Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Моисейы закъон Йегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинадыл дзурӕг куыд уыд?

Моисейы закъон Йегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинадыл дзурӕг куыд уыд?

«Уый уарзы рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон. Ӕгас зӕхх дӕр дзаг у Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй» (ПС. 33:5).

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Алкӕй дӕр нӕ цы фӕнды? б) Нӕ бон фидарӕй зӕгъын цы у?

АЛКӔЙ дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ уарзой ӕмӕ йемӕ рӕстӕй архайой. Адӕймаг уыдӕттӕй цух куы вӕййы, уӕд йӕхимӕ ницӕйаг кӕсын райдайы ӕмӕ йӕ ныфс асӕтты.

2 Йегъовӕ зоны, иннӕтӕ нӕ уарзой ӕмӕ немӕ рӕстӕй архайой, уый нӕ кӕй фӕнды (Пс. 33:5). Ӕмӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, йӕхӕдӕг дӕр нӕ бирӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ немӕ рӕстӕй архайой. Ӕмӕ уый ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ Моисейы уылты Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уымӕ бӕстондӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд. Кӕд иннӕты уарзтӕй цух дӕ ӕмӕ дӕхиуыл хӕрамдзинад ӕвзарыс, уӕд ахъуыды кӕн, Моисейы закъонӕй * куыд зыны, Йегъовӕ йӕ адӕмыл кӕй тыхсы, уый.

3. а) Моисейы закъонмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд Ромӕгтӕм 13:8–10 стихтӕм гӕсгӕ цы базондзыстӕм? б) Ацы статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

3 Моисейы закъонмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ йӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый. (Бакӕс Ромӕгтӕм 13:8–10.) Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцау Израилы адӕмӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй цалдӕрмӕ ӕмӕ дзуапп базондзыстӕм ахӕм фарстатӕн: цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Моисейы закъон Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг уыд? Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ уыцы Закъон адӕмы рӕстӕй архайынмӕ разӕнгард кодта? Бартӕ кӕй къухы уыдысты, уыдон Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ архайдтаиккой? Ӕмӕ Закъон уӕлдай тынгдӕр кӕй хъахъхъӕдта? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд уый фӕрцы удӕнцой ссардзыстӕм ӕмӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм (Хъуыд. 17:27; Ром. 15:4).

ХУЫЦАУЫ ЗАКЪОН ДЗУРӔГ УЫД ЙӔ УАРЗОНДЗИНАДЫЛ

4. а) Нӕ бон фидарӕй зӕгъын цӕмӕн у, Моисейы закъон Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй уыд? б) Матфейы 22:36–40 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесо цавӕр фӕдзӕхстыты кой скодта?

4 Нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Моисейы закъон Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уымӕ йӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад (1 Иоан. 4:8). Уыцы закъӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр, 600 закъонӕй фылдӕрӕн, сӕ бындур уыдысты дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты – Хуыцауы уарзын ӕмӕ иннӕты уарзын (Лев. 19:18; Дык. з. 6:5; бакӕс Матфейы 22:36–40). Уӕдӕ йыл дзырд дӕр нӕй, уыцы закъӕттӕй алкӕцы дӕр дзурӕг уыд Йегъовӕйы уарзондзинадыл. Цӕй ӕмӕ дзы цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

5, 6. Йегъовӕ лӕг ӕмӕ усмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг цӕмӕ фӕдары? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

5 Дӕ цардӕмбалыл иузӕрдион у ӕмӕ дӕ цотыл тыхс. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы цӕрӕнбонтӕм уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой (Райд. 2:24; Матф. 19:3–6). Дӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуай, уый у стыр хӕрамдзинад. Уымӕ гӕсгӕ Дӕс фӕдзӕхстӕй иу уыд ахӕм: «Ма хӕт» (Дык. з. 5:18). Уый «Хуыцауы раз» у стыр тӕригъӕд (Райд. 39:7–9). Йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уымӕн, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕйы хъӕдгом бирӕ азты дӕргъы дӕр ма байгас уа.

6 Йегъовӕ йӕ хъус лӕмбынӕг фӕдары, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куыд сты, уымӕ. Израилӕгты кой куы кӕнӕм, уӕд Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй-иу лӕгтӕ сӕ бинойнӕгтӕн хорз уыдаиккой. Моисейы закъонӕн чи аргъ кодта, ахӕм лӕгтӕ сӕ бинойнӕгты уарзтой ӕмӕ-иу сӕ гыццыл ницӕй тыххӕй нӕ ахицӕн сты (Дык. з. 24:1–4; Матф. 19:3, 8). Фӕлӕ-иу «усӕн йӕ митӕ ӕнӕуаг куы уыдаиккой» ӕмӕ-иу дзы йӕ лӕг уый тыххӕй куы ахицӕн уыдаид, уӕд-иу ын хъуамӕ радтаид, кӕй дзы ахицӕн, уый тыххӕй гӕххӕтт. Уыцы гӕххӕтт-иу сылгоймаджы хъахъхъӕдта, цӕмӕй-иу ӕй стӕй мӕнгӕй мачи фӕаххосджын кодтаид, ӕнӕгъдау хъуыддаг бакодта, зӕгъгӕ. Стӕй ма-иу цалынмӕ лӕг йӕ усӕн уыцы гӕххӕтт радтаид, уӕдмӕ уал-иу, ӕвӕццӕгӕн, хъуамӕ аныхас кодтаид горӕты хистӕр лӕгтимӕ ӕмӕ-иу афтӕмӕй хистӕр лӕгтӕн фадат уыдаид, цӕмӕй-иу лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бинонты цард бахъахъхъӕнынӕн баххуыс кодтаиккой. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ ахӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уӕддӕр-иу уый израилаг нӕлгоймӕгтӕй кӕйдӕрты нӕ баурӕдта ӕмӕ-иу сӕ устытӕй хиуарзон фӕндты тыххӕй ахицӕн сты. Фӕлӕ-иу Йегъовӕ уыдта, ахӕм сылгоймаг-иу куыд маст кодта, уый, ӕмӕ-иу ыл йӕ зӕрдӕ фӕрыст (Мал. 2:13–16).

Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты уарзтаиккой ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй хъомыл кодтаиккой ӕмӕ сӕ ахуыр кодтаиккой. Уый фӕрцы-иу сывӕллӕттӕ уыдаиккой ӕдас (кӕс 7 ӕмӕ 8 абзацтӕ) *

7, 8. а) Йегъовӕ израилаг ныййарджытӕн цы бафӕдзӕхста? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.) б) Цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

7 Моисейы закъонӕй ма бӕрӕг у, Йегъовӕ сывӕллӕттыл тынг кӕй тыхсы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, израилаг ныййарджыты-иу хъуыди ууыл тыхсын, цӕмӕй сӕ цотӕн хӕрд ӕмӕ уӕлӕдарӕс уыдаид. Фӕлӕ ма сын Хуыцау бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кодтаиккой. Ныййарджытӕ-иу хъуамӕ алы фадатӕй дӕр пайда кодтаиккой, цӕмӕй-иу сӕ цотӕн Йегъовӕйы бауарзын кодтаиккой ӕмӕ сын ӕххуыс кодтаиккой Закъонӕн аргъ кӕнынӕн (Дык. з. 6:6–9; 7:13). Йегъовӕ израилӕгты кӕй бафхӕрдта, уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу уыд, чидӕртӕ-иу сӕ сӕ сывӕллӕтты кувӕн бынӕтты арты кӕй басыгътой, уый (Йер. 7:31, 33). Ныййарджытӕй хъуамӕ рох ма уыдаид, сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы лӕвар кӕй сты, ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кастаиккой ӕмӕ сӕ ма ӕфхӕрдтаиккой, фӕлӕ сын аргъ кодтаиккой (Пс. 127:3).

8 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Йегъовӕ йӕ хъус лӕмбынӕг фӕдары, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн куыд сты, уымӕ. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты уарзой. Йӕ сывӕллӕтты чи ӕфхӕры, уыцы ныййарджытӕй Хуыцау дзуапп ӕрдомдзӕн.

9–11. Йегъовӕ ахӕм фӕдзӕхст цӕмӕн радта, искӕй цы у, уымӕ ма бабӕлл, зӕгъгӕ?

9 Ма бабӕлл. Дӕс фӕдзӕхстӕй фӕстаг уыд, искӕй цы у, уымӕ ма бабӕлл, зӕгъгӕ (Дык. з. 5:21; Ром. 7:7). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ацы закъон уый тыххӕй радта, цӕмӕй ӕмбӕрстаиккой, зонд ӕмӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын тынг ахсджиаг кӕй у. Уый зоны, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕнынц ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ (Ӕмб. 4:23). Израилӕгтӕй-иу исчи йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕн бынат куы скодта, уӕд-иу тӕссаг уыд, иннӕтӕн ӕвзӕрдзинад аразын куы райдыдтаид, уымӕй. Паддзах Давид уыцы къӕппӕджы бахауд. Давид ӕнӕуи хорз адӕймаг уыд. Фӕлӕ иуафон бабӕллыд кӕйдӕр усмӕ, ӕмӕ йӕ уыцы ӕвзӕр фӕнд ӕркодта тӕригъӕдмӕ (Иак. 1:14, 15). Давид уыцы сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцыд, йӕ лӕгыл та йын хинӕй рацыд ӕмӕ йӕ амарын кодта (2 Сам. 11:2–4; 12:7–11).

10 Йегъовӕ адӕмы зӕрдӕтӕ уыны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зыдта, израилӕгтӕ-иу ын йӕ закъон, ма бабӕлл, зӕгъгӕ, кӕд фехӕлдтой, уый (1 Аз. 28:9). Уыцы закъон йӕ адӕмӕн ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ-иу хъуамӕ сӕхи хызтаиккой, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм сӕ чи ӕркодтаид, ахӕм хъуыдытӕй. Цӕй стыр зонды хицау у Йегъовӕ ӕмӕ куыд уарзӕгой Хуыцау у!

11 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Йегъовӕ адӕймагӕн ӕрмӕст йӕ уындмӕ нӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ дӕр. Хуыцау уыны, мидӕгӕй цавӕр стӕм, уый (1 Сам. 16:7). Уымӕй ӕмбӕхст ницы у – нӕдӕр нӕ хъуыдытӕ, нӕдӕр не ’нкъарӕнтӕ, нӕдӕр нӕ хъуыддӕгтӕ. Уый нын нӕ хорз миниуджытӕ уыны, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы миниуджытыл ӕдзухдӕр кусӕм. Фӕлӕ ма йӕ фӕнды, цӕмӕй-иу нӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд-иу семӕ тох кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ма ӕркӕной (2 Аз. 16:9; Матф. 5:27–30).

ХУЫЦАУЫ ЗАКЪОН АДӔМЫ РӔСТӔЙ АРХАЙЫНМӔ РАЗӔНГАРД КОДТА

12. Моисейы закъонӕй цы у бӕрӕг?

12 Моисейы закъонӕй ма бӕрӕг у, Йегъовӕ рӕстдзинад кӕй уарзы (Пс. 37:28; Ис. 61:8). Хуыцау иннӕтимӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйы закъӕттӕ куы ’ххӕст кодтой, уӕд-иу сын арфӕ кодта. Йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты-иу куы ахызтысты, уӕд та-иу сӕ сӕр бӕллӕхтӕ баййӕфта. Ӕркӕсӕм-ма Дӕс фӕдзӕхстӕй ноджыдӕр дыууӕмӕ.

13, 14. Дӕс фӕдзӕхстӕй фыццаг дыууӕ цавӕртӕ уыдысты ӕмӕ-иу израилӕгтӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ куы ’ххӕст кодтой, уӕд-иу сын уый цы пайда хаста?

13 Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл у иузӕрдион. Дӕс фӕдзӕхстӕй фыццаг дыууӕ ахӕм уыдысты, ӕмӕ израилӕгтӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уыдаиккой иузӕрдион, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй та сӕхи хызтаиккой (Рац. 20:3–6). Йегъовӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ уый тыххӕй нӕ радта, ӕмӕ йӕхи пайдайӕн уыдысты. Уыдон пайда уыдысты йӕ адӕмӕн. Израилӕгтӕ-иу Хуыцауыл иузӕрдион куы уыдысты, уӕд-иу арфӕгонд ӕрцыдысты. Ӕндӕр адӕмты хуыцӕуттӕн-иу куы куывтой, уӕд та-иу бӕллӕхты хай баисты.

14 Ахъуыды-ма кӕнӕм ханаайнӕгтыл. Уыдон удӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн кувыны бӕсты куывтой гуымирытӕн – удӕгас цы нӕу, уыдӕттӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй алыхуызон ӕлгъаг хъуыддӕгтыл бафтыдысты (Пс. 115:4–8). Сӕ хуыцӕуттӕн кувгӕйӕ-иу амӕй-ай хӕлддӕр митӕ кодтой ӕмӕ сын сӕ сывӕллӕтты нывондӕн хастой. Ӕмӕ-иу израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ куы аздӕхтысты ӕмӕ-иу гуымирытӕн кувын куы райдыдтой, уӕд-иу уыдон дӕр ахӕм ӕлгъаг хъуыддӕгтыл бафтыдысты, ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕ бинонтӕн хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой (2 Аз. 28:1–4). Бартӕ кӕй къухы уыдысты, уыдон-иу, Йегъовӕйы цӕсты ӕнӕхӕрам ӕмӕ раст цы у, уымӕ гӕсгӕ нал архайдтой. Уыдон сӕ бартӕй раст нӕ пайда кодтой ӕмӕ-иу, лӕмӕгъ чи уыд ӕмӕ фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыд, уыдоны ӕфхӕрдтой (Йез. 34:1–4). Йегъовӕ израилӕгты бафӕдзӕхста, ӕххуысгӕнӕг кӕмӕн нӕй, ахӕм сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты чи ӕфхӕра, уыдоны йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕфхӕрдӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн (Дык. з. 10:17, 18; 27:19). Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыдысты ӕмӕ-иу иннӕтимӕ рӕстӕй куы архайдтой, уӕд та-иу сын арфӕ кодта (1 Пад. 10:4–9).

Йегъовӕ мах уарзы ӕмӕ фӕуыны, кӕйдӕр хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмӕрттӕ куы февзарӕм, уый (кӕс 15 абзац)

15. Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам?

15 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Йӕхи Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи хоны, уыдонӕй йын кӕд чидӕртӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты хизынц ӕмӕ йӕ адӕм уыдоны аххосӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уӕд уый Йегъовӕйы аххос нӕу. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр Йегъовӕ уарзы ӕмӕ фӕуыны, кӕйдӕр хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмӕрттӕ куы бавзарӕм, уый. Кӕд мадӕн йӕ хъӕбулы рыст тынг зын вӕййы, уӕд Йегъовӕйӕн та мах рыст ноджы зындӕр вӕййы (Ис. 49:15). Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ хъуыддагмӕ ныр ма ӕрӕвнала, уӕддӕр йӕ рӕстӕджы, иннӕты чи ӕфхӕры ӕмӕ йӕ фыдхъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонӕй дзуапп ӕрдомдзӕн.

ХУЫЦАУЫ ЗАКЪОНМӔ ГӔСГӔ АРХАЙЫН КУЫД ХЪУЫДИ?

16–18. Моисейы закъоны дзырд цавӕр хъуыддӕгтыл цыд ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Моисейы закъоны дзырд цыди израилӕгты царды алыхуызон фӕзилӕнтыл. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг уыд, цӕмӕй-иу хистӕр лӕгтӕ Йегъовӕйы адӕмӕн рӕстӕй тӕрхон кодтаиккой. Сӕ хӕс ӕрмӕст раст динимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕвзарын нӕ уыд, фӕлӕ ма адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ дӕр. Ӕркӕсӕм уыцы хъуыддӕгтӕй цалдӕрмӕ.

17 Израилӕгтӕй-иу исчи искӕй куы амардта, уӕд-иу ын уайтагъд мӕлӕты тӕрхон хаст не ’рцыд. Горӕты хистӕр лӕгтӕ уал-иу фыццаг хъуыддаг равзӕрстой, цӕмӕй-иу сбӕрӕг кодтаиккой, адӕймаг мӕлӕты аккаг у ӕви нӕ (Дык. з. 19:2–7, 11–13). Хистӕр лӕгтӕ ма-иу ӕвзӕрстой бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр – адӕм-иу кӕрӕдзийыл сӕ фӕллойы фӕдыл цы хъаст бахастой, уымӕй райдай ӕмӕ-иу лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы быцӕу рауад, уымӕй фӕу (Рац. 21:35; Дык. з. 22:13–19). Хистӕр лӕгтӕ-иу рӕстӕй куы тӕрхон кодтой ӕмӕ-иу израилӕгтӕ Закъон куы ’ххӕст кодтой, уӕд-иу уый се ’ппӕтӕн дӕр хаста пайда, стӕй-иу афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хастой (Лев. 20:7, 8; Ис. 48:17, 18).

18 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Йегъовӕ нӕм уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй нӕ царды алы фӕзилӕны дӕр йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Фӕнды йӕ, цӕмӕй иннӕты уарзӕм ӕмӕ семӕ рӕстӕй архайӕм. Хуыцау лӕмбынӕг фӕкӕсы, цы фӕдзурӕм ӕмӕ цы фӕаразӕм, уымӕ, ӕмӕ, хӕдзары иунӕгӕй куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ фӕуыны (Дзут. 4:13).

19–21. а) Хистӕр лӕгтӕ ӕмӕ-иу тӕрхонгӕнджытӕ Хуыцауы адӕмимӕ куыд хъуамӕ архайдтаиккой? б) Йегъовӕйы Закъон йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕдта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

19 Йегъовӕйы фӕндыд йӕ адӕмы сӕ сыхаг адӕмты зондахастӕй бахъахъхъӕнын. Уыцы адӕмтӕ уыдысты тынг мӕнгард, ӕмӕ сӕ цӕмӕй израилӕгтӕ фӕзмын ма райдыдтаиккой, уый тыххӕй Йегъовӕ хистӕр лӕгтӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕй домдта, цӕмӕй адӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ хъулон митӕ ма кодтаиккой. Иннӕмӕй та-иу адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ карзӕй ма архайдтаиккой, фӕлӕ-иу сӕм уарзондзинад ӕвдыстаиккой ӕмӕ-иу сын рӕстӕй тӕрхон кодтаиккой (Дык. з. 1:13–17; 16:18–20).

20 Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, ӕмӕ ууыл батыхст, цӕмӕй йӕ адӕм хӕрамдзинадӕй хъахъхъӕд уыдаиккой. Зӕгъӕм, Закъон адӕймаджы хъахъхъӕдта, цӕмӕй-иу ӕй исты фыдракӕнды мӕнгӕй ма фӕаххосджын кодтаиккой. Кӕй-иу фӕаххосджын кодтой, уымӕн-иу уый бар уыд, цӕмӕй-иу ӕй чи аххосджын кодта, уый зыдтаид (Дык. з. 19:16–19; 25:1). Стӕй-иу ӕй цалынмӕ аххосджыныл банымадтаиккой, уӕдмӕ-иу хъуыддаг хъуамӕ сбӕлвырд уыдаид ӕппынкъаддӕр дыууӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ (Дык. з. 17:6; 19:15). Ӕмӕ-иу, зӕгъӕм, адӕймаг фыдракӕнд кӕй ракодта, уымӕн-иу ӕрмӕстдӕр иу ӕвдисӕн куы уыд, уӕд та? Ахӕм адӕймаг-иу афтӕ куы ахъуыды кодтаид, ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзӕн, уӕд-иу йӕхи сайдтаид, уымӕн ӕмӕ-иу Йегъовӕ федта, цы сарӕзта, уый. Хуыцауы Закъон ма хӕрамдзинадӕй хъахъхъӕдта бинонты дӕр. Кӕд бинонты хистӕртӕн бартӕ уыд, уӕддӕр уыцы бартӕ ӕгӕрон нӕ уыдысты. Бинонты хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ уыдысты горӕты хистӕр лӕгты ӕвзаринаг ӕмӕ-иу уыцы хъуыддӕгты фӕдыл тӕрхон уыдон хъуамӕ рахастаиккой (Дык. з. 21:18–21).

21 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Йегъовӕмӕ хӕрамдзинад ӕппындӕр нӕй, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг (Пс. 89:14). Йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йын чи архайы, уыдонӕн арфӕ ракӕны, йӕ бартӕй раст чи нӕ пайда кӕны, уыдоны та ӕфхӕргӕ бакӕны (2 Сам. 22:21–23; Йез. 9:9, 10). Хатгай, чи зоны, афтӕ фӕзыны, ӕмӕ, фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Фӕлӕ йӕ рӕстӕджы Йегъовӕ уыцы фыдгӕнджытӕй дзуапп ӕрдомдзӕн (Ӕмб. 28:13). Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтыл куы не ’рфӕсмон кӕной, уӕд тагъд рӕстӕджы сӕхиуыл бавзардзысты, «удӕгас Хуыцауы къухмӕ бахауынӕй тӕссагдӕр [кӕй] ницы ис» (Дзут. 10:30, 31).

ХУЫЦАУЫ ЗАКЪОН УӔЛДАЙ ТЫНГДӔР КӔЙ ХЪАХЪХЪӔДТА?

Хистӕр лӕгтӕ-иу адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ Йегъовӕйау уарзондзинад ӕвдыстаиккой ӕмӕ рӕстӕй архайдтаиккой (кӕс 22 абзац) *

22–24. а) Закъон уӕлдай тынгдӕр кӕй хъахъхъӕдта ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? б) Рацыды 22:22–24 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмы цӕмӕй бафӕдзӕхста?

22 Хуыцауы Закъон уӕлдай тынгдӕр хъахъхъӕдта, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыд, ахӕмты, зӕгъӕм, сидзӕрты, идӕдзты ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгты. Хуыцау израилаг тӕрхонгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Ӕрцӕуӕггаджы кӕнӕ сидзӕры хъуыддаг куы ’взарай, уӕд хӕрам тӕрхон ма рахӕсс. Ӕмӕ идӕдзӕн йӕ дарӕс цъынды ма райс» (Дык. з. 24:17). Уӕдӕ бӕрӕг у, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыд, уыдоныл Йегъовӕ зӕрдӕйӕ кӕй тыхст. Ӕмӕ сӕ чи ӕфхӕрдта, уыдонӕй-иу дзуапп ӕрдомдта. (Бакӕс Рацыд 22:22–24.)

23 Закъон ма израилӕгты хъахъхъӕдта ноджыдӕр иу фыдхъуыддагӕй – тугхӕстӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуынӕй (Лев. 18:6–30). Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕ уыцы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты, суанг ма йӕ хорз цӕуылдӕр нымадтой. Фӕлӕ уыцы адӕмтӕй уӕлдай, израилӕгтӕ уыцы хъуыддагмӕ хъуамӕ кастаиккой Йегъовӕйы цӕстӕй, ома йӕ ӕлгъаг цӕуылдӕр нымадтаиккой.

24 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, сӕ бӕрны чи ис, уыдоныл тыхсой ӕмӕ сӕ уарзой. Стӕй Хуыцау йе сӕфт уыны, исчи искӕмӕн тыхми бакӕна, тугхӕстӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуа кӕнӕ сывӕллӕттӕн тыхми бакӕна, уымӕй. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр, уӕлдайдӕр та, лӕмӕгъ чи у, уыдон, хъахъхъӕд уой ӕмӕ иннӕтӕ семӕ рӕстӕй архайой.

«ЗАКЪОН ФИДӔНЫ ХОРЗДЗИНӔДТӔН ӔРМӔСТДӔР СӔ АУУОН... У»

25, 26. а) Уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад улӕфт ӕмӕ цардимӕ цӕмӕн ис абарӕн? б) 2019 азы майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ма цы ӕртӕ статьяйы уыдзӕн, уыдонӕй фыццаджы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

25 Уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад абарӕн ис улӕфт ӕмӕ цардимӕ – иу ӕнӕ иннӕмӕй уа, уымӕн гӕнӕн нӕй. Йегъовӕ немӕ рӕстӕй кӕй архайы, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ куы уарзӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕм уарзондзинад ӕвдисӕм ӕмӕ семӕ рӕстӕй архайӕм.

26 Моисейы закъонимӕ баст бадзырд израилӕгтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтаиккой. Фӕлӕ Чырыстийы нывонд Моисейы закъонӕн кӕрон скодта, ӕмӕ Закъон ивд ӕрцыд хуыздӕр цӕмӕйдӕр (Ром. 10:4). Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон... у» (Дзут. 10:1). 2019 азы майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ма цы ӕртӕ статьяйы уыдзӕн, уыдонӕй фыццаджы дзырд цӕудзӕн уыцы хорздзинӕдтӕй иуӕй-иутыл, стӕй чырыстон ӕмбырды куыд ахсджиаг у уарзондзинад ӕвдисын ӕмӕ рӕстӕй архайын, ууыл.

109 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм

^ 5 абз. Ацы статьяйы ӕмӕ ма 2019 азы майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕртӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕ ныл кӕй тыхсы, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна, ууыл. Уыцы ӕртӕ статьяйӕ фыццаджы дзырд цӕудзӕн, Йегъовӕ уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕмбырды куыд ӕвдисы, ууыл. Дыккаг статьяйы дзырд цӕудзӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырд куыд хъахъхъӕнынц ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын, сывӕллӕттӕн тыхми чи бакӕны, ахӕм адӕмӕй. Ӕртыккаг статьяйӕ та базонӕн уыдзӕн, гыццылӕй тыхми кӕмӕн бакодтой, уыдонӕн нӕ бон куыд у удӕнцой дӕттын.

^ 2 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Йегъовӕ Моисейы уылты израилӕгтӕн радта 600 закъонӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕ Библи хоны «Закъон», «Моисейы закъон» ӕмӕ «фӕдзӕхстытӕ». Арӕх ма дзырд «Закъон» фӕамоны Библийы фыццаг фондз чиныгмӕ дӕр (Райдианы чиныгӕй Дыккаг закъоны чиныгмӕ). Иуӕй-иу хатт та фӕамоны Дзуттаг Фыстытӕм ӕнӕхъӕнӕй.

^ 60 абз. НЫВ. Израилаг мад хӕринаг кӕны ӕмӕ йӕ чызджытимӕ зӕрдиаг ныхас кӕны. Фыд йӕ фыртӕн амоны, фыстӕм зилын куыд хъӕуы, уый.

^ 64 абз. НЫВ. Идӕдз ус йӕ сывӕллонимӕ горӕты кулдуары размӕ ӕрбацыд ӕмӕ хистӕр лӕгтӕм хъаст бахаста, базаргӕнӕг сӕ кӕй бафхӕрдта, уый фӕдыл, ӕмӕ йын уыдон хӕларзӕрдӕйӕ ӕххуыс кӕнынц.