Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕфсымӕр Рутерфорд конгрессы Сидар-Пойнты (штат Огайо), 1919 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1919 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1919 аз

1918 азы кӕрон фӕци Стыр хӕст (фӕстӕдӕр ӕй хонын райдыдтой Фыццаг дунеон хӕст). Уыцы хӕст ахаста 4 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ 1919 азы 18 январы Парижы райдыдта Сабырдзинады конференци. Уыцы конференцийы цы бадзырдтӕ ӕрцыд арӕзт, уыдонӕй иу уыд Версалы сабырдзинады бадзырд. 1919 азы 28 июны Германи ӕмӕ, йемӕ чи хӕцыд, уыцы бӕстӕтӕ уыцы бадзырдыл сӕ къухтӕ ӕрфыстой ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, хӕстӕн кӕрон кӕй скодтой.

Уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ ма фӕзынд ног организаци дӕр, Нациты Лигӕ, зӕгъгӕ. Йӕ нысан уыд «ӕгас дунейы бӕстӕтӕн дӕр ахъаз кӕнын, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕной, стӕй ӕгас зӕххыл дӕр уа сабыр ӕмӕ ӕдас цард». Чырыстон динтӕй бирӕтӕ разы уыдысты Нациты Лигӕйӕ. Зӕгъӕм, Америкӕйы Иугонд Штатты Чырыстийы аргъуанты федералон советы загътой, Нациты Лигӕ, дам, у, «зӕххыл Хуыцауы Паддзахады номӕй чи архайы, уыцы политикон организаци». Уыцы совет Нациты Лигӕйы фарс кӕй уыд, уый равдыста, Парижмӕ сабырдзинады конференцимӕ минӕвӕрттӕ кӕй арвыста, уымӕй. Ӕмӕ йӕ минӕвӕрттӕй иу загъта, зӕгъгӕ, дам, ацы конференцийӕ «райдыдта дунейы историйы ног дуг».

Ног дуг ӕцӕгдӕр райдыдта, фӕлӕ, сабырдзинады конференцийы чи архайдта, уыдоны фӕрцы нӕ. 1919 азы райдыдта ног дуг хъусын кӕныны хъуыддаджы. Уыцы аз Йегъовӕ йӕ адӕмы хъарутӕ бауагъта, ӕмӕ уӕд хъусын кӕнын куыд райдыдтой, уый размӕ афтӕ никуы хъусын кодтой. Фӕлӕ уал Библииртасджыты фыццаг бахъуыд цалдӕр ахсджиаг хъуыддаджы цыдӕртӕ фӕивын.

ХЪУЫДИ ЗЫН ФАРСТА АСКЪУЫДДЗАГ КӔНЫН

Джозеф Рутерфорд

1919 азы 4 январы Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты ӕхсӕнад ауагъта, директорты-иу кӕм ӕвзӕрстой, уыцы фембӕлд. Уыцы рӕстӕг Джозеф Рутерфорд, Йегъовӕйы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕр, ӕмӕ ма ноджыдӕр авд ӕфсымӕры уыдысты Атлантӕйы ахӕстоны (штат Джорджи, АИШ). Ӕмӕ, фембӕлды чи уыд, уыдоны хъуыди аскъуыддзаг кӕнын, ахст чи уыд, уыцы ’фсымӕрты ногӕй равзарой директортӕй ӕви сӕ бӕсты ӕндӕрты равзарой.

Эвандер Кауард

Ӕфсымӕр Рутерфорд ахӕстоны уӕвгӕйӕ хъуыды кодта организацийы фидӕныл. Уый зыдта, ӕфсымӕртӕй кӕмӕдӕрты афтӕ кӕй каст, ӕмӕ хуыздӕр уыдзӕн президентӕй ӕндӕр искӕй равзарын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, фембӕлды чи уыд, уыдонмӕ писмойы ныффыста, хорз кӕй уаид Эвандер Кауарды президентӕй равзарын. Ныффыста, зӕгъгӕ, дам, ӕфсымӕр Кауард у «сабыр адӕймаг», «уӕззау зонды хицау» ӕмӕ «нӕ Хицауыл иузӕрдион». Фӕлӕ ӕфсымӕртӕй бирӕты фӕндыд ӕвзӕрстытӕ 6 мӕймӕ аргъӕвын. Ахст чи уыд, уыцы ’фсымӕрты адвокаттӕ дӕр уыимӕ разы уыдысты. Ӕмӕ фембӕлды уыцы фарста скъуыддзаггӕнгӕйӕ ма ӕфсымӕртӕ быцӕу кӕнын дӕр райдыдтой.

Ричард Барбер

Уый фӕстӕ иу ӕфсымӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдоны фӕрцы иууылдӕр ныссабыр сты. Уый загъта: «Ӕз юрист нӕ дӕн. Фӕлӕ, закъон цы домы, уый кой куы кӕнӕм, уӕд гыццыл цыдӕртӕ зонын иузӕрдиондзинады закъоны тыххӕй. Хуыцау домы иузӕрдиондзинад. Ӕмӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, иузӕрдион ыл кӕй стӕм, уый ӕппӕты хуыздӕр равдисдзыстӕм, абон ӕфсымӕр Рутерфорды ногӕй президентӕй куы равзарӕм, уымӕй» (Пс. 18:25).

Александр Макмиллан

Ахст чи уыд, уыдонӕй иу уыд Александр Макмиллан. Ӕмӕ уый фӕстӕдӕр радзырдта, иннӕ бон ын ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ камерӕйы къул кӕй бахоста ӕмӕ йӕм телеграммӕ кӕй радта. Макмиллан уайтагъд бамбӕрста, цы ныхӕстӕ дзы уыд фыст, уыдоны хъуыды. Директорты се ’ппӕты дӕр (Рутерфорды, Уайзы, ван Амбургы, Барберы, Андерсоны, Буллийы ӕмӕ Спиллы) ногӕй директортӕй равзӕрстой. Ӕмӕ Джозеф Рутерфорды равзӕрстой президентӕй, Уильям ван Амбургы та – секретарь-хӕзнадарӕй.

АХӔСТОНӔЙ СӔ РАУАГЪТОЙ!

Ӕфсымӕртӕ ахст куы уыдысты, уыцы рӕстӕг иузӕрдион Библииртасджытӕ се ссӕрибар кӕныны тыххӕй хицауады номыл курдиат ныффыстой. Ӕмӕ уыцы курдиатимӕ адӕмыл зылдысты, цӕмӕй йыл сӕ къух ӕрфыстаиккой. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уымӕн хъуыди хъӕбатырдзинад. Ӕмӕ сын бирӕ бантыст: курдиатыл сӕ къух ӕрфыстой 700 000 адӕймагӕй фылдӕр. 1919 азы 26 мартъийы, ӕртыццӕджы, курдиат ӕрвитгӕ дӕр нӕма акодтой, афтӕмӕй ӕфсымӕр Рутерфорды ӕмӕ иннӕ бӕрнон ӕфсымӕрты дӕр ахӕстонӕй рауагътой.

Куы сӕ рауагътой, уӕд бирӕтӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй сыл фӕцин кодтаиккой. Ӕмӕ сын ӕфсымӕр Рутерфорд загъта: «Ӕз ӕй фидарӕй зонын, не ’ппӕт дӕр адӕттӕ уый тыххӕй кӕй бавзӕрстам, цӕмӕй ноджы уӕззаудӕр рӕстӕджытӕм цӕттӕ уӕм. [...] Уӕ тох ууыл нӕ уыд, цӕмӕй уе ’фсымӕрты ахӕстонӕй рауагътаиккой. Сӕйраг уый нӕ уыд. [...] Уӕ тох уыд, цӕмӕй Рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн ныллӕууыдаиккат. Ӕмӕ, уыцы хъуыддаджы чи архайдта, уыдон стыр арфӕдзинадӕй схайджын сты».

Тӕрхонимӕ баст хабӕртты фенӕн уыд Йегъовӕйы къух. 1919 азы 14 майы апелляцион тӕрхондон рахаста ахӕм уынаффӕ: «Тӕрхон кӕмӕн кӕнынц, уыдонӕн сӕ хъуыддаг рӕстӕй ӕвзӕрст не ’рцыд, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бартӕ хӕлд ӕрцыдысты. Уымӕ гӕсгӕ, цы тӕрхон сын ӕрцыд хаст, уымӕн тых нӕй». Ӕфсымӕрты аххосджын кодтой стыр фыдракӕндты. Ӕмӕ тӕрхондон ӕнӕуи ахӕм уынаффӕ куы рахастаид, сӕ фыдракӕндтӕ сын хатыргонд цӕуынц, зӕгъгӕ, кӕнӕ та сын къаддӕр куы радтаиккой, уӕддӕр сыл фыдгӕнджыты ном баззадаид. Фӕлӕ уынаффӕ хаст ӕрцыд, аххосджын кӕй не сты. Уый фӕрцы ӕфсымӕр Рутерфордӕн * дарддӕр дӕр уыд адвокаты куыст кӕныны бар ӕмӕ йӕ бон уыди Америкӕйы Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондоны Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл дзурын. Уыцы хабӕртты фӕстӕ йӕ уый сӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахъуыд.

ХЪӔУЫ ХЪУСЫН КӔНЫН!

Ӕфсымӕр Макмиллан радзырдта: «Мах нӕ фӕндыд, Хицау нӕ уӕлӕрвтӕм кӕд акӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ дзӕгъӕл бадт кӕнын. Хорз ӕй ӕмбӕрстам, кӕй нӕ хъӕуы сбӕлвырд кӕнын, Хицауы фӕндон ӕцӕгӕй цы у, уый».

Фӕлӕ, сӕйраг хайады чи уыд, уыцы ’фсымӕртӕн сӕ бон нӕ уыди, бирӕ азты дӕргъы кӕй кодтой, уыцы куыстмӕ ногӕй бавналын. Ӕфсымӕртӕ ахст куы уыдысты, уӕд, Библииртасджыты ныхмӕ чи цыд, уыдон литературӕ мыхуыргӕнӕн станокты хӕйттӕй кӕцыдӕртӕ ныппырх кодтой. Уый ӕфсымӕрты мӕты ӕфтыдта, ӕмӕ иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, кӕд, мыййаг, хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ.

Библииртасджыты фӕндыд бамбарын, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хабар хъусын кодтой, уый тыххӕй ма искӕй фӕнддзӕн базонын ӕви нӕ. Уӕд ӕфсымӕр Рутерфорд сфӕнд кодта раныхас бацӕттӕ кӕнын. Ӕмӕ йӕм хъуамӕ адӕмы фӕхуыдтаиккой. Макмиллан загъта: «Уыцы фембӕлдмӕ куы ничи ’рбацыдаид, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ».

Рутерфорды раныхасы тыххӕй газеты чи уыд, уыцы хъусинаг, 1919 аз; раныхас хуынди «Ныфс цардӕфхӕрд адӕмӕн»

Гъемӕ 1919 азы 4 майы, хуыцаубоны, ӕфсымӕр Рутерфорд Лос-Анджелесы (штат Калифорнийы) адӕмы раз раныхасимӕ рацыд, кӕд тынг рынчын уыд, уӕддӕр. Йӕ раныхас хуынди, «Ныфс цардӕфхӕрд адӕмӕн», зӕгъгӕ. Раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕрбацыд 3 500 адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ дзы цалдӕр сӕдӕ адӕймагӕн та бынат нӕ разынд. Иннӕ бон та раныхасмӕ ӕрбацыд 1 500 адӕймаджы. Уый уыди дзуапп ӕфсымӕрты фарстайӕн: адӕмы фӕндыд фылдӕр базонын!

Уый фӕстӕ ӕфсымӕртӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы цы фӕивтой, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон дӕр архайынц.

ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ РАЗМӔ КӔЙ ЦӔУДЗӔН, УЫМӔ ЦӔТТӔ УЫДЫСТЫ

1919 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди хъусинаг, зӕгъгӕ, сентябры райдианы Сидар-Пойнты (штат Огайойы) уыдзӕн иумӕйаг конгресс. Штат Миссурийӕ иу ӕрыгон Библииртасӕг, Кларенс Бити, загъта: «Алчидӕр хъуыды кодта, уыцы конгресмӕ мын ӕнӕцӕугӕ нӕй, зӕгъгӕ». Конгресмӕ чи ’рцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уыдысты 6 минӕй фылдӕр. Уыйбӕрц кӕй уыдзысты, уый ӕнхъӕл ничи уыд. Адӕмӕн ма сӕ циныл цин бафтыдта иу хабар – уырдӕм хӕстӕг Эрийы цады донаргъуыд райста 200 адӕймагӕй фылдӕр.

Журнал «Сызгъӕрин ӕнус»-ы фыццаг номыры ӕддаг цъар, 1919 азы 1 октябры уагъд

1919 азы 5 сентябры, конгрессӕн йӕ фӕндзӕм бон, ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ раныхасы, «Не ’мкусджытӕм сидӕм!», зӕгъгӕ, фехъусын кодта, мыхуыры цӕуын кӕй райдайдзӕн ног журнал – «Сызгъӕрин ӕнус» *. Уыцы журналӕн йӕ нысан уыд, «цы ахсджиаг хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цӕмӕн цӕуынц, уый Фыстадмӕ гӕсгӕ ӕмбарын кӕнын».

Библииртасджытӕ хъуамӕ иууылдӕр уыцы ног журналимӕ ныфсджынӕй хъусын кодтаиккой. Хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕдыл амындтӕ кӕм уыд, уыцы писмойы фыст уыди: «Йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта [донаргъуыд чи райста], уыдонӕй алкӕй дӕр хъӕуы йӕ зӕрдыл дарын, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын стыр кад кӕй у. Ӕмӕ хъуамӕ ныртӕккӕ алчидӕр уыцы фадатӕй спайда кӕна ӕмӕ дунейӕн хъусын кӕна, йӕ бон цас у, уыйбӕрц». Уыцы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ уыйбӕрц хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ айстой, ӕмӕ диссаг! Уыдон афтӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой, ӕмӕ, ног журнал чи рафыста, уыцы адӕмы нымӕц декабрмӕ уыд 50 минӕй фылдӕр.

Ӕфсымӕртӕ Бруклины (штат Нью-Йорк), лӕууынц гыццыл уӕзласӕн машинӕйы раз; ласынц дзы журнал «Сызгъӕрин ӕнус»

1919 аз йӕ кӕронмӕ фӕцӕйхӕццӕ кодта. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кодта, цы хъуыди, уыдӕттӕ фӕивынӕн ӕмӕ сӕ хъарутӕ бауагъта. Уымӕй уӕлдай ма сӕххӕст сты, фӕстаг бонты кой кӕм ис, цалдӕр ахӕм ахсджиаг пехуымпарады. Малахийы 3:1–4 стихты цы пехуымпарад ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕм фӕлвӕрд ӕрцыдысты ӕмӕ ссыгъдӕг сты. Уыдон ссӕрибар сты «Стыр Вавилоны» уацарӕй, стӕй Йесо Чырысти сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» (Рарг. 18:2, 4; Матф. 24:45) *. Уӕдӕ Библииртасджытӕ цӕттӕ уыдысты, Йегъовӕ сын цы куыст ӕрцӕттӕ кодта, уый аразынмӕ.

^ 13 абз. Ӕфсымӕр Рутерфорд адвокат дӕр уыд ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг дӕр, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хуыдтой «тӕрхонгӕнӕг Рутерфорд» дӕр.

^ 22 абз. 1937 азы журнал «Сызгъӕрин ӕнус»-ӕн йӕ ном аивтой ӕмӕ йӕ схуыдтой «Удӕнцой». 1946 азы та йӕ схуыдтой «Райхъал ут!».