Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

41 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг иузӕрдионӕй баззай!

«Стыр бӕллӕхы» рӕстӕг иузӕрдионӕй баззай!

«Уарзут Йегъовӕйы, иузӕрдион ыл чи у, уыдон уе ’ппӕт дӕр. Йегъовӕ хъахъхъӕны, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны» (ПС. 31:23).

129 ЗАРӔГ Фидар лӕудзыстӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Тагъд хицӕуттӕ цы фехъусын кӕндзысты? б) Цавӕр фарстатӕн нӕ хъӕуы дзуапп базонын?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: хицӕуттӕ фехъусын кодтой, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй Библийы пехуымпарад сӕххӕст. Гӕнӕн ис, стыр дзыхӕй дзурой, зӕххыл ахӕм сабыр ӕмӕ ӕдас цард никуы уыд, зӕгъгӕ. Уыдоны фӕнддзӕн, цӕмӕй адӕм хъуыды кӕной, ӕмӕ хицауӕдтӕн алцӕуыл дӕр сӕ бар цӕуы ӕмӕ сӕ бон у адӕмы зындзинӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон скӕнын. Фӕлӕ, уый фӕстӕ цы ’рцӕудзӕн, ууыл сӕ бар ӕппындӕр нӕ цӕудзӕн! Цӕуылнӕ? Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, «уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт... ӕмӕ ницы хуызы аирвӕздзысты» (1 Фес. 5:3).

2 Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы ахӕм ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базонын: «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг цавӕр хабар ӕрцӕудзӕн? Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ уыцы рӕстӕг цы хъӕудзӕн аразын? Ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй стыр бӕллӕхы рӕстӕг иузӕрдионӕй баззайӕм? (Матф. 24:21).

«СТЫР БӔЛЛӔХЫ» РӔСТӔГ ЦАВӔР ХАБАР ӔРЦӔУДЗӔН?

3. Раргомады 17:5, 15–18 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Хуыцау «Стыр Вавилон» куыд фесафдзӕн?

3 Бакӕс Раргомад 17:5, 15–18. «Стыр Вавилонӕн» йе сӕфт ӕрцӕудзӕн! Цымӕ куыд? «Хуыцау сӕ зӕрдӕты [ома хицӕутты зӕрдӕты]» бавӕрдзӕн «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын». Цавӕр фӕнд? Мӕнг динтӕ иууылдӕр фесафын, уыимӕ мӕнг чырыстон динтӕ дӕр. Хуыцау йӕ фӕнд бавӕрдзӕн «сырх-сырхид сырды» ӕмӕ йӕ «дӕс сыкъайы» зӕрдӕты. «Сырх-сырхид сырд» амоны Иугонд Нациты Организацимӕ. «Дӕс сыкъайы» та амонынц, уыцы организацийӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы хицауӕдтӕм (Рарг. 17:3, 11–13; 18:8). Уыцы хицауӕдтӕ мӕнг динтӕм куы фӕуой, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ стыр бӕллӕх райдыдта. Уый уыдзӕн, ӕгас дуне дӕр кӕмӕй банкъуысдзӕн, ахӕм хабар!

4. а) Хицауӕдтӕ, мӕнг динты ныхмӕ цӕмӕн рацыдысты, уый цымӕ куыд бамбарын кӕндзысты? б) Цы ис зӕгъӕн, мӕнг динтыл хӕст чи уыд, уыцы адӕм цы араздзысты, уый тыххӕй?

4 Мах нӕ зонӕм, хицауӕдтӕ куыд бамбарын кӕндзысты, Стыр Вавилоны ныхмӕ цӕмӕн рацыдысты, уый. Чи зоны, зӕгъой, зӕххыл цы динтӕ ис, уыдон сабырдзинадӕн цӕлхдур кӕй сты, стӕй политикӕйы хъуыддӕгты сӕхи ӕдзух кӕй тъыссынц. Кӕнӕ та, чи зоны, зӕгъой, ӕгӕр бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ мулк кӕй ӕрӕмбырд кодтой (Рарг. 18:3, 7). Хицауӕдтӕ сӕхи мӕнг динтыл кӕй ныццӕвдзысты, уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы динтыл хӕст адӕмы се ’ппӕты ныццӕгъддзысты. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй фесафдзысты динтӕ. Уӕд, уыцы динтыл хӕст чи уыд, уыцы адӕм бамбардзысты, сӕ разамонджытӕ сӕ кӕй фӕсайдтой, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, дзурдзысты, уыцы динтӕм кӕй ницы бар дардтой.

5. Йегъовӕ нын стыр бӕллӕхы тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ цӕмӕн?

5 Библийы фыст нӕй, Стыр Вавилон куы сафой, уӕд уый цас ахӕсдзӕн. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ тынг бирӕ нӕ ахӕсдзӕн (Рарг. 18:10, 21). Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, стыр бӕллӕхы бонтӕ кӕй «фӕцыбыр кӕндзӕн», цӕмӕй «ӕвзӕрстытӕ» фервӕзой, стӕй раст дин зӕххы цъарӕй ма фесӕфа (Мар. 13:19, 20). Фӕлӕ мах та цы хъӕудзӕн аразын, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕдӕй Армагеддоны хӕсты онг?

ДАРДДӔР ДӔР РАСТ ДИНЫЛ ХӔСТ У

6. Мӕнг динӕй рацӕуын фаг цӕуылнӕ у?

6 Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Стыр Вавилонӕй рацӕуой ӕмӕ сын йемӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацыуал уа. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ нӕ фидар фӕнд уа, дарддӕр дӕр раст диныл хӕст кӕй уыдзыстӕм. Аныхас кӕнӕм дыууӕ хъуыддагыл.

Не ’мбырдтӕ макуы цух кӕнӕм, суанг зын рӕстӕджыты дӕр (кӕс 7 абзац) *

7. а) Йегъовӕйы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? б) Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихтӕм гӕсгӕ, иумӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕмбырд кӕнӕм ӕмӕ уый ныр уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?

7 Фыццаг: хъуамӕ Йегъовӕйы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Хъуамӕ ацы дунейы хӕлд зондыл ма ныххӕцӕм. Адӕймаг хӕта ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕна, уый мах растыл нӕ нымайӕм. Ӕмӕ уымӕ хауы, нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ кӕнӕ сылгоймаг сылгоймагимӕ сӕ цард куы баиу кӕнынц йе та ӕндӕр ӕнӕгъдау митӕ куы фӕкӕнынц (Матф. 19:4, 5; Ром. 1:26, 27). Дыккаг: хъуамӕ дарддӕр дӕр не ’мчырыстӕттимӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм. Мах пайда кӕнӕм алыхуызон фадӕттӕй. Ӕрӕмбырд вӕййӕм Паддзахады залты, куы бахъӕуы, уӕд та хӕдзӕртты ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты дӕр, суанг сусӕгӕй дӕр. Цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр мах ӕмбырдтӕм цӕудзыстӕм. «Уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.)

8. Цы ис зӕгъӕн, стыр бӕллӕхы рӕстӕг цавӕр хабар хъусын кӕндзыстӕм, уый тыххӕй?

8 Ныртӕккӕ мах хъусын кӕнӕм хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг та, ӕвӕццӕгӕн, хъусын кӕндзыстӕм ӕндӕр хабар – карз хабар. Библи йӕ бары тынг стыр ихимӕ (Рарг. 16:21). Чи зоны, адӕмӕн хъусын кӕндзыстӕм, тынг тагъд Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Йӕ рӕстӕджы базондзыстӕм, уыцы хабар бӕлвырдӕй цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ куыд хъусын кӕндзыстӕм. Цымӕ, сӕдӕ азӕй фылдӕр уацамынды цы мадзӕлттӕй пайда кӕнӕм, уӕд дӕр уыдонӕй пайда кӕндзыстӕм ӕви ӕндӕртӕй? Банхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ йӕ фендзыстӕм. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй нӕм ахӕм кад ӕрхаудзӕн, ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кӕндзыстӕм Йегъовӕйы тӕрхоны хабар! (Йез. 2:3–5).

9. Цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ хицауӕдтӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты, фӕлӕ нӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна?

9 Цы хабар хъусын кӕндзыстӕм, уый тыххӕй хицауӕдтӕ, ӕвӕццӕгӕн, сфӕнд кӕндзысты хъусын кӕныны хъуыддаг бынтондӕр ӕрлӕууын кӕнын. Ӕмӕ нӕ уӕд хъӕудзӕн Йегъовӕйы ӕххуыс, ныртӕккӕ нӕ уацамынды йе ’ххуыс куыд хъӕуы, афтӕ. Нӕ Хуыцау нын ӕнӕмӕнг ратдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй йын йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнӕм (Мих. 3:8).

ХУЫЦАУЫ АДӔМЫ НЫХМӔ КӔЙ РАЦӔУДЗЫСТЫ, УЫМӔ ДӔХИ БАЦӔТТӔ КӔН

10. Лукайы 21:25–28 стихты куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, адӕмӕн сӕ фылдӕр цы цӕстӕй ракӕсдзысты, стыр бӕллӕхы рӕстӕг цы хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн, уыдонмӕ?

10 Бакӕс Лукайы 21:25–28. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг цы хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн, уыдонӕй адӕм арвы цӕфау фӕуыдзысты. Сӕхи цӕстӕй фендзысты, сӕ ныфс цӕуыл дардтой, уыдӕттӕ иууылдӕр – политикӕ, коммерци ӕмӕ ацы дунейы иннӕ хӕйттӕ – куыд банкъуысыдысты ӕмӕ сӕ куыд ницыуал баззад, уый. Уый сын уыдзӕн «тухиты бон», стӕй сӕ цардӕн тӕрсдзысты, уымӕн ӕмӕ уый уыдзӕн адӕмы историйы ӕппӕты ӕвирхъаудӕр заман (Соф. 1:14, 15). Уыцы рӕстӕг суанг Йегъовӕйы адӕмӕн дӕр, гӕнӕн ис, сӕ цард фӕуӕззаудӕр уа. Уӕд дӕр ацы дунейӕ кӕй нӕ уыдзыстӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Чи зоны ма, цардӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕй дӕр цух ӕййафӕм.

11. а) Хицауӕдтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’рдӕм цӕмӕн фӕуыдзысты? б) Стыр бӕллӕхӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

11 Мӕнг динтыл хӕст чи уыд, уыцы адӕм куы феной, ӕмӕ ма зӕххыл ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин баззад, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, мӕстӕй рафыцдзысты. Ӕвӕццӕгӕн, уый уымӕ ӕркӕндзӕн, ӕмӕ адӕм змӕнтдзысты ӕмӕ нӕ кой кӕндзысты интернеты, телевизоры ӕмӕ радиойы. Хицауӕдтӕ ӕмӕ сӕ хицау, Хӕйрӕг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй се сӕфт фендзысты, уыдоны йеддӕмӕ ӕндӕр дин кӕй нал баззайдзӕн, уый тыххӕй. Хицауӕдтӕн сӕ фӕнд, ома динтӕ иууылдӕр зӕххы цъарӕй фесафын, сӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Гъемӕ махырдӕм фӕуыдзысты. Ӕмӕ уӕд хицауӕдтӕ суыдзысты, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог *. Уыдон баиу уыдзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмыл сӕхи ныццӕвой ӕмӕ сӕ зӕххы цъарӕй фесафой (Йез. 38:2, 14–16). Стыр бӕллӕхы рӕстӕг хабӕрттӕ куыд цӕудзысты, уый бӕлвырд кӕй нӕ зонӕм, уый тыххӕй, чи зоны, тыхсӕм, куыд кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бӕлвырд у иу хъуыддаг: мах стыр бӕллӕхӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ нын дӕтдзӕн, кӕй фӕрцы фервӕздзыстӕм, ахӕм амындтӕ (Пс. 34:19). Ӕмӕ уӕд нӕхи сӕмраст кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ сӕртыл схӕцдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зондзыстӕм, нӕ ирвӕзындзинад кӕй ӕрхӕстӕг *.

12. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нӕ фидӕны хабӕрттӕм куыд цӕттӕ кӕны?

12 «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нӕ цӕттӕ кӕны стыр бӕллӕхмӕ, цӕмӕй нӕ бон уа уыцы рӕстӕг иузӕрдионӕй баззайын (Матф. 24:45). Уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ аразы. Зӕгъӕм, бацӕттӕ нӕ кодта, 2016–2018 азты цы регионалон конгресстӕ ацыд, уыдоны фӕрцы. Йегъовӕйы бон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ уыцы конгрессты фехъуыстам, цавӕр миниуджытӕ нӕ хъӕуы уӕлдай тынгдӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Цӕй ӕмӕ уыцы миниуджытыл цыбыртӕй аныхас кӕнӕм.

ДАРДДӔР ДӔР АРХАЙ, ЦӔМӔЙ УАЙ ИУЗӔРДИОН, ФИДАР ӔМӔ ХЪӔБАТЫР

«Стыр бӕллӕхмӕ» дӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕн, цӕмӕй дӕ бон уа йӕ сӕрты ахизын (кӕс 13–16 абзацтӕ) *

13. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйыл ноджы иузӕрдиондӕр уӕм, ӕмӕ ууыл ныртӕккӕ архайын ахсджиаг цӕмӕн у?

13 Иузӕрдиондзинад. 2016 азы регионалон конгресс хуынди «Йегъовӕйыл алкӕддӕр иузӕрдион ут!». Уыцы конгрессы дзырд цыд, Йегъовӕмӕ ӕввахс куы уӕм, уӕд ыл иузӕрдион кӕй уыдзыстӕм. Цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас лӕмбынӕг иртасӕм. Уый фӕрцы нӕм фӕзыны хъарутӕ, цӕмӕй-иу цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр сфӕразӕм. Мах фӕнды Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдионӕй баззайын. Фӕлӕ, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ нӕ иузӕрдиондзинад, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр фӕлвӕрд цӕудзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ныл адӕм дарддӕр дӕр худой (2 Пет. 3:3, 4). Афтӕ уӕлдайдӕр уый тыххӕй уыдзӕн, ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм. Хъуамӕ ныртӕккӕ архайӕм, цӕмӕй ноджы иузӕрдиондӕр уӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр иузӕрдионӕй баззайын.

14. а) Зӕххыл разамынд лӕвӕрд куыд цӕуы, уыцы хъуыддаджы цы фӕивдзӕн? б) Уыцы рӕстӕг иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

14 Зӕххыл разамынд лӕвӕрд куыд цӕуы, уыцы хъуыддаджы стыр бӕллӕхы рӕстӕг цыдӕр фӕивдзӕн. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдон иуафон иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ӕмбырдгонд ӕрцӕудзысты, цӕмӕй уыдон дӕр Армагеддоны хӕсты хӕцой (Матф. 24:31; Рарг. 2:26, 27). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Разамонӕг советы чи ис, уыдон зӕххыл нал уыдзысты. Фӕлӕ уӕддӕр «тынг бирӕ адӕмӕн» дарддӕр дӕр разамынд лӕвӕрд цӕудзӕн. Разамынд сын дӕтдзысты, «ӕндӕр фыстӕй» чи уыдзӕн, ахӕм фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ. Мах хъӕудзӕн равдисын, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм. Ӕмӕ уый равдисдзыстӕм, уыцы ӕфсымӕртӕн кӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм ӕмӕ, Хуыцау уыдоны уылты цы разамынд дӕтдзӕн, уымӕ кӕй хъусдзыстӕм, уымӕй. Нӕ ирвӕзындзинад ууыл баст уыдзӕн!

15. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, ӕмӕ ууыл ныртӕккӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

15 Фидардзинад. 2017 азы регионалон конгресс хуынди «Фидар лӕуут!». Уыцы конгрессы базыдтам, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ бон уа зындзинӕдтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнтӕ сфӕразын. Фидар уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый нӕ уавӕртӕй кӕнгӕ нӕу. Цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм (Ром. 12:12). Макуы рох кӕнӕм, Йесо зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матф. 24:13). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ цыфӕнды зындзинӕдты дӕр иузӕрдионӕй баззайӕм. Ныртӕккӕ-иу алы фӕлварӕны дӕр фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр сфидар уыдзӕн, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ.

16. Нӕ хъӕбатырдзинад цӕмӕй кӕнгӕ у ӕмӕ ныр цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ноджы хъӕбатырдӕр уӕм?

16 Хъӕбатырдзинад. 2018 азы регионалон конгресс хуынди «Хъӕбатыр ут!». Уыцы конгрессы нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, нӕ хъӕбатырдзинад нӕ курдиӕттӕй кӕнгӕ кӕй нӕу. Фидардзинадӕн куыд у йӕ хабар, афтӕ хъӕбатырдзинадӕн дӕр: ӕцӕг хъӕбатыр уыдзыстӕм, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд. Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы дардзыстӕм? Хъуамӕ йын йӕ Ныхас алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ, раджы заманты йӕ адӕмы куыд ирвӕзын кодта, ууыл хъуыды кӕнӕм (Пс. 68:20; 2 Пет. 2:9). Стыр бӕллӕхы рӕстӕг хицауӕдтӕ нӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд нӕ хъӕудзӕн ноджы стырдӕр хъӕбатырдзинад равдисын ӕмӕ Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарын (Пс. 112:7, 8; Дзут. 13:6). Ӕмӕ нӕм цӕмӕй уыцы рӕстӕг ахӕм хъӕбатырдзинад разына, уый тыххӕй хъуамӕ ныр дӕр Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм *.

ЗӔРДИАГӔЙ ӔНХЪӔЛМӔ КӔС ДӔ ИРВӔЗЫНДЗИНАДМӔ

Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсад тагъд Армагеддоны хӕсты схӕцдзысты Хуыцауы знӕгтимӕ ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзысты! (кӕс 17 абзац)

17. Армагеддоны хӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

17 Айразмӕйы статьяйы куыд загътам, афтӕмӕй нӕ фылдӕр сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр арвыстой фӕстаг бонты цӕргӕйӕ. Фӕлӕ ма нын уымӕй уӕлдай ис ныфс, стыр бӕллӕхы сӕрты дӕр кӕй ахиздзыстӕм. Армагеддоны хӕсты ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ мах тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уый уыдзӕн Хуыцауы хӕст, ӕмӕ мах хӕцын нӕ хъӕудзӕн (Ӕмб. 1:33; Йез. 38:18–20; Зах. 14:3). Йегъовӕ Йесо Чырыстийӕн бардзырд куы ратта, уӕд уый Хуыцауы ӕфсад тохмӕ ракӕндзӕн. Йемӕ тохмӕ рацӕудзысты, чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ, стӕй бирӕ зӕдтӕ. Ӕмӕ иумӕ схӕцдзысты Хӕйрӕгимӕ, йӕ дӕлимонтимӕ ӕмӕ сӕ зӕххон ӕфсӕдтимӕ (Дан. 12:1; Рарг. 6:2; 17:14).

18. а) Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? б) Раргомады 7:9, 13–17 стихты цы фыст ис, уый дӕ ныфс куыд уадзы?

18 Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн» (Ис. 54:17). Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ «стыр бӕллӕхы сӕрты» ахиздзысты, ӕмӕ уыдзысты «тынг бирӕ»! Ӕмӕ йын дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзысты. (Бакӕс Раргомад 7:9, 13–17.) Библийы фӕрцы нын фидар ныфс ис, кӕй фервӕздзыстӕм. Мах зонӕм, «Йегъовӕ [кӕй] хъахъхъӕны, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны» (Пс. 31:23). Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йӕ чи кадджын кӕны, уыдон иууылдӕр цин кӕндзысты, йӕ ном куы ссыгъдӕг кӕна, уӕд (Йез. 38:23).

19. Фидӕны нӕм цавӕр диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Зӕгъӕм, 2 Тимофеймӕ 3:2–5 стихты, Хӕйрӕджы бар кӕуыл нӕ цӕудзӕн, уыцы ног дунейы цӕрӕг адӕмы кой куы уаид, уӕд дзы цымӕ цавӕр ныхӕстӕ уаид? (Кӕс рамкӕ « Уӕд адӕм цыхуызӕн уыдзысты».) Ӕфсымӕр Джордж Гангас * (уыди Разамонӕг советы) уыцы рӕстӕджы тыххӕй афтӕ загъта: «Зӕххыл иууылдӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ куы уой, уӕд уый цӕй диссаджы дуне уыдзӕн! Тагъд рӕстӕджы уӕм ахӕм кад ӕрхаудзӕн, ӕмӕ цӕрдзыстут ног дунейы. Сымах цӕрдзыстут, Йегъовӕ цас цӕра, уыйбӕрц. Мах цӕрдзыстӕм ӕнустӕм». Цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы!

122 ЗАРӔГ Фидар, ӕнӕфӕцудгӕ ут!

^ 5 абз. Мах зонӕм, тагъд ӕгас зӕххыл дӕр кӕй райдайдзӕн «стыр бӕллӕх». Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн? Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ нӕ цы хъӕудзӕн аразын? Цавӕр миниуджытӕ нӕ хъӕуы дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕнын, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайӕм? Уый базондзыстӕм ацы статьяйӕ.

^ 11 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Дзырдбаст «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог» (ӕмӕ йӕ цыбыр формӕ «Гог») амоны ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдисмӕ. Уыдон стыр бӕллӕхӕн йӕ кӕронмӕ хӕстӕг Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ рацӕудзысты.

^ 11 абз. Армагеддоны хӕсты размӕ цы хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн, уыдоны тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис чиныджы «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», 21 сӕр. Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куыд рацӕудзӕн ӕмӕ Йегъовӕ Армагеддоны йӕ адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый тыххӕй та фылдӕр бакӕсӕн ис 2015 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 14–19 фӕрстӕ, ӕмӕ чиныджы «Йегъовӕйы сыгъдӕг дин йӕ къахыл слӕууыд!», 17 ӕмӕ 18 сӕртӕ (англ.).

^ 16 абз. 2019 азы регионалон конгресс хуынди «Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн». Уыцы конгресс нӕ ныфс бауагъта, Йегъовӕ нӕ алкӕддӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ нын тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн (1 Кор. 13:8).

^ 19 абз. Кӕс статья «Дела его идут вслед за ним», 1994 азы 1 декабры «Сторожевая башня».

^ 64 абз. НЫВ. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гыццыл къордӕй хъӕды ӕмбырд уадзынц ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисынц хъӕбатырдзинад.

^ 66 абз. НЫВ. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ «стыр бӕллӕхы сӕрты» ахиздзысты, уыдзысты «тынг бирӕ», ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн!