Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

42 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ суыдзынӕ

Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ суыдзынӕ

«Хуыцау уӕ... фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат» (ФИЛ. 2:13).

104 ЗАРӔГ Хуыцауы лӕвар – йӕ сыгъдӕг тых

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕйӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕна?

ИУӔЙ-ИУ ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы ном нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ суа, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕ свӕййы Ахуыргӕнӕг, удӕнцойдӕттӕг Фыд кӕнӕ хорз хабар Хъусынгӕнӕг, ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цӕйдӕрты кой ис скӕнӕн (Ис. 48:17; 2 Кор. 7:6; Гал. 3:8). Фӕлӕ арӕх йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕны адӕмы уылты дӕр (Матф. 24:14; 28:19, 20; 2 Кор. 1:3, 4). Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр ратта зонд ӕмӕ хъару, цӕмӕй-иу суӕм, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн чи хъӕуы, уый.

2. а) Иуӕй-иу хатт цӕмӕн фӕдызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ мах уылты дӕр кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ уый уылты дӕр ӕххӕст кӕна. Фӕлӕ чидӕртӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕной, Йегъовӕ уыдоны уылты дӕр цыдӕр кӕй аразы, ууыл. Цымӕ цӕмӕн? Се ’взонджы хъару сӕм кӕй нал ис, сӕ уавӕртӕ кӕй нӕ амонынц кӕнӕ та сӕм цавӕрдӕр курдиӕттӕ кӕй нӕй, уый тыххӕй сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, цас хъӕуы, уыйбӕрц нӕ аразынц. Чидӕртӕ та фӕхъуыды кӕнынц, ныртӕккӕ дӕр фаг аразын, зӕгъгӕ, ӕмӕ фылдӕр аразынмӕ нӕ фӕтырнынц. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр куыд баххуыс кӕны, цӕмӕй-иу суа, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи хъӕуы, уый. Стӕй ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ иуӕй-иу нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты цӕвиттонтӕм. Мах базондзыстӕм, Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты куыд сфидар кодта, цӕмӕй сӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын фӕндгӕ дӕр кодтаид ӕмӕ архайгӕ дӕр кодтаиккой. Ӕмӕ ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у Йегъовӕйӕн фадат дӕттын, цӕмӕй йӕ фӕндтӕ мах уылты дӕр ӕххӕст кӕна.

ЙЕГЪОВӔ НЫН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ?

3. Йегъовӕ нын Филиппӕгтӕм 2:13 стихы зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ афтӕ куыд бакӕны, цӕмӕй нӕ фӕнда архайын?

3 Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:13 *. Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ сфидар кӕна, цӕмӕй нӕ фӕнда архайын. Уый куыд саразы? Зӕгъӕм, базыдтам, не ’мбырды цавӕрдӕр хъуыддаджы баххуыс кӕнын кӕй хъӕуы кӕнӕ кӕмӕдӕр фӕкӕсын кӕй хъӕуы. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды бакастысты филиалӕй ӕрвыст писмо, уым ӕмӕ уым ӕххуыс хъӕуы, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ бон нӕ уаид истӕмӕй баххуыс кӕнын?» Кӕнӕ та нын, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр зын хъуыддаг бахӕс кӕнынмӕ хъавынц, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, цымӕ йӕ мӕ бон бауыдзӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ саразын, зӕгъгӕ. Кӕнӕ Библийӕ цавӕрдӕр скъуыддзаг бакастыстӕм ӕмӕ хъуыды кӕнӕм: «Ацы скъуыддзаджы цы бакастӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ бон цӕмӕй у иннӕтӕн баххуыс кӕнын?» Йегъовӕ нын тыххӕй ницы аразын кӕны. Фӕлӕ куы фӕуыны, цӕттӕ кӕй стӕм нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынмӕ, уӕд афтӕ бакӕны, цӕмӕй нӕ бафӕнда, цӕуыл ахъуыды кодтам, уый саразын.

4. Йегъовӕ нӕ куыд сфидар кӕны, цӕмӕй-иу архайгӕ дӕр кӕнӕм?

4 Йегъовӕйӕн ма йӕ бон у, ӕмӕ нӕ сфидар кӕна, цӕмӕй архайгӕ дӕр кӕнӕм (Ис. 40:29). Йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон у афтӕ бакӕнын, ӕмӕ, ӕнӕуи дӕр цы хъуыддӕгтӕм арӕхсӕм, уыдонмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсӕм (Рац. 35:30–35). Зӕгъӕм, Йегъовӕ нӕ йӕ организацийы уылты ахуыр кӕны цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын. Кӕд нӕ зоныс, цы дын бахӕс кодтой, уый куыд ис саразӕн, уӕд искӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Стӕй дӕ бон у кӕддӕриддӕр нӕ рӕдау уӕларвон Фыдӕй, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару» курын (2 Кор. 4:7; Лук. 11:13). Йегъовӕ-иу раджы заманты нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын фӕндгӕ дӕр кодтаид ӕмӕ архайгӕ дӕр кодтаиккой. Ӕмӕ уымӕн Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис. Ныртӕккӕ дзы иуӕй-иутӕм ӕркӕсдзыстӕм. Ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ дӕуӕн дӕр куыд баххуыс кӕндзӕн, уыдон кӕй арӕзтой, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынӕн.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ФӔНДТӔ КӔЙ УЫЛТЫ ӔХХӔСТ КОДТА, УЫЦЫ НӔЛГОЙМӔГТӔ

5. Йегъовӕ йӕ фӕнд Моисейы уылты кӕд сӕххӕст кодта, уымӕй нӕ бон цы у базонын?

5 Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Моисей сси израилӕгты ирвӕзынгӕнӕг. Фӕлӕ Йегъовӕ уый кӕд сарӕзта? Моисейӕн «ӕгас Египеты зонд» куы бацамыдтой, уӕд, мыййаг, цӕттӕ уыд Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ, йӕхимӕ куыд каст, афтӕ? (Хъуыд. 7:22–25). Уӕд нӕма уыд цӕттӕ. Фыццаг уал ын Йегъовӕ баххуыс кодта, цӕмӕй суыдаид сӕрныллӕг, фӕлмӕн адӕймаг, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ сӕххӕст кодта йӕ фӕнд Моисейы уылты (Хъуыд. 7:30, 34–36). Йегъовӕ йын радта хъӕбатырдзинад, цӕмӕй бацыдаид зӕххыл ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахмӕ (Рац. 9:13–19). Ацы хабарӕй нӕ бон цы у базонын? Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕны, йӕ миниуджытӕ йын чи фӕзмы, стӕй йӕ ныфс ууыл чи фӕдары ӕмӕ дзы хъару чи фӕкуры, уыдоны уылты (Фил. 4:13).

6. Нӕ бон цы у базонын, Йегъовӕ Верзелийы уылты паддзах Давидӕн куыд баххуыс кодта, уымӕй?

6 Уымӕй цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йегъовӕ Верзелийы уылты баххуыс кодта паддзах Давидӕн. Давид йӕ адӕмимӕ лыгъди йӕ фырт Авессаломӕй, ӕмӕ уыдысты ӕххормаг, фӕллад ӕмӕ дойныйӕ мардысты. Верзели, ацӕргӕ лӕг, ӕмӕ ма йемӕ чидӕртӕ Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕрбахастой, цы сӕ хъуыд, уыдӕттӕ, кӕд сӕхи цардӕн дӕр тӕссаг уыд, уӕддӕр. Верзели афтӕ нӕ хъуыды кодта, мӕ карӕн адӕймагӕй ма Йегъовӕйӕн цы пайда ис, зӕгъгӕ. Уый Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн бахъуаджы сахат баххуыс кодта – цӕстуарзонӕй сын бахай кодта, цы йӕм уыд, уыдӕттӕй (2 Сам. 17:27–29). Ацы хабарӕй та нӕ бон цы у базонын? Цыфӕнды кары куы уӕм, уӕддӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон у мах уылты баххуыс кӕнын, не ’мчырыстӕттӕй тыхст чи у, уыдонӕн, фӕнды не ’мбырдӕй уой, фӕнды ӕндӕр бӕстӕйы цӕрой (Ӕмб. 3:27, 28; 19:17). Гӕнӕн куы нӕ уа, цӕмӕй сӕм нӕхӕдӕг ацӕуӕм ӕмӕ сын истӕмӕй баххуыс кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон у ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын. Ӕмӕ уӕд нӕ организаци уыцы мысайнӕгты фӕрцы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕндзӕн, кӕм бахъӕуа, уым ӕмӕ, кӕд бахъӕуа, уӕд (2 Кор. 8:14, 15; 9:11).

7. Йегъовӕ Симеоны уылты цы сарӕзта ӕмӕ уыцы хабар махӕн дӕр ныфсы хос цӕмӕн у?

7 Симеон царди Иерусалимы. Уый уыд ацӕргӕ лӕг, ӕмӕ Хуыцауыл уыд тынг иузӕрдион. Йегъовӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, цалынмӕ Мессийӕйы нӕ фенай, уӕдмӕ нӕ амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ. Симеон Мессийӕмӕ бирӕ азтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, ӕмӕ йын Йегъовӕйы ныхӕстӕ стыр ныфсы хос куыннӕ фӕуыдаиккой. Йегъовӕ йын йӕ уырнындзинады ӕмӕ йӕ фидардзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Иуахӕмы Симеоны «сыгъдӕг тых ӕрбакодта кувӕндонмӕ». Уым федта Йесойы – Чырысти чи хъуамӕ суыдаид, уыцы сывӕллоны. Ӕмӕ Йегъовӕ Симеонӕн Йесойы тыххӕй зӕгъын кодта пехуымпарад (Лук. 2:25–35). Ӕвӕццӕгӕн, Симеон нал федта, Йесо зӕххыл куыд лӕггад кодта, уый. Фӕлӕ уый Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыд, цы стыр кадӕй йӕ схайджын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕм фидӕны та ноджы стырдӕр хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Уыцы иузӕрдион адӕймаг ног дунейы йӕхи цӕстӕй фендзӕн, Йесойы хицаудзинад зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕн дӕр цы стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый (Райд. 22:18). Ӕмӕ махӕн дӕр Йегъовӕ цыфӕнды хъуыддаг куы бахӕс кӕны, уӕддӕр дзы тынг бузныг вӕййӕм.

8. Йегъовӕ-иу Варнавӕйы уылты йӕ лӕггадгӕнджыты куыд бафидар кодта, афтӕ сӕ мах уылты дӕр куыд фидар кӕндзӕн?

8 Н. э. 1 ӕнусы иу рӕдау адӕймаг, Иосиф, зӕгъгӕ, цӕттӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ уый уылты дӕр ӕххӕст кодтаид (Хъуыд. 4:36, 37). Ӕвӕццӕгӕн, Иосифӕн хорз уади иннӕты ныфс уадзын ӕмӕ-иу алкӕмӕн дӕр ссардта рӕвдауӕн ныхӕстӕ. Ӕмӕ йӕ апостолтӕ схуыдтой Варнавӕ, ома «Рӕвдыддзинады фырт». Зӕгъӕм, Савл чырыстон куы сси, уӕд ӕм ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ хӕстӕг бацӕуын дӕр нӕ уӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты кӕй ӕфхӕрдта. Фӕлӕ йын фӕлмӕнзӕрдӕ Варнавӕ баххуыс кодта, ӕмӕ дзы Савл бузныг куыннӕ уыдаид (Хъуыд. 9:21, 26–28). Фӕстӕдӕр, Иерусалимы чи уыд, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бауынаффӕ кодтой, кӕй хъӕуы сириаг Антиохийы цӕрӕг ӕфсымӕрты бафидар кӕнын. Ӕмӕ кӕй арвыстой? Варнавӕйы! Ӕмӕ нӕ фӕрӕдыдысты. Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ, Варнавӕ «се ’ппӕты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хицауыл иузӕрдион уой ӕмӕ йыл фидар хӕцой» (Хъуыд. 11:22–24). Афтӕ-иу Йегъовӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ алчидӕр суа «рӕвдыддзинады фырт», ома-иу цӕмӕй не ’мчырыстӕтты ныфс бауадзӕм ӕмӕ-иу сӕ ныхасӕй барӕвдауӕм. Зӕгъӕм, йӕ бон у, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоны мах уылты ныфс бауадзын. Кӕнӕ та нӕ, гӕнӕн ис, баразӕнгард кӕна, цӕмӕй рынчын кӕнӕ ныфссаст адӕймаджы бабӕрӕг кӕнӕм кӕнӕ та йӕм телефонӕй бадзурӕм ӕмӕ йын цалдӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхасы зӕгъӕм. Варнавӕйау ды дӕр Йегъовӕйӕн уый фадат ратдзынӕ, цӕмӕй йӕ фӕндтӕ дӕу уылты дӕр ӕххӕст кӕна? (1 Фес. 5:14).

9. Йегъовӕ ӕфсымӕр Василийӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй хорз хистӕр нӕлгоймаг суыдаид? Уымӕй нӕ бон цы у базонын?

9 Йегъовӕ ӕфсымӕр Василийӕн баххуыс кодта, цӕмӕй суыдаид хорз хистӕр нӕлгоймаг. Василийы хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой, 26 азы йыл куы цыд, уӕд. Ӕмӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнын, уӕлдайдӕр та, зындзинӕдтӕ чи ’взӕрста, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн. Фӕлӕ йын фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ цыдӕртӕ бацамыдтой, стӕй ма бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр Бӕрнон ӕфсымӕрты скъолайы дӕр. Василий зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй хуыздӕр хистӕр нӕлгоймаг суыдаид. Зӕгъӕм, йӕхицӕн скодта гыццыл нысӕнтты номхыгъд. Ӕмӕ-иу йӕ нысан йӕ къухы куы бафтыд, уӕд-иу фӕныфсджындӕр. Ныр афтӕ зӕгъы: «Раздӕр-иу цӕмӕй тарстӕн, уыдӕттӕ мын ныртӕккӕ стыр циндзинад хӕссынц. Йегъовӕ мын куы баххуыс кӕны, хо кӕнӕ ӕфсымӕры ныфс кӕй фӕрцы бауадзын, ахӕм стих ссарынӕн, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы». Ӕфсымӕртӕ, кӕд сымах дӕр Василийау Йегъовӕйӕн бар дӕттут, цӕмӕй йӕ фӕндтӕ сымах уылты дӕр ӕххӕст кӕна, уӕд уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ бон уа ӕмбырды ноджы стырдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ФӔНДТӔ КӔЙ УЫЛТЫ ӔХХӔСТ КОДТА, УЫЦЫ СЫЛГОЙМӔГТӔ

10. Авигейӕ цы сарӕзта ӕмӕ йӕ дӕ бон куыд у бафӕзмын?

10 Давид ӕмӕ йе ’нувыд ӕмбӕлттӕ ӕмбӕхстысты паддзах Саулӕй, ӕмӕ сӕ хъуыди ӕххуыс. Давид йӕ адӕмы арвыста иу хъӕздыг израилаг лӕгмӕ, Навалмӕ, цӕмӕй дзы иу гыццыл хӕринаг ракуырдтаиккой. Ӕмӕ йӕм сӕ ныфс дӕр хастой исты ракурынмӕ, уымӕн ӕмӕ-иу ын ӕдзӕрӕг быдыры йӕ дзугтӕ хъахъхъӕдтой. Фӕлӕ Навалы йӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт уыд, ӕмӕ сын ницы радта. Давидӕн йӕ маст рафыхт, ӕмӕ сфӕнд кодта Навалы амарын, стӕй загъта, йӕ хӕдзары йын нӕлгоймаджы мыггагӕй иуы дӕр кӕй нал ныууадздзӕн (1 Сам. 25:3–13, 22). Навалӕн уыд рӕсугъд бинойнаг, Авигейӕ, ӕмӕ ма уыди ӕмбаргӕ сылгоймаг дӕр. Уый равдыста стыр хъӕбатырдзинад ӕмӕ Давиды размӕ атагъд кодта. Стӕй Давиды раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ масты фӕдыл ма ацыдаид ӕмӕ туг ма ныккалдтаид. Уӕзданӕй йын загъта, цӕмӕй хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодтаид. Авигейӕ Давидимӕ афтӕ сӕрныллӕгӕй кӕй дзырдта ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы Давид йӕ фӕнд аивта. Бамбӕрста йӕ, Авигейӕйы Йегъовӕ кӕй рарвыста (1 Сам. 25:23–28, 32–34). Уыцы сылгоймаг йӕ удыхъӕды сфидар кодта, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм миниуджытӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ уый уылты архайдта. Раст афтӕ чырыстон хотӕ дӕр куы сахуыр вӕййынц фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй ныхас кӕнын, стӕй ӕмбаргӕ куы вӕййынц, уӕд Йегъовӕ уыдоны уылты фӕархайы, цӕмӕй-иу сын сӕ бинонты ӕмӕ ӕмбырды иннӕты бафидар кӕна (Ӕмб. 24:3; Тит. 2:3–5).

11. Шаллумы чызджытӕ цавӕр хъуыддаджы ӕххуыс кодтой ӕмӕ сӕ абон чи фӕзмы?

11 Уыцы хабарӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн бахӕс кодта Иерусалимы къултӕ ногӕй саразын. Ӕмӕ аразджыты ’хсӕн уыдысты Шаллумы чызджытӕ дӕр (Неем. 2:20; 3:12). Кӕд сӕ фыд кънйаз уыд, уӕддӕр уыдон ӕнӕзивӕгӕй кодтой уыцы уӕззау ӕмӕ тӕссаг куыст (Неем. 4:15–18). Уыдон ӕппындӕр нӕ уыдысты Фекойӕйы цӕрджытӕн сӕ кадджынты хуызӕн. Уыцы кадджынтӕ «не ’ргуыбыр кодтой» ӕмӕ иннӕтӕм ницӕмӕй фӕкастысты (Неем. 3:5). Иерусалимы къул 52 бонмӕ арӕзт куы фӕци, уӕд Шаллумы чызджытӕ куыд цин кодтаиккой! (Неем. 6:15). Нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ хотӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнынц кадджын хӕстӕ, зӕгъӕм, ӕххуыс кӕнынц, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕнӕм, ахӕм агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн. Уыцы арӕхстджын, зынгзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион хотӕ цы аразынц, уымӕн стыр аргъ ис.

12. Тавифӕйы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ бон цы у мах уылты аразын?

12 Йегъовӕ Тавифӕйы разӕнгард кодта иннӕтӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ аразынмӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнынмӕ, уӕлдайдӕр идӕдз сылгоймӕгтӕн (Хъуыд. 9:36). Ахӕм рӕдау ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыд, ӕмӕ, куы амард, уӕд ыл бирӕтӕ тынг маст кодтой. Фӕлӕ куыд цин кодтаиккой, апостол Петр ӕй куы райгас кодта, уӕд! (Хъуыд. 9:39–41). Тавифӕйы цӕвиттон нын цӕуыл дзурӕг у? Уӕлдай нӕу, ӕрыгӕттӕ стӕм ӕви ацӕргӕтӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕви сылгоймӕгтӕ,– алкӕй бон дӕр вӕййы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын (Дзут. 13:16).

13. Йегъовӕ иу ӕфсӕрмыгӕнаг хойы уылты йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кодта ӕмӕ уыцы хо цавӕр ныхӕстӕ загъта?

13 Иу ӕфсӕрмыгӕнаг хойӕн, Руфӕн, йӕ бӕллиц уыд миссионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕрыгон куы уыд, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди буклеттӕ парахат кӕнын. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ-иу уыцы цӕрдӕг рауай-бауай кодта. Фӕлӕ йын тынг зын уыд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас кӕнын. Кӕд Руф ахӕм ӕфсӕрмыгӕнаг уыд, уӕддӕр 18-аздзыдӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. 1946 азы фӕци Галаады скъола ӕмӕ фӕстӕдӕр лӕггад кодта Гавайы сакъадӕхтыл ӕмӕ Японийы. Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй уыцы хойы фӕрцы уыцы бӕстӕты хорз хабар бирӕ адӕм фехъуыстаиккой. Руф 80 азы бӕрц куы фӕлӕггад кодта, уӕд загъта: «Йегъовӕ мӕ алкӕддӕр фидар кодта. Уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй ӕфсӕрмыгӕнаг мауал уыдаин. Ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдонӕй алкӕй уылты дӕр йӕ бон кӕй у йӕ фӕндтӕ ӕххӕст кӕнын».

ЙЕГЪОВӔЙӔН ФАДАТ ДӔТТ, ЦӔМӔЙ ЙӔ ФӔНДТӔ ДӔУ УЫЛТЫ ДӔР ӔХХӔСТ КӔНА

14. Колоссӕгтӕм 1:29 стихмӕ гӕсгӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ мах уылты дӕр ӕххӕст кӕна?

14 Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бирӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразой. Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййынц. Дӕуыл та ацы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты? Бирӕ кӕнгӕ уыдзӕн, ӕппӕт хъарутӕй архайын дӕ фӕнддзӕн ӕви нӕ, уымӕй. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:29.) Цӕттӕ куы уай, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ дӕу уылты дӕр ӕххӕст кӕна, уӕд афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ-иу суыдзынӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг, дӕсны ахуыргӕнӕг, фӕлмӕнзӕрдӕ удӕнцойдӕттӕг, арӕхстджын кусӕг, ӕнувыд ӕмбал ӕмӕ ма ноджыдӕр чи хъӕуа, уый.

15. 1 Тимофеймӕ 4:12, 15 стихты цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ хъуамӕ Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй кувой?

15 Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сымахӕй та цы ис зӕгъӕн? Ӕмбырдты тынг хъӕуы, хъаруджын ӕмӕ сӕрӕн чи у, ахӕм кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты ӕххуыс. Бирӕ ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй фылдӕр сты. Не ’рыгон ӕфсымӕртӕ, хорз нӕ уаид, ӕмбырды уӕ фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын куы бафӕндид? Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ хатт фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, ӕнӕуи хъусынгӕнӕг кӕй дӕн, уый дӕр мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, уӕд Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕмӕ дӕ бафӕнда кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын, стӕй йӕ хъуыддаджы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразай (Еккл. 12:1). Де ’ххуыс нӕ тынг хъӕуы! (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:12, 15.)

16. Йегъовӕйӕ цы хъуамӕ курӕм ӕмӕ цӕмӕн?

16 Йегъовӕйӕн йӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй суай, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй чи хъӕуы, уый. Уӕдӕ дзы кур, цӕмӕй дӕ сфидар кӕна, ӕмӕ дӕ фӕнда йӕ хъуыддаг аразын, ӕмӕ стӕй цӕмӕй архайгӕ дӕр кӕнай. Ӕрыгон дӕ ӕви ацӕргӕ,– дӕ рӕстӕг, дӕ хъарутӕ ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ ныртӕккӕ афтӕ хардз кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнай (Еккл. 9:10). Ныртӕккӕ дын ис диссаджы фадӕттӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразай. Ӕмӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддагмӕ нӕ сарӕхсдзынӕ, уӕддӕр дӕ ахӕм хъуыдытӕ ма бакъуылымпы кӕнӕнт. Нӕ уарзӕгой Фыд стыр кады аккаг у. Ӕмӕ йӕ суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр кадджын кӕнын нӕ бон кӕй у, уый нын цӕй стыр кад у!

127 ЗАРӔГ Цавӕр адӕймаг хъуамӕ уон?

^ 5 абз. Фӕндид дӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын? Кӕнӕ, мыййаг, фӕхъуыды кӕныс, Йегъовӕйӕн мӕнӕй уыйбӕрц пайда нӕй, зӕгъгӕ? Науӕд та дӕм, мыййаг, афтӕ кӕсы, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн ныр цас лӕггад кӕныс, уый фаг у ӕмӕ дӕ фылдӕр ницы хъӕуы аразын? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ адӕймаджы куыд сфидар кӕны, цӕмӕй-иу суа, Йегъовӕйы фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи хъӕуы, уый, ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕна.

^ 3 абз. Кӕд Павел ацы фыстӕг фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм ныффыста, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕ хауынц Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр.