Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

50 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй ссӕрибар уай?

Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй ссӕрибар уай?

«Фехъусын кӕнут, уӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр кӕй ссӕрибар уыдзысты» (ЛЕВ. 25:10).

22 ЗАРӔГ Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Иуӕй-иу бӕстӕты цы фӕбӕрӕг кӕнынц ӕмӕ Сӕрибардзинады аз цы уыд? (Кӕс рамкӕ « Сӕрибардзинады аз цы уыд?».) б) Лукайы 4:16–18 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Йесо цӕй кой кодта?

ИУӔЙ-ИУ бӕстӕты, цавӕрдӕр ахсджиаг хабарыл 50 азы куы рацӕуы, уӕд уый номыл бӕрӕгбон скӕнынц. Хатт ахӕм бӕрӕгбон ахӕссы иу бон, къуыри кӕнӕ та ноджы фылдӕр. Фӕлӕ бӕрӕгбон кӕддӕр фӕвӕййы, ӕмӕ кӕд цины хабар вӕййы, уӕддӕр ӕй уый фӕстӕ ферох кӕнынц.

2 Раджы заманты израилӕгтӕ дӕр алы фӕндзайӕм аз дӕр афӕдзы дӕргъы бӕрӕг кодтой стыр бӕрӕгбон. Уый уыди Сӕрибардзинады аз. Израилӕгтӕй-иу цагъартӕ чи уыд, уыдон-иу уыцы аз ссӕрибар сты. Мах цӕмӕн хъӕуы уыцы бӕрӕгбоны тыххӕй зонын? Уымӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ мах тыххӕй цы стыр хъуыддаг сарӕзта, уый. Уый фӕрцы нӕ ӕнустӕм цагъарадӕй ссӕрибар кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ ныр дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты сӕрибар кӕны. Уыцы диссаджы сӕрибардзинады тыххӕй дзырдта Йесо дӕр. (Бакӕс Лукайы 4:16–18.)

Израилы-иу Сӕрибардзинады аз уыд цины хабар, уымӕн ӕмӕ-иу, цагъартӕ чи уыд, уыцы израилӕгтӕ фӕстӕмӕ сӕ бинонтӕм ӕмӕ сӕ зӕххытӕм аздӕхтысты (кӕс 3 абзац) *

3. Левиты 25:8–12 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Сӕрибардзинады аз израилӕгтӕн цы пайда хаста?

3 Йесо цавӕр сӕрибардзинады кой кодта? Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй уал фыццаг аныхас кӕнӕм, израилӕгтӕ кӕй хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой, уыцы Сӕрибардзинады азыл. Йегъовӕ сын загъта: «Фӕндзайӕм аз у сыгъдӕг аз, ӕмӕ фехъусын кӕнут, уӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр кӕй ссӕрибар уыдзысты. Уый уын уыдзӕн Сӕрибардзинады аз, ӕмӕ уӕ алчидӕр хъуамӕ аздӕха йӕ зӕххытӕм ӕмӕ йӕ бинонтӕм». (Бакӕс Левит 25:8–12.) Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, израилӕгтӕ алы къуыри дӕр сабатбоны закъон кӕй ӕххӕст кодтой, уый сын цы пайда хаста. Ӕмӕ сын цымӕ Сӕрибардзинады аз та цы пайда хаста? Зӕгъӕм-иу израилаг нӕлгоймаг стыр хӕс куы дардта, уӕд-иу ӕй бахъуыд йӕ зӕхх ауӕй кӕнын, цӕмӕй-иу йӕ хӕс бафыстаид. Фӕлӕ-иу Сӕрибардзинады аз куы уыд, уӕд-иу ын йӕ зӕхх хъуамӕ фӕстӕмӕ радтаиккой. Афтӕмӕй йӕ бон уыд «йӕ зӕххытӕм» аздӕхын, ӕмӕ фӕстӕдӕр уыцы зӕххытӕ йӕ цотӕн бынӕн баззадаиккой. Кӕнӕ та-иу, зӕгъӕм, стыр хӕс чи дардта, ахӕм израилаг нӕлгоймаджы бахъуыд йӕ сывӕллоны, науӕд та суанг йӕхи дӕр, цагъарӕй ауӕй кӕнын, цӕмӕй-иу йӕ хӕс бафыстаид. Ӕмӕ-иу Сӕрибардзинады азы ахӕм цагъар хъуамӕ фӕстӕмӕ «йӕ бинонтӕм» аздӕхтаид. Уый фӕрцы-иу адӕймаг цӕрӕнбонтӕм цагъарӕй нӕ баззадаид. Бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмыл тынг кӕй тыхст!

4, 5. Сӕрибардзинады азы тыххӕй нӕ фылдӕр базонын цӕмӕн хъӕуы?

4 Сӕрибардзинады аз ма израилӕгтӕн ноджыдӕр цы пайда хаста? Йегъовӕ Моисейы уылты загъта: «Уе ’хсӕн хъуамӕ мӕгуыртӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл» (Дык. з. 15:4). Ацы дунейы та хабар бынтон ӕндӕрхуызон у. Арӕх хъӕздгуытӕ хъӕздыгдӕр свӕййынц, мӕгуыртӕ та – мӕгуырдӕр!

5 Чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Ӕмӕ Сӕрибардзинады аз дӕр нӕ бӕрӕг кӕнӕм – нӕ нӕ хъӕуы цагъарты сӕрибар кӕнын ӕмӕ кӕйдӕр зӕххытӕ фӕстӕмӕ дӕттын (Ром. 7:4; 10:4; Еф. 2:15). Фӕлӕ Сӕрибардзинады азы кой дзӕгъӕлы нӕ кӕнӕм. Уыцы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уый.

ЙЕСО ХЪУСЫН КОДТА, АДӔМ КӔЙ ССӔРИБАР УЫДЗЫСТЫ

6. Адӕмы цӕмӕй хъӕуы ссӕрибар кӕнын?

6 Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕгъатыр хицауы цагъартӕ – тӕригъӕды цагъартӕ, ӕмӕ нӕ хъӕуы уыцы цагъарадӕй ссӕрибар кӕнын. Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй зӕронд кӕнӕм, рынчын кӕнӕм ӕмӕ мӕлӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый бирӕтӕ бамбарынц, сӕхимӕ кӕсӕнмӕ куы бакӕсынц кӕнӕ сӕ дохтыртӕм цӕуын куы бахъӕуы, уӕд. Уымӕй уӕлдай ма, тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтты. Апостол Павел дӕр ӕргом загъта, зӕгъгӕ, «ме уӕнгты... цӕры... тӕригъӕды закъон ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг». Ӕмӕ ма стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй?» (Ром. 7:23, 24).

7. Пехуымпар Исай сӕрибардзинады тыххӕй цы загъта?

7 Фӕлӕ нӕ Хуыцау афтӕ нӕ ныууагъта. Уый иу цыдӕр сарӕзта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдӕй ссӕрибар кӕна. Уымӕн гӕнӕн ис Йесо Чырыстийы фӕрцы. Н. э. размӕ 8 ӕнусы пехуымпар Исай загъта, адӕмӕн фидӕны цы сӕрибардзинад хъуамӕ ӕрцыдаид лӕвӕрд, уый тыххӕй. Уыцы сӕрибардзинад бирӕ хуыздӕр у, израилӕгтӕн-иу алы фӕндзайӕм аз дӕр цы сӕрибардзинад ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕй. Исай ныффыста: «Ӕз хайджын дӕн Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыхӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ Йегъовӕ байсӕрста, цӕмӕй сабыр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнон. Уый мӕ рарвыста, цӕмӕй зӕрдӕсаст адӕмӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ бӕттон, цӕмӕй уацайрӕгтӕн хъусын кӕнон, кӕй ссӕрибар уыдзысты» (Ис. 61:1). Ацы пехуымпарад кӕуыл хъуамӕ сӕххӕст уыдаид?

8. Исайы пехуымпарад кӕуыл сӕххӕст?

8 Уыцы ахсджиаг пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта, Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уый фӕстӕ. Йӕ райгуырӕн горӕт Назареты ӕмбырдгӕнӕнмӕ куы бацыд, уӕд, чи дзы ӕрӕмбырд, уыцы дзуттӕгтӕн бакаст уыцы пехуымпарады ныхӕстӕ: «Ӕз хайджын дӕн Йегъовӕйы тыхӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ уый байсӕрста, цӕмӕй мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнон. Уый мӕ рарвыста, цӕмӕй уацайрӕгтӕн дзурон, кӕй ссӕрибар уыдзысты, ӕмӕ куырмытӕн – цӕстӕй кӕй ракӕсдзысты, цӕмӕй ӕфхӕрд адӕмы суӕгъд кӕнон, цӕмӕй хъусын кӕнон Йегъовӕйы хорзӕхы азы тыххӕй». Ӕмӕ стӕй бамбарын кодта, ацы пехуымпарад йӕхиуыл кӕй сӕххӕст (Лук. 4:16–19, 21). Фӕлӕ йӕ цымӕ куыд сӕххӕст кодта?

ФЫЦЦАГ ЧИ ХЪУАМӔ ССӔРИБАР УЫДАИД?

Йесо Назареты ӕмбырдгӕнӕны хъусын кӕны, адӕм кӕй ссӕрибар уыдзысты, уый тыххӕй (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

9. Йесойы заман бирӕты цавӕр сӕрибардзинадӕй уыд ныфс?

9 Исайы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта 1 ӕнусы, ӕмӕ адӕм сӕрибар кӕнын райдыдтой. Уый бӕрӕг у Йесойы ныхӕстӕй дӕр: «Ныртӕккӕ Фыстадӕй цы ныхӕстӕ фехъуыстат, уыдон абон сӕххӕст сты» (Лук. 4:21). Йесомӕ чи хъуыста, уыдонӕй бирӕты, ӕвӕццӕгӕн, ныфс уыд, Ромы хицаудзинадӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодтой. Фӕстӕдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ загътой: «Мах та ӕнхъӕл уыдыстӕм, ӕмӕ уый, Израилы чи хъуамӕ ссӕрибар кӕна, уыцы адӕймаг у» (Лук. 24:13, 21). Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ кӕй никуы дзырдта, цӕмӕй Ромы уӕззау ӕфсондз сӕхицӕй раппарой. Уый сын загъта, «паддзахы цы у, уый паддзахӕн» кӕй хъуамӕ дӕттой (Матф. 22:21). Уӕдӕ уӕд Йесо уыцы рӕстӕг адӕмы куыд сӕрибар кодта?

10. Йесо адӕмы цӕмӕй сӕрибар кодта?

10 Хуыцауы Фырт зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй адӕмы дыууӕ хуызы ссӕрибар кодтаид. Фыццаг уый, ӕмӕ Йесо адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй ссӕрибар уыдаиккой, дины разамонджытӕ сын кӕй амыдтой ӕмӕ уаргъӕй уӕлдай чи нӕ уыдысты, уыцы ахуырӕдтӕй. Уыцы заман дзуттӕгтӕй бирӕтӕ уыдысты адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты ӕмӕ мӕнг ахуырӕдты уацары (Матф. 5:31–37; 15:1–11). Дины разамонджытӕ хъуамӕ адӕмы раст фӕндагыл кодтаиккой, фӕлӕ сӕхӕдӕг куырмытӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Мессийӕйыл ӕмӕ, цы рӕстдзинад амыдта, ууыл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй дарддӕр дӕр уыдысты талынджы, стӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд не ’рцыдысты (Иоан. 9:1, 14–16, 35–41). Йесо адӕмӕн рӕстдзинад амыдта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цард рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй сӕрныллӕг адӕмӕн равдыста, цы сын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕнг ахуырӕдтӕй ссӕрибар уой (Мар. 1:22; 2:23–3:5).

11. Йесо ма адӕмы ноджыдӕр цӕмӕй хъуамӕ ссӕрибар кодтаид?

11 Дыккаг уый, ӕмӕ Йесо ’рцыд, цӕмӕй адӕмы ссӕрибар кодтаид, сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы тӕригъӕды цагъарадӕй. Чырыстийы нывонды фӕрцы Хуыцауӕн йӕ бон уыд хатыр кӕнын, уыцы нывондыл чи баууӕндыд ӕмӕ йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ’вдыста, уыдоны тӕригъӕдтӕ (Дзут. 10:12–18). Йесо загъта: «Кӕд [уӕ] Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар» (Иоан. 8:36). Уыцы сӕрибардзинад бирӕ хуыздӕр у, израилӕгтӕн-иу алы фӕндзайӕм аз дӕр цы сӕрибардзинад ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕй! Зӕгъӕм, алы фӕндзайӕм аз дӕр-иу кӕй ссӕрибар кодтой, уыцы израилӕгтӕ, гӕнӕн уыд, ногӕй цагъартӕ суыдаиккой, стӕй ӕнӕмӕлгӕ нӕ уыдысты. Йесо адӕмӕн цы сӕрибардзинад дӕтты, уымӕй та ӕнустӕм уыдзысты хайджын.

12. Йесо цы сӕрибардзинады тыххӕй фехъусын кодта, уый фыццаг кӕмӕн ӕрцыд лӕвӕрд?

12 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Йегъовӕ апостолты ӕмӕ ма ӕндӕр иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста. Хуыцау сӕ «йӕхицӕн скодта фырттӕ», ӕмӕ фидӕны хъуамӕ уӕларвон цардмӕ райгас уыдаиккой, цӕмӕй Йесоимӕ паддзӕхтӕ уыдаиккой (Ром. 8:2, 15–17). Йесо Назареты ӕмбырдгӕнӕны цы сӕрибардзинады тыххӕй фехъусын кодта, уый фыццаг уыдонӕн ӕрцыд лӕвӕрд. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ нал уыдысты дзуттаг дины разамонджыты ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты ӕмӕ мӕнг ахуырӕдты уацары. Уымӕй уӕлдай ма сӕм Хуыцау ахӕм цӕстӕй каст, цыма ссӕрибар сты, мӕлӕтмӕ чи кӕны, уыцы тӕригъӕдӕй дӕр. Н. э. 33 азы Йегъовӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрста, уӕд чырыстӕттӕн ахӕсгӕ хуызы райдыдта сӕрибардзинады аз. Уыцы «аз» фӕуыдзӕн, Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд. Ӕмӕ цымӕ уӕдмӕ хорзӕй цы ’рцӕудзӕн арӕзт?

НОДЖЫДӔР МА МИЛУАНТӔ ССӔРИБАР УЫДЗЫСТЫ

13, 14. Йесо цы сӕрибардзинады тыххӕй фехъусын кодта, уый ма, сӕрст чырыстӕттӕй уӕлдай, ноджыдӕр кӕмӕн цӕуы лӕвӕрд?

13 Нӕ рӕстӕджы тынг бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хауынц «ӕндӕр фыстӕм» ӕмӕ сты алы адӕмыхӕттытӕй (Иоан. 10:16). Уыдоны Хуыцау уӕлӕрвты цӕрынӕн нӕ равзӕрста ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ нӕ уыдзысты. Библимӕ гӕсгӕ сын ис зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Дӕуӕн дӕр ахӕм ныфс ис?

14 Кӕд о, уӕд ныртӕккӕ дӕр хайджын дӕ, сӕрст чырыстӕттӕ цы хорздзинӕдтӕй хайджын сты, уыдонӕй кӕцыдӕртӕй. Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы дӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй дын дӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна. Ӕмӕ уый фӕрцы та гӕнӕн ис, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уай ӕмӕ йын сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнай (Еф. 1:7; Рарг. 7:14, 15). Стӕй-ма ахъуыды кӕн, мӕнг ахуырӕдтӕй кӕй ссӕрибар дӕ, уый фӕрцы цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕ, уыдоныл дӕр. Йесо загъта: «Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоан. 8:32). Ахӕм сӕрибардзинад нын кӕй ис, уый нын цӕй стыр циндзинад хӕссы!

15. Фидӕны цӕмӕй ссӕрибар уыдзыстӕм ӕмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?

15 Фӕлӕ ма фидӕны фылдӕр цӕмӕйдӕрты ссӕрибар уыдзынӕ. Тагъд Йесо фесафдзӕн мӕнг динтӕ ӕмӕ мӕнгард хицауӕдтӕ. Хуыцау, чи йын лӕггад кӕны, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ стӕй зӕххыл дзӕнӕты йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Рарг. 7:9, 14). Уыцы рӕстӕг райгас уыдзӕн дуне адӕм, ӕмӕ сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй ссӕрибар уой, Адамы тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕй (Хъуыд. 24:15).

16. Адӕммӕ фидӕны цавӕр сӕрибардзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

16 Миназон хицаудзинады рӕстӕг Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой ӕххӕст. Йӕ къахы алгъӕй дӕр ничиуал схъӕрздзӕн, стӕй адӕм ногӕй суыдзысты Хуыцауы сывӕллӕттӕ. Алы фӕндзайӕм аз дӕр-иу израилӕгтӕн сӕрибардзинад лӕвӕрд куыд ӕрцыд, афтӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг дӕр адӕмӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сӕрибардзинад, фӕлӕ уый уыдзӕн диссаджы сӕрибардзинад. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕды уацары нал уыдзысты.

Ног дунейы кӕндзыстӕм, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕудзӕн ӕмӕ иннӕтӕн пайда чи хӕсдзӕн, ахӕм куыст (кӕс 17 абзац)

17. Исайы 65:21–23 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы адӕммӕ цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

17 Исайы 65:21–23 стихты фыст ис, фидӕны зӕххыл цавӕр цард уыдзӕн, уый тыххӕй. (Бакӕс сӕ.) Чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ дзӕнӕты кусгӕ ничи кӕндзӕн ӕмӕ адӕм ӕрмӕстдӕр улӕфгӕ кӕндзысты. Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕм кӕй кӕндзысты, сӕ зӕрдӕмӕ чи цӕудзӕн ӕмӕ иннӕтӕн пайда чи хӕсдзӕн, ахӕм куыст. Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21).

18. Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, диссаджы фидӕн нӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый?

18 Раджы заманты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй-иу сӕ бон уыдаид сӕ фӕллад суадзын дӕр ӕмӕ сын рӕстӕг уыдаид Хуыцауы хъуыддӕгтӕн дӕр. Ӕмӕ Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг дӕр мах кусгӕ дӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ фӕллад дӕр уадздзыстӕм. Стӕй нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы хъуыддӕгтӕн дӕр уыдзӕн рӕстӕг. Цӕмӕй абон адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕна. Ӕмӕ ног дунейы дӕр афтӕ уыдзӕн. Миназон хицаудзинады рӕстӕг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр уыдзысты цинӕфсӕст, уымӕн ӕмӕ сын уыдзӕн, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй райдзӕн, ахӕм куыст ӕмӕ архайдзысты Хуыцауы хъуыддӕгты.

142 ЗАРӔГ Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм

^ 5 абз. Йегъовӕ рагон Израилы адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй алы фӕндзайӕм аз дӕр бӕрӕг кодтаиккой Сӕрибардзинады аз. Израилӕгтӕй-иу цагъартӕ чи уыд, уыдон-иу уыцы аз ссӕрибар сты. Чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр ахсджиаг у, цӕмӕй Сӕрибардзинады азы тыххӕй фылдӕр базонӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, уыцы аз-иу арӕзт цы ’рцыд, уый цӕмӕй у, Йегъовӕ адӕмы тыххӕй цы сарӕзта, уый хуызӕн. Стӕй ма базондзыстӕм, цы сарӕзта, уый нын цы пайда хӕссы, уый дӕр.

^ 61 абз. НЫВ. Цагъартӕ чи уыдысты, уыцы нӕлгоймӕгтӕ Сӕрибардзинады азы ссӕрибар сты ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ бинонтӕм ӕмӕ сӕ зӕххытӕм ӕрбаздӕхтысты.