Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

51 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы хорз зоныс?

Йегъовӕйы хорз зоныс?

«Дӕ ном дын чи зоны, уыдон дыл сӕ зӕрдӕ дардзысты, уымӕн ӕмӕ ды, о Йегъовӕ, никуы ныууадздзынӕ, чи дӕ агуры, уыдоны» (ПС. 9:10).

56 ЗАРӔГ Рӕстдзинад тынг бауарз

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Анхелитойы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй нӕ алкӕй дӕр цы хъӕуы аразын?

МЫЙЙАГ, дӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты? Кӕд о, уӕд хъуамӕ дӕ зӕрдыл дарай, Йегъовӕимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уый дын бынӕн кӕй нӕ ныууадздзысты. Нӕ ныййарджытӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ уой ӕви ма уой, уӕддӕр махӕй алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг архайа, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕна.

2 Ӕфсымӕр Анхелитойӕн йӕ бинонтӕ иууылдӕр уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Фӕлӕ, ӕрыгондӕр куы уыд, уӕд Хуыцаумӕ афтӕ ӕввахс нӕ уыд. Анхелито зӕгъы: «Ӕз Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кодтон, ӕмӕ мӕ фӕндыд, мӕ бинонтӕ цы арӕзтой, уый аразын». Фӕлӕ Анхелито аскъуыддзаг кодта, Хуыцауы Ныхас кӕсынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг кӕй хицӕн кӕндзӕн. Стӕй Йегъовӕмӕ арӕхдӕр кувын райдыдта. Уый йыл куыд фӕзынд? Афтӕ зӕгъы: «Ӕз бамбӕрстон, ӕмӕ цӕмӕй мӕ зынаргъ Фыдмӕ, Йегъовӕмӕ, баввахс уон, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ мӕхӕдӕг хорз базонон». Анхелитойы хабармӕ гӕсгӕ ӕвзӕры ахӕм ахсджиаг фарстатӕ: Йегъовӕ чи у, уый зонай, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, хорз ӕй зонай, уымӕй? Ӕмӕ нӕ бон куыд у Йегъовӕйы хорз базонын?

3. Йегъовӕ чи у, уый зонай, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, хорз ӕй зонай, уымӕй?

3 Кӕд адӕймаг Хуыцауы ном, стӕй, цы сарӕзта кӕнӕ цы загъта, уый тыххӕй цыдӕртӕ зоны, уӕд, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ Йегъовӕйы зоны. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйы хорз зоны. Куыд ис Йегъовӕйы хорз базонӕн? Хъуамӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базонӕм. Ӕрмӕстдӕр уӕд райдайдзыстӕм ӕмбарын, Йегъовӕ цыдӕр цӕмӕн дзуры кӕнӕ цӕмӕн аразы, уый. Уый фӕрцы та-иу бамбардзыстӕм, цы хъуыдыйыл хӕст стӕм, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразӕм, уыдон йӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ. Ӕмӕ нӕм Йегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый-иу куы бамбарӕм, уӕд та-иу хъуамӕ кӕнгӕ дӕр афтӕ кӕнӕм.

4. Библийы цы лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдоны цӕвиттонтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты?

4 Гӕнӕн ис, ӕмӕ ныл чидӕртӕ худой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдайӕм, уӕд та, чи зоны, нӕ ныхмӕ тынгдӕр рацӕуой. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нӕ иунӕгӕй нӕ ныууадздзӕн. Афтӕмӕй ӕвӕрдзыстӕм бындур, цӕрӕнбонтӕм чи уыдзӕн, ахӕм хӕлардзинадӕн – мах суыдзыстӕм Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Цымӕ ӕцӕгдӕр у нӕ бон Йегъовӕйы афтӕ хорз базонын? Бӕгуыдӕр! Ӕмӕ уый бӕрӕг у ӕнӕххӕст адӕмы цӕвиттонтӕй, зӕгъӕм, Моисей ӕмӕ паддзах Давиды цӕвиттонтӕй. Ныртӕккӕ сыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ базондзыстӕм дзуапп дыууӕ фарстайӕн: Йегъовӕйы цӕй фӕрцы базыдтой? Ӕмӕ сӕ цӕвиттонтӕй зондӕн райсӕн цы ис?

МОИСЕЙ УЫДТА, «ЦӔСТӔЙ ФЕНӔН КӔМӔН НӔЙ, УЫЦЫ ХУЫЦАУЫ»

5. Моисей цы равзӕрста?

5 Моисей уынаффӕ рахаста, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн. Моисейыл 40 азы бӕрц куы цыд, уӕд «фараоны чызджы фырты ном» хӕссыны бӕсты равзӕрста ӕндӕр цыдӕр – йӕ цард сбаста Хуыцауы адӕмимӕ, дзуттӕгтимӕ (Дзут. 11:24). Моисей йӕ къух систа йӕ кадджын бынатыл. Ӕмӕ дзуттӕгты сӕрыл куы рахӕцыд,– уыдон та Египеты уыдысты цагъартӕ,– уӕд ӕй ӕмбӕрста, фараоны маст ӕм кӕй ссудздзӕн. Фараон уыд хъомысджын хицау, ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ хуыцауыл нымадтой. Моисей цӕй диссаджы уырнындзинад равдыста! Уый йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ йыл фидарӕй ӕууӕндыд. Ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕ цӕрӕнбонтӕм дӕр уыд йе ’ввахс Хӕлар (Ӕмб. 3:5).

6. Моисейы цӕвиттонӕй нӕ бон нӕхицӕн зондӕн райсын цы у?

6 Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Моисейау алкӕй дӕр хъӕуы уынаффӕ рахӕссын: Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕрбаиу уыдзӕн ӕви нӕ? Хуыцауӕн лӕггад кӕныны тыххӕй нӕ, чи зоны, бахъӕуа цӕуылдӕрты нӕ къух сисын. Стӕй, Йегъовӕйы чи нӕ зоны, уыдон, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ цӕуой. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ нӕ уӕларвон Фыдыл куы дарӕм ӕмӕ йыл фидарӕй куы ’ууӕндӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн!

7, 8. Моисей дарддӕр цӕуыл архайдта?

7 Моисей дарддӕр архайдта Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базоныныл ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕныныл. Йегъовӕ Моисейӕн куы загъта, израилӕгты Египетӕй ракӕндзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд Моисей уымӕ йӕ ныфс нӕ хаста, ӕмӕ Йегъовӕйӕн цалдӕр хатты загъта, йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн. Йегъовӕ йын цы дзуапп радта, уымӕй бӕрӕг уыд, тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у. Моисей цӕмӕн тыхсы, уый ӕмбӕрста, ӕмӕ йын баххуыс кодта (Рац. 4:10–16). Ӕмӕ Моисейӕн йӕ бон баци фараонӕн Хуыцауы карз тӕрхӕтты тыххӕй фехъусын кӕнын. Уый фӕстӕ Йегъовӕ израилӕгты куы фервӕзын кодта ӕмӕ фараоны ӕмӕ йын йе ’фсӕдтӕ Сырх денджызы хай куы бакодта, уӕд Моисей федта Йегъовӕйы ӕгӕрон тых (Рац. 14:26–31; Пс. 136:15).

8 Моисей израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уый фӕстӕ-иу уыдон ӕдзух цӕмӕйдӕр хъаст кодтой. Фӕлӕ Моисей уыдта, Йегъовӕ куыд фӕразон уыд, цагъарадӕй кӕй ссӕрибар кодта, уыцы адӕмимӕ (Пс. 78:40–43). Уымӕй уӕлдай ма федта Йегъовӕйы диссаджы сӕрныллӕгдзинад. Моисей йын куы ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй израилӕгты ма фесӕфтаид, уӕд йӕ фӕнд аивта (Рац. 32:9–14).

9. Дзуттӕгтӕм 11:27 стихмӕ гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн, Моисейӕн Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад уыд, уый тыххӕй?

9 Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уый фӕстӕ Моисей Йегъовӕмӕ тынг баввахс – уый афтӕ уыд, цыма йӕ уӕларвон Фыды уынгӕ кодта. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:27.) Тынг ӕввахс хӕлӕрттӕ кӕй уыдысты, уый бӕрӕг у Библийӕ мӕнӕ ацы ныхӕстӕй дӕр: «Йегъовӕ Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, дыууӕ адӕймаджы куыд ныхас кӕной, афтӕ» (Рац. 33:11).

10. Цӕмӕй Йегъовӕйы хорз базонӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

10 Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Цӕмӕй Йегъовӕйы хорз базонӕм, уый тыххӕй фаг нӕу, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис, уый базонын. Хъуамӕ ма йын йӕ фӕндон дӕр ӕххӕст кӕнӕм. Абон Йегъовӕйы фӕндон уый мидӕг ис, цӕмӕй «алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4). Ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ хауы иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын, цӕмӕй йӕ базоной.

11. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ӕй нӕхӕдӕг дӕр хуыздӕр базонӕм?

11 Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ, иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ӕй нӕхӕдӕг дӕр хуыздӕр базонӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕ нын куы баххуыс кӕны, раст зӕрдӕйы уаг кӕмӕн ис, ахӕм адӕмы ссарынӕн, уӕд ӕй нӕхи цӕстӕй фенӕм, тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у (Иоан. 6:44; Хъуыд. 13:48). Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдон се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзынц ӕмӕ сӕ удыхъӕд ногмӕ ивын куы райдайынц, уӕд та фенӕм, Хуыцауы Ныхасы цы стыр тых ис ӕмӕ куыд архайы, уый (Кол. 3:9, 10). Ӕмӕ куы фенӕм, Хуыцау нӕ территорийы адӕмӕн цас фадӕттӕ дӕтты, цӕмӕй йӕ базоной ӕмӕ фервӕзой, уӕд та бамбарӕм, фӕразон кӕй у (Ром. 10:13–15).

12. Рацыды 33:13 стихмӕ гӕсгӕ, Моисей Хуыцауӕй цы куырдта ӕмӕ цӕмӕн?

12 Моисей тынг аргъ кодта, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уымӕн. Кӕд Моисей Хуыцауы номӕй хъомысджын хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уӕддӕр дзы уый фӕстӕ дӕр сӕрныллӕгӕй куырдта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, цавӕр Хуыцау у, уый ноджы хуыздӕр базонынӕн. (Бакӕс Рацыд 33:13.) Йегъовӕйӕн уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ыл 80 азӕй фылдӕр цыди. Фӕлӕ йӕ зыдта, йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды тыххӕй йын нырма бирӕ цыдӕртӕ кӕй ис базонинаг.

13. Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

13 Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн. Ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Зӕгъӕм, кӕй йӕм кувӕм, уымӕй.

14. Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый фӕрцы йӕ хуыздӕр куыд базонӕм?

14 Дыууӕ адӕймаджы арӕх куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сӕ уый кӕрӕдзийыл тынг сбӕтты. Уӕдӕ Хуыцаумӕ арӕх кув ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕн. Ма ’фсӕрмы кӕн, дӕ зӕрдӕйы рӕбын цытӕ ис, уыдӕттӕ йын дзурын (Еф. 6:18). Кристӕ цӕры Турцийы, ӕмӕ уый афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕйӕн мӕ сагъӕстӕ куы ракӕнын ӕмӕ мын кӕй баххуыс кӕны, уый куы фенын, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзын. Стӕй йыл уый фӕрцы ӕууӕндгӕ дӕр тынгдӕр фӕкӕнын. Ӕз уынын, мӕ куывдтытӕн мын дзуапп куыд дӕтты, уый, ӕмӕ мын уый баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ нымайон мӕ Фыдыл ӕмӕ мӕ Хӕларыл».

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗӔРДӔЙӔН АДДЖЫН ЧИ УЫД, УЫЦЫ АДӔЙМАГ

15. Йегъовӕ паддзах Давиды тыххӕй цы загъта?

15 Паддзах Давид райгуырд Йегъовӕйӕн кувӕг адӕмы ’хсӕн. Фӕлӕ уый Йегъовӕйӕн, йӕ бинонтӕ йын кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй нӕ лӕггад кодта. Уый йӕхӕдӕг архайдта, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ Хӕлар суыдаид, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ дӕр тынг уарзта. Давиды тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, дам, уый у, «мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у... ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 13:22). Цымӕ Давид Йегъовӕмӕ афтӕ тынг цӕй фӕрцы баввахс?

16. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ Давид Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта?

16 Давид-иу Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базыдта, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ. Ӕрыгонӕй-иу Давид йӕ фыды фыстӕ хызта, ӕмӕ быдыры бирӕ рӕстӕг ӕрвыста. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕд райдыдта, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, ӕхсӕвы-иу стъалыджын арвмӕ куы скаст, уӕд-иу дзы ӕрмӕст стъалытӕ нӕ уыдта. Уый-иу федта, чи сӕ скодта, уыцы Хуыцауы миниуджытӕ дӕр. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, йӕ къухты фыдӕбоны тыххӕй дзуры арв» (Пс. 19:1, 2). Давид хъуыды кодта, адӕймаг куыд диссаджы конд у, ууыл, ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы стыр зонд дисы ӕфтыдта (Пс. 139:14). Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнгӕйӕ Давид ӕмбӕрста, йӕ разы рыджы мур йеддӕмӕ кӕй ницы у (Пс. 139:6).

17. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ бон цы у базонын?

17 Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм дӕ хъус дар. Дӕ царды бонтӕ ӕнӕуи ма ӕрвит. Акӕс-ма, Йегъовӕ цы ӕмбисонды рӕсугъд дуне сфӕлдыста! Дисы дӕ не ’фтауы?! Алы бон дӕр дӕ алыварс цы феныс, уыдӕттыл хъуыды кӕн. Зӕгъӕм-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон цы у Йегъовӕйы тыххӕй базонын, зайӕгойтӕм, цӕрӕгойтӕм ӕмӕ адӕммӕ кӕсгӕйӕ. Ӕмӕ-иу уӕд алы бон дӕр дӕ уарзӕгой Фыды тыххӕй ног цыдӕртӕ базондзынӕ (Ром. 1:20). Ӕмӕ йӕ бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарздзынӕ.

18. 18-ӕм псаломы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Давид цы ’мбӕрста?

18 Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны. Зӕгъӕм, Давид йӕ фыды фысты домбайы ӕмӕ арсы дзыхӕй куы байста, уӕд ӕй зыдта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кодта уыцы тугдзых сырдты амарынӕн. Богал хӕстон Голиафыл куы фӕуӕлахиз, уӕд дӕр федта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кодта (1 Сам. 17:37). Ӕмӕ хӕлӕггӕнаг паддзах Саулӕй куы аирвӕзт, уӕд дӕр ӕй ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕдта (Пс. 18, разныхас). Сӕрбӕрзонд адӕймаг ахӕм хабӕртты фӕстӕ йӕхицӕй ныббуц уыдаид. Фӕлӕ Давид сӕрныллӕг адӕймаг уыд, ӕмӕ ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны (Пс. 138:6).

19. Давиды цӕвиттонӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын?

19 Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ӕрмӕст агургӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ ма-иу хъуамӕ бамбарӕм, кӕд ӕмӕ нын куыд баххуыс кӕны, уый. Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, нӕхи бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ, нӕ бон цы нӕу саразын, уый Йегъовӕйы фӕрцы кӕй сараздзыстӕм. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый-иу куы фенӕм, уӕд-иу ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм. Афтӕ кӕй у, уый йӕхицӕй зоны Фиджийӕ иу ӕфсымӕр, Айзек. Уый Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕны. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ уынын, Йегъовӕ мын куыд ӕххуыс кӕны. Ӕмӕ йӕм тынг баввахс дӕн».

20. Давид Йегъовӕйы хӕлар цӕй фӕрцы уыд ӕмӕ мах дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

20 Давид фӕзмыдта Йегъовӕйы. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ нӕ бон у фӕзмын (Райд. 1:26). Ӕмӕ нын уый хуыздӕр уайдзӕн, цы миниуджытӕ йӕм ис, уыдоны тыххӕй-иу фылдӕр куы базонӕм, уӕд. Давид йӕ уӕларвон Фыды хорз базыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди, иннӕтӕн куыд уыд, уымӕй Йегъовӕйы фӕзмын. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Давид Вирсавиимӕ ӕмуат куы ’рцыд ӕмӕ йын стӕй йӕ лӕджы куы амарын кодта, уӕд Йегъовӕйы раз стыр тӕригъӕд сарӕзта (2 Сам. 11:1–4, 15). Фӕлӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ Давид йӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйау хатыргӕнаг уыд. Давидӕн Йегъовӕ йе ’ввахс Хӕлар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сси, израилӕгтӕ тынг кӕй уарзтой, уыцы паддзӕхтӕй сӕ иу. Стӕй Йегъовӕ Израилы иннӕ паддзӕхты дӕр Давидмӕ гӕсгӕ барста (1 Пад. 15:11; 2 Пад. 14:1–3).

21. Ефесӕгтӕм 4:24 стихмӕ гӕсгӕ ӕмӕ 5:1 стихмӕ гӕсгӕ, Хуыцауы куы фӕзмӕм, уӕд нын цы бантысдзӕн?

21 Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Хъуамӕ Хуыцауы фӕзмӕм. Уый нын хӕсдзӕн пайда, стӕй йӕ уый фӕрцы хуыздӕр базондзыстӕм. Куы архайӕм, цӕмӕй нӕ удыхъӕд уый удыхъӕды хуызӕн уа, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, йӕ сывӕллӕттӕ кӕй стӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:24; 5:1.)

АРХАЙӔМ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ ХУЫЗДӔР БАЗОНӔМ

22, 23. Йегъовӕйы тыххӕй цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

22 Куыд федтам, афтӕмӕй нын Йегъовӕ йӕхи ӕргом кӕны, цы сфӕлдыста, уыдӕтты уылты ӕмӕ йӕ Ныхас Библийы уылты. Уыцы диссаджы чиныджы тынг бирӕ ис, фӕзминаг нын чи у, ахӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цӕвиттонтӕ, зӕгъӕм, Моисей ӕмӕ Давиды цӕвиттонтӕ. Йегъовӕ йӕхирдыгӕй, цы хъуыд, уый сарӕзта. Ныр та хъуамӕ мах бацархайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр базонӕм.

23 Афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ, Йегъовӕйы тыххӕй ногӕй цы базонӕм, уый мауал уа (Еккл. 3:11). Фӕлӕ сӕйраг, цас зонӕм, уый нӕу. Сӕйраг у, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм ӕви нӕ. Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр куы кӕнӕм ӕмӕ нӕ уарзӕгой Фыды куы фӕзмӕм, уӕд нӕм ӕввахсдӕр кӕндзӕн (Иак. 4:8). Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы зӕрдӕ ӕвӕры, чи йӕ агуры, уыдоны кӕй никуы ныууадздзӕн.

80 ЗАРӔГ «Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»

^ 5 абз. Бирӕты уырны, Хуыцау кӕй ис, уый, фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йӕ зонынц. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг Йегъовӕйы зоны? Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар суа? Моисей ӕмӕ нын паддзах Давиды цӕвиттонтӕ цӕуыл дзурӕг сты? Ацы фарстатӕн нын дзуапп ратдзӕн ацы статья.