Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмӕн хъӕуы фехъусын кӕнын, Хуыцауы «тыхдымгӕ» кӕй ӕрбахӕстӕг кӕны!

Хуыцауы тӕрхӕттӕ. Адӕмы алкӕддӕр афойнадыл бафӕдзӕхсы?

Хуыцауы тӕрхӕттӕ. Адӕмы алкӕддӕр афойнадыл бафӕдзӕхсы?

СИНОПТИКТӔ кӕсынц радарты нывтӕм ӕмӕ уынынц, бирӕ адӕм кӕм цӕры, ахӕм ранмӕ тыхдымгӕ кӕй ӕрбахӕстӕг кӕны. Куыд бакӕндзысты? Адӕмы ӕдасдзинадыл кӕй хъуыды кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сараздзысты, цӕмӕй адӕмы бафӕдзӕхсой, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ.

Афтӕ Йегъовӕ дӕр абон зӕххыл цӕрӕг адӕмы фӕдзӕхсы, кӕй ӕрбахӕстӕг кӕны «тыхдымгӕ». Ӕмӕ уыцы «тыхдымгӕ» бирӕ тӕссагдӕр у, ног хабӕртты боныхъӕды тыххӕй цы фехъусӕм, уымӕй. Йегъовӕ адӕмы куыд фӕдзӕхсы? Ӕмӕ цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, фаг рӕстӕг сын кӕй радта, цӕмӕй исты саразой ӕмӕ аирвӕзой? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй уал фыццаг ӕркӕсӕм, Йегъовӕ-иу рагзаманты адӕмы куыд бафӕдзӕхста, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔ-ИУ АДӔМЫ КУЫД БАФӔДЗӔХСТА?

Раджы заманты-иу Йегъовӕ, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ницӕмӕ дардта, уыдоны бафӕдзӕхста, тӕрхон сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ-иу йӕ тӕрхон абарста тыхдымгӕимӕ (Йер. 30:23). Йегъовӕ-иу сӕ алы хатт дӕр афойнадыл бафӕдзӕхста, стӕй-иу сын загъта, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой ӕмӕ йӕ коммӕ кастаиккой (2 Пад. 17:12–15; Неем. 9:29, 30). Ӕмӕ-иу сын цӕмӕй сӕ цард фӕивынӕн баххуыс кодтаид, уый тыххӕй-иу сӕм арӕх арвыста йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Уыдон-иу сын йӕ тӕрхӕттӕ фехъусын кодтой ӕмӕ-иу сын бамбарын кодтой, кӕй сӕ хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын (Амос 3:7).

Хуыцау йӕ тӕрхӕттӕ кӕй уылты хъусын кодта, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иу уыд Ной. Йӕ рӕстӕджы цы ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕгъатыр адӕм цард, уыдоны бирӕ азты дӕргъы ныфсджынӕй фӕдзӕхста, тагъд Хуыцау зӕххыл Доны хъаймӕт кӕй рауадздзӕн (Райд. 6:9–13, 17). Стӕй ма сын дзырдта, цы сӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй удӕгасӕй баззайой. Ной бирӕ азты дӕргъы кӕй хъусын кодта, уымӕ гӕсгӕ фӕстӕдӕр Библийы фыст ӕрцыд, кӕй уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» (2 Пет. 2:5).

Кӕд Ной адӕмы ӕдзух фӕдзӕхста, уӕддӕр Хуыцауы ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой. Уыдон равдыстой, уырнындзинад сӕм ӕппындӕр кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ Доны хъаймӕт куы райдыдта, уӕд «се ’ппӕты дӕр... фӕласта» (Матф. 24:39; Дзут. 11:7). Се сӕфт кӕй ӕрцыд, уый куы бамбӕрстой, уӕд сӕ бон афтӕ зӕгъын нӕ уыд, ӕмӕ сӕ Хуыцау нӕ бафӕдзӕхста.

Хатт та-иу Йегъовӕ адӕмы бафӕдзӕхста, йӕ тӕрхоны сӕххӕстмӕ-иу бирӕ нал баззад, афтӕ. Фӕлӕ-иу сын уӕддӕр фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй-иу исты сарӕзтаиккой ӕмӕ сӕ йӕ тӕрхон ма баййӕфтаид. Афтӕ уыд, Йегъовӕ рагон Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруадзынмӕ куы хъавыд, уӕд дӕр – алы бӕллӕхы размӕ дӕр-иу адӕмы афойнадыл бафӕдзӕхста. Зӕгъӕм, ӕвдӕм бӕллӕхы размӕ Моисейы ӕмӕ Аароны арвыста фараонмӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм, цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхстаиккой, их кӕй ныууардзӕн ӕмӕ стыр зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн. Их хъуамӕ ныууарыдаид иннӕ бон. Ӕмӕ цымӕ уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй бамбӕхстаиккой ӕмӕ сӕ их ма ныххостаид? Библийы фыст ис: «Фараоны лӕггадгӕнджытӕй Йегъовӕйы ныхас тас кӕй зӕрдӕты бауагъта, уыдон сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос тагъд-тагъд мидӕмӕ бакӕнын кодтой. Йегъовӕйы ныхас йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ айста, чи йӕ ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос быдыры ныууагътой» (Рац. 9:18–21). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ сӕ куы бафӕдзӕхста, уӕд сын фаг рӕстӕг кӕй уыд, цӕмӕй исты сарӕзтаиккой. Ӕмӕ, Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ уайтагъд чи бакодта, уыдонӕн уыцы бӕллӕх ахӕм стыр зиан не ’рхаста.

Йегъовӕ Египетыл дӕсӕм бӕллӕх ӕруадзинаг куы уыд, уӕд дӕр фараоны ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты бафӕдзӕхста, бирӕ йӕм нал хъуыд, афтӕ. Фӕлӕ уыдон ӕнӕзонд ми бакодтой – йӕ ныхӕстӕ йын ницӕмӕ ӕрдардтой (Рац. 4:22, 23). Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ фыццаггуырд фырттӕ амардысты. Ахӕм саубон сыл акодта! (Рац. 11:4–10; 12:29). Цымӕ египетӕгтӕн фаг рӕстӕг уыд, цӕмӕй Хуыцауы ныхӕстӕм байхъуыстаиккой? О, уыд. Моисей израилӕгты ӕвӕстиатӕй бафӕдзӕхста, Хуыцау тагъд дӕсӕм бӕллӕх кӕй ӕруадздзӕн, ӕмӕ сын загъта, сӕ бон куыд у сӕ бинонты фервӕзын кӕнын (Рац. 12:21–28). Цымӕ йӕм чи байхъуыста, уыдон цас уыдысты? Иуӕй-иу бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Египетӕй рацыд ӕртӕ милуан адӕймаджы, ӕмӕ се ’хсӕн уыд израилӕгтӕ ӕмӕ «бирӕ адӕм алы адӕмыхӕттытӕй», уыимӕ египетӕгтӕ дӕр (Рац. 12:38).

Ацы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ-иу адӕмӕн алы хатт дӕр фаг рӕстӕг кӕй радта, цӕмӕй-иу ын йӕ ныхӕстӕм байхъуыстаиккой (Дык. з. 32:4). Афтӕ-иу цӕмӕн бакодта? Апостол Петр загъта: «[Йегъовӕйы] нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). О, Хуыцау адӕмыл хъуыды кодта. Ӕмӕ-иу ӕй фӕндыд, цӕмӕй-иу ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ-иу йӕ амындтӕм гӕсгӕ архайдтаиккой, цалынмӕ-иу йӕ тӕрхон ӕххӕст кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ (Ис. 48:17, 18; Ром. 2:4).

АБОН АДӔМЫ ХЪӔУЫ ХУЫЦАУЫ НЫХӔСТӔМ БАЙХЪУСЫН

Абон дӕр адӕмы се ’ппӕты дӕр хъӕуы сӕ зӕрдӕмӕ айсын, ӕгас зӕххыл дӕр цы ахсджиаг хабар хъуыстгонд цӕуы, уый. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд загъта, фидӕны ацы дуне «стыр бӕллӕхы» сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:21). Ӕмӕ бӕстон радзырдта, уыцы тӕрхоны размӕ цы пехуымпарӕдтӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый. Йесо ракодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи цӕстӕй кӕй фендзысты ӕмӕ сӕхиуыл дӕр кӕй бавзардзысты, уыцы хабӕртты кой ӕмӕ бамбарын кодта, ӕгас зӕххыл дӕр кӕй цӕудзысты. Ӕмӕ сӕ абон мах нӕхи цӕстӕй уынӕм (Матф. 24:3–12; Лук. 21:10–13).

Уыцы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ ныртӕккӕ се ’ппӕтӕн дӕр дзуры, цӕмӕй сӕхи йӕ дӕлбар бакӕной. Уый фӕнды, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм абон дӕр амондджын цард кӕной ӕмӕ фидӕны дӕр ног дунейы йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой (2 Пет. 3:13). Ӕмӕ йӕ фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл баууӕндой. Уый тыххӕй сын хъусын кӕны, сӕ цард кӕмӕй аразгӕ у, ахӕм хабар – «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар». Йесо загъта, уыцы хабар «хъуыстгонд [кӕй] ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:14). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн разамынд дӕтты, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной. Ӕмӕ йӕ абон хъусын кӕнынц иу-240 бӕстӕйы. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм йӕ ныхӕстӕм байхъусой ӕмӕ, цы «тыхдымгӕ» ӕрбахӕстӕг кӕны, уымӕй сӕхи бахъахъхъӕной, ома сӕ йӕ тӕрхон ма баййафа (Соф. 1:14, 15; 2:2, 3).

Уӕдӕ, куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ адӕмӕн алкӕддӕр фаг рӕстӕг ратты, цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕм байхъусой. Ахсджиаг у ӕндӕр фарста: цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ адӕм Хуыцауы ныхӕстӕм байхъусдзысты? Цӕй уӕдӕ, Хуыцауы ӕрвыст хабархӕсджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ бон уа фервӕзын, ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд.