Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

2019 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы статьятӕ уыд, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕ бон бауыдзӕн ацы фарстатӕн дзуапп раттын?

Куыд ӕмбаргӕ у, Исайы 54:17 стихы цы зӕрдӕвӕрд ис, уый: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн»?

Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцау нӕ не знӕгтӕй кӕй бахъахъхъӕндзӕн, «ӕмбӕхсӕн бынат тӕрккъӕвдайӕ» куыд хъахъхъӕна, афтӕ. Не знӕгтӕн сӕ фыдвӕндтӕ нӕ фӕрӕстмӕ уыдзысты – ахӕм зиан нын никуы ракӕндзысты, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа (Ис. 25:4, 5) (w19.01, 6, 7 фф.).

Хуыцау рӕстӕй кӕй архайы, уый куыд зыны, ханаайнӕгтӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс израилӕгтӕн куыд уыд, уымӕй?

Йегъовӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта, хӕлд митӕ чи кодта кӕнӕ сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты чи ӕфхӕрдта, уыдоны. Йӕ коммӕ чи каст ӕмӕ иннӕтимӕ рӕстӕй чи архайдта, уыдонӕн та арфӕ кодта (w19.02, 22, 23 фф.).

Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймаг нӕ разы куы кува, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

Нӕ бон у хъусӕй лӕууын ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг нӕхи уӕздан дарын, фӕлӕ йӕ куывдӕн «аммен» нӕ зӕгъдзыстӕм. Уыцы рӕстӕг нӕ бон у нӕхинымӕр скувын (w19.03, 31 ф.).

Сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ бакӕнын стыр тӕригъӕд схонӕн ис?

Сывӕллонӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ бакӕнын у тӕригъӕд сывӕллоны ныхмӕ, ӕмбырды ныхмӕ, хицауады раз ӕмӕ Хуыцауы раз. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы фехъусой, чидӕр сывӕллонӕн тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ кӕй бакодта, уӕд уый тыххӕй хъуамӕ пъӕлицӕмӕ фӕхабар кӕной, кӕд бӕстӕйы закъон уый домы, уӕд (w19.05, 9, 10 фф.).

Дӕ бон куыд у дӕ зондахаст аивын?

Ӕртӕ хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзысты: Йегъовӕмӕ кув, ахъуыды-иу кӕн, цы фӕхуыздӕр кӕнай, ууыл ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар (w19.06, 11 ф.).

Нӕ бон куыд у, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнын?

Хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн. Хъуамӕ Библи алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр кувӕм. Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна. Хорз уаид, нӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр чи цӕуы, уыцы стихтӕ куы бахъуыды кӕниккам ӕмӕ нӕ зарджытӕ куы сахуыр кӕниккам (w19.07, 2–4 фф.).

Нӕ бон куыд у нӕ бинонтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй фервӕзой?

Хъуамӕ-иу бамбарӕм, цы хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Хъуамӕ нӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ бӕсты дзурой, фӕразон уӕм ӕмӕ семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм (w19.08, 15–17 фф.).

Йесо нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый нын удӕнцой цӕмӕн хӕссы? (Матф. 11:28).

Махӕн ис ӕппӕты хуыздӕр цӕстдарджытӕ, ӕппӕты хуыздӕр ӕмбӕлттӕ ӕмӕ лӕуд стӕм ӕппӕты хуыздӕр хъуыддаджы (w19.09, 23 ф.).

Хуыцау нӕ куыд сфидар кӕны, цӕмӕй нӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм? (Фил. 2:13).

Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауӕн йӕ бон вӕййы, ӕмӕ нӕ сфидар кӕна, цӕмӕй нӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон у афтӕ бакӕнын, ӕмӕ, ӕнӕуи дӕр цы хъуыддӕгтӕм арӕхсӕм, уыдонмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсӕм (w19.10, 21 ф.).

Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ цы хъӕуы саразын?

Хъӕуы фондз хъуыддаджы саразын. Хуыцауӕй ӕмбаргӕдзинад кур. Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ лӕмбынӕг раиртас. Цавӕрдӕр уынаффӕ дӕ цӕмӕн фӕнды рахӕссын, ууыл-иу ахъуыды кӕн. Дӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ ӕвӕр. Ӕмбаргӕ у (w19.11, 27–29 фф.).

Хӕйрӕг Евӕйӕн афтӕ куы загъта, нӕ амӕлдзыстут, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕнӕмӕлгӕ уды кой кодта?

Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ. Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта, кӕй нӕ амӕлдзӕн, афтӕ йын нӕ загъта, ӕрмӕстдӕр дӕ буар амӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Доны хъаймӕты мӕнг динӕй ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕй фӕд дӕр нал баззад. Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уыцы ахуырад, ӕвӕццӕгӕн, фӕзынд, Вавилоны мӕсыг чи арӕзта, уыдоны Хуыцау ӕгас зӕххы цъарыл куы ныххӕлиу кодта, уый размӕ (w19.12, 15 ф.).