Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл у иузӕрдион

Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл у иузӕрдион

«Йегъовӕ Хуыцау домы, цӕмӕй [адӕм] ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион» (НАУМ 1:2).

51 ЗАРӔГ Нӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтам!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕ уый аккаг цӕмӕн у, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион?

ЙЕГЪОВӔ уый аккаг у, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион, уымӕн ӕмӕ уый у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Царддӕттӕг (Рарг. 4:11). Фӕлӕ нын иу цӕмӕйдӕр тӕссаг у. Кӕд Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йын кад кӕнӕм, уӕддӕр нын, гӕнӕн ис, царды ӕндӕр цыдӕртӕ афтӕ ахсджиаг суой, ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн нал уыдзӕн, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл стӕм иузӕрдион. Хъӕуы нӕ бамбарын, афтӕ куыд рауайы, уый. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уымӕ цы хауы, ууыл.

2. Рацыды 34:14 стихмӕ гӕсгӕ, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл куы уӕм иузӕрдион, уӕд цы араздзыстӕм?

2 Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, адӕймаг Хуыцауыл иузӕрдион кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ тынг уарзы. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл куы уӕм иузӕрдион, уӕд ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕндзыстӕм. Ӕмӕ никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзыстӕм уый бар, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы Йегъовӕйы бынат бацахса. (Бакӕс Рацыд 34:14.)

3. Афтӕ цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн куырмӕджы лӕггад кӕнӕм?

3 Мах Йегъовӕйӕн куырмӕджы нӕ лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтам. Зӕгъӕм, базыдтам, цы рӕсугъд миниуджытӕ йӕм ис. Мах зонӕм, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр уыдӕттӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Мах ӕмбарӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын ӕнустӕм лӕггад кӕнӕм ӕмӕ амондджын уӕм. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕнды йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Йегъовӕ нын диссаджы фадат дӕтты, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм, ӕмӕ уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм (Пс. 25:14). Не Сфӕлдисӕджы тыххӕй гыццыл исты дӕр куы базонӕм, уӕд ӕм баввахсдӕр вӕййӕм (Иак. 4:8).

4. а) Хӕйрӕг цы аразы, цӕмӕй Йегъовӕйыл афтӕ иузӕрдион мауал уӕм? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Ацы дуне ис Хӕйрӕджы дӕлбар. Уый дзы афтӕ пайда кӕны, цӕмӕй, цардӕн нӕ цы фӕхъӕуы ӕмӕ цӕмӕты фӕбӕллӕм, уыдӕттӕ нын сӕйраг суой, стӕй нын зындӕр уа нӕ буары монцтимӕ тох кӕнын (Еф. 2:1–3; 1 Иоан. 5:19). Йӕ нысан у, цӕмӕй, ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕ бауарзӕм, уымӕн ӕмӕ уӕд Йегъовӕйыл афтӕ иузӕрдион нал уыдзыстӕм. Ӕркӕсӕм, уый йын арӕх цавӕр дыууӕ хъуыддаджы фӕрцы бантысы, уымӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ нӕ цыбӕл кӕны хъӕздыгдзинадмӕ. Дыккаг та уый, ӕмӕ архайы, цӕмӕй нӕ ӕвзӕр ирхӕфсӕнтыл бафтауа.

ӔХЦАУАРЗАГ МА СУ

5. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хъахъхъӕнӕм ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

5 Кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йын уа хӕринаг, дзӕбӕх дзаумӕттӕ ӕмӕ хорз хӕдзар. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма суӕм. Абон Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕ сты «ӕхцауарзаг», стӕй уарзынц, ӕхцайӕ балхӕнӕн цы ис, уыдӕттӕ дӕр (2 Тим. 3:2). Йесо зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр уымӕй тӕссаг кӕй уыдзӕн. Уый загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг тынг бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ куы хардз кӕна, цӕмӕй схъӕздыг уа, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ архайы дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕныныл. Ахӕм адӕймагӕй афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл у иузӕрдион.

Лаодикийы ӕмбырды иуӕй-иутӕ сӕхи цӕсты ахӕмтӕ уыдысты... Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы цӕсты та ахӕмтӕ уыдысты (кӕс 6 абзац)

6. Йесо Лаодикийы ӕмбырдӕн цы загъта, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис?

6 Фыццаг ӕнусы горӕт Лаодикийы ӕмбырды чырыстӕттӕ сӕхицӕй ӕппӕлыдысты: «Ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ фӕллӕйттӕ ӕрӕмбырд кодтон ӕмӕ ӕппындӕр ницӕмӕй цух дӕн». Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы цӕсты уыдон уыдысты «ницӕйаг, тӕригъӕддаг, мӕгуыр, куырм ӕмӕ бӕгънӕг». Йесо сын, хъӕздыг кӕй уыдысты, уый тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта. Хъӕздыгдзинад кӕй уарзтой, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ адард сты, ӕмӕ сын уый тыххӕй бауайдзӕф кодта (Рарг. 3:14–17). Кӕд ӕй бамбӕрстам, ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ тырнын райдыдтам, уӕд хъуамӕ ӕвӕстиатӕй нӕ зондахаст аивӕм (1 Тим. 6:7, 8). Афтӕ куы нӕ бакӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ нал уарздзыстӕм, ӕмӕ йӕ цӕсты нӕ лӕггадӕн аргъ нал уыдзӕн. Йегъовӕ «домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл» уӕм иузӕрдион (Дык. з. 4:24). Цымӕ афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ чырыстон ӕхцамӕ раст цӕстӕй нал фӕкӕсы?

7–9. Дейвиды хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

7 Дейвид цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Уый лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй ӕмӕ ӕмбырды бирӕ аразы. Дейвид радзырдта, раздӕр иу компанийы кӕй куыста ӕмӕ йӕ куыстыл тынг ӕнувыд кӕй уыд. Уыцы компанийы йын бирӕ ӕнтыст, уӕлдӕр бынат дӕр ма йын радтой, стӕй нымад ӕрцыд сӕ бӕстӕйы ӕппӕты хуыздӕр кусджытӕй сӕ иуыл. Дейвид зӕгъы: «Уӕд мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мын ӕппӕт уыдӕттӕ бантыстысты, Йегъовӕ мын кӕй арфӕ кодта, уый фӕрцы». Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыд?

8 Дейвид ӕмбарын райдыдта, йӕ куысты тыххӕй Йегъовӕйӕ кӕй адард. Уый зӕгъы: «Ӕмбырды ӕмӕ ма-иу суанг уацамынды дӕр мӕ хъуыдытӕ уыдысты, куысты цы фарстатӕ хъуыди скъуыддзаг кӕнын, уыдоныл. Ӕхца бирӕ куыстон, фӕлӕ ӕдзух цӕуылдӕрты мӕт кодтон, стӕй мӕ бинойнагимӕ дӕр кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстам».

9 Дейвид бамбӕрста, кӕй йӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын, царды йын ахсджиагдӕр цы у, ууыл. «Мӕхицӕн фидарӕй загътон, цы хъӕуы, уый кӕй фӕивдзынӕн»,– зӕгъы Дейвид. Уый сфӕнд кодта йӕ куысты график фӕивын, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ хицауӕн дӕр загъта. Дарддӕр йӕ хабар куыд рауад? Йӕ куыстӕй йӕ рарвыстой! Уӕд Дейвид куыд бакодта? Уый зӕгъы: «Иннӕ бон байдзаг кодтон курдиат ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Дейвид ӕмӕ йӕ бинойнаджы кусын дӕр хъуыди. Ӕмӕ райдыдтой стыр агъуыстытӕ ӕфснайын. Цасдӕры фӕстӕ Дейвид райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын, фӕстӕдӕр та – йӕ бинойнаг дӕр. Дейвид ӕмӕ йӕ бинойнаг цы куыст кӕнынц, ахӕм куыст бирӕтӕ сӕ сӕрмӕ нӕ хӕссынц. Фӕлӕ уыдонӕн, цавӕр куыст кӕнынц, уый нӕу сӕйраг. Кӕд сӕм ныр ӕхца дӕс хатты къаддӕр ӕфты, уӕддӕр сӕм алы мӕй дӕр сӕ хӕрдзты фаг ӕхца вӕййы. Уыдоны фӕнды Йегъовӕйы фыццаг бынаты ӕвӕрын. Ӕмӕ ныр сӕхицӕй зонынц, Паддзахады хъуыддаг фыццаг бынаты чи ӕвӕры, уыдоныл Йегъовӕ ӕцӕгдӕр кӕй батыхсы (Матф. 6:31–33).

10. Нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнын?

10 Ӕхца нӕм бирӕ ӕфты ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм. Куыд? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй хъӕздыгдзинад ма бауарзӕм. Стӕй нын нӕ куыст Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуамӕ ма суа. Куыд ис бамбарӕн, ахӕм хабар ныл кӕй ӕрцыд, уый? Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Мыййаг, ӕмбырдты кӕнӕ уацамынды мӕ хъуыдытӕ арӕх мӕ куыстыл нӕ вӕййынц? Сомбон цӕмӕй цӕрдзынӕн, ууыл ӕдзух нӕ фӕмӕт кӕнын? Ӕхца ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсын, уый мӕ бинонты цардыл нӕ фӕзынд? Иннӕтӕ сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссынц, ахӕм куыстмӕ бацӕудзынӕн, уый фӕрцы мӕ бон Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын куы уа, уӕд?» (1 Тим. 6:9–12). Ацы фарстатыл хъуыды кӕнгӕйӕ-иу нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн зӕрдӕ кӕй бавӕрдта: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн». Ӕмӕ апостол Павел дӕр уый тыххӕй загъта ацы ныхӕстӕ: «Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут» (Дзут. 13:5, 6).

ХЪУЫДЫ КӔН, ЦАВӔР ИРХӔФСӔНТӔ ӔВЗАРЫС, УУЫЛ

11. Ирхӕфсӕнтӕ адӕймагыл куыд фӕзынынц?

11 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. Ӕмӕ нӕхи куы аирхӕфсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ бахъӕлдзӕг вӕййынц. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «царды мидӕг адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ куы хӕра, куы нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты куы уынын кӕна» (Еккл. 2:24). Фӕлӕ ацы дунейы ирхӕфсӕнтӕн сӕ фылдӕр ахӕмтӕ сты, ӕмӕ ныл, гӕнӕн ис, ӕвзӕрырдӕм фӕзыной. Уыцы ирхӕфсӕнтӕ адӕмы халгӕ кӕнынц – Хуыцау ӕвзӕрыл цы хъуыддӕгтӕ нымайы, уыдон сӕм ӕвзӕр нал фӕкӕсынц кӕнӕ та суанг сӕ зӕрдӕмӕ цӕуын дӕр райдайынц.

Чи дын фӕцӕттӕ кӕны ирхӕфсӕнтӕ? (кӕс 11–14 абзацтӕ) *

12. 1 Коринфӕгтӕм 10:21, 22 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕм, ууыл?

12 Мах фӕнды, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уӕм иузӕрдион. Уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ «Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрӕм» ӕмӕ «хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:21, 22.) Дыууӕ адӕймаджы иумӕ къӕбӕр куы фӕхӕрынц, уӕд уый арӕх дзурӕг вӕййы, хӕларӕй кӕй цӕрынц, ууыл. Кӕд, тыхми, спиритизм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕнӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕм вӕййы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ равзарӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ фӕхӕрӕм Хуыцауы знӕгты конд хӕринӕгтӕй. Ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ныл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзысты. Ӕмӕ ма афтӕмӕй хӕлы, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый дӕр.

13, 14. а) Цӕмӕн ис ирхӕфсӕнтӕ хӕринагимӕ абарӕн? б) Иаковы 1:14, 15 стихтӕй куыд зыны, буары монцты фӕдыл цӕуын тӕссаг кӕй у, уый?

13 Ирхӕфсӕнтӕ цалдӕр хъуыддаджы абарӕн ис хӕринагимӕ. Исты куы фӕхӕрӕм, уӕд нӕ бон вӕййы равзарын, цы бахӕрӕм, уый. Фӕлӕ иугӕр акомдзаг кодтам ӕмӕ нӕ комдзаг аныхъуырдтам, уӕд уый фӕстӕ, куыд батайдзӕн, ууыл нӕ бар нал цӕуы. Пайда хӕринаг адӕймаджы ӕнӕниздзинадыл хуыздӕрырдӕм фӕзыны, пайда чи нӕу, ахӕм хӕринаг та – ӕвзӕрырдӕм. Хӕринаг нын фӕпайда ӕви нӕ, уый, чи зоны, ӕвиппайды ма рабӕрӕг уа. Фӕлӕ, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ӕнӕмӕнг рабӕрӕг уыдзӕн.

14 Ирхӕфсӕнтӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у. Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ нӕ бон вӕййы равзарын, нӕ зонды цы сӕвӕрдзыстӕм, уый. Фӕлӕ уый фӕстӕ, цы ирхӕфсӕн равзӕрстам, уый йӕ куыст кӕнын райдайы – нӕ хъуыдытыл ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл фӕзыны. Хорз ирхӕфсӕнтӕ нӕ кӕнынц уӕнгрог, ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ та нын зиан хӕссынц. (Бакӕс Иаковы 1:14, 15.) Ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ цы зиан хӕссынц, уый, чи зоны, ӕвиппайды ма рабӕрӕг уа. Фӕлӕ, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ӕнӕмӕнг рабӕрӕг уыдзӕн. Библи дӕр нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕхсы: «Ма рӕдийут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн. Йӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн чи тауы, уый йӕ тӕригъӕдджын буар ӕркӕндзӕн сӕфтмӕ» (Гал. 6:7, 8). Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи алкӕддӕр хизӕм, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй! (Пс. 97:10).

15. Йегъовӕ нын цавӕр лӕвар радта?

15 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕты зӕрдӕмӕ тынг цӕуы нӕ интернет-телеуынынад (JW Broadcasting®). Хо Мэрилин дзуры: «Нӕ интернет-телеуынынады истӕмӕ куы бакӕсын, уӕд мыл базыртӕ базайы. Мӕ бон дзы вӕййы алцӕмӕ дӕр ӕнӕ равзар-бавзаргӕнгӕйӕ кӕсын. Ныфссаст куы вӕййын, уӕд бакӕсын, чи мӕ бафидар кӕны, ахӕм раныхасмӕ кӕнӕ, Вефилы райсомӕй стихыл куыд фӕныхас кӕнынц, уымӕ. Уый фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахсдӕр вӕййын, стӕй хуыздӕр базонын, ӕнӕхъӕн дунейы нӕ организацийы чи ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, ӕмӕ цыма иумӕ вӕййӕм, афтӕ мӕм фӕкӕсы. Нӕ телеуынынады фӕрцы мӕ цард тынг фӕивта». Нӕ интернет-телеуынынад ӕцӕгдӕр у Йегъовӕйы лӕвар. Цы программӕтӕ дзы ис, уыдонмӕ ды дӕр фӕкӕсыс? Алы мӕй дӕр дзы цы ног программӕ рацӕуы, уый йеддӕмӕ ма дзы ис бирӕ видеотӕ, ӕмӕ сӕм ис кӕдфӕнды дӕр бакӕсӕн. Стӕй ма дзы цы аудиозаписьтӕ ӕмӕ цы диссаджы зарджытӕ ис, уыдонмӕ ис кӕдфӕнды дӕр байхъусӕн.

16, 17. Ирхӕфсӕнтыл нын цас рӕстӕг ацӕуы, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм ӕмӕ нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ма хардз кӕнӕм?

16 Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕм, ӕрмӕст ууыл хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ сыл цас рӕстӕг хардз кӕнӕм, ууыл дӕр. Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ фылдӕр нӕхи ирхӕфсгӕ кӕнӕм, лӕггад нӕ, фӕлӕ. Бирӕтӕн зын вӕййы сӕхицӕн, фаг у, зӕгъгӕ, зӕгъын. Иу 18-аздзыд хо, Эбигейл, дзуры: «Боны дӕргъы бафӕллайын, ӕмӕ изӕрӕй телевизормӕ кӕсгӕйӕ гыццыл баулӕфын. Фӕлӕ рӕстӕгмӕ мӕ хъус куы нӕ фӕдарын, уӕд цалдӕр сахаты дӕр телевизоры раз бадгӕйӕ баззайын». Иу ӕрыгон ӕфсымӕр та, Сэмюэл, дзуры: «Интернеты фӕкӕсын цыбыр видеороликтӕм. Ӕмӕ хатт ууыл ӕртӕ-цыппар сахаты куыд атӕхы, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнын. Иу роликмӕ кӕсын райдайын, ӕмӕ стӕй цалмӕ бакӕсын, уымӕн банымайӕн нал вӕййы».

17 Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дын ирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ма цӕуа? Фыццаг уал сбӕрӕг кӕн, цас рӕстӕг сыл хардз кӕныс, уый. Зӕгъӕм, дӕ бон у къуырийы дӕргъы дӕхицӕн фыссын, ирхӕфсӕнтыл дын цас рӕстӕг ацӕуы. Къӕлиндары фӕнысан кӕн, телевизормӕ кӕсыныл, интернеты истӕмӕты кӕсыныл ӕмӕ дӕ телефоны алыхуызон хъӕзтытӕй хъазыныл цал сахаты бахардз кӕныс, уый. Куы йӕ бамбарай, ӕмӕ дын уыдӕттыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ацӕуы, уӕд-иу дӕхицӕн график скӕн. Фыццаг уал-иу дзы ныффысс, ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ кӕд араздзынӕ, уый. Ӕмӕ-иу стӕй рӕстӕг рахицӕн кӕн ирхӕфсӕнтӕн дӕр. Уый фӕстӕ-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна дӕ графикмӕ гӕсгӕ архайынӕн. Уый фӕрцы дын рӕстӕг уыдзӕн Библи иртасынӕн, бинонты ахуырӕн, ӕмбырдтӕн ӕмӕ уацамындӕн, стӕй дӕм уыцы хъуыддӕгтӕн хъарутӕ дӕр уыдзӕн. Ӕмӕ дӕ уӕд дӕ цӕсгом дӕр нӕ хӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ дын ирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг нӕ цӕудзӕн.

ДАРДДӔР ДӔР АРХАЙ, ЦӔМӔЙ ӔРМӔСТДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫЛ УАЙ ИУЗӔРДИОН

18, 19. Нӕ бон куыд у равдисын, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй стӕм иузӕрдион?

18 Апостол Павел Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕроны кой ӕмӕ ног дунейы кой куы скодта, уӕд загъта: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй ӕппынфӕстаг йӕ разы ӕрлӕууат ӕнаиппӕй, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ» (2 Пет. 3:14). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард куы кӕнӕм, стӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, ӕрмӕстдӕр ууыл кӕй стӕм иузӕрдион.

19 Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне дарддӕр дӕр архайдзысты, цӕмӕй нӕ фӕрӕдийын кӕной, ӕмӕ нӕ царды фыццаг бынаты Йегъовӕйы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цыдӕртӕ ӕвӕрӕм (Лук. 4:13). Фӕлӕ мах уӕддӕр никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзыстӕм уый бар, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы Йегъовӕйы бынат бацахса. Мах ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уыдзыстӕм иузӕрдион. Ӕрмӕстдӕр уый у ахӕм иузӕрдиондзинады аккаг!

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

^ 5 абз. Мах Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ цымӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл стӕм иузӕрдион? Уый бамбарӕн ис, цавӕр уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уымӕй. Йегъовӕйыл ӕцӕгдӕр иузӕрдион стӕм ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй аныхас кӕндзыстӕм дыууӕ хъуыддагыл.

^ 53 абз. НЫВ. Чъизи къухнийы кӕй скодтой, ахӕм хӕринагӕй нӕ бахӕриккам. Ӕмӕ уӕд куыд хъуамӕ кӕсӕм, тыхми, спиритизм ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕм ис, ахӕм цӕмӕдӕрты?