Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

39 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм»

«Акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм»

«Акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди... Уыдон лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз» (РАРГ. 7:9).

60 ЗАРӔГ Сӕ цард ууыл баст у

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Н. э. 1 ӕнусы кӕрон апостол Иоанн цы уавӕры уыд?

АПОСТОЛ Иоанн н. э. 1 ӕнусы кӕрон уыд тынг зын уавӕры. Уый ӕрвыст ӕрцыд сакъадах Патмосмӕ. Уӕдмӕ базӕронд, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, апостолтӕй уый йеддӕмӕ ӕгас ничиуал уыд (Рарг. 1:9). Иоанн зыдта, раст дин чи ныууагъта, уыдон ӕмбырдты мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй парахат кодтой ӕмӕ чырыстӕтты кӕрӕдзи ныхмӕ кӕй кодтой. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ зынди, цыма ӕцӕг чырыстӕттӕй тагъд иу дӕр нал баззайдзӕн (Иуд. 4; Рарг. 2:15, 20; 3:1, 17).

Апостол Иоанн федта «тынг бирӕ адӕмы». Сӕ уӕлӕ уыди даргъ урс дарӕстӕ, сӕ къухты та – пальмӕйы къалиутӕ (кӕс 2 абзац)

2. Раргомады 7:9–14 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцау Иоаннӕн цавӕр диссаджы цӕстылуайӕн равдыста? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

2 Гъемӕ Иоанн ахӕм уавӕры куы уыд, уӕд ын Хуыцау цӕстылуайӕны равдыста, фидӕны цы диссаджы хабӕрттӕ хъуамӕ ’рцыдаид, уыдон. Уыцы цӕстылуайӕны зӕдтӕн загъд уыд, цӕмӕй стыр бӕллӕхы дымгӕтӕ ма суадзой, цалынмӕ Хуыцауы цагъартыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Рарг. 7:1–3). Уыцы цагъартӕ сты 144 мины ӕмӕ Йесоимӕ уӕлӕрвты уыдзысты паддзӕхтӕ (Лук. 12:32; Рарг. 7:4). Уый фӕстӕ Иоанн федта ӕндӕр адӕмы. Уыдон уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ загъта: «Федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Уыдон лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз». (Бакӕс Раргомад 7:9–14.) Ахъуыды-ма кӕн, Иоанн куыд цин кодтаид, фидӕны уыйбӕрц адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзысты, уый базонгӕйӕ!

3. а) Иоанны цӕстылуайӕны фӕрцы нӕ уырнындзинад цӕмӕн хъуамӕ бафидар уа? б) Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

3 Уыцы цӕстылуайӕны фӕрцы Иоаннӕн йӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар уыдаид. Ӕмӕ махӕн та нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр хъуамӕ бафидар уа, уымӕн ӕмӕ, Иоанн цӕстылуайӕны цы федта, уый ӕххӕст кӕны нӕ рӕстӕджы. Абон Хуыцауӕн лӕггад кӕны цалдӕр милуан адӕймаджы. Уыдоны ныфс ис, стыр бӕллӕхы сӕрты кӕй ахиздзысты ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, иу-80 азы размӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд раргом кодта, «тынг бирӕ адӕм» чи сты, уый. Стӕй ӕркӕсдзыстӕм дыууӕ хъуыддагмӕ: 1) уыдон сты тынг бирӕ ӕмӕ 2) сты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй.

«ТЫНГ БИРӔ АДӔМ» КӔМ ЦӔРДЗЫСТЫ?

4. Чырыстон динтӕ цавӕр хабар не ’мбарынц раст? Библииртасджытӕ уыдонӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

4 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ коммӕгӕс адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты. Фӕлӕ чырыстон динтӕн сӕ фылдӕр уый нӕ амонынц (2 Кор. 4:3, 4). Уыцы динтӕ афтӕ дзурынц, ӕмӕ, дам, хорз адӕм иууылдӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуынц. Фӕлӕ, 1879 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уадзын чи райдыдта, уыцы Библииртасджытӕ та ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст уыдысты. Уыдон ӕмбӕрстой, Хуыцау зӕххӕй ногӕй дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн ӕмӕ коммӕгӕс адӕмӕй милуантӕ уӕлӕрвты кӕй нӕ цӕрдзысты, фӕлӕ ам, зӕххыл. Фӕлӕ сӕ цасдӕр рӕстӕг бахъуыд, уыцы коммӕгӕс адӕм бӕлвырдӕй чи уыдзысты, уый бамбарынӕн (Матф. 6:10).

5. Библииртасджытӕ 144 мины тыххӕй цы хъуыды кодтой?

5 Библииртасджытӕ ма ӕмбӕрстой, чидӕртӕ «зӕххӕй ӕлхӕд» кӕй ӕрцӕудзысты, цӕмӕй Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой (Рарг. 14:3). Уыдон уыдзысты, зӕххыл дӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕндзӕн, ахӕм чырыстӕттӕ ӕмӕ уыдзысты 144 мины. «Тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй та Библииртасджытӕ цы хъуыды кодтой?

6. Библииртасджытӕ «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй цы хъуыды кодтой?

6 Иоанн цӕстылуайӕны федта, уыцы адӕм кӕй «лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз» (Рарг. 7:9). Уымӕ гӕсгӕ Библииртасджытӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» дӕр цӕрдзысты уӕлӕрвты. Фӕлӕ кӕд дыууӕ къорды дӕр уӕлӕрвты цӕрдзысты, уӕд ма кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц? Библииртасджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕммӕ», ӕвӕццӕгӕн, хаудзысты, зӕххыл уӕвгӕйӕ Хуыцауӕн алы хъуыддаджы коммӕгӕс чи нӕ уыдзӕн, ахӕм чырыстӕттӕ. Стӕй ма хъуыды кодтой, нырма чырыстон аргъуанты чи ис, фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ «тынг бирӕ адӕмы» ’хсӕн кӕй уыдзысты. Библииртасджытӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ кӕд уыцы адӕймӕгтӕ Хуыцауыл ӕнувыд уыдзысты, уӕддӕр ыл афтӕ ӕнувыд нӕ уыдзысты, цӕмӕй Йесоимӕ паддзӕхтӕ уой. «Тынг бирӕ адӕм» Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕй кӕй нӕ уарздзысты, уымӕ гӕсгӕ уӕлӕрвты паддзахбадӕнтыл нӕ баддзысты, фӕлӕ лӕудзысты паддзахбадӕны раз.

7. Библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Миназон хицаудзинады рӕстӕг зӕххыл чи хъуамӕ цардаид? Чырыстийы размӕ чи цард, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгты тыххӕй та цы хъуыды кодтой?

7 Ӕмӕ Библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, зӕххыл та чи хъуамӕ цардаид? Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, Хуыцау 144 мины ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмы» уӕлӕрвты куы ӕрӕмбырд кӕна, уӕд, дам, иннӕтӕн та ратдзӕн зӕххыл цӕрыны бар. Уыдон, дам, уыдзысты милуантӕ ӕмӕ, дам, схайджын уыдзысты, Чырыстийы миназон хицаудзинад цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй. Уыцы адӕм, дам, цалынмӕ Чырыстийы миназон хицаудзинад нӕ райдайа, уӕдмӕ Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕндзысты. Фӕлӕ, дам, Йегъовӕйы тыххӕй базондзысты Миназон хицаудзинады рӕстӕг. Ӕмӕ уый фӕстӕ, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ чи цӕра, уыдон зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты, йӕ ныхмӕ чи цӕуа, уыдон та сӕфт ӕрцӕудзысты. Библииртасджытӕ ма афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, уыцы рӕстӕг зӕххыл «кънйӕзтӕ» чи уыдзӕн, уыдонӕй чидӕртӕ, чи зоны, Миназон хицаудзинады кӕрон уӕларвон цардӕй схайджын уыдзысты. Ӕмӕ, дам, се ’хсӕн уыдзӕн, Чырыстийы размӕ чи цард, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ дӕр (Пс. 45:16).

8. Библииртасджытӕ куыд хъуыды кодтой, афтӕмӕй Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ цавӕр ӕртӕ къорды хъуамӕ баззадаид?

8 Уӕдӕ Библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фидӕны адӕмӕй хъуамӕ баззадаиккой: 1) Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 мины; 2) «тынг бирӕ адӕм», ома, Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд чи нӕ уыдзӕн ӕмӕ паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз чи лӕудзӕн, уыцы чырыстӕттӕ ӕмӕ 3) зӕххыл чи цӕрдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй Миназон хицаудзинады рӕстӕг чи базондзӕн, уыцы милуангай адӕм *. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ Библииртасджытӕн баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы хабӕрттӕ хуыздӕр бамбӕрстаиккой (Ӕмб. 4:18).

РӔСТДЗИНАДЫ РУХС ТЫНГӔЙ-ТЫНГДӔР КӔНЫ

1935 азы конгрессы донаргъуыд райста, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн уыд, бирӕ ахӕм адӕм (кӕс 9 абзац)

9. а) «Тынг бирӕ адӕмӕн» сӕ бон куыд у «паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз» лӕууын? б) Раргомады 7:9 стих ныр куыд ӕмбарӕм, уый раст цӕмӕн у?

9 1935 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕронмӕ бамбӕрстой, Иоанн цӕстылуайӕны цы «тынг бирӕ адӕмы» федта, уыдон чи сты, уый. Уыдон бамбӕрстой, цӕмӕй «тынг бирӕ адӕмӕн» сӕ бон уа «паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз» лӕууын, уый тыххӕй сӕ уӕлӕрвты цӕрын кӕй нӕ хъӕуы. Кӕд цӕргӕ зӕххыл кӕндзысты, уӕддӕр сӕ бон уыдзӕн «паддзахбадӕны... раз» лӕууын. Уый тыххӕй сӕ хъӕуы Йегъовӕйы Дун-дунейы Хицауыл нымайын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын (Ис. 66:1). «Уӕрыччы раз» кӕй лӕудзысты, уый та афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ ӕууӕнддзысты Чырыстийы нывондыл. Зӕгъӕм, Матфейы 25:31, 32 стихты дӕр фыст ис, «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр», уыимӕ фыдгӕнджытӕ дӕр, кӕй «ӕрӕмбырд уыдзысты» Йесойы раз, йӕ кадджын паддзахбадӕныл куы ’рбада, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппӕт уыцы адӕмтӕ уӕлӕрвты нӕ ӕрӕмбырд уыдзысты, фӕлӕ зӕххыл. Уӕдӕ ног ӕмбарынад бӕгуыдӕр раст уыд. Уый фӕрцы ис бамбарӕн, Библи афтӕ цӕуылнӕ дзуры, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты. Хуыцау ӕрмӕстдӕр иу къордӕн бавӕрдта зӕрдӕ, уӕлӕрвты ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уымӕй. Уыдон сты 144 мины ӕмӕ Йесоимӕ иумӕ «зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Рарг. 5:10).

10. «Тынг бирӕ адӕмы» цӕмӕн хъӕуы Йегъовӕйы тыххӕй базонын, цалынмӕ Чырыстийы миназон хицаудзинад нӕ райдайа, уӕдмӕ?

10 Уӕдӕ 1935 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бамбӕрстой, «тынг бирӕ адӕм» кӕй сты, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ. Ӕмӕ цӕмӕй стыр бӕллӕхы сӕрты ахизой, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы тыххӕй базоной Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг нӕ, фӕлӕ, цалынмӕ нӕ райдайа, уӕдмӕ. Уый фӕрцы сын уыдзӕн фидар уырнындзинад ӕмӕ сӕ бон бауыдзӕн, Миназон хицаудзинады размӕ «ӕрцӕуинаг цы у, ӕппӕт уыдӕтты сӕрты ахизын» (Лук. 21:34–36).

11. Библииртасджытӕй чидӕртӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ иуӕй-иутӕ Миназон хицаудзинады кӕрон уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты?

11 Библииртасджытӕ афтӕ кӕй хъуыды кодтой, ӕмӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ Миназон хицаудзинады кӕрон уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты, уый тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Уыцы ӕмбарынады тыххӕй фыст ӕрцыд 1913 азы 15 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Чидӕртӕ хъуыды кодтой: «Кӕд, Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд чи нӕу, уыдон уӕлӕрвты цӕрдзысты, уӕд, Чырыстийы размӕ чи цард, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ та хъуамӕ зӕххыл цӕрой?» Ӕмӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдысты, дыууӕ хабары раст кӕй не ’мбӕрстой, уый тыххӕй: 1) «тынг бирӕ адӕм», дам, цӕрдзысты уӕлӕрвты ӕмӕ 2) «тынг бирӕ адӕм», дам, уыдзысты, Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд чи нӕу, уыцы чырыстӕттӕ.

12, 13. Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» цы зонынц?

12 Фӕлӕ, куыд федтам, афтӕмӕй 1935 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бамбӕрстой, Армагеддоны чи фервӕздзӕн, уыдон, Иоанн цӕстылуайӕны кӕй федта, растдӕр уыцы «тынг бирӕ адӕм» кӕй сты. Уыдон «стыр бӕллӕхы сӕрты» ахиздзысты зӕххыл. Ӕмӕ хъӕрӕй дзурдзысты: «Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты нӕ Хуыцау – паддзахбадӕныл чи бады, уый, ӕмӕ Уӕрыкк!» (Рарг. 7:10, 14). Стӕй ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бамбӕрстой, Чырыстийы размӕ чи цард, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уӕлӕрвтӕм кӕй нӕ ацӕудзысты. Библи афтӕ дзуры, ӕмӕ уыдонимӕ абаргӕйӕ, уӕлӕрвты цӕрынмӕ чи райгас уа, уыдонӕн Хуыцау «хуыздӕр цыдӕр» ӕрцӕттӕ кодта (Дзут. 11:40). Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы хабӕрттӕ куы бамбӕрстой, уӕд адӕмӕн зӕрдиагӕй хъусын кӕнын райдыдтой, цӕмӕй уыдонӕн дӕр фӕзындаид фадат Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, стӕй сын фӕзындаид зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс.

13 «Тынг бирӕ адӕмӕн» цы ныфс ис, уый сын стыр циндзинад хӕссы. Уыдон ӕмбарынц, иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уӕлӕрвты цӕрдзысты ӕви зӕххыл, уый Йегъовӕ кӕй скъуыддзаг кӕны. Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» дӕр зонынц, сӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзысты ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, Йесо Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы (Ром. 3:24).

СТЫ ТЫНГ БИРӔ

14. 1935 азы фӕстӕ бирӕтӕ цӕмӕн хъуыды кодтой, «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй пехуымпарад куыд сӕххӕст уыдзӕн, ууыл?

14 1935 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, «тынг бирӕ адӕм» чи сты, уый куы бамбӕрстой, уӕддӕр ма бирӕтӕ хъуыдытӕ кодтой, зӕгъгӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон тынг бирӕ куыд хъуамӕ бауой. Зӕгъӕм, уыцы рӕстӕг Рональд Паркиныл цыди 12 азы. Уый дзуры: «Уыцы рӕстӕг ӕгас зӕххыл уыд 56 000 хъусынгӕнӕджы бӕрц. Ӕмӕ уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ, чи зоны, сӕ фылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ уӕд „тынг бирӕ адӕмӕй“ нӕ уыд зӕгъӕн, ӕмӕ тынг бирӕ сты».

15. «Тынг бирӕ адӕмы» нымӕцыл куыд ӕфтыд?

15 Фӕлӕ фӕстӕдӕр бирӕ бӕстӕтӕм райдыдтой миссионерты ӕрвитын, ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. 1968 азы адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам, «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад» чи хуынди, уыцы чиныджы фӕрцы. Уыцы чиныг Библийы ахуырӕдтӕ хуымӕтӕгӕй кӕй ӕмбарын кодта, уый фӕрцы бирӕты бафӕндыд Йегъовӕйы тыххӕй базонын. Уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ диссаг! Ӕмӕ цыппар азмӕ донаргъуыд райста 500 000 адӕймагӕй фылдӕр. Фӕстӕдӕр Латинаг Америкӕйы бӕстӕты ӕмӕ ма ӕндӕр бӕстӕты дӕр католикон аргъуанӕн адӕмыл йӕ бар афтӕ тынг нал цыд. Уымӕй уӕлдай, Скӕсӕн Европӕйы, стӕй Африкӕйы бӕстӕтӕй кӕцыдӕрты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕрибарӕй архайыны бар радтой. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг донаргъуыд райста ноджыдӕр цалдӕр милуан адӕймаджы (Ис. 60:22). Фӕстаг азты Йегъовӕйы организаци рауагъта ӕндӕр публикацитӕ дӕр адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн. Уӕдӕ Йегъовӕ «тынг бирӕ адӕмы» ӕцӕгдӕр ӕмбырд кӕны, ӕмӕ ныр сты 8 милуанӕй фылдӕр.

«ТЫНГ БИРӔ АДӔМ» СТЫ АЛЫХУЫЗОН АДӔМЫХӔТТЫТӔЙ

16. «Тынг бирӕ адӕм» кӕцы адӕмыхӕттытӕй сты?

16 Иоанн цӕстылуайӕны цы «тынг бирӕ адӕмы» федта, уыдоны тыххӕй ныффыста, кӕй сты «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй». Ахӕм хабары тыххӕй ма раздӕр ныффыста пехуымпар Захари дӕр: «Уыцы рӕстӕг алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Зах. 8:23).

17. Ӕппӕт ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм?

17 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, ӕмӕ цӕмӕй ӕппӕт ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмы ӕрӕмбырд кӕнӕн уа, уый тыххӕй хорз хабар хъуамӕ хъуыстгонд цӕуа бирӕ ӕвзӕгтыл. Мах Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ тӕлмац кӕнӕм 130 азӕй фылдӕр. Фӕлӕ тӕлмацы куыст ныры хуызӕн никуыма цыд. Ныр нӕ публикацитӕ тӕлмац кӕнӕм 900 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ «тынг бирӕ адӕмы» ӕмбырд кӕны ӕппӕт адӕмтӕй дӕр. Ӕмӕ уый у, цы диссӕгтӕ аразы, уыдонӕй сӕ иу. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг уыйбӕрц ӕвзӕгтыл кӕй ис, уый фӕрцы «тынг бирӕ адӕм» Йегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц, кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты, уӕддӕр. Стӕй адӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты зонынц, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи ӕфсымӕртау кӕй уарзынц, уымӕй. Уыдӕттӕ уынгӕйӕ нӕ уырнындзинад тынг бафидар вӕййы! (Матф. 24:14; Иоан. 13:35).

ИОАННЫ ЦӔСТЫЛУАЙӔН МАХӔН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У?

18. а) Исайы 46:10, 11 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дис кӕнӕм? б) Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон афтӕ цӕуылнӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ цӕмӕйдӕр цух сты?

18 «Тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый махӕн хӕссы стыр циндзинад! Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ахӕм диссаджы хуызы кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл хъуамӕ дис дӕр ма кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны. (Бакӕс Исайы 46:10, 11.) «Тынг бирӕ адӕмӕн» цы ныфс ис, уый тыххӕй уыдон Йегъовӕйӕ тынг бузныг сты. Уыдон афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ иугӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст не сты, цӕмӕй Йесоимӕ уӕлӕрвты лӕггад кӕной, уӕд цӕмӕйдӕр цух сты. Библийы цы иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты кой цӕуы, уыдон архайдтой сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ, фӕлӕ дзы бирӕтӕ 144 мины ’хсӕн нӕ уыдзысты. Сӕ иу уыд Аргъауӕг Иоанн (Матф. 11:11). Иннӕ ахӕм лӕггадгӕнӕг уыд Давид (Хъуыд. 2:34). Уыдон ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕм райгас уыдзысты ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты. Уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмӕн» дӕр фадат уыдзӕн, цӕмӕй равдисой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс кӕй сты, уый.

19. Иоанн цӕстылуайӕны цы федта, уый кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

19 Зӕххыл адӕм кӕдӕй сты, уӕдӕй ахӕм хабар никуыма уыд, ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕмтӕй дӕр милуангай адӕмы иумӕ ӕрӕмбырд кӕна. Уӕдӕ нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл,– хъуамӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй уыдон дӕр, ӕндӕр фыстӕй чи сты, уыцы «тынг бирӕ адӕммӕ» ӕрбаиу уой (Иоан. 10:16). Тагъд Йегъовӕ стыр бӕллӕхы фесафдзӕн, адӕмӕн уыйбӕрц маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ чи бавзарын кодта, уыцы хицауӕдтӕ ӕмӕ динтӕ. «Тынг бирӕ адӕмӕй» та алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн – Йегъовӕйӕн зӕххыл ӕнустӕм лӕггад кӕндзысты! (Рарг. 7:14).

139 ЗАРӔГ Кӕс-ма, ног дуне!

^ 5 абз. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, ууыл. Уый федта, Хуыцау фидӕны «тынг бирӕ адӕмы» кӕй ӕрӕмбырд кӕндзӕн. Дзырд дӕр ыл нӕй, уыцы амондджын адӕмӕй чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ацы цӕстылуайӕны фӕрцы сӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уыдзӕн.