Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

52 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнут

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнут

«Фырттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ» (ПС. 127:3).

134 ЗАРӔГ Сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕ ныййарджытӕн сӕ бар цы бакодта?

ЙЕГЪОВӔ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сын сывӕллӕттӕ уыдаид. Библийы фыст ис, сывӕллӕттӕ кӕй сты «бынтӕ Йегъовӕйӕ» (Пс. 127:3). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Зӕгъӕм дӕм де ’мбал бирӕ ’хца радта, цӕмӕй сӕ дӕхимӕ бафснайай. Ӕвӕццӕгӕн дын тынг ӕхсызгон уаид, кӕй дыл ӕууӕнды, уый. Фӕлӕ, чи зоны, тыхсгӕ дӕр кӕнис, хуыздӕр сӕ кӕм бамбӕхсон, зӕгъгӕ. Йегъовӕ, нӕ хуыздӕр Хӕлар, ныййарджытӕн сӕ бар бакодта, ӕхцайӕ бирӕ зынаргъдӕр цы у, уый – сӕ сывӕллӕтты амонд, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сыл тыхсой.

2. Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Лӕг ӕмӕ ус сывӕллӕттӕ рауадзой ӕви нӕ, стӕй кӕд фӕнд кӕнынц сывӕллон рауадзын, уый чи хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна? Ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ амондджын уой? Ӕркӕсӕм, чырыстон лӕг ӕмӕ усӕн раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн Библийӕ цы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

ХЪУАМӔ АРГЪ КӔНӔМ, ЛӔГ ӔМӔ УС ЦЫ УЫНАФФӔ РАХӔССОЙ, УЫМӔН

3. а) Лӕг ӕмӕ ус сывӕллӕттӕ рауадзой ӕви нӕ, уый чи хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна? б) Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ сӕ зӕрдыл Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ хъуамӕ дарой?

3 Иуӕй-иу рӕтты адӕм ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, ӕмӕ, дам, сӕ цард чи баиу кодта, уыдонӕн цот хъуамӕ уайтагъд рацӕуа. Сӕ бинонтӕ ӕмӕ сын иннӕтӕ, чи зоны, ӕдзух дзурой, цӕмӕй сывӕллон рауадзой. Азийӕ иу ӕфсымӕр, Джетро *, зӕгъгӕ, зӕгъы: «Не ’мбырды иуӕй-иу ныййарджытӕ, сывӕллӕттӕ кӕмӕн нӕй, уыцы къайтӕн фӕдзурынц, цӕмӕй сывӕллон рауадзой». Азийӕ ӕндӕр ӕфсымӕр та, Джеффри, загъта: «Сывӕллӕттӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн иуӕй-иутӕ фӕдзурынц, куы базӕронд уой, уӕд сӕм чи кӕса, уый дӕр кӕй нӕ уыдзӕн». Фӕлӕ алы къай дӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, сывӕллӕттӕ сын уыдзӕн ӕви нӕ. Уынаффӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ рахӕссой. Уый сӕ бӕсты никӕй бон у саразын (Гал. 6:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ бинонты ӕмӕ се ’мбӕлтты фӕфӕнды, цӕмӕй амондджын уой. Фӕлӕ хъуамӕ алчидӕр йӕ зӕрдыл дара, сывӕллӕттӕ сын уыдзӕн ӕви нӕ, уый сӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕнынц (1 Фес. 4:11).

4, 5. Сӕ цард баиу кӕнынмӕ чи хъавы, уыдоны цавӕр дыууӕ фарстайыл хъӕуы аныхас кӕнын ӕмӕ сыл хуыздӕр кӕд вӕййы аныхас кӕнын? Бамбарын ӕй кӕн.

4 Кӕд лӕг ӕмӕ ус сфӕнд кодтой сывӕллӕттӕ рауадзын, уӕд хъуамӕ аныхас кӕной дыууӕ ахсджиаг фарстайыл. Фыццаг: кӕд фӕнд кӕнынц сывӕллӕттӕ рауадзын? Дыккаг: цал сывӕллоны сӕ хъӕуы? Ацы фарстатыл хуыздӕр кӕд уыдзӕн аныхас кӕнын ӕмӕ ахсджиаг цӕмӕн сты?

5 Ацы фарстатыл аныхас кӕнын арӕхдӕр хуыздӕр вӕййы, цалынмӕ лӕппу ӕмӕ чызг сӕ цард нӕ баиу кӕнынц, уӕдмӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ахсджиаг у, цӕмӕй уыцы хъуыддагмӕ иухуызон цӕстӕй кӕсой. Стӕй ма хъуамӕ аныхас кӕной, сӕхимӕ уыцы хӕс райсынмӕ цӕттӕ сты ӕви нӕ. Иуӕй-иуты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, сӕ цард куы баиу кӕной, уӕд сын сывӕллон уайтагъд рацӕуа, ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнынц, иу кӕнӕ дыууӕ азы кӕй банхъӕлмӕ кӕсдзысты. Фӕхъӕуы сӕ рӕстӕг, цӕмӕй бамбарой, бинонты цард цы у, уый. Уыдон фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ нын цалынмӕ сывӕллӕттӕ нӕ райгуыра, уӕдмӕ нын кӕрӕдзийӕн фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ дӕр баввахсдӕр уыдзыстӕм (Еф. 5:33).

6. Тынг уӕззау рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ цы аскъуыддзаг кодтой?

6 Иуӕй-иу чырыстӕттӕ та бафӕзмыдтой Нойы ӕртӕ фырты ӕмӕ сӕ устыты. Уыдонӕн сывӕллӕттӕ уайтагъд нӕ рацыд (Райд. 6:18; 9:18, 19; 10:1; 2 Пет. 2:5). Чырысти нӕ рӕстӕг абарста Нойы рӕстӕгимӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, мах «тынг уӕззау рӕстӕджы» цӕрӕм (Матф. 24:37; 2 Тим. 3:1). Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ аскъуыддзаг кодтой, нырма уал сывӕллӕттӕ кӕй нӕ рауадздзысты, цӕмӕй сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа.

Сывӕллӕттӕ рауадзыны фарста скъуыддзаг кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ «банымайой», се схъомыл кӕнынӕн сӕ «цас бахъӕудзӕн», уый (кӕс 7 абзац) *

7. Лукайы 14:28, 29 стихты ӕмӕ Ӕмбисӕндты 21:5 стихы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон лӕг ӕмӕ усӕн куыд баххуыс кӕндзысты?

7 Сывӕллӕттӕ рауадзыны фарста скъуыддзаг кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ «банымайой», се схъомыл кӕнынӕн сӕ «цас бахъӕудзӕн», уый. (Бакӕс Лукайы 14:28, 29.) Сывӕллӕттӕ чи схъомыл кодта, уыцы ныййарджытӕ фӕзӕгъынц, сывӕллон схъомыл кӕнынӕн ӕрмӕст ӕхца кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма бирӕ рӕстӕг ӕмӕ бирӕ тыхтӕ дӕр. Уӕдӕ хорз уаид, лӕг ӕмӕ ус ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккой: «Цӕмӕй нӕ бинонтӕн, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ уа, уый тыххӕй нӕ дыууӕйы дӕр хъӕудзӕн кусын? Ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ цы сты, уый иухуызон ӕмбарӕм? Нӕ дыууӕйы дӕр куы хъӕуа кусын, уӕд нын нӕ сывӕллӕттӕм чи кӕсдзӕн? Сӕ зондахастыл сын чи ӕндавдзӕн ӕмӕ кӕй фӕзмдзысты?» Ацы фарстатыл сабырӕй чи фӕныхас кӕны, уыдон фӕархайынц, Ӕмбисӕндты 21:5 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. (Бакӕс ӕй.)

Йӕ бинойнаджы чи уарзы, ахӕм лӕг, йӕ бон цы у, уый араздзӕн, цӕмӕй йын ӕххуыс кӕна (кӕс 8 абзац)

8. Лӕг ӕмӕ ус цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц ӕмӕ, йӕ бинойнаджы чи уарзы, ахӕм лӕг цы араздзӕн?

8 Сывӕллонмӕ ӕдзух кӕсын хъӕуы, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ фыд дӕр ӕмӕ йӕ мад дӕр сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ тыхтӕ ма ’вгъау кӕной. Ӕмӕ лӕг ӕмӕ усӕн фӕд-фӕдыл цалдӕр сывӕллоны куы райгуыра, уӕд сын афтӕ ӕнцон нӕ уыдзӕн сӕ сывӕллӕттӕй алкӕмӕн дӕр, цас ӕмбӕлы, уыйбӕрц рӕстӕг хицӕн кӕнын. Ахӕм ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ загътой, хатт-иу сӕ сӕрӕн кӕй ницыуал зыдтой. Чи зоны, мад ӕдзух афтӕ фӕллад вӕййы, ӕмӕ йӕм Библи ахуыр кӕнынӕн, кувынӕн ӕмӕ хъусын кӕнынӕн дӕр тыхтӕ нал вӕййы. Стӕй ма йын, чи зоны, сывӕллоны тыххӕй зын вӕййы ӕмбырдты программӕмӕ лӕмбынӕг хъусын, ӕмӕ йын уӕд ӕмбырдтӕ пайда дӕр нӕ хӕсдзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бинойнаджы чи уарзы, ахӕм лӕг хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр йӕ бинойнагӕн ӕххуыс кӕндзӕн сывӕллӕттӕм фӕкӕсынӕн. Зӕгъӕм, йӕ бон ын у хӕдзары куыстытӕ кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Стӕй архайдзӕн, цӕмӕй сын алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уа ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр пайда хӕсса. Уымӕй уӕлдай ма йӕ бинонтимӕ ӕдзух хъусын кӕнынмӕ цӕудзӕн.

УӔ СЫВӔЛЛӔТТӔН ЙЕГЪОВӔЙЫ БАУАРЗЫН КӔНУТ

9, 10. Ныййарджытӕ цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕной?

9 Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнын? Сӕ бон сӕ куыд у бахъахъхъӕнын, ацы фыддунейы сын тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

10 Йегъовӕйӕ ӕххуыс курут. Ахъуыды кӕнӕм Самсоны ныййарджыты цӕвиттоныл. Маной куы базыдта, лӕппу сын кӕй райгуырдзӕн, уӕд Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сын бацамыдтаид, куыд ӕй хъомыл кӕной, уый.

11. Тӕрхонгӕнджыты 13:8 стихмӕ гӕсгӕ, ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Манойы бафӕзмын?

11 Нихад ӕмӕ Альмӕ сты Босни ӕмӕ Герцеговинӕйӕ. Уыдонӕн Манойы цӕвиттон тынг баххуыс кодта. Нихад ӕмӕ Альмӕ радзырдтой: «Мах фӕндыд, цӕмӕй хорз ныййарджытӕ уыдаиккам, ӕмӕ Манойау мах дӕр Йегъовӕйӕ разамынд куырдтам. Ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп радта Фыстады, нӕ литературӕйы, ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты уылты». (Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 13:8.)

12. Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй уыдысты?

12 Фӕзминаг сын ут. Уӕ сывӕллӕттӕн, раст цы у, уый кӕй амонут, уый ахсджиаг у. Фӕлӕ, цы аразут, уый сыл тынгдӕр фӕзындзӕн. Дзырд дӕр ыл нӕй, Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ сывӕллӕттӕн, уыимӕ Йесойӕн дӕр, алцӕмӕй дӕр фӕзминаг уыдысты. Иосиф йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй фыдӕбон кодта. Стӕй ма сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕн аргъ кодтаиккой (Дык. з. 4:9, 10). Уый-иу «алы аз дӕр» йӕ бинонты Иерусалиммӕ Куадзӕнмӕ акодта, кӕд Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ уый ӕнӕмӕнг нӕ уыд, уӕддӕр (Лук. 2:41, 42). Чи зоны, иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ хъуыды кодтаиккой, ӕнӕхъӕн бинонтӕй ахӕм дард балцы цӕуын тынг зын кӕй у, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ыл кӕй ацӕудзӕн ӕмӕ ӕгӕр бирӕ ӕхца кӕй бахардз кӕндзысты. Фӕлӕ Иосиф Хуыцауы хъуыддӕгтӕн аргъ кодта ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр ууыл ахуыр кодта. Марийӕ дӕр йӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уыд. Уый Фыстад хорз зыдта. Ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, уыдоны дӕр кӕй ахуыр кодта Хуыцауы Ныхас уарзын.

13. Нихад ӕмӕ Альмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕйы куыд бафӕзмыдтой?

13 Нихад ӕмӕ Альмӕйы дӕр фӕндыд Иосиф ӕмӕ Марийӕйы фӕзмын. Уый сын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ лӕппуйӕн Хуыцауы бауарзын кодтаиккой, ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдыдтаид? Уыдон загътой: «Мах архайдтам афтӕ цӕрыныл, цӕмӕй нӕ лӕппу уыдтаид, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис». Нихад ма загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ сывӕллон Хуыцауы хӕлар суа, уӕд дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ Хуыцауы хӕлар уай».

14. Ныййарджытӕ цӕмӕн хъуамӕ зоной, сӕ сывӕллӕттӕ кӕимӕ лымӕн кӕнынц, уый?

14 Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн. Мад дӕр ӕмӕ фыд дӕр хъуамӕ зоной, сӕ сывӕллӕттӕ кӕимӕ лымӕн кӕнынц ӕмӕ цы фӕаразынц, уый. Уымӕ хауы, социалон сетьты сын цы ӕмбӕлттӕ ис, стӕй, телефонӕй кӕмӕ фӕфыссынц ӕмӕ сӕм чи фӕфыссы, уый зонын дӕр. Уый ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттыл се ’мбӕлтты зондахаст фӕзыны, ӕмӕ сӕ фӕзмын райдайынц (1 Кор. 15:33).

15. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Джессийы бафӕзмын?

15 Ныййарджытӕн сӕ бон цы у аразын, кӕд компьютертӕ, планшеттӕ кӕнӕ телефонты тыххӕй бирӕ ницы зонынц, уӕд? Филиппинтӕй иу ӕфсымӕр, Джесси, загъта: «Телефонтӕй ӕмӕ планшеттӕй куыд архайын хъӕуы, уый хорз нӕ зыдтам. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кодтам, ахӕм дзауматӕ цӕмӕйдӕрты тӕссаг кӕй сты». Кӕд Джесси йӕхӕдӕг телефонтӕ ӕмӕ планшеттӕй архайынмӕ хорз нӕ арӕхст, уӕддӕр йӕ сывӕллӕттӕн афтӕ нӕ загъта, сымах ницӕмӕн хъӕуынц, зӕгъгӕ. Джесси радзырдта: «Сывӕллӕттӕн-иу дзырдтон, телефонтӕ ӕмӕ планшетты фӕрцы сӕ бон кӕй у ног ӕвзаг ахуыр кӕнын, ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын ӕмӕ Библи алы бон дӕр кӕсын». Сайты jw.org® хайы «Ӕрыгӕттӕ» ис хорз уынаффӕтӕ СМС-ты тыххӕй ӕмӕ къамтӕ интернеты ӕвӕрыны тыххӕй. Ӕмӕ уын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд семӕ уыцы уынаффӕтыл аныхас кодтат? Уӕ бон ма у семӕ бакӕсын видеороликтӕм «Чи у хицау: ды ӕви дӕ телефон?» ӕмӕ «Социалон сетьты къӕппӕджыты ма бахау» ӕмӕ сыл аныхас кӕнын *. Уыцы ӕрмӕг уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн бацамонат, планшеттӕй ӕмӕ телефонтӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнӕн куыд ис, уый (Ӕмб. 13:20).

16. Ныййарджытӕй бирӕтӕ цӕуыл фӕархайынц ӕмӕ уый цы пайда ӕрхӕссы?

16 Ныййарджытӕй бирӕтӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитой, Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, ахӕм чырыстӕттимӕ. Дени ӕмӕ Бомин сты Кот-д’Ивуарӕй. Уыдон-иу районон цӕстдарӕджы сӕхимӕ арӕх суазӕг кодтой, арӕх-иу сӕм ӕрлӕууыд. Дени загъта: «Уый нӕ хистӕр лӕппуйыл тынг фӕзынд. Пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта, ӕмӕ ныр у районон цӕстдарӕджы хӕдивӕг». Сымахӕн дӕр уӕ бон у архайын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг ахӕм лӕггадгӕнджытимӕ ӕрвитой?

17, 18. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты кӕд хъуамӕ райдайой ахуыр кӕнын?

17 Уӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кӕнут. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты цас раздӕр райдайой ахуыр кӕнын, уыйас хуыздӕр (Ӕмб. 22:6). Ахъуыды-ма кӕнӕм Тимофейыл. Куы сыстыр, уӕд апостол Павелимӕ балцыты цыд. Тимофейы йӕ мад Евникӕ ӕмӕ йӕ мадымад Лоидӕ йӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ» ахуыр кодтой (2 Тим. 1:5; 3:15).

18 Жан-Клод ӕмӕ Паулӕ дӕр сты Кот-д’Ивуарӕй. Уыдон се ’хсӕз сывӕллонӕн дӕр Йегъовӕйы бауарзын кодтой ӕмӕ сӕ йӕ фӕндагыл сӕвӕрдтой. Цы сын баххуыс кодта? Уыдон фӕзмыдтой Евникӕ ӕмӕ Лоидӕйы. Афтӕ загътой: «Мах архайдтам, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕн сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ сӕ зӕрдӕты Хуыцауы Ныхас арф ӕвӕрдтаиккам» (Дык. з. 6:6, 7).

19. Куыд ӕмбаргӕ у, уӕ сывӕллоны зӕрдӕйы Хуыцауы Ныхас арф кӕй хъуамӕ нывӕрат, уый?

19 Куыд ӕмбаргӕ у, уӕ сывӕллоны зӕрдӕйы Хуыцауы Ныхас арф кӕй хъуамӕ нывӕрат, уый? Дзырдбаст «арф нывӕрын» нысан кӕны, иу иннӕйӕн цы амоны, уый йын арӕх кӕй дзуры ӕмӕ йын ӕй йӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй кӕй ахуыр кӕны. Цӕмӕй ныййарджытӕ афтӕ кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ сӕ сывӕллӕттимӕ рӕстӕг ӕрвитой. Хатт ныййарджытӕн сӕ ныфс асӕтты, сывӕллӕттӕн уыцы иу цыдӕртӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй кӕй фӕхъӕуы дзурын, уый тыххӕй. Фӕлӕ ныййарджытӕ куы ’мбарой, уый хорз фадат кӕй у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕной Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайынӕн, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн.

Ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ сывӕллӕттӕй алкӕцыйы дӕр куыд ахуыр кӕндзысты, ууыл (кӕс 20 абзац) *

20. Бамбарын кӕн, Псалом 127:4 стих сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынмӕ куыд хауы, уый.

20 Уӕ сывӕллӕтты хъуамӕ хорз зонат. 127-ӕм псалом сывӕллӕтты бары фаттимӕ. (Бакӕс Псалом 127:4.) Фаттӕ алыхуызон ӕрмӕгӕй конд вӕййынц, стӕй дзы иутӕ даргъдӕр вӕййынц, иннӕтӕ та – цыбырдӕр. Афтӕ дыууӕ иухуызон сывӕллоны дӕр нӕ вӕййы. Уӕдӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ сывӕллӕттӕй алкӕцыйы дӕр куыд ахуыр кӕндзысты, ууыл. Израилӕй чи у, иу ахӕм къай сӕ дыууӕ сывӕллоны дӕр Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрдтой. Уыдон радзырдтой, цы сын баххуыс кодта, уый тыххӕй: «Нӕ лӕппуимӕ ӕмӕ-иу нӕ чызгимӕ Библи хицӕнтӕй ахуыр кодтам». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы бинонты хистӕр дӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕндзӕн, сывӕллӕттӕй алкӕцыимӕ дӕр Библи хицӕнтӕй ахуыр кӕнын хъӕуы ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис ӕви нӕ.

ЙЕГЪОВӔ УЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН

21. Йегъовӕ ныййарджытӕн куыд баххуыс кӕны?

21 Ныййарджытӕн хатт тынг зын вӕййы сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы лӕвар сты, ӕмӕ уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы ныййарджытӕн баххуыс кӕнынмӕ. Уый сын сӕ куывдтытӕм зӕрдиагӕй фӕхъусы ӕмӕ сын дзуапп ратты Библийы ӕмӕ нӕ публикациты уылты. Стӕй ма сын баххуыс кӕны, се ’мбырды цы фӕлтӕрдджын ныййарджытӕ ис, уыдоны цӕвиттонты ӕмӕ сӕ уынаффӕты фӕрцы дӕр.

22. Ныййарджытӕн сӕ бон цы у сӕ сывӕллӕттӕн дӕттын?

22 Чидӕртӕ афтӕ зӕгъынц, ӕмӕ, дам, сывӕллоны 20 азы хъӕуы хъомыл кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый фӕстӕ дӕр ныййарӕг ныййарӕгӕй баззайы. Фӕлӕ цалынмӕ ныййарджытӕн уыцы 20 азы ис, уӕдмӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕттой, хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый, зӕгъӕм, хъуамӕ сӕ уарзой, сӕ рӕстӕг сын ма ’вгъау кӕной ӕмӕ сӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ Хуыцауы фӕндагыл ӕвӕрой. Сывӕллӕттӕн ныййарджытӕ цы фӕамонынц, уый сӕ зӕрдӕмӕ иухуызон нӕ айсынц. Фӕлӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ныййарджытӕ кӕмӕн ис, уыдонӕй бирӕтӕ разы сты иу азиаг хойы, Джоаннӕ Мэйы, ныхӕстимӕ: «Мӕ ныййарджытӕ мӕ куыд хъомыл кодтой, ууыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд сӕ тынг бузныг вӕййын, зонд мын кӕй амыдтой ӕмӕ мын Йегъовӕйы кӕй бауарзын кодтой, уый тыххӕй. Уыдон мын ӕнӕуи цард нӕ радтой, фӕлӕ, райгонд кӕмӕй дӕн, ахӕм цард» (Ӕмб. 23:24, 25). Ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй милуантӕ.

59 ЗАРӔГ Йагъы кадджын кӕн!

^ 5 абз. Сӕ цард чи баиу кодта, уыдонӕн сывӕллӕттӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ уа? Кӕд сӕ фӕнды, цӕмӕй сын сывӕллӕттӕ уа, уӕд цал? Сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын, цӕмӕй йын лӕггад кӕной? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм цалдӕр къайы цӕвиттонмӕ ӕмӕ нын ацы фарстатӕн дзуапп ссарынӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, уымӕ.

^ 3 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 15 абз. Ноджыдӕр кӕс чиныг «Ответы на твои вопросы», 1 том, 36 сӕр ӕмӕ 2 том, 11 сӕр, стӕй 2018 азы июны «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад»-ы статья «Социалон сетьтӕ – сӕ къӕппӕджытӕй дӕхи хиз».

^ 61 абз. НЫВ. Чырыстон лӕг ӕмӕ ус ныхас кӕнынц, сывӕллӕттӕ сын уыдзӕн ӕви нӕ, ууыл. Хъуыды кӕнынц, уый сын цы циндзинад ӕрхӕсдзӕн, ууыл дӕр ӕмӕ сын цавӕр хӕстӕ фӕзындзӕн, ууыл дӕр.

^ 65 абз. НЫВ. Фыд ӕмӕ мад сӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнынц хицӕнтӕй; афтӕ кӕнынц сӕ кармӕ гӕсгӕ ӕмӕ дзы алкӕцыйӕн дӕр йӕ бон бамбарын цас у, уымӕ гӕсгӕ.