзух дзы йӕ сыгъдӕг тых чи куры, уыдонӕн! Уӕдӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд-иу хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ фехъусдзӕн, ууыл (Пс. 10:17; 66:19).

19. Цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, фидар кӕй фӕлӕудзыстӕм, ууыл?

19 Кӕд Хӕйрӕг ӕдзухдӕр нӕ ныхмӕ тох кӕны, уӕддӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, фидар кӕй фӕлӕудзыстӕм, ууыл. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын сыгъдӕг тых дыууӕ хъуыддаджы ӕххуыс кӕны. Фыццаг, хъарутӕ нын дӕтты, цӕмӕй фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм. Дыккаг, ӕххуыс нын кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, цалынмӕ ног дуне нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ. Цӕй уӕдӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй нын сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна!

41 ЗАРӔГ О Хуыцау, фехъус мӕ

^ 5 абз. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм. Базондзыстӕм ма, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна.

^ 16 абз. Йесо Хуыцаумӕ кувын тынг ахсджиаг хъуыддагыл кӕй нымадта, уый цыппар Евангелийӕ ӕппӕты тынгдӕр зыны Лукайы Евангелийӕ (Лук. 3:21; 5:16; 6:12; 9:18, 28, 29; 18:1; 22:41, 44).

^ 17 абз. Кӕс 2018 азы июлы «Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг „Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад“-ы кусӕн тетрадмӕ», 9 фарс, дӕлсӕргонд «куы нал ӕмӕ куы нал уадза».

^ 60 абз. НЫВТӔ. ФЫЦЦАГ ХЪУЫДДАГ: хо ӕмӕ ӕфсымӕр Паддзахады залмӕ ӕрбацыдысты. Уым сты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн, ӕмӕ дзы ис Йегъовӕйы сыгъдӕг тых. ДЫККАГ ХЪУЫДДАГ: сӕхи бацӕттӕ кодтой ӕмӕ ӕмбырды дзуапп дӕттынц. Ӕмӕ чырыстӕттӕ ацы дыууӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайой Библи иртасгӕйӕ, хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ дӕр.