Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Хӕйрӕг Евӕйӕн афтӕ куы загъта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй куы бахӕрай, уӕд нӕ амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕнӕмӕлгӕ уды кой кодта?

Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ. Хӕйрӕг Евӕйӕн афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы дыргътӕй куы бахӕра, уӕд йӕ буар амӕлдзӕн, йӕ уд та дарддӕр кӕмдӕр цӕрдзӕн. Уый Евӕйӕн калмы уылты загъта, бӕласы дыргътӕй куы бахӕра, уӕд кӕй нӕ амӕлдзӕн. Уый зӕгъын ӕй фӕндыд, ӕмӕ дарддӕр зӕххыл цӕрдзӕн ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй амондджындӕр уыдзӕн (Райд. 2:17; 3:3–5).

Абон бирӕты уырны, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис. Ӕмӕ кӕд уыцы мӕнг ахуырад Едемы нӕ фӕзынд, уӕд кӕд фӕзынд? Уый бӕлвырдӕй зӕгъын нӕ бон нӕу. Мах зонӕм, Нойы рӕстӕджы Доны хъаймӕты мӕнг динӕй фӕд дӕр кӕй нал баззад. Уӕд удӕгасӕй баззадысты ӕрмӕстдӕр Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ – ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕ ничи парахат кодтаид.

Уӕдӕ, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уыцы ахуырад, ӕвӕццӕгӕн, фӕзынд Доны хъаймӕты фӕстӕ. Хуыцау Вавилоны адӕмӕн се ’взаг куы схӕццӕ кодта ӕмӕ ӕгас зӕххы цъарыл куы ныппырх сты, уӕд ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй ахуырад дӕр парахат кодтаиккой (Райд. 11:8, 9). Ацы ахуырад кӕдфӕнды ма фӕзындаид, уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ йе ’рымысӕг у «мӕнгдзинады фыд», Сайтан Хӕйрӕг, ӕмӕ йын ӕхсызгон у, уыцы ахуырад ӕгас зӕххыл дӕр кӕй апарахат, уый (Иоан. 8:44).