Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

46 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ «уырнындзинады стыр уартмӕ» зилыс?

Дӕ «уырнындзинады стыр уартмӕ» зилыс?

«Райсут уырнындзинады стыр уарт» (ЕФ. 6:16).

119 ЗАРӔГ Хъуамӕ нӕм уа уырнындзинад

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Ефесӕгтӕм 6:16 стихмӕ гӕсгӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы «уырнындзинады стыр уарт»? б) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

«УЫРНЫНДЗИНАДЫ стыр уарт» дӕм ис? (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:16.) Дызӕрдыггаг нӕу, кӕй дӕм ис, уый. Стыр уарт-иу ӕфсӕддоны буарӕн йӕ фылдӕр хай куыд хъахъхъӕдта, афтӕ мах дӕр нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны ацы дунейы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, ӕнӕгъдаудзинадӕй, фыддзинадӕй ӕмӕ ма Хуыцауы зӕрдӕмӕ ноджыдӕр чи нӕ цӕуы, ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕр.

2 Фӕлӕ «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ уырнындзинад дарддӕр дӕр фӕлвӕрд цӕудзӕн (2 Тим. 3:1). Нӕ бон куыд у базонын, нӕ уырнындзинады уарт фидар у ӕви нӕ? Ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинады уартыл дарддӕр дӕр фидар хӕцӕм? Аныхас кӕнӕм ацы фарстатыл.

ДӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫ УАРТ ЦЫ УАВӔРЫ ИС, УУЫЛ ЛӔМБЫНӔГ АХЪУЫДЫ КӔН

Тохы фӕстӕ-иу ӕфсӕддонтӕ сӕ уартытӕ сцалцӕг кӕнын кодтой (кӕс 3 абзац)

3. Ӕфсӕддонтӕ-иу сӕ уартытӕм куыд зылдысты ӕмӕ цӕмӕн?

3 Раджы заманты-иу ӕфсӕддонтӕм арӕхдӕр уыди, сӕрак конд кӕуыл уыд, ахӕм уартытӕ. Ахӕм уартытӕ-иу сойӕ байсӕрстой, цӕмӕй-иу сӕрак ма ’взӕр кодтаид ӕмӕ-иу се ’фсӕйнаг хӕйттӕ ма згӕ кодтаиккой. Ӕфсӕддон-иу куы федта, йӕ уарт кӕй бахъыгдард, уӕд-иу ӕй бацалцӕг кӕнын кодта, ӕмӕ-иу уый фӕрцы алкӕддӕр тохмӕ цӕттӕ уыд.

4. Нӕ уырнындзинады уарт цы уавӕры ис, ууыл нӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ уый куыд ис аразӕн?

4 Раджы заманты-иу ӕфсӕддонтӕ сӕ уартытӕм куыд лӕмбынӕг ӕркастысты ӕмӕ-иу сӕм куыд базылдысты, афтӕ хъуамӕ мах дӕр ӕдзухдӕр зилӕм нӕ уырнындзинады уартмӕ, цӕмӕй алкӕддӕр тохмӕ цӕттӕ уӕм. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах тох кӕнӕм фыдгӕнӕг тыхтимӕ (Еф. 6:10–12). Нӕ уырнындзинады уартмӕ нӕ бӕсты ничи зилдзӕн. Нӕ бон куыд у бамбарын, нӕ уырнындзинад фӕлварӕнты рӕстӕг фидар уыдзӕн ӕви нӕ? Фыццаджыдӕр хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. Стӕй хъуамӕ Библи иртасӕм, цӕмӕй нӕхимӕ, Хуыцау нӕм цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй кӕсӕм (Дзут. 4:12). Библийы фыст ис: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у» (Ӕмб. 3:5, 6). Ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй ахъуыды кӕн, ӕрӕджы цы уынаффӕтӕ рахастай, уыдонӕй иуӕй-иутыл. Чи зоны, ӕхцайӕ тынг тыхст уыдтӕ. Цымӕ уыцы рӕстӕг дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Дзуттӕгтӕм 13:5 стихы Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый, «никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн», зӕгъгӕ? Йегъовӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уымӕй дӕ ныфс бацыд? Кӕд афтӕ уыд, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ уырнындзинады уарт фидар у.

5. Дӕ уырнындзинадыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ цы бамбарай?

5 Дӕ уырнындзинадыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнай, уӕд цы рабӕрӕг уа, уый дӕ, чи зоны, дисы бафтауа. Гӕнӕн ис, дӕхимӕ фенай, уымӕй размӕ кӕй нӕ уыдтай, ахӕм лӕмӕгъдзинӕдтӕ. Чи зоны, бамбарай, дӕ уырнындзинадыл ӕвзӕрырдӕм кӕй фӕзынд, цӕуылдӕрты ӕгӕр кӕй фӕмӕт кӕныс, цы мӕнг ныхӕстӕ нӕ фӕдзурынц, уыдонмӕ кӕй фӕхъусыс кӕнӕ дӕ ныфс кӕй асаст, уый. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнай?

ДӔ УЫРНЫНДЗИНАД ХЪАХЪХЪӔН, ТӔССАГ ЫН ЦӔМӔЙ У, УЫДӔТТӔЙ

6. Мӕт кӕнын ӕвзӕр кӕд нӕ вӕййы?

6 Цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл мӕт кӕнын ӕвзӕр нӕу. Зӕгъӕм, фӕмӕт кӕнӕм, Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы зӕрдӕ куыд барухс кӕнӕм, ууыл (1 Кор. 7:32). Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд фӕмӕт кӕнӕм, фӕстӕмӕ та Хуыцаумӕ куыд баввахс уӕм, ууыл (Пс. 38:18). Фӕмӕт ма кӕнӕм, нӕ цардӕмбалы зӕрдӕ куыд барухс кӕнӕм кӕнӕ, нӕ бинонтӕн ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕн куыд баххуыс кӕнӕм, ууыл (1 Кор. 7:33; 2 Кор. 11:28).

7. Ӕмбисӕндты 29:25 стихмӕ гӕсгӕ, адӕмӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

7 Фӕлӕ цӕуылдӕрты ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд уый нӕ уырнындзинадӕн зиан ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, чи зоны, ӕдзух фӕмӕт кӕнӕм, цӕмӕй нын фаг хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕс уа (Матф. 6:31, 32). Афтӕмӕй нын, гӕнӕн ис, царды сӕйрагдӕр суа мулк ӕмбырд кӕнын. Ӕмӕ ма, чи зоны, ӕхцауарзаг дӕр суӕм. Хабар афтӕ куы рауайа, уӕд Йегъовӕйыл нӕ ныфс нал дардзыстӕм ӕмӕ дзы адард уыдзыстӕм (Мар. 4:19; 1 Тим. 6:10). Кӕнӕ та, чи зоны, ӕгӕр мӕт кӕнӕм, иннӕтӕ нӕ цы хъуыды кӕнынц, ууыл. Уӕд тынгдӕр тӕрсдзыстӕм, адӕм ныл куы худой кӕнӕ нӕ куы ’фхӕрой, уымӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй нӕ, фӕлӕ. Цӕмӕй ныл ахӕм хабар ма ’рцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад ратта. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:25; Лук. 17:5.)

(кӕс 8 абзац) *

8. Мӕнг ныхӕстӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

8 Хӕйрӕг у «мӕнгдзинады фыд», ӕмӕ, йӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдоны уылты Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны (Иоан. 8:44). Зӕгъӕм, раст дин чи ныууагъта, уыдон Йегъовӕйы организацийы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ, кӕй сзыгъуыммӕ кӕнынц, ахӕм хабӕрттӕ фӕпарахат кӕнынц интернеты, газетты, телепередачӕты ӕмӕ радиойы уылты. Уыцы мӕнг ныхӕстӕ сты Хӕйрӕджы «судзгӕ фаттӕ» (Еф. 6:16). Цы хъуамӕ аразӕм, исчи ахӕм мӕнг ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд? Хъуамӕ сӕм ма хъусӕм! Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ мах ӕууӕндӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ не ’фсымӕртыл. Раст дин чи ныууагъта, уыдонимӕ нын иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Чифӕнды кӕнӕ нӕ цыфӕнды ма рӕдийын кӕна, раст дин чи ныууагъта, уыдон цы дзурынц, уый нӕм цыфӕнды цымыдисаг ма кӕса, уӕддӕр сӕм никуы хъусдзыстӕм ӕмӕ семӕ нӕ быцӕу кӕндзыстӕм.

9. Нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд ныл уый, гӕнӕн ис, куыд фӕзына?

9 Нӕ ныфс куы асӕтта, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. Хатт нӕ ныфс асӕтты, зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлӕм, уый тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ зындзинӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзыстӕм. Фӕлӕ сыл иннӕмӕй та ӕдзух нӕ хъуыды кӕндзыстӕм. Науӕд, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон ферох кӕндзыстӕм (Рарг. 21:3, 4). Ныфссаст куы уӕм, уӕд нӕм хъарутӕ нал уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзыстӕм (Ӕмб. 24:10). Фӕлӕ хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй ныл ахӕм хабар ӕрцӕуа.

10. Иу хо йӕ писмойы цы ныффыста, уый цӕуыл дзурӕг у?

10 Ӕркӕсӕм Америкӕйы Иугонд Штаттӕй иу хойы цӕвиттонмӕ. Уый йӕ уырнындзинад фидар кӕныныл архайы, кӕд йӕ сӕрыхицау уӕззау низӕй рынчын у ӕмӕ йӕм кӕсын хъӕуы, уӕддӕр. Хо Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадмӕ ныффыста: «Хатт ахӕм тыхст уавӕры вӕййӕм, ӕмӕ адӕймаг йӕхимӕ ныхъхъусид. Фӕлӕ махӕн нӕ ныфс нӕ сӕтты. Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, нӕ уырнындзинад ӕмӕ нын нӕ ныфс бафидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕтты тыххӕй. Йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ нӕ йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ тынг хъӕуынц. Уый фӕрцы дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕ Хӕйрӕг цы фӕлварӕнты баппары, уыдоны фидар фӕлӕууӕм». Ацы хойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, нӕ ныфс куы асӕтта, уӕддӕр нӕ бон кӕй у фӕстӕмӕ нӕ къахыл слӕууын. Уый тыххӕй хъуамӕ дӕ зӕрдыл дарай, дӕ фӕлварӕнтӕ Хӕйрӕгӕй кӕй сты. Ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын удӕнцой кӕй ратдзӕн. Стӕй аргъ кӕн, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын цы хӕринаг дӕтты, уымӕн.

Сымах дӕр уӕ «уырнындзинады стыр уартмӕ» зилут? (кӕс 11 абзац) *

11. Нӕ уырнындзинад фидар у ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

11 Мыййаг дӕ искӕцы хъуыддӕгты дӕ уырнындзинад фидар кӕнын хъӕуы? Фӕстаг цалдӕр мӕйы дӕргъы дын къаддӕр мӕт кӕнын рауад? Уайы дын, раст дин чи ныууагъта, уыдоны мӕнг ныхӕстӕм хъусынӕй ӕмӕ семӕ быцӕу кӕнынӕй дӕхи хизын? Дӕ ныфс куы асӕтты, уӕд фӕстӕмӕ дӕ къахыл слӕууын дӕ бон свӕййы? Кӕд о, уӕд дӕ уырнындзинад фидар у. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕгӕн нӕ ныхмӕ ис ӕндӕр хӕцӕнгӕрзтӕ дӕр. Цӕй ӕмӕ дзы иумӕ ӕркӕсӕм.

МУЛК ӔМБЫРД КӔНЫНӔЙ ДӔХИ ХИЗ

12. Мулкуарзаг куы уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, цы ’рцӕуа?

12 Мулкуарзаг куы уӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы уыйбӕрц нал араздзыстӕм. Апостол Павел загъта: «Иу ӕфсӕддон дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕхца бакусыны тыххӕй нӕ ацӕудзӕн, цӕмӕй, ӕфсадмӕ йӕ чи райста, уый дзы райгонд уа» (2 Тим. 2:4). Ромаг ӕфсӕддонтӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй ма ӕндӕр куыст дӕр кодтаиккой. Фӕлӕ ӕфсӕддон уый куы ницӕмӕ дардтаид, уӕд, гӕнӕн ис, цы ’рцыдаид?

13. Ӕфсӕддонӕн ӕхцайы куыст кӕныны бар цӕуылнӕ уыд?

13 Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм: ӕфсӕддонтӕ райсомӕй сӕ хъаматӕй хӕцын ахуыр кӕнынц, фӕлӕ ӕфсӕддонтӕй иу уым нӕй. Уый горӕты базары хӕринӕгтӕ уӕй кӕны. Изӕры ӕфсӕддонтӕ, сӕ хӕстон дзауматӕ цы уавӕры сты, уымӕ лӕмбынӕг кӕсынц ӕмӕ сӕ хъаматӕ цыргъ кӕнынц. Хӕринӕгтӕ чи уӕй кӕны, уыцы ӕфсӕддон та иннӕ бонмӕ уӕйгӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕны. Фӕлӕ сӕм дыккаг бон ӕнӕнхъӕлӕджы знаг ӕрбабырста. Тохмӕ кӕцы ӕфсӕддон уыдзӕн цӕттӕ ӕмӕ йӕ хицауы зӕрдӕ чи барухс кӕндзӕн? Уыцы тохы куы уыдаис, уӕд дӕ кӕцы ӕфсӕддоны фарсмӕ лӕууын фӕндыдаид: йӕхи чи цӕттӕ кодта, уый фарсмӕ ӕви, ӕндӕр хъуыддӕгтӕ чи кодта, уый фарсмӕ?

14. Чырыстийы ӕфсӕддонтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у?

14 Хорз ӕфсӕддонтау мах дӕр нӕ рох кӕндзыстӕм сӕйрагдӕр хъуыддаг – нӕ Хицӕутты, Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы, зӕрдӕтӕ рухс кӕнын. Уый бирӕ ахсджиагдӕр у, Хӕйрӕджы дунейы нын цыдӕриддӕр бантыса, уымӕй. Мах архайӕм, цӕмӕй нын фаг рӕстӕг ӕмӕ нӕм фаг хъарутӕ уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, стӕй нӕ уырнындзинады уартмӕ ӕмӕ ма нын Хуыцау ноджыдӕр цы хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонмӕ зилынӕн.

15. Павел нӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста ӕмӕ цӕмӕн?

15 Хъуамӕ алкӕддӕр къӕрцхъус уӕм! Цӕмӕн? Апостол Павел бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «схъӕздыг уа, уымӕ чи тырны, уыдон» «уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл» уыдзысты (1 Тим. 6:9, 10). Дзырдбаст «адзӕгъӕл сты» уый нысан кӕны, ӕмӕ гӕнӕн ис, ӕнӕмӕнг нӕ чи нӕ хъӕуы, уыцы дзауматӕ ӕмбырд кӕныныл суӕм, ӕмӕ, сӕйрагдӕр цы у, уый нӕ айрох уа. Ӕмӕ нӕм уӕд, гӕнӕн ис, фӕзына «бирӕ... ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ». Фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, уыцы фӕндтӕй Хӕйрӕг кӕй пайда кӕны, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕна.

16. Марчы 10:17–22 стихты цы хабар фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

16 Зӕгъӕм, фаг ӕхца нӕм ис бирӕ цыдӕртӕ балхӕнынӕн. Цымӕ, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, фӕлӕ, ӕнӕмӕнг чи нӕу, ахӕм дзауматӕ куы ӕлхӕнӕм, уӕд уым ӕвзӕрӕй исты ис? Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм: кӕд нӕ бон цавӕрдӕр дзаума балхӕнын у, уӕд нӕм фаг рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ уыдзӕн, цӕмӕй дзы пайда кӕнӕм ӕмӕ йӕм зилӕм? Стӕй афтӕ нӕ рауайдзӕн, ӕмӕ уыцы дзауматӕ ӕгӕр уарзын райдайдзыстӕм? Уӕд уыдзыстӕм, Йесо цы ӕрыгон нӕлгоймагимӕ ныхас кодта, уый хуызӕн. Йесо йын загъта, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр арӕзтаид, фӕлӕ уый нӕ бафӕндыд. (Бакӕс Марчы 10:17–22.) Цас хуыздӕр уаид, хуымӕтӕг цард куы кӕниккам ӕмӕ нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн куы дӕттиккам!

ДӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫ УАРТЫЛ ФИДАР ХӔЦ

17. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

17 Хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, хӕсты кӕй стӕм ӕмӕ алы бон дӕр тохмӕ цӕттӕ кӕй хъуамӕ уӕм (Рарг. 12:17). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ бӕсты нӕ уырнындзинады уарт нӕ хӕсдзысты. Хъуамӕ нӕ уырнындзинад нӕхӕдӕг фидар кӕнӕм.

18. Раджы заманты-иу ӕфсӕддон йӕ уартыл фидар цӕмӕн хӕцыд?

18 Раджы заманты-иу ӕфсӕддонӕн стыр кад кодтой, тохы-иу хъӕбатырдзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй. Фӕлӕ фӕстӕмӕ ӕнӕ уартӕй куы ’рбаздӕхтаид, уӕд фӕхудинаг уыдаид. Ромаг историк Тацит ныффыста: «Ӕфсӕддон йӕ уарт искуы куы ныууадза, уӕд уый стыр худинаг у». Уымӕ гӕсгӕ-иу тохы рӕстӕг ӕфсӕддон хъуамӕ йӕ уартыл ӕдзухдӕр фидар хӕцыдаид.

Хо йӕ уырнындзинады стыр уартыл фидар хӕцы, Хуыцауы Ныхас кӕй кӕсы, ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм кӕй цӕуы ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕны, уый фӕрцы (кӕс 19 абзац)

19. Нӕ уырнындзинады уартыл фидар цӕй фӕрцы хӕцдзыстӕм?

19 Нӕ уырнындзинады уартыл фидар хӕцдзыстӕм, ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм ӕмӕ иннӕтӕн Йегъовӕйы номы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй куы дзурӕм, уӕд (Дзут. 10:23–25). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм (2 Тим. 3:16, 17). Уӕд, Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕй пайда кӕны, уыдонӕй нын иу дӕр ахӕм зиан не ’рхӕсдзӕн, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн ма уа (Ис. 54:17). Нӕ «уырнындзинады стыр уарт» нӕ хъахъхъӕндзӕн. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ уӕхски-уӕхск хъӕбатырӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Нӕ уырнындзинады сӕрыл алы бон дӕр цы хӕсты хӕцӕм, уым уӕлахиз кӕндзыстӕм. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, ахӕм кад нӕм кӕй ӕрхаудзӕн, ӕмӕ Чырыстийы фарс уыдзыстӕм, Хӕйрӕгыл ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи цӕуы, уыдоныл куы фӕуӕлахиз уа, уӕд (Рарг. 17:14; 20:10).

118 ЗАРӔГ «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»

^ 5 абз. Ӕфсӕддоны-иу уарт хъуыди, цӕмӕй-иу ӕй тохы рӕстӕг хъахъхъӕдтаид. Нӕ уырнындзинад ис уартимӕ абарӕн. Ӕфсӕддоны-иу йӕ уартмӕ зилын куыд хъуыди, афтӕ мах та хъӕуы нӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ «уырнындзинады стыр уарт» фидар уа.

^ 58 абз. НЫВ. Раст дин чи ныууагъта, уыдон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой, ӕмӕ бинонтӕ телевизор уайтагъд ахуыссын кодтой.

^ 60 абз. НЫВ. Фӕстӕдӕр бинонты ахуыры рӕстӕг фыд Библийы фӕрцы йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕны.