Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон куыд у дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын?

Дӕ бон куыд у дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын?

«Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ» (ӔМБ. 4:23).

36 ЗАРӔГ Нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1–3. а) Йегъовӕ Соломоны цӕмӕн уарзта ӕмӕ йӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта? б) Ацы статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

СОЛОМОН Израилы паддзах куы сси, уӕд нырма ӕрыгон уыд. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕм Йегъовӕ фыны фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Зӕгъ, цы дын раттон». Соломон Хуыцауӕн дзуапп радта: «Ӕз нырма сывӕллон дӕн. Ацӕуын дӕр ӕмӕ ӕрбацӕуын дӕр куыд хъӕуы, уый нӕ зонын. [...] Уӕдӕ ратт дӕ цагъарӕн коммӕгӕс зӕрдӕ, цӕмӕй дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕна» (1 Пад. 3:5–10). Соломон афтӕ кӕй загъта, ратт мын «коммӕгӕс зӕрдӕ», зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг у, куыд бонзонгӕ уыд, уый. Уӕдӕ йӕ Йегъовӕ дзӕгъӕлы нӕ уарзта (2 Сам. 12:24). Соломоны курдиат фехъусын Йегъовӕйӕн афтӕ ӕхсызгон уыд, ӕмӕ йын радта «зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ» (1 Пад. 3:12).

2 Соломон цалынмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд, уӕдмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй уыд хайджын. Зӕгъӕм, ахӕм кад ӕм ӕрхауд, ӕмӕ «Израилы Хуыцау Йегъовӕйы номыл» кувӕндон сарӕзта (1 Пад. 8:20). Стӕй йӕ Хуыцау цы зондӕй схайджын кодта, уый фӕрцы йӕ кой дӕрдтыл айхъуыст. Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ дзырдта, уыдон фыст ӕрцыдысты Библийы ӕртӕ чиныджы. Сӕ иу у Ӕмбисӕндты чиныг.

3 Дзырд «зӕрдӕ» Ӕмбисӕндты чиныджы ӕмбӕлы сӕдӕ хатты бӕрц. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты 4:23 стихы фыст ис: «Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ». Ацы стихы дзырд «зӕрдӕ» цӕмӕ амоны? Уый ацы статьяйӕ базондзыстӕм. Стӕй ма дзуапп базондзыстӕм дыууӕ ахӕм фарстайӕн: Хӕйрӕг нын нӕ зӕрдӕмӕ куыд хъавы? Ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын? Ацы ахсджиаг фарстатӕн дзуапп зонын ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайӕм.

ДЗЫРД «ЗӔРДӔ» ЦӔМӔ АМОНЫ?

4, 5. а) Ӕмбисӕндты 4:23 стихы дзырд «зӕрдӕ» цӕмӕ амоны? б) Мидӕгӕй цавӕр стӕм, уымӕ хъус дарын ахсджиаг кӕй у, уый цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг?

4 Ӕмбисӕндты 4:23 стихы дзырд «зӕрдӕ» амоны адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕм, йе ’нкъарӕнтӕм, йӕ фӕндтӕм ӕмӕ йӕ бӕллицтӕм. Иу ныхасӕй, уый амоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ, бакастӕй куыд зыны, уымӕ нӕ, фӕлӕ.

5 Мидӕгӕй цавӕр стӕм, уымӕ хъус дарын ахсджиаг кӕй у, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Цӕмӕй адӕймагӕн йе ’нӕниздзинад фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ хӕрзхъӕд хӕринаг хӕра, стӕй-иу хъуамӕ йе уӕнгтӕ дӕр айваза. Раст афтӕ, цӕмӕй нӕ «зӕрдӕ» фидар уа, уый тыххӕй-иу хъуамӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй нӕхи ӕфсадӕм. Стӕй хъуамӕ, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм, зӕгъӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм (Ром. 10:8–10; Иак. 2:26). Фӕлӕ хатгай афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг бакастӕй ӕнӕниз фӕзыны, фӕлӕ ӕцӕгӕй та цавӕрдӕр низӕй рынчын вӕййы, йӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ фӕзоны, афтӕмӕй. Раст афтӕ махӕн дӕр, гӕнӕн ис, нӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ, нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгты ӕдзух кӕй архайӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар у, фӕлӕ ӕцӕгӕй та нӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзынд (1 Кор. 10:12; Иак. 1:14, 15). Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Хӕйрӕг кӕй архайы, цӕмӕй нын нӕ зонд сзыгъуыммӕ кӕна. Цымӕ цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕны? Ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕхи бахъахъхъӕнын?

ХӔЙРӔГ НЫН НӔ ЗӔРДӔМӔ КУЫД ХЪАВЫ?

6. Хӕйрӕгӕн йӕ нысан цы у ӕмӕ куыд архайы, цӕмӕй йӕ къухы бафта?

6 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уый хуызӕн уӕм – Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ мацӕмӕ дарӕм ӕмӕ нӕ хиуарзон фӕндтыл цӕуӕм. Хӕйрӕгӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ нӕ тыххӕй йӕ зондыл цӕуын кӕна. Ӕмӕ, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафта, уый тыххӕй архайы ӕндӕр мадзӕлттӕй. Зӕгъӕм, афтӕ бакӕны, цӕмӕй ӕдзухдӕр уӕм, йӕ зондыл чи цӕуы, ахӕм адӕмы ’хсӕн (1 Иоан. 5:19). Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ рӕстӕг семӕ ӕрвитӕм, кӕд ӕмӕ йӕ зонӕм, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ нӕ зондахастыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынынц, уӕддӕр (1 Кор. 15:33). Ахӕм къӕппӕджы бахауд паддзах Соломон дӕр. Уый йӕхицӕн ӕркодта, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, бирӕ ахӕм устытӕ, ӕмӕ йын уыдон «сабыргай йӕ зӕрдӕ Хуыцауӕй аздӕхтой» (1 Пад. 11:3).

Дӕ бон куыд у дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын ӕмӕ Хӕйрӕджы зонды ныхмӕ фидар лӕууын? (кӕс 7 абзац) *

7. Хӕйрӕг ма ноджыдӕр адӕмы йӕ зондыл куыд аразы ӕмӕ къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

7 Хӕйрӕг ма адӕмы йӕ зондыл аразы алыхуызон кинотӕ ӕмӕ телепередачӕты уылты. Уый зоны, адӕймаг кӕйдӕр хабӕрттӕм куы фӕхъусы, уӕд ын уыдӕттӕ ӕнӕуи ирхӕфсӕн кӕй нӕ вӕййынц, фӕлӕ ма кӕй фӕзынынц йӕ зондахастыл, цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсы, ууыл ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл. Йесо дӕр уый зыдта, ӕмӕ-иу иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ ахӕм мадзалӕй пайда кодта. Радзырдта-иу сын алыхуызон фӕсномыг ныхӕстӕ, зӕгъӕм, самариаг лӕджы тыххӕй ӕмӕ сӕфт фырты тыххӕй (Матф. 13:34; Лук. 10:29–37; 15:11–32). Фӕлӕ Хӕйрӕджы зондӕй чи фӕхъӕстӕ, уыдон цы хабӕрттӕ фӕдзурынц, уыдонмӕ хъусгӕйӕ, гӕнӕн ис, мах дӕр уыцы зондыл ацӕуӕм. Хъуамӕ ирхӕфсӕнтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм. Иуӕй-иу кинотӕ ӕмӕ телепередачӕтӕ хи аирхӕфсынӕн хорз сты, стӕй дзы адӕймаг цӕуылдӕрты сахуыр вӕййы, зиан ын не ’рхӕссынц, афтӕмӕй. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ уӕм къӕрцхъус. Ирхӕфсӕн ӕвзаргӕйӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Ацы киномӕ кӕнӕ телепередачӕмӕ куы бакӕсон, уӕд, мыййаг, афтӕ хъуыды кӕнын нӕ райдайдзынӕн, ӕмӕ мӕ буары монцтыл цӕуон, уым ӕвзӕрӕй ницы ис?» (Гал. 5:19–21; Еф. 2:1–3). Куы йӕ бамбарай, ӕмӕ дӕ цавӕрдӕр телепередачӕ Хӕйрӕджы зондыл сараздзӕн, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Дӕхи дзы хиз, хӕцгӕ низӕй куыд хизай дӕхи, афтӕ!

8. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ зӕрдӕ хъахъхъӕной?

8 Ныййарджытӕ, сымахыл ис ахсджиаг хӕс – хъуамӕ уӕ сывӕллӕтты Хӕйрӕджы зондӕй хъахъхъӕнат. Уый сын сӕ зӕрдӕмӕ хъавы ӕмӕ архайы, цӕмӕй сыл йӕ зондахаст хӕцгӕ низау бахӕца. Ӕнӕуи низты кой куы кӕнӕм, уӕд сымах уӕ тых, уӕ бонӕй фӕархайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты уыцы низтӕй бахъахъхъӕнат. Ӕмӕ уый тыххӕй уӕ хӕдзар ӕдзухдӕр фефснайут ӕмӕ, уӕ бинонты ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг цӕмӕй вӕййы, уыдӕттӕ аппарут. Раст афтӕ хъуамӕ уӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнат ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнат, цӕмӕй сӕхи хизой, Хӕйрӕджы зондӕй сӕ чи фӕхъӕстӕ кӕндзӕн, ахӕм кинотӕ, телепередачӕтӕ, видеохъӕзтытӕ ӕмӕ сайттӕй. Йегъовӕ уыл ахӕм хӕс сӕвӕрдта, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты уырнындзинадыл тыхсат (Ӕмб. 1:8; Еф. 6:1, 4). Уӕдӕ уын уый бар ис, цӕмӕй сӕ цыдӕртӕ домат ӕмӕ сын цӕмӕндӕрты та бар ма дӕттат, ӕрмӕст сын цы дзурут, уый хъуамӕ уа Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Кӕд уӕ сывӕллӕттӕ гыццыл сты, уӕд-иу сын дзурут, цӕмӕ ис кӕсӕн ӕмӕ цӕмӕ нӕй, уый ӕмӕ, афтӕ цӕмӕн у, уый дӕр-иу сын бамбарын кӕнут (Матф. 5:37). Куы байрӕзой, уӕд та-иу сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй, Йегъовӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый ӕмбарын сахуыр уой (Дзут. 5:14). Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ сывӕллӕттӕ уӕ ныхӕстӕм хъусгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзысты, фӕлӕ ноджы фылдӕр цӕуылдӕрты та сахуыр уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ (Дык. з. 6:6, 7; Ром. 2:21).

9. Хӕйрӕг адӕмы цавӕр зондыл аразы ӕмӕ уый тӕссаг цӕмӕн у?

9 Хӕйрӕг ма нын ноджыдӕр нӕ зӕрдӕмӕ куыд хъавы? Уый архайы, цӕмӕй адӕмы зондыл цӕуӕм, Йегъовӕйы зонд та мацӕмӕ дарӕм (Кол. 2:8). Хӕйрӕг адӕмы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй сын царды сӕйрагдӕр уа хъӕздыгдзинадмӕ тырнын. Ахӕм зондыл чи ныххӕцыд, уыдон, чи зоны, схъӕздыг уой, чи зоны та – нӕ. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр уый тӕссаг у. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ мулк ӕмбырд кӕныныл, чи зоны, афтӕ суой, ӕмӕ сӕ нал дӕр се ’нӕниздзинад ӕндавдзӕн, нал дӕр сӕ бинонтӕ ӕмӕ нал дӕр, Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уый (1 Тим. 6:10). Нӕ уӕларвон Фыд у стыр зонды хицау, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм! (Еккл. 7:12; Лук. 12:15).

НӔ БОН КУЫД У НӔ ЗӔРДӔ ХЪАХЪХЪӔНЫН?

Раджы заманты-иу хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕ куыд къӕрцхъус уыдысты, ды дӕр афтӕ къӕрцхъус у ӕмӕ дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕн, тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй (кӕс 10, 11 абзацтӕ) *

10, 11. а) Нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын? б) Раджы заман-иу хъахъхъӕнджытӕ куыд архайдтой ӕмӕ нын не ’фсарм хъахъхъӕнӕгау куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

10 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, ӕмӕ-иу нын истӕмӕй тӕссаг куы уа, уӕд-иу хъуамӕ уайтагъддӕр нӕхи бахъахъхъӕныныл бацархайӕм. Ӕмбисӕндты 4:23 стихы дзырд «хъахъхъӕн» махӕн нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, хъахъхъӕнӕг-иу цы куыст кодта, уый. Паддзах Соломоны заман-иу горӕты къулты сӕр лӕууыдысты хъахъхъӕнджытӕ, ӕмӕ-иу знӕгтӕ горӕтмӕ куы ’рбахӕстӕг сты, уӕд-иу фӕдисы хъӕр ныккодтой. Уый фӕрцы нӕ бон у бамбарын, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕг йӕ зондыл ма акӕна.

11 Раджы заман-иу хъахъхъӕнджытӕ ӕмгуыст кодтой дуаргӕстимӕ (2 Сам. 18:24–26). Ӕмӕ-иу знаг горӕтмӕ куы ’рбахӕстӕг, уӕд-иу бацархайдтой, цӕмӕй-иу кулдуар ӕхгӕд ӕрцыдаид, ӕмӕ-иу афтӕмӕй горӕт бахъахъхъӕдтой (Неем. 7:1–3). Кӕд не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнӕм *, уӕд нын хъахъхъӕнӕгау ӕххуыс кӕндзӕн. Зӕгъӕм, Хӕйрӕг-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы ныхъхъава, ома-иу нын нӕ хъуыдытыл, не ’нкъарӕнтыл, нӕ фӕндтыл ӕмӕ нӕ бӕллицтыл бандавыныл куы архайа, уӕд-иу нӕ не ’фсарм бафӕдзӕхсдзӕн. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ, не ’фсарм нын цы дзуры, уымӕ байхъусӕм ӕмӕ-иу «дуар сӕхгӕнӕм».

12, 13. Нӕхи Хӕйрӕджы зондӕй цы уавӕрты хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, уыдонӕй иу цавӕр у? Ахӕм уавӕры-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

12 Нӕ бон куыд у нӕхи Хӕйрӕджы зондӕй хъахъхъӕнын? Ӕркӕсӕм иу уавӕрмӕ. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй не ’хсӕн «хӕтынӕн ӕмӕ алы чъизи хъуыддагӕн... йӕ кой дӕр ма уа» (Еф. 5:3). Фӕлӕ, зӕгъӕм, не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгты кой кӕнын куы райдайой, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Мах зонӕм, «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй» дард кӕй хъуамӕ лидзӕм (Тит. 2:12). Ахӕм уавӕры нӕ не ’фсарм, гӕнӕн ис, хъахъхъӕнӕгау бафӕдзӕхса (Ром. 2:15). Ӕмӕ нын не ’фсарм цы дзура, уымӕ байхъусдзыстӕм? Чи зоны, сцыбӕл уӕм, не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтӕ цӕй кой кӕнынц, уымӕ кӕнӕ, цы нывтӕ ӕвдисынц, уыдонмӕ. Фӕлӕ растдӕр гъеуӕд хъӕудзӕн «дуар сӕхгӕнын», ома ныхас ӕндӕрырдӕм аздахын кӕнӕ та сӕ разӕй ацӕуын.

13 Иннӕтӕ нӕ ӕвзӕр зондыл куы фӕаразынц кӕнӕ нӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл куы фӕардауынц, уӕд нӕ, раст куыд у, афтӕ бакӕнынӕн фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад. Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй уыны, раст цы у, уый аразыныл ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайӕм ӕмӕ нын кӕй ратдзӕн хъарутӕ ӕмӕ зонд, цӕмӕй-иу Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм (2 Аз. 16:9; Ис. 40:29; Иак. 1:5). Фӕлӕ ма нӕ бон ноджыдӕр куыд у нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын?

ДАРДДӔР ДӔР ДӔ ЗӔРДӔ ХЪАХЪХЪӔН

14, 15. а) Нӕ зӕрдӕйы ӕдзухдӕр цы хъуамӕ ӕвӕрӕм ӕмӕ уый куыд ис аразӕн? б) Ӕмбисӕндтӕ 4:20–22 стихтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нын Библи фылдӕр пайда хӕсса? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Нӕ бон куыд у лӕмбынӕг хъуыды кӕнын?».)

14 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй ӕвзӕр зондӕй хи хизын фаг нӕу. Хъуамӕ ма-иу, хорз цы у, ууыл хъуыды кӕнӕм. Нӕ зӕрдыл та-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, раджы заманты-иу горӕттӕ куыд хъахъхъӕдтой, уый. Дуаргӕстӕ-иу кулдуар сӕхгӕдтой, цӕмӕй-иу знаг горӕтмӕ ма бабырстаид. Фӕлӕ-иу сӕм хӕринаг ӕмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ куы ’рбаластой, уӕд-иу кулдуар байгом кодтой. Куы никуы-иу ӕй гом кодтаиккой, уӕд-иу горӕты цӕрджытӕ сыдӕй мардаиккой. Раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдӕ гом кӕнӕм, цӕмӕй-иу дзы Хуыцауы хъуыдытӕ ӕвӕрӕм.

15 Библийы фыст сты Йегъовӕйы хъуыдытӕ, ӕмӕ йӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд Хуыцауы хъуыдытӕн уый бар фӕдӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ зондахастыл, не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл ӕндавой. Хуыцауы Ныхас нын фылдӕр пайда кӕд хӕсдзӕн? Кӕсыны размӕ-иу куы скувӕм, уӕд. Иу хо зӕгъы: «Библи бакӕсыны размӕ Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ дзы фӕкурын, цӕмӕй мын баххуыс кӕна, йӕ Ныхасы „цы диссӕгтӕ ис, уыдон“ ирдӕй фенынӕн» (Пс. 119:18). Хъуамӕ ма-иу, цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды дӕр акӕнӕм. Куы фӕкувӕм, стӕй Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауы Ныхас нӕ зӕрдӕмӕ арф ныххизы, ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ уарзын райдайӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 4:20–22; Пс. 119:97.)

16. Нӕ интернет-телеуынынад нын цы пайда хӕссы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Хуыцауы хъуыдытӕн ма уый бар куыд фӕдӕттӕм, цӕмӕй ныл ӕндавой? Зӕгъӕм, нӕ интернет-телеуынынады (JW Broadcasting®) цы видеотӕ ис, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ. Иу лӕг ӕмӕ ус зӕгъынц: «Ӕрвылмӕйон программӕтӕ вӕййынц нӕ куывдтытӕн дзуапп! Ӕнкъард куы вӕййӕм ӕмӕ нӕхимӕ иунӕг куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ стыр ныфс ӕмӕ хъарутӕ бауадзынц. Ӕмӕ дзы цы зарджытӕ вӕййы, уыдонмӕ ӕдзухдӕр хӕдзары фӕхъусӕм. Фӕхъусӕм сӕм хӕринаг кӕнгӕйӕ, ӕфснайгӕйӕ кӕнӕ та цай цымгӕйӕ дӕр». Ӕрвылмӕйон программӕтӕ нын стыр ӕххуыс сты нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнынӕн. Ӕххуыс нын кӕнынц, цӕмӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Хӕйрӕджы зонды ныхмӕ фидар лӕууӕм.

17, 18. а) 1 Паддзӕхты 8:61 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ нын цы дзуры, уый куы фӕарӕзӕм, уӕд афтӕмӕй цы равдисӕм? б) Паддзах Езекийы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? в) 139-ӕм псаломы 23-ӕм ӕмӕ 24-ӕм стихтӕм гӕсгӕ, нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын?

17 Раст цы у, уый аразын пайда кӕй хӕссы, уый нӕхиуыл куы бавзарӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы (Иак. 1:2, 3). Йегъовӕ нӕ уый тыххӕй у сӕрыстыр, фыд йӕ хъӕбултӕй куыд вӕййы сӕрыстыр, афтӕ. Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ циныл цин бафты ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын (Ӕмб. 27:11). Фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ бон вӕййы равдисын, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн «ӕрдӕгзӕрдӕйӕ» кӕй нӕ лӕггад кӕнӕм (Пс. 119:113, фип.) Мах Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 8:61.)

18 Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ ма рӕдийӕм? Нӕ, уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм. Исты рӕдыд-иу куы ’руадзӕм, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕнӕм паддзах Езекийы цӕвиттон. Уый дӕр рӕдыдтытӕ ӕруагъта, фӕлӕ сыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодта (Ис. 38:3–6; 2 Аз. 29:1, 2; 32:25, 26). Цӕй уӕдӕ Хӕйрӕджы зонды ныхмӕ фидар лӕууӕм. Стӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй нын «коммӕгӕс зӕрдӕ» уа (1 Пад. 3:9; бакӕс Псалом 139:23, 24). Нӕ зӕрдӕ куы хъахъхъӕнӕм, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм.

54 ЗАРӔГ «Мӕнӕ фӕндаг»

^ 5 абз. Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм ӕви Хӕйрӕгӕн уый бар ратдзыстӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцауӕй аздаха? Уый, цас уӕззау фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзыстӕм, ууыл баст нӕу, фӕлӕ, нӕ зӕрдӕ цас тынг хъахъхъӕндзыстӕм, ууыл. Ацы статьяйы дзуапп базондзыстӕм ахӕм ахсджиаг фарстатӕн: дзырд «зӕрдӕ» цӕмӕ амоны? Хӕйрӕг нын нӕ зӕрдӕмӕ куыд хъавы? Ӕмӕ нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын?

^ 11 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр схайджын кодта ӕфсармӕй. Уыцы миниуӕджы фӕрцы нӕ бон у нӕ хъуыдытӕ, не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ раиртасын ӕмӕ, раст бакодтам ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын (Ром. 2:15; 9:1). Не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ фӕамоны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы бамбарын, нӕ зондахаст, нӕ дзыхыныхас ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ раст сты ӕви нӕ.

^ 56 абз. НЫВ. Ӕфсымӕр кӕсы телевизормӕ, ӕмӕ дзы уалынмӕ ӕнӕгъдау цыдӕртӕ ӕвдисын райдыдтой. Ӕмӕ хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, куыд бакӕна, уый.

^ 58 абз. НЫВ. Знаг горӕтмӕ кӕй ӕрбахӕстӕг, уый фенгӕйӕ хъахъхъӕнӕг дуаргӕсты фӕдзӕхсы, ӕмӕ уыдон горӕты кулдуар ӕхгӕнынмӕ фесты.