Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн»

«Уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн»

«Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн» (МАТФ. 11:28).

17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Матфейы 11:28–30 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

ЙЕСО диссаджы ныхӕстӕ загъта, чи йӕм хъуыста, уыцы адӕмӕн. Зӕрдӕ сын бавӕрдта: «Ӕрцӕут [мӕм], ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн». (Бакӕс Матфейы 11:28–30.) Уыдон афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, удхайраг низӕй чи хъӕрзыд, уыцы сылгоймаджы куыд сдзӕбӕх кодта, уый.

2. Йесо рынчын сылгоймагӕн куыд баххуыс кодта?

2 Уыцы сылгоймаг 12 азы хъӕрзыд йӕ низӕй, ӕмӕ цынӕ дохтырмӕ фӕцыд, ахӕм нал баззад. Фӕлӕ йын ничи баххуыс кодта. Закъонмӕ гӕсгӕ уыцы сылгоймаг сыгъдӕгыл нымад нӕ уыд (Лев. 15:25). Иу бон фехъуыста, Йесо рынчынты кӕй дзӕбӕх кӕны, ӕмӕ йӕм ацыд. Куы йӕ ссардта, уӕд ын йӕ уӕлӕдарӕсы хаутыл андзӕвыд, ӕмӕ уайтагъд адзӕбӕх! Фӕлӕ йӕ Йесо ӕрмӕст йӕ низӕй не сдзӕбӕх кодта. Цы цӕстӕй йӕм ракаст, уый фӕрцы сылгоймаг йӕхимӕ ницӕйаг нал касти. Зӕгъӕм, Йесо йемӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕй схуыдта, «мӕ чызг», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ йын кӕй кад кӕны. Уыцы сылгоймагӕн уый удӕнцой куыннӕ ӕрхастаид ӕмӕ дзы ног хъарутӕ куыннӕ бауагътаид! (Лук. 8:43–48).

3. Цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

3 Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы сылгоймаг Йесомӕ йӕхӕдӕг кӕй ацыд. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхӕдӕг архайӕм, цӕмӕй-иу Йесомӕ «ӕрцӕуӕм». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чи йӕм «ӕрцӕуы», уыдоны нырма диссаджы хуызы сӕ низтӕй не сдзӕбӕх кӕны. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хоны, зӕгъгӕ мӕм «ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн». Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм фондз фарстамӕ: нӕ бон куыд у Йесомӕ «ӕрцӕуын»? Йесо афтӕ куы загъта, «ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Цы хъуыддаг нын бахӕс кодта, уый нын удӕнцой цӕмӕн хӕссы? Ӕмӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йесойы ӕфсондз хӕсгӕйӕ дарддӕр дӕр удӕнцой арӕм?

«УЕ ’ППӔТ ДӔР МӔМ ӔРЦӔУТ»

4, 5. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Йесомӕ «ӕрцыдыстӕм»?

4 Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Йесомӕ «ӕрцыдыстӕм»? Цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый тыххӕй-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр куы базонӕм, уӕд (Лук. 1:1–4). Уый нӕ бӕсты ничи сараздзӕн. Йесойы царды хабӕрттӕ-иу хъуамӕ нӕхӕдӕг раиртасӕм. Йесомӕ ма «ӕрцӕуӕм», куы аскъуыддзаг кӕнӕм, донаргъуыд кӕй райсдзыстӕм ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзыстӕм, афтӕмӕй дӕр.

5 Уымӕй уӕлдай ма Йесомӕ афтӕмӕй дӕр ис «ӕрцӕуӕн», ӕмӕ нӕ ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд-иу ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм куы бацӕуӕм. Уыдон сты «лӕвӕрттӕ», ӕмӕ сӕ Йесо радта, цӕмӕй йын йӕ «фыстӕм» кӕсой (Еф. 4:7, 8, 11; Иоан. 21:16; 1 Пет. 5:1–3). Хъуамӕ-иу сӕ ӕххуыс нӕхӕдӕг бацагурӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон нӕу нӕ хъуыдытӕ уынын ӕмӕ, цӕмӕй тыхсӕм, уый базонын. Ӕфсымӕр Джулиан афтӕ зӕгъы: «Ме ’нӕниздзинады тыххӕй мӕ бон нал уыд дарддӕр Вефилы лӕггад кӕнын. Ӕмӕ мын ме ’мбал загъта, зӕгъгӕ, дам, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй дӕ бабӕрӕг кӕной. Фыццаг ахъуыды кодтон, зӕгъын мын гъеныр цӕмӕй баххуыс кӕндзысты. Фӕлӕ сын уӕддӕр фӕстӕдӕр загътон, цӕмӕй мӕ бабӕрӕг кодтаиккой. Ӕмӕ мын уый уыд ӕппӕты хуыздӕр лӕвӕрттӕй сӕ иу». Ахӕм иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу базонӕм, «Чырысти куыд хъуыды кӕны», уый, ома-иу ын йӕ зондахаст бамбарӕм ӕмӕ-иу ӕй бафӕзмӕм (1 Кор. 2:16; 1 Пет. 2:21). Ӕмӕ ахӕм ӕххуыс ӕцӕгдӕр у хистӕр нӕлгоймӕгты хуыздӕр лӕвӕрттӕй сӕ иу.

«МЕ ’ФСОНДЗ УӔХИУЫЛ СӔВӔРУТ»

6. Йесо афтӕ куы загъта, «ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?

6 Йесо афтӕ куы загъта, «ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй, ӕвӕццӕгӕн, зӕгъын фӕндыд, нӕхи йӕ дӕлбар кӕй хъуамӕ бакӕнӕм. Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕ, чи зоны, афтӕ ӕмбаргӕ дӕр сты: «Сымах дӕр ме ’фсондзы бын балӕуут, ӕмӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм». Йӕ ныхӕстӕн сӕ хъуыды цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕфсондз амоны, фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕ.

7. Матфейы 28:18–20 стихтӕм гӕсгӕ нӕ цавӕр хъуыддаг хъӕуы аразын ӕмӕ нӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна?

7 Нӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм, уӕд афтӕмӕй фӕархайӕм Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ. Йесо йӕхимӕ алкӕй дӕр хоны. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын зӕрдиагӕй кӕй фӕнды, уыдонӕй Йесо фӕстӕмӕ никӕй арвитдзӕн (Иоан. 6:37, 38). Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй алкӕмӕ дӕр ахӕм кад ӕрхауд, цӕмӕй архайа, Йегъовӕ Йесойӕн кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаджы. Ӕмӕ нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Йесо алкӕддӕр немӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ нын уыцы хъуыддаг аразынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс Матфейы 28:18–20.)

«МӔНӔЙ САХУЫР УТ»

Йесойау иннӕтӕн удӕнцой дӕтт (кӕс 8–11 абзацтӕ) *

8, 9. Сӕрныллӕг адӕм Йесойы цӕмӕн уарзтой ӕмӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

8 Сӕрныллӕг адӕм Йесойы уарзтой (Матф. 19:13, 14; Лук. 7:37, 38). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо фарисейтӕй тынг хицӕн кодта. Уыцы дины разамонджытӕ уыдысты дурзӕрдӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд (Матф. 12:9–14). Йесо та уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг. Фарисейтӕ уыдысты кадуарзаг ӕмӕ сын адӕмы ’хсӕн кадджын бынат кӕй уыд, уымӕй хъал уыдысты. Йесо та дзырдта, кадмӕ бӕллын хорз кӕй нӕу. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй сӕрныллӕг уыдаиккой ӕмӕ иннӕтӕн лӕггад кодтаиккой (Матф. 23:2, 6–11). Фарисейтӕн адӕмыл сӕ бар цыди, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕм тарстысты (Иоан. 9:13, 22). Йесо та иннӕтӕн йӕ хорз хъуыддӕгтӕй ӕмӕ йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй удӕнцой хаста ӕмӕ-иу сӕ хъарутӕ бауагъта.

9 Ды дӕр Йесойы фӕзмыс? Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Адӕм мӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймагӕй зонынц? Иннӕтӕн балӕггад кӕнынмӕ ӕмӕ, иуӕй-иутӕ сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ фӕхӕссынц, ахӕм куыстытӕ бакӕнынмӕ цӕттӕ вӕййын? Иннӕтӕм хӕлар зӕрдӕ дарын?»

10. Йесоимӕ чи лӕггад кодта, уыдонӕн йемӕ ӕнцон цӕмӕн уыд?

10 Йесо хорз зӕрдӕ дардта, йемӕ чи лӕггад кодта, уыдонмӕ ӕмӕ архайдта, цӕмӕй сын йемӕ лӕггад кӕнын ӕнцон уыдаид. Стӕй йын ӕхсызгон уыд йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кӕнын (Лук. 10:1, 19–21). Уыдон нӕ тарстысты Йесойы истӕмӕйты фӕрсын, уымӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаг уыд. Ӕмӕ-иу сӕ йӕхӕдӕг дӕр сӕ хъуыдыйӕ бафарста (Матф. 16:13–16). Зӕгъӕм, халсартӕн теплицӕйы хорз уавӕртӕ куыд вӕййы, раст афтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уыд хорз уавӕртӕ. Йесо сын цытӕ амыдта, уыдӕттӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ хастой тыллӕг – хорз хъуыддӕгтӕ.

У хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иннӕтӕн демӕ ӕнцон уӕд

Зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕн

У сӕрныллӕг ӕмӕ куыстуарзаг *

11. Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

11 Дӕумӕ дӕр цавӕрдӕр бартӕ ис? Кӕд о, уӕд ахъуыды кӕн: «Мӕ бинонтӕн ӕмӕ ме ’мкусджытӕн куыд дӕн? Архайын, цӕмӕй мӕ хӕдзары фарн уа ӕмӕ ме ’мкусджытимӕ кӕрӕдзи ӕмбарӕм? Мыййаг, мӕхи афтӕ нӕ дарын, ӕмӕ мӕ истӕмӕй бафӕрсын нӕ фӕуӕндынц? Цы хъуыды кӕнынц, уый куы фӕдзурынц, уӕд сӕм байхъусын?» Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй фарисейты хуызӕн уӕм. Исчи-иу сын сӕ ныхӕстыл куы фӕдызӕрдыг, уӕд-иу мӕстӕй фӕцӕйтыдтой. Ӕмӕ-иу ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст чи уыд, уыдоны-иу карзӕй бафхӕрдтой (Мар. 3:1–6; Иоан. 9:29–34).

«УДӔНЦОЙ ССАРДЗЫСТУТ»

12–14. Йесо нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый нын удӕнцой цӕмӕн хӕссы?

12 Йесо нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый нын удӕнцой цӕмӕн хӕссы? Бирӕ цӕйдӕрты кой ис ракӕнӕн, фӕлӕ ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.

13 Махӕн ис ӕппӕты хуыздӕр цӕстдарджытӕ. Нӕ сӕйраг Цӕстдарӕг Йегъовӕ, хорздзинадӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм ӕгъатыр хицау нӕу. Уый тынг аргъ кӕны, цы аразӕм, уымӕн (Дзут. 6:10). Уый нын дӕтты тых, цӕмӕй нӕ бон уа нӕ «хӕссинаг» хӕссын, ома нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый аразын (2 Кор. 4:7; Гал. 6:5). Нӕ Паддзах Йесо Чырысти нын фӕзминаг у, иннӕтӕн куыд уыди, уымӕй (Иоан. 13:15). Ӕмӕ нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр архайынц, цӕмӕй «фыстӕн се стыр фыййау» Йесойы фӕзмой (Дзут. 13:20; 1 Пет. 5:2). Уыдон нӕ ахуыр кӕнынц ӕмӕ нӕ хъахъхъӕнынц. Ӕмӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕархайынц, цӕмӕй уой фӕлмӕнзӕрдӕ, хъӕбатыр ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой.

14 Ис нын ӕппӕты хуыздӕр ӕмбӕлттӕ. Махӕн цы ӕнувыд ӕмбӕлттӕ ис, ахӕм ӕмбӕлттӕ ӕндӕр никӕмӕн ис. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты хуызӕн ӕмкусджытӕ нын кӕй ис, уый стыр хорзӕх куыннӕ у! Уыдоны хуызӕн ӕгъдауджын адӕм нӕй, фӕлӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нӕ нымайынц. Сты курдиатджын, фӕлӕ сӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл не сты ӕмӕ иннӕты сӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрынц. Уыдон нӕ ӕрмӕст се ’мкусджытыл нӕ нымайынц, фӕлӕ ма се ’мбӕлттыл дӕр. Ӕмӕ ныл афтӕ ӕнувыд сты, ӕмӕ мах тыххӕй сӕ цард дӕр ратдзысты!

15. Цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

15 Цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уый у ӕппӕты хуыздӕр хъуыддаг. Мах адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад амонӕм ӕмӕ Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕ хурмӕ хӕссӕм (Иоан. 8:44). Хӕйрӕг адӕмыл сӕвӕрдта, сӕ бон хӕссын кӕй нӕу, ахӕм уӕргътӕ. Зӕгъӕм, уый фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ уый аккаг не стӕм, цӕмӕй нӕ уарза. Ахӕм мӕнг ныхӕстӕй адӕймагӕн йӕ ныфс куыннӕ асӕтдзӕн ӕмӕ уый уӕззау уаргъ куыннӕ у! Чырыстимӕ куы «ӕрцӕуӕм», уӕд нын Хуыцау нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны. Ӕмӕ Йегъовӕ не ’ппӕты дӕр тынг уарзы (Ром. 8:32, 38, 39). Адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ дарын сахуыр уой, уый нын стыр циндзинад хӕссы. Стӕй, сӕ цард куыд ивы, уый куы фӕуынӕм, уӕд дӕр нӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы!

ЙЕСОЙЫ ӔФСОНДЗ ДЫН АЛКӔДДӔР УДӔНЦОЙЫ ХОС УӔД

16. Йесо нын цы «хӕссинаг» бахӕс кодта хӕссын, уый нӕ иннӕ «хӕссинӕгтӕй» цӕмӕй хицӕн кӕны?

16 Йесо нын цы «хӕссинаг» бахӕс кодта хӕссын, уый хицӕн кӕны нӕ иннӕ «хӕссинӕгтӕй». Зӕгъӕм, бирӕтӕ куысты тынг бафӕллайынц, ӕмӕ ма сӕ куыстӕй сӕ зӕрдӕ дӕр нӕ фӕрайы. Йегъовӕйӕн ӕмӕ Чырыстийӕн куы балӕггад кӕнӕм, уӕд та ныл базыртӕ базайы. Арӕх куыстӕй фӕлладӕй ӕрбацӕуӕм, ӕмӕ нӕм ӕмбырдмӕ ацӕуынӕн хъарутӕ дӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр ацӕуӕм. Ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ нӕ фӕллад фӕцыдӕр вӕййы. Ӕмӕ хабар афтӕ вӕййы, хъусын кӕнынмӕ куы ацӕуӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг Библи куы фӕиртасӕм, уӕд дӕр. Кӕд уыцы хъуыддӕгтӕн бирӕ тыхтӕ фӕхъӕуы, уӕддӕр нӕ арфӕдзинӕдтӕ фылдӕр вӕййынц!

17. Цы хъуамӕ ӕмбарӕм?

17 Хъуамӕ ӕмбарӕм, алцӕй фаг нӕм хъарутӕ кӕй нӕ уыдзӕн ӕмӕ, алцӕуыл аххӕссӕм, уый гӕнӕн кӕй нӕй. Чи зоны, бирӕ кусӕм, цӕмӕй хъӕздыгдӕр цӕрӕм. Иухатт иу ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймаг Йесойы бафарста: «Цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?» Уыцы нӕлгоймаг Закъон ӕххӕст кодта. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хорз адӕймаг уыд, уымӕн ӕмӕ Марчы Евангелийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесойы «зӕрдӕйӕн фӕадджын». Уӕд ын Йесо загъта: «Ацу, цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн... Стӕй уӕд раздӕх ӕмӕ цу мӕ фӕдыл». Уыцы нӕлгоймаджы фӕндыд Йесойы фӕдыл цӕуын. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй йӕ бон нӕ баци йе «стыр фӕллӕйттӕ» ныууадзын (Мар. 10:17–22). Уый тыххӕй Йесойы ӕфсондз йӕхиуыл нӕ сӕвӕрдта ӕмӕ дарддӕр уыд «Хъӕздыгдзинады» цагъар (Матф. 6:24). Ды та йӕ бынаты куы уыдаис, уӕд цы равзӕрстаис?

18. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ цы фӕхъӕуы саразын ӕмӕ цӕмӕн?

18 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, царды нын фыццаг бынаты цы ис, ууыл. Цӕмӕн? Цӕмӕй-иу сбӕлвырд кӕнӕм, нӕ тыхтӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ хардз кӕнӕм. Иу ӕрыгон нӕлгоймаг, Марк, зӕгъгӕ, мӕнӕ цы зӕгъы: «Бирӕ азты дӕргъы мӕм афтӕ каст, ӕмӕ хуымӕтӕг цард кӕнын. Пионерӕй бӕргӕ лӕггад кодтон. Фӕлӕ мӕ хъуыдытӕ ӕдзух уыдысты, фылдӕр ӕхца кӕм ӕмӕ куыд бакуыстаин ӕмӕ мӕ царды уавӕртӕ куыд фӕхуыздӕр кодтаин, ууыл. Ӕмӕ йӕ не ’мбӕрстон, мӕ цард мын уаргъ цӕмӕн сси. Фӕлӕ мӕм уый фӕстӕ бахъардта, фылдӕр мӕхи мӕт кӕй кодтон. Йегъовӕйӕн та лӕвӕрдтон, цы рӕстӕг ӕмӕ-иу мӕм цы тыхы мур баззад, ӕрмӕстдӕр уый». Марк йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ цард фӕивта ӕмӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын райдыдта. Уый зӕгъы: «Хатгай цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕнын, фӕлӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы фӕрцы мӕ бон вӕййы мӕ хъуыдытӕ мӕ лӕггадмӕ саразын».

19. Ахсджиаг цӕмӕн у, цы аразӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕсын?

19 Цӕмӕй нын, Йесойы ӕфсондз кӕй хӕссӕм, уый алкӕддӕр удӕнцойы хос уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ӕртӕ хъуыддаджы. Фыццаг: цы аразӕм, уымӕ хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Мах аразӕм Йегъовӕйы хъуыддаг, ӕмӕ йӕ хъӕуы аразын, уый куыд зӕгъы, афтӕ. Мах стӕм кусджытӕ, Йегъовӕ та у Хицау (Лук. 17:10). Зӕгъӕм, тыхджын гал ӕдзух, йӕхи кӕцырдӕм фӕнды, уыцырдӕм куы цӕуа ӕмӕ йыл йӕ хицау цы ӕфсондз сӕвӕрдта, уый йӕ бӕрзӕйӕ раппарыныл куы архайа, уӕд йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕндзӕн ӕмӕ ныффӕллайдзӕн. Мах дӕр Йегъовӕйы хъуыддаг, нӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ куы аразӕм, уӕд «ӕфсондзимӕ» тох кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕндзыстӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд хӕхтӕ дӕр фӕлдахдзыстӕм ӕмӕ цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр хиздзыстӕм. Рох дӕ макуы уӕд: Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ничи бахъыгдардзӕн! (Ром. 8:31; 1 Иоан. 4:4).

20. Цӕмӕн нӕ фӕнды Йесойы ӕфсондз хӕссын?

20 Дыккаг: хъуамӕ нын уа раст зӕрдӕйы уаг. Махӕн нӕ нысан у нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Фыццаг ӕнусы иуӕй-иутӕ Йесойы фӕдыл цыдысты, ӕнӕфсис кӕй уыдысты ӕмӕ йӕм цӕмӕдӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕ фӕдыл бирӕ нӕ фӕцыдысты. Йесойы ӕфсондз сӕ зӕрдӕмӕ нал цыд, ӕмӕ йӕ сӕхицӕй раппӕрстой (Иоан. 6:25–27, 51, 60, 66; Фил. 3:18, 19). Фӕлӕ Хуыцауы ӕмӕ иннӕты ӕцӕгӕй чи уарзта, уыдон уыцы ӕфсондз цӕрӕнбонты цингӕнгӕйӕ хастой, ӕмӕ сын уыд ныфс, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ кӕй уыдзысты. Махӕн дӕр раст зӕрдӕйы уаг куы уа, уӕд Йесойы ӕфсондз цингӕнгӕйӕ хӕсдзыстӕм.

21. Матфейы 6:31–33 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ цы араздзӕн?

21 Ӕртыккаг: хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Мах аскъуыддзаг кодтам, удуӕлдай цард кӕй кӕндзыстӕм ӕмӕ бирӕ кӕй фыдӕбон кӕндзыстӕм. Йесо нӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уӕ фӕдыл зилдзысты ӕмӕ уӕ ӕфхӕрдзысты. Фӕлӕ нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ нын фаг хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр сфӕразӕм. Ӕмӕ-иу фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд-иу Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм (Иак. 1:2–4). Уымӕй уӕлдай ма зонӕм, Йегъовӕ нӕ, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй нӕ уадздзӕн, стӕй ныл Йесо кӕй тыхсдзӕн ӕмӕ нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтаудзысты. (Бакӕс Матфейы 6:31–33; Иоан. 10:14; 1 Фес. 5:11.) Ӕмӕ ма адӕймаджы фидар фӕлӕууынӕн ӕндӕр цы хъӕуы?

22. Бузныг цӕй тыххӕй стӕм?

22 Йесо кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы сылгоймаг уайтагъд удӕнцой ссардта. Фӕлӕ йын цӕмӕй цард ӕнустӕм дӕр удӕнцой хастаид, уый тыххӕй хъуамӕ суыдаид Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинаг. Цымӕ куыд бакодта уыцы сылгоймаг? Кӕд Йесойы ӕфсондз йӕхиуыл сӕвӕрдта, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кастаид диссаджы хӕрзиуӕг – йӕ бон уыдаид Йесоимӕ уӕлӕрвты лӕггад кӕнын! Чырыстийы фӕдыл цӕугӕйӕ йӕхи цӕмӕйфӕнды куы фӕцух кодтаид, уӕддӕр уый ницы уыдаид, цы арфӕдзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыимӕ абаргӕйӕ. Уӕдӕ нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл,– мах тынг бузныг стӕм, Йесо нӕ йӕхимӕ кӕй фӕхуыдта, уый тыххӕй!

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

^ 5 абз. Йесо нӕ хоны, ӕрцӕут мӕм, зӕгъгӕ. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй уый нӕ къухы бафта? Уый базондзыстӕм ацы статьяйӕ. Стӕй ма нын ацы статья нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Чырыстиимӕ ӕмгуыст кӕнгӕйӕ-иу удӕнцой куыд ссардзыстӕм, уый.

^ 60 абз. НЫВ. Йесо адӕмӕн алыхуызӕтты удӕнцой лӕвӕрдта.

^ 66 абз. НЫВ. Йесойау ӕфсымӕр дӕр алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразы, ӕмӕ, цы аразы, уый иннӕтӕн удӕнцой хӕссы.