Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

36 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Армагеддон у стыр цины хабар!

Армагеддон у стыр цины хабар!

«Паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» (РАРГ. 16:16).

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Армагеддон кӕй уыдзӕн, уый цины хабар цӕмӕн у? б) Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

БИРӔТӔ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Армагеддон у ядерон хӕст кӕнӕ стыр ӕрдзон бӕллӕх. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ, Армагеддон кӕй уыдзӕн, уый у хорз хабар, цины хабар (Рарг. 1:3).

2 Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Армагеддоны хӕст адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн ирвӕзындзинад. Уый адӕмы хицаудзинадӕн кӕрон скӕндзӕн. Уыцы хӕсты фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ та удӕгасӕй баззайдзысты. Армагеддоны фӕрцы ма нӕ планетӕ дӕр фервӕздзӕн, чи йӕ сафы, уыдонӕй, ӕмӕ уыцы хӕст афтӕмӕй дӕр адӕмӕн ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзӕн (Рарг. 11:18). Цӕмӕй ацы хабӕрттӕ ноджы хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы цыппар фарстамӕ ӕркӕсын: Армагеддон бӕлвырдӕй цы у? Уый размӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн? Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Армагеддоны фервӕзӕм? Ӕмӕ Армагеддонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон куыд у иузӕрдионӕй баззайын?

АРМАГЕДДОН ЦЫ У?

3. а) Дзырд «Армагеддон» цы нысан кӕны? б) Раргомады 16:14, 16 стихтӕй куыд зыны, Армагеддон зӕххыл цавӕрдӕр бынат кӕй нӕу, уый?

3 Бакӕс Раргомад 16:14, 16. Дзырд «Армагеддон» Библийы иу хатт йеддӕмӕ не ’мбӕлы. Цы дзуттаг дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «Мегиддойы хох» (Рарг. 16:16, фип.). Мегиддо уыди рагон Израилы горӕттӕй сӕ иу (Йес. Н. 17:11). Фӕлӕ Армагеддоны кой куы кӕнӕм, уӕд уый зӕххыл цавӕрдӕр бынатмӕ нӕ амоны. Бӕлвырдӕй уый амоны, «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» куы ӕрӕмбырд уой ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацӕуой, уыцы рӕстӕгмӕ (Рарг. 16:14). Фӕлӕ ма дзырд «Армагеддон» фӕамоны, «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» куы ӕрӕмбырд уой, уӕд уый хӕдфӕстӕ чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ дӕр. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Армагеддон цавӕрдӕр бынат кӕй нӕу? Фыццаг уый, ӕмӕ ахӕм хох, Мегиддойы хох, зӕгъгӕ, никуы ис. Дыккаг уый, ӕмӕ горӕт Мегиддойы алыварс уыйбӕрц бынат нӕй, цӕмӕй дзы «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» се ’фсӕдтимӕ ӕмӕ сӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ бацӕуой. Ӕмӕ ӕртыккаг: фӕстӕдӕр статьяйы фендзыстӕм, Армагеддоны хӕст кӕй райдайдзӕн, ацы дунейы «паддзӕхтӕ» Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд – Хуыцауы адӕм та иу ран нӕ цӕрынц, фӕлӕ алы рӕтты ӕгас зӕххыл дӕр.

4. Хуыцау йӕ фӕстаг хӕст Мегиддойы номӕй цӕмӕн схуыдта?

4 Цымӕ Йегъовӕ уыцы фӕстаг стыр хӕст Мегиддойы номӕй цӕмӕн схуыдта? Раджы заманты Мегиддойы раз ӕмӕ йӕм хӕстӕг чи уыд, уыцы Изреелы дӕлвӕзы цыд бирӕ хӕстытӕ. Ӕмӕ-иу Йегъовӕ иуӕй-иу хатт йӕ адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй-иу се знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой. Зӕгъӕм, «Мегиддойы дӕтты раз» баххуыс кодта израилаг тӕрхонгӕнӕг Варакӕн, цӕмӕй фӕуӕлахиз уыдаид ханаайнӕгты ӕфсадыл ӕмӕ се ’фсады хистӕр Сисарӕйыл. Варак ӕмӕ ус-пехуымпар Деворӕ Йегъовӕйӕн арфӕ кодтой, сӕ къухы диссаджы хуызы цы уӕлахиз бафтыд, уый тыххӕй. Уыдон зарыдысты: «Арвӕй стъалытӕ хӕцыдысты... Сисарӕйы ныхмӕ. Киссоны цӕугӕдон сӕ [ома знӕгты] фӕласта» (Тӕрх. 5:19–21).

5. Армагеддоны хӕст цӕмӕй хицӕн кӕндзӕн, Варак цы хӕсты хӕцыд, уымӕй?

5 Варак ӕмӕ Деворӕйӕн сӕ зарӕджы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ фесӕфӕнт де знӕгтӕ иууылдӕр, о Йегъовӕ, чи дӕ уарзы, уыдон та хурау ӕрттивӕнт!» (Тӕрх. 5:31). Ӕмӕ Армагеддоны дӕр Хуыцауы знӕгтӕ фесӕфдзысты, чи йӕ уарзы, уыдон та фервӕздзысты. Фӕлӕ ацы дыууӕ хӕсты кӕрӕдзийӕ иу цӕмӕйдӕр тынг хицӕн кӕнынц. Армагеддоны хӕсты Хуыцауы адӕм хӕцгӕ нӕ кӕндзысты. Хӕцӕнгарз дӕр сӕм нӕ уыдзӕн! Сӕ «тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсой» ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтыл сӕ «зӕрдӕ куы дарой» (Ис. 30:15; Рарг. 19:11–15).

6. Йегъовӕ Армагеддоны хӕсты йе знӕгты куыд фесафдзӕн?

6 Хуыцау Армагеддоны хӕсты йе знӕгты куыд фесафдзӕн? Чи зоны, спайда кӕндзӕн алыхуызон мадзӕлттӕй. Гӕнӕн ис, афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ цӕудзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ, их ныууардзӕн, стӕй-иу йе знӕгты арв ныццӕвдзӕн (Иов 38:22, 23; Йез. 38:19–22). Чи зоны сӕ кӕрӕдзи ныхмӕ скӕндзӕн, ӕмӕ кӕрӕдзи цӕгъддзысты (2 Аз. 20:17, 22, 23). Стӕй ма йӕ бон у, ӕмӕ йӕ зӕдты дӕр рарвита фыдгӕнджыты ныццӕгъдынмӕ (Ис. 37:36). Фӕлӕ Хуыцау куыдфӕнды ма хӕца,– ӕнӕмӕнг фӕуӕлахиз уыдзӕн. Йе знӕгтӕй иу дӕр нал баззайдзӕн. Рӕстгӕнджытӕ та иууылдӕр фервӕздзысты (Ӕмб. 3:25, 26).

АРМАГЕДДОНЫ РАЗМӔ ЦАВӔР ХАБӔРТТӔ ӔРЦӔУДЗӔН?

7, 8. а) 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1–6 стихтӕм гӕсгӕ, хицӕуттӕ цы фехъусын кӕндзысты? б) Уыцы мӕнг ныхӕстӕ тӕссаг цӕмӕн уыдзысты?

7 «Йегъовӕйы боны» размӕ фехъусын кӕндзысты, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», зӕгъгӕ. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:1–6.) 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2 стихы «Йегъовӕйы бон» амоны «стыр бӕллӕхмӕ» (Рарг. 7:14). Стыр бӕллӕх мӕнӕ-мӕнӕ кӕй райдайдзӕн, уый цӕмӕй базондзыстӕм? Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй хицӕуттӕ фехъусын кӕндзысты, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ стыр бӕллӕх мӕнӕ-мӕнӕ райдайдзӕн.

8 Цымӕ хицӕуттӕ цӕмӕн фехъусын кӕндзысты, сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ис, зӕгъгӕ? Уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм. Ӕмӕ, мыййаг, дины разамонджытӕ дӕр семӕ разы уыдзысты ӕмӕ уыдон дӕр афтӕ дзурдзысты? Гӕнӕн ис. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр та уыдон дӕр уыдзысты, дӕлимонтӕй чи цӕуы, ахӕм мӕнг ныхӕстӕ. Фӕлӕ уыцы мӕнг ныхӕстӕ уӕлдай тӕссаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ адӕмы бауырндзӕн, сабыр ӕмӕ ӕдас цард кӕй ралӕууыд. Афтӕмӕй та уый хӕдфӕстӕ райдайдзӕн, чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх. Ӕмӕ «ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт, арыны афон сылгоймагӕн йӕ тухитӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куыд райдайынц, афтӕ». Цы зӕгъӕн уыдзӕн Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй та? Уыдон бӕлвырдӕй нӕ зонынц, Йегъовӕйы бон кӕд райдайдзӕн, уый, ӕмӕ сын уыцы боны ’рцыд, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы уа. Фӕлӕ йӕм уыдон цӕттӕ уыдзысты.

9. Йегъовӕ Хӕйрӕджы дуне уайтагъд ӕнӕхъӕнӕй фесафдзӕн? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Йегъовӕ Нойы рӕстӕджы куыд бакодта, афтӕ ныртӕккӕ Хӕйрӕджы дуне уайтагъд ӕнӕхъӕнӕй нӕ фесафдзӕн. Фыццаг уал ын фесафдзӕн йӕ иу хай, уый фӕстӕ та – йӕ иннӕ хӕйттӕ. Ӕмӕ райдайдзӕн Стыр Вавилонӕй, ома, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдонӕй. Уый фӕстӕ та Армагеддоны фесафдзӕн, Хӕйрӕджы дунейӕ ма цы баззайа, уый, уыимӕ политикӕ, ӕфсӕддон организацитӕ ӕмӕ коммерци. Ӕмӕ ныртӕккӕ уыцы дыууӕ ахсджиаг хабармӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсдзыстӕм.

10. Раргомады 17:1, 6 стихтӕм гӕсгӕ ӕмӕ 18:24 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ Стыр Вавилон цӕмӕн фесафдзӕн?

10 «Йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у, уыцы хӕтаг сылгоймаджы... тӕрхон баййафдзӕн». (Бакӕс Раргомад 17:1, 6; 18:24.) Стыр Вавилон Хуыцауы ном тынг фӕхудинаг кодта. Мӕнг динтӕ Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц ӕмӕ адӕмӕн дӕр уыдӕттӕ амонынц. Уыдон лымӕн кӕнынц зӕххон хицӕуттимӕ ӕмӕ сӕ фарс хӕцынц. Афтӕмӕй ӕвдисынц, Йегъовӕйыл гадзрахатӕй кӕй цӕуынц, ӕмӕ уымӕй сты хӕлд сылгоймаджы хуызӕн. Уымӕй уӕлдай ма сӕ адӕмы ссӕндынц ӕмӕ сӕ стигъынц. Стӕй ныккалдтой бирӕ туг, ӕмӕ сыл ис Хуыцауы лӕггадгӕнджыты туг дӕр (Рарг. 19:2). Цымӕ Йегъовӕ Стыр Вавилон куыд фесафдзӕн?

11. «Сырх-сырхид сырд» цӕмӕ амоны ӕмӕ, Хуыцау Стыр Вавилонӕн цы тӕрхон рахаста, уый куыд сӕххӕст кӕндзӕн?

11 Йегъовӕ уыцы «хӕтаг сылгоймаджы» фесафдзӕн «сырх-сырхид сырды» ӕмӕ йӕ «дӕс сыкъайы» фӕрцы. «Сырх-сырхид сырд» амоны Иугонд Нациты Организацимӕ. «Дӕс сыкъайы» та амонынц, уыцы организацийӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы хицауӕдтӕм. Хуыцауы нысангонд рӕстӕджы уыцы хицауӕдтӕ ӕмӕ Иугонд Нациты Организаци сӕхи Стыр Вавилоныл ныццӕвдзысты. Уыдон ын «ницыуал... ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты», ома йын йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ фӕхӕсдзысты ӕмӕ йын йӕ фыдхъуыддӕгтӕ хурмӕ ракалдзысты (Рарг. 17:3, 16). Йе сӕфт ӕрцӕудзӕн тынг тагъд, цыма иу бонмӕ ӕрцыд, афтӕ. Ӕмӕ йын чи ’ххуыс кӕны, уыдон арвы цӕфау фӕуыдзысты. Ӕмӕ куыннӕ хъуамӕ фӕуой арвы цӕфау, кӕд ӕмӕ-иу ӕдзух йӕхицӕй ӕппӕлыд: «Ӕз бадын паддзахау, идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст никуы фендзынӕн» (Рарг. 18:7, 8).

12. Йегъовӕ хицауӕдты цы нӕ бауадздзӕн саразын ӕмӕ цӕуылнӕ?

12 Фӕлӕ Хуыцау нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йын хицауӕдтӕ йӕ адӕмы фесафой. Йӕ адӕм ын йӕ ном сӕрыстырӕй хӕссынц, стӕй уыдон йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Стыр Вавилонӕй рацыдысты (Хъуыд. 15:16, 17; Рарг. 18:4). Уымӕй уӕлдай, уыдон иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц уырдыгӕй рацӕуынӕн. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл Стыр Вавилоны «бӕллӕхтӕ» не ’рцӕудзысты. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн.

Хуыцауы адӕм зӕххыл кӕмфӕнды ма уой,– Гог сӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд уыдон сӕ ныфс дардзысты Хуыцауыл (кӕс 13 абзац) *

13. а) Гог чи у? б) Йезекилы 38:2, 8, 9 стихтӕм гӕсгӕ, кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Гог ӕрбацыд, Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ?

13 Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн. (Бакӕс Йезекилы 38:2, 8, 9.) Йегъовӕ мӕнг динтӕ иууылдӕр куы фесафа, уӕд йӕ адӕм уыдзысты, ӕвирхъау тыхдымгӕйы фӕстӕ иунӕг бӕлас куыд баззайа, уыйау. Ӕмӕ Хӕйрӕг фырмӕстӕй тондзӕн. Ӕмӕ уӕд «ӕлгъаг пехуымпар-ныхӕсты» фӕрцы, ома, дӕлимонтӕй чи цӕуы, уыцы ныхӕсты фӕрцы, афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ рацӕудзӕн (Рарг. 16:13, 14). Уыцы цӕдис хуыйны «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог». Ӕмӕ хицауӕдтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕрбацыдысты, «Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» (Рарг. 16:16).

14. Гог цы бамбардзӕн?

14 Гог йӕ ныфс дардзӕн «адӕймаджы хъаруйыл», ома йе ’фсӕдтыл ӕмӕ йӕ хӕцӕнгӕрзтыл (2 Аз. 32:8). Мах та нӕ ныфс дардзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый хицауӕдтӕм ӕнӕзонд ми фӕкӕсдзӕн. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ хъуыды кӕндзысты, зӕгъгӕ, Стыр Вавилон дӕр хъомысджын уыд, фӕлӕ йӕ йӕ хуыцӕуттӕ «сырдӕй» ӕмӕ йӕ «дӕс сыкъайӕ» нӕ фервӕзын кодтой! (Рарг. 17:16). Ӕмӕ Гогмӕ афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ мах дӕр йӕ амӕттаг ӕнцонтӕй бауыдзыстӕм. Гъемӕ Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн, ӕмӕ уыдзӕн, «зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъты хуызӕн» (Йез. 38:16). Фӕлӕ уӕд Гог бамбардзӕн, къӕппӕджы кӕй бахауд. Сырх денджызы раз фараоны хабар куыд рауад, раст афтӕ Гог дӕр бамбардзӕн, Йегъовӕимӕ кӕй хӕцы (Рац. 14:1–4; Йез. 38:3, 4, 18, 21–23).

15. Чырысти Армагеддоны хӕсты куыд фӕуӕлахиз уыдзӕн?

15 Чырысти ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ Хуыцауы адӕмы сӕрыл Гогимӕ ӕмӕ йе ’фсӕдтимӕ тохы бацӕудзысты ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзысты (Рарг. 19:11, 14, 15). Хуыцауы сӕйраг знаг та, хицауӕдты чи фӕсайдта ӕмӕ сӕ Армагеддонмӕ чи ’рбакодта, уый, цы фӕуыдзӕн? Чырысти Хӕйрӕджы йӕ дӕлимонтимӕ дӕлдзӕхмӕ ныппардзӕн, ӕмӕ уым ахст уыдзысты иу мин азы дӕргъы (Рарг. 20:1–3).

ЦЫ НӔ ХЪӔУЫ АРАЗЫН, ЦӔМӔЙ АРМАГЕДДОНЫ ФЕРВӔЗӔМ?

16. а) Хуыцауы кӕй зонӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? б) Йегъовӕйы чи зоны, уыцы адӕм Армагеддоны арфӕгонд куыд ӕрцӕудзысты?

16 Уӕлдай нӕу, Хуыцауӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви йын ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын,– цӕмӕй Армагеддоны фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы зонӕм ӕмӕ «нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ» кӕсӕм (2 Фес. 1:7–9). Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ йын куы зонӕм йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ, стӕй, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. Стӕй ма хъуамӕ Хуыцауы уарзӕм, йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ зонӕм (1 Иоан. 2:3–5; 5:3). Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Хуыцау мах дӕр зондзӕн, ома йӕ хорзӕхӕй хайджын уыдзыстӕм (1 Кор. 8:3). Ӕмӕ уый фӕрцы Армагеддоны фервӕздзыстӕм!

17. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ «нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ» кӕсӕм?

17 «Нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабармӕ» хауы, Йесо цыдӕриддӕр амыдта, уыдӕттӕ. Йӕ ахуырӕдтӕ фыст сты Хуыцауы Ныхасы. Хорз хабары коммӕ кӕй кӕсӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг? Нӕ цард уымӕ гӕсгӕ кӕй аразӕм, уымӕй. Стӕй Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгтӕ нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, цӕрӕм Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм (Матф. 6:33; 24:14). Уымӕй уӕлдай ма Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ ахсджиаг хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн (Матф. 25:31–40).

18. Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ «ӕндӕр фыстӕн» сӕ хорздзинад куыд бафиддзысты?

18 Тагъд Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон уыдзӕн «ӕндӕр фыстӕн» сӕ хорздзинад бафидын (Иоан. 10:16). Куыд? Цалынмӕ Армагеддоны хӕст райдайа, уӕдмӕ, 144 минӕй ма чи баззайа, уыдон дӕр райгас уыдзысты уӕларвон цардмӕ ӕмӕ суыдзысты ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон удгоймӕгтӕ. Ӕмӕ 144 мины уыдзысты, Гогы чи ныццӕгъддзӕн ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмы» чи фервӕзын кӕндзӕн, уыцы уӕларвон ӕфсӕдты ’хсӕн (Рарг. 2:26, 27; 7:9, 10). Уӕд «тынг бирӕ адӕм» куыд цин кӕндзысты, Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кодтой, ууыл!

АРМАГЕДДОНМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСГӔЙӔ НӔ БОН КУЫД У ИУЗӔРДИОНӔЙ БАЗЗАЙЫН?

19, 20. Кӕд фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ бон куыд у Армагеддонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ иузӕрдионӕй баззайын?

19 Ацы фӕстаг уӕззау бонты Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕтӕ стыр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц. Фӕлӕ нӕ бон у фӕлварӕнтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр цин кӕнын (Иак. 1:2–4). Уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувын (Лук. 21:36). Кувынӕй уӕлдай ма хъуамӕ Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у хъуыды кӕнын, нӕ рӕстӕджы тыххӕй дзы цы диссаджы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоныл (Пс. 77:12). Уыцы хъуыддӕгты фӕрцы, стӕй ма, зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы дӕр нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар ӕмӕ нӕ ныфс уыдзӕн нӕ цӕстыты раз!

20 Ахъуыды-ма йыл кӕн, куыд цин кӕндзынӕ, Стыр Вавилонӕн йӕ кой дӕр куы нал уа ӕмӕ Армагеддоны хӕст куы фӕуа, уӕд! Ӕмӕ, Хуыцауы ном кӕй срухс ӕмӕ йӕ алчидӕр Дун-дунейы Хицауыл кӕй нымайы, ууыл та куыд цин кӕндзынӕ! (Йез. 38:23). Уӕдӕ, Хуыцауы чи зоны, йӕ Фырты коммӕ чи кӕсы ӕмӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕудзӕн, уыдонӕн Армагеддон бӕгуыдӕр уыдзӕн стыр цины хабар! (Матф. 24:13).

143 ЗАРӔГ Лӕмбынӕг уӕм, лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!

^ 5 абз. Йегъовӕйы адӕм Армагеддонмӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, Армагеддон цы у, ууыл, стӕй, Армагеддоны размӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ацы дунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон иузӕрдионӕй баззайын куыд у, ууыл.

^ 71 абз. НЫВ. «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», зӕгъгӕ, куы фехъусын кӕной, уӕд мах та дарддӕр хъусын кӕндзыстӕм, цалынмӕ уавӕртӕ амоной, уӕдмӕ. Мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд мах та дарддӕр дӕр Библи иртасдзыстӕм. Гог нӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд мах дарддӕр дӕр нӕ ныфс Хуыцауыл дардзыстӕм.

^ 85 абз. НЫВ. Пъӕлицӕйӕгтӕ бабырсынӕввонг сты чырыстон бинонты хӕдзармӕ; ацы бинонты фидарӕй уырны, Йесо ӕмӕ йӕ зӕдтӕ кӕй уынынц, цы цӕуы, уый.