Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Ма тыхс, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн»

«Ма тыхс, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн»

«Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн [кӕнӕ «ма тыхс»], уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (ИС. 41:10).

7 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ хъару

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Исайы 41:10 стихы ныхӕстӕ Йосикойӕн куыд баххуыс кодтой? б) Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ, уыцы ныхӕстӕ кӕй ныфс хъуамӕ фидар кодтаиккой?

ИУ ХО, Йосико, фехъуыста ӕвзӕр хабар. Йӕ дохтыр ын загъта, цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ кӕй нал фӕцӕрдзӕн. Цымӕ Йосико уыцы хабар фехъусгӕйӕ куыд бакодта? Уый ӕрхъуыды кодта, йӕ зӕрдӕмӕ тынг чи цыд, ахӕм стих – Исайы 41:10 стих. (Бакӕс ӕй.) Йосикойӕн уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр, ӕмӕ дохтырӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕз нӕ тӕрсын, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ къухыл фидар хӕцы *. Уыцы стихы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон нӕ зынаргъ хойӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл сӕвӕрдтаид. Ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу фыдӕвзарӕнты бахаугӕйӕ нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой. Бӕлвырдӕй та нын куыд баххуыс кӕндзысты, уый бамбарыны тыххӕй уал фыццаг ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцау Исайӕн уыцы ныхӕстӕ цӕмӕн ныффыссын кодта, уымӕ.

2 Йегъовӕ Исайӕн уыцы ныхӕстӕ фыццаджыдӕр уый тыххӕй ныффыссын кодта, цӕмӕй, фӕстӕдӕр Вавилонмӕ уацары кӕй акодтаиккой, уыцы дзуттӕгты ныфс уагътаиккой. Фӕлӕ ма Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ, уыцы ныхӕстӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфс фидар кодтаиккой (Ис. 40:8; Ром. 15:4). Абон мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы», ӕмӕ, Исайы чиныджы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон нӕ абон куыд тынг хъӕуынц, афтӕ никуыма (2 Тим. 3:1).

3. а) Исайы 41:10 стихы цавӕр ӕртӕ зӕрдӕвӕрды ис? б) Уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ абон мах тынг цӕмӕн хъӕуынц?

3 Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм, Исайы 41:10 стихы цы ӕртӕ зӕрдӕвӕрды ис, уыдонмӕ: 1) Йегъовӕ уыдзӕн немӕ, 2) Йегъовӕ у нӕ Хуыцау ӕмӕ 3) Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн. Ацы зӕрдӕвӕрдтӕ * мах абон тынг хъӕуынц, уымӕн ӕмӕ Йосикойау мах дӕр нӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнӕм. Стӕй ацы дунейы цы ’взӕр хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдоны тыххӕй алыхуызон зын уавӕрты бахауӕм. Чидӕртӕ та нӕ ӕфхӕрд ӕййафынц, хицауад нӕ ныхмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕртӕ зӕрдӕвӕрды стыр ныфс уадзынц. Цӕй ӕмӕ сыл фӕд-фӕдыл аныхас кӕнӕм.

«ӔЗ ДЕМӔ ДӔН»

4. а) Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕй фыццаг кӕцыйыл аныхас кӕндзыстӕм? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) б) Йегъовӕ нӕм цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы загъта? в) Уыцы ныхӕстӕ дын дӕ зӕрдӕ куыд агайынц?

4 Йегъовӕ Исайӕн цы зӕрдӕвӕрдтӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй фыццаг у ахӕм: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн» *. Йегъовӕ немӕ кӕй ис, уый куыд ӕвдисы? Йе ’ргом нӕм здахы ӕмӕ нӕ йӕ фӕлмӕн уарзтӕй рӕвдауы. Дӕ хъус-ма ӕрдар, цы зӕрдӕ нӕм дары, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы загъта, уымӕ: «Зынаргъ мын кӕй дӕ, уый тыххӕй кадджын дӕ мӕ цӕсты, ӕмӕ дӕ тынг уарзын» (Ис. 43:4). Дун-дунейы ахӕм тых нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы йӕ лӕггадгӕнджыты ныууадзын кӕна. Уый сӕ алкӕддӕр уарздзӕн ӕмӕ сыл уыдзӕн ӕнувыд (Ис. 54:10). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нӕ Хӕлар кӕй у, уый фӕрцы стӕм ныфсджын. Хуыцау нӕ хъахъхъӕндзӕн, йӕ хӕлар Аврамы (Авраамы) куыд хъахъхъӕдта, раст афтӕ. Йегъовӕ йын загъта: «Аврам, мацӕмӕй тӕрс. Ӕз дӕ уартау хъахъхъӕндзынӕн» (Райд. 15:1).

Нӕ зындзинӕдтӕ «цӕугӕдӕтты» ӕмӕ «арты ӕвзӕгты» хуызӕн куы уой, уӕддӕр Йегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ бон суыдзӕн сӕ сӕрты ахизын (кӕс 5, 6 абзацтӕ) *

5, 6. а) Йегъовӕйы махӕн нӕ зындзинӕдты рӕстӕг баххуыс кӕнын кӕй фӕфӕнды, уый кӕцӕй зонӕм? б) Йосикойы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу нын нӕ зындзинӕдты рӕстӕг ӕххуыс кӕна. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Уый йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕттыл куы цӕуай, уӕд ӕз уыдзынӕн демӕ. Цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизай, уӕд дӕ дон нӕ аласдзӕн. Арты астӕуты куы цӕуай, уӕд нӕ басудздзынӕ, арты ӕвзӕгтӕ дыл ӕндзӕвгӕ дӕр нӕ акӕндзысты» (Ис. 43:2). Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

6 Нӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ фӕлварӕнтӕ абарӕн ис «цӕугӕдӕттимӕ» ӕмӕ «арты ӕвзӕгтимӕ». Йегъовӕ нын афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ уыцы зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ аиуварс кӕндзӕн. Фӕлӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй нӕ «цӕугӕдӕттау» сӕ быны фӕкӕной ӕмӕ нын «арты ӕвзӕгтау» ахӕм зиан ӕрхӕссой, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа. Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры, немӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ-иу нын кӕй баххуыс кӕндзӕн зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн. Уый нын нӕ зӕрдӕтӕй тас фӕсурдзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм, суанг нын мӕлӕтӕй тӕссаг куы уа, уӕд дӕр (Ис. 41:13). Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо Йосико дӕр уый йӕхиуыл бавзӕрста. Йӕ чызг загъта: «Дисӕй мардыстӕм, нӕ мад куыд ницӕуыл тыхсти, уымӕ кӕсгӕйӕ. Мах ӕй уыдтам, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы фарн уыдаид. Йӕ мӕлӕты онг медицинон хотӕн ӕмӕ, рынчындоны чи хуыссыд, уыдонӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдты тыххӕй дзырдта». Йосикойы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл, «ӕз уыдзынӕн демӕ», зӕгъгӕ, куы ’ууӕндӕм, уӕд мах дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг уыдзыстӕм ныфсджын ӕмӕ фидар.

«ӔЗ ДӔ ХУЫЦАУ ДӔН»

7, 8. а) Исай цы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй ныффыста, уыдонӕй дыккаг цавӕр у ӕмӕ дзырдбастӕн, «тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн», зӕгъгӕ, йӕ хъуыды цы у? б) Уацайраг дзуттӕгтӕн Йегъовӕ цӕмӕн загъта, цӕмӕй ма тыхстаиккой? в) Исайы 46:3, 4 стихтӕй Хуыцауы адӕмӕн стыр ныфсы хос цавӕр ныхӕстӕ уыдаиккой?

7 Ныр та аныхас кӕнӕм, Исай цы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй ныффыста, уыдонӕй дыккагыл: «Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн». Ацы стихы дзырдбастӕй, «тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн», зӕгъгӕ, цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕн йӕ хъуыды у, «адӕймаг фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕс куы фӕкӕны, исты кӕнӕ йын исчи куы разнаггад кӕна, уымӕй тӕрсгӕйӕ» кӕнӕ та «тӕссаг уавӕры бахауӕгау тынг куы фӕтыхсы». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ 2013 азы уагъд «Ног дунейы тӕлмац»-ы (англисаг ӕвзагыл) дзырдбаст, «тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн», зӕгъгӕ, тӕлмац ӕрцыд дзырдбастӕй «ма тыхс».

8 Вавилонмӕ уацары кӕй хъуамӕ акодтаиккой, уыцы дзуттӕгтӕн Йегъовӕ цӕмӕн загъта, цӕмӕй ма тыхстаиккой? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, ахӕм рӕстӕг кӕй скӕндзӕн, ӕмӕ уыцы бӕстӕйы цӕрджыты се ’ппӕты дӕр тас бацӕудзӕн. Цымӕ цӕй тыххӕй? Дзуттӕгтӕ уацары хъуамӕ уыдаиккой 70 азы дӕргъы, ӕмӕ уыцы ӕмгъуыд рӕстӕг куы фӕуыдаид, уӕд Мидо-Персийы хъомысджын ӕфсӕдтӕ хъуамӕ Вавилон бацахстаиккой. Йегъовӕ афтӕмӕй фӕнд кодта йӕ адӕмы Вавилоны уацарӕй ссӕрибар кӕнын (Ис. 41:2–4). Уыцы рӕстӕг куы ’рхӕццӕ, уӕд вавилойнӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕ зыдтой, се знаг кӕй ӕрбахӕстӕг кӕны, ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфс бауадзыныл архайдтой. Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Фидар у». Стӕй ма сӕхицӕн ноджы фылдӕр мӕнгхуыцӕуттӕ скодтой, зӕгъгӕ нӕ кӕд уыдон уӕддӕр фервӕзын кӕниккой (Ис. 41:5–7). Уацайраг дзуттӕгтӕн та сӕ зӕрдӕтӕ сабыр кодтой, Йегъовӕ Исайӕн цы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдон: «Ды... Израил, [ӕндӕр адӕмтӕй уӕлдай] ды дӕ мӕ лӕггадгӕнӕг. [...] Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн [кӕнӕ «ма тыхс»], уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн» (Ис. 41:8–10). Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы ныхӕстӕм, «ӕз дӕ Хуыцау дӕн», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕ дзуттӕгты ныфс уагътой, Йегъовӕйӕ рох кӕй не сты. Уый алкӕддӕр уыд сӕ Хуыцау, уыдон та алкӕддӕр уыдысты йӕ адӕм, ӕмӕ ныр дӕр ницы фӕивта. Йегъовӕ сын загъта: «Ӕз... уӕ хӕсдзынӕн... ӕмӕ уӕ ирвӕзын кӕндзынӕн». Уыцы ныхӕстӕ уацайраг дзуттӕгтӕн стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаиккой. (Бакӕс Исайы 46:3, 4.)

9, 10. Мах тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

9 Ацы дунейы уавӕр бонвыддӕр кӕны, ӕмӕ адӕмы уый абон куыд ӕфтауы мӕты, афтӕ никуыма. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах дӕр иннӕ адӕмау зындзинӕдтӕй хызт не стӕм. Фӕлӕ уыдонӕй уӕлдай мах тӕрсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ нын дзуры: «Ӕз дӕ Хуыцау дӕн». Уыцы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ цӕмӕн сабыр кӕнынц?

10 Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Дыууӕ лӕппуйы, Артур ӕмӕ Сӕрмӕт, хӕдтӕхӕгыл кӕдӕмдӕр фӕтӕхынц. Иуафон тыхджын дымгӕйы тыххӕй хӕдтӕхӕг уигъын райдыдта, ӕмӕ пилоты хъӕлӕс райхъуыст: «Афтӕ уыдзӕн цасдӕр рӕстӕг, ӕмӕ уӕ рӕттӕ ма рафтаут». Артур тынг стыхст. Фӕлӕ та ногӕй пилоты хъӕлӕс райхъуыст: «Ма тыхсут, алцыдӕр хорз уыдзӕн. Ӕз дӕн уӕ пилот». Артур йӕ сӕр батылдта ӕмӕ загъта: «Цӕмӕй йӕ зоны, ӕмӕ алцыдӕр хорз уыдзӕн?!» Стӕй Сӕрмӕтмӕ бакаст, ӕмӕ йӕм диссаг фӕкаст, уый кӕй ницӕуыл тыхсы. Ӕмӕ йӕ бафарста: «Ды ӕппындӕр нӕ тӕрсыс, ӕви?» Сӕрмӕт йӕ мидбылты бахудт ӕмӕ загъта: «Нӕ тӕрсын, уымӕн ӕмӕ ацы пилоты хорз зонын. Мӕ фыд у!» Стӕй загъта: «Мӕ фыд цавӕр адӕймаг у ӕмӕ цы дӕсны пилот у, уый куы базонай, уӕд ды дӕр нал тӕрсдзынӕ. Ныртӕккӕ дын мӕ фыды тыххӕй радзурдзынӕн».

11. Дыууӕ лӕппуйы тыххӕй цы цӕвиттон ӕрхастам, уымӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын?

11 Ацы цӕвиттонӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Сӕрмӕтау мах дӕр нӕ тӕрсӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы хорз зонӕм. Мах зонӕм, ацы фӕстаг бонты цӕргӕйӕ цыфӕнды фыдӕвзарӕнты ма бахауӕм, уӕддӕр-иу нын Йегъовӕ фидар фӕлӕууынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн (Ис. 35:4). Кӕд ацы дунейы адӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ цӕрынц, уӕд махӕн та нӕ зӕрдӕтӕ сты сабыр, Йегъовӕйыл нӕ ныфс кӕй дарӕм, уый фӕрцы (Ис. 30:15). Сӕрмӕты хуызӕн ма цӕмӕй стӕм? Иннӕтӕн ӕмбарын кӕнӕм, Хуыцауыл ныфс дарӕн цӕмӕн ис, уый. Чи зоны, уый фӕрцы уыдон дӕр ӕууӕндын райдайой, Йегъовӕ сын цыфӕнды зындзинӕдты дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн.

«ӔЗ ДӔ СФИДАР КӔНДЗЫНӔН... [ӔМӔ] ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗЫНӔН»

12. а) Исай цы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй ныффыста, уыдонӕй ӕртыккаг цавӕр у? б) Ныхӕстӕ, Йегъовӕйы «цонг разамынд дӕтдзӕн», зӕгъгӕ, цӕуыл дзурӕг сты?

12 Исай цы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй ныффыста, уыдонӕй ӕртыккаг у ахӕм: «Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн». Исай уый размӕ дӕр ныффыста, Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд бафидар кӕндзӕн, уый тыххӕй: «Йегъовӕ тыхджын ӕфсӕддонау ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ цонг разамынд дӕтдзӕн» (Ис. 40:10). Библийы дзырд «цонг» арӕх фӕамоны хъарумӕ. Уӕдӕ ацы ныхӕстӕ, «йӕ цонг разамынд дӕтдзӕн», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ у хъомысджын Паддзах. Уый йе ’гӕрон тыхӕй раздӕр дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдта, ӕмӕ йыл абон дӕр йӕ ныфс чи дары, уыдоны фидар кӕны ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны (Дык. з. 1:30, 31; Ис. 43:10).

Йегъовӕ нӕ йӕ цонджы хъаруйӕ хъахъхъӕндзӕн, уымӕн йӕ ныхмӕ иу хӕцӕнгарз дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн (кӕс 12–16 абзацтӕ) *

13. а) Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй ӕххӕст кӕны, уый уӕлдай тынг кӕд рабӕрӕг вӕййы? б) Нӕ ныфс нын цавӕр ныхӕстӕ фидар кӕнынц?

13 Йегъовӕ ацы зӕрдӕвӕрд, «ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн», зӕгъгӕ, кӕй ӕххӕст кӕны, уый уӕлдай тынг рабӕрӕг вӕййы, не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд. Иуӕй-иу бӕстӕты не знӕгтӕ архайынц, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууын кӕной кӕнӕ та нын нӕ организаци бынтондӕр сӕхгӕной. Фӕлӕ мах уыцы хабӕртты тыххӕй ӕгӕр нӕ тыхсӕм. Йегъовӕ нын нӕ ныфс фидар кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн» (Ис. 54:17). Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы.

14. Хуыцауы знӕгтӕ нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы?

14 Фыццаг: Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, адӕм нӕ се сӕфт кӕй уынынц (Матф. 10:22). Йесо рагацау загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстаг бонты карз ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты (Матф. 24:9; Иоан. 15:20). Дыккаг: Исайы пехуымпарад нӕ фӕдзӕхсы, не знӕгтӕ нӕ ӕрмӕст се сӕфт кӕй нӕ уындзысты, фӕлӕ ма нӕ ныхмӕ алыхуызон хӕцӕнгӕрзтӕй кӕй архайдзысты. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, не знӕгтӕ алыхуызӕтты архайынц: цыдӕртӕ ныл ӕрымысынц, нӕ организацийы номыл цъыф калынц ӕмӕ нӕ карзӕй ӕфхӕрынц (Матф. 5:11). Йегъовӕ сӕ нырма нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ уыдон немӕ тох кӕнгӕйӕ дарддӕр дӕр сӕ хӕцӕнгӕрзтӕй пайда кӕндзысты (Еф. 6:12; Рарг. 12:17). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр тӕрсын нӕ хъӕуы. Цымӕ цӕуылнӕ?

15, 16. а) Нӕ зӕрдыл кӕй хъуамӕ дарӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕртыккаг цы у? Ӕмӕ уый Исайы 25:4, 5 стихтӕй дӕр куыд зыны? б) Исайы 41:11, 12 стихтӕм гӕсгӕ, немӕ чи тох кӕны, уыдонӕн сӕ кӕрон цы уыдзӕн?

15 Нӕ зӕрдыл кӕй хъуамӕ дарӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕртыккаг та цы у? Йегъовӕ куыд загъта, афтӕмӕй, нӕ ныхмӕ «цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн». Йегъовӕ нӕ не знӕгтӕй хъахъхъӕны, «ӕмбӕхсӕн бынат тӕрккъӕвдайӕ» куыд хъахъхъӕна, афтӕ. (Бакӕс Исайы 25:4, 5). Не знӕгтӕн сӕ фыдвӕндтӕ нӕ фӕрӕстмӕ уыдзысты – ахӕм зиан нын никуы ракӕндзысты, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа (Ис. 65:17).

16 Йегъовӕ ма нын ноджыдӕр куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл нӕ ныфс фидарӕй дарӕм? Уый нын лыстӕг хабӕртты онг ӕргом кӕны, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонмӕ цавӕр тӕрхон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. (Бакӕс Исайы 41:11, 12.) Не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ куыдфӕнды ма хӕцой ӕмӕ сӕ тох куыдфӕнды ма фӕкарздӕр кӕной, уӕддӕр се ’ппӕтӕн дӕр сӕ кӕрон уыдзӕн иу: Хуыцауы адӕмӕн се знӕгтӕ иууылдӕр «фӕцыдӕр уыдзысты, фесӕфдзысты».

ЙЕГЪОВӔЙЫЛ НӔ НЫФС НОДЖЫ ТЫНГДӔР ЦӔЙ ФӔРЦЫ ДАРДЗЫСТӔМ

Йегъовӕйы тыххӕй ӕдзухдӕр Библийы куы кӕсӕм, уӕд ыл нӕ ныфс ноджы тынгдӕр дардзыстӕм (кӕс 17, 18 абзацтӕ) *

17, 18. а) Библи куы кӕсӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ ныфс ноджы тынгдӕр дарӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) 2019 азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

17 Йегъовӕйыл нӕ ныфс ноджы тынгдӕр дардзыстӕм, хуыздӕр ӕй куы базонӕм, уӕд. Ӕмӕ Хуыцауы та хорз базонӕн ис ӕрмӕстдӕр Библи лӕмбынӕг кӕсгӕйӕ ӕмӕ йыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Библийы фыст ис, Йегъовӕ-иу рагзаманты йӕ адӕмы куыд бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй. Уыцы хабӕрттӕ сты ӕууӕнчы аккаг, ӕмӕ нӕ уыдоны фӕрцы фидарӕй уырны, Йегъовӕ махыл дӕр кӕй тыхсдзӕн.

18 Йегъовӕ нӕ куыд хъахъхъӕны, уый Исай равдыста рӕсугъд ныхӕстӕй. Уый Йегъовӕйы абарста фыййауимӕ, йӕ лӕггадгӕнджыты та – уӕрыччытимӕ. Исай Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн» (Ис. 40:11). Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ сабыр кӕнынц ӕмӕ нӕ ныфс уадзынц, Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн. Цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдты дӕр нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой, уый тыххӕй ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар 2019 азӕн равзӕрста Исайы 40:10 стих: «Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн [кӕнӕ «ма тыхс»], уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн». Ацы ныфсы ныхӕстыл хъуыды кӕн. Ӕмӕ фидӕны фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай, уӕд дын фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн.

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

^ 5 абз. 2019 азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст, уым ис ӕртӕ ахсджиаг хъуыдыйы, ӕмӕ уыдоны фӕрцы базондзыстӕм, ацы дунейы кӕнӕ-иу нӕхи царды исты ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуа, уӕд-иу нӕ зӕрдӕтӕ сабыр цӕй фӕрцы уыдзысты. Ацы статьяйы уыцы ӕртӕ хъуыдымӕ бӕстондӕр ӕркӕсдзыстӕм, ӕмӕ нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй афтӕ тынг ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарӕм. Уӕдӕ ацы азы стихыл лӕмбынӕг хъуыды кӕн ӕмӕ, кӕд дӕ бон у, уӕд ӕй бахъуыды кӕн. Ӕмӕ фидӕны фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай, уӕд дын фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн.

^ 3 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ махӕн ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ цыдӕр ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы зындзинӕдты бахаугӕйӕ ӕгӕр нал фӕмӕт кӕнӕм.

^ 4 абз. Ныхӕстӕ, «ма тӕрс», зӕгъгӕ, Исайы 41-ӕм сӕры ӕмбӕлынц ӕртӕ хатты: 10-ӕм, 13-ӕм ӕмӕ 14-ӕм стихты. Уыцы стихты ма бирӕ хӕттыты ӕмбӕлы номивӕг «ӕз», ӕмӕ алы ран дӕр хауы Йегъовӕмӕ. Цымӕ Йегъовӕ Исайӕн уыцы номивӕг уал хатты цӕмӕн ныффыссын кодта? Цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджыты ӕргом раздӕхтаид иу ахсджиаг хъуыддагмӕ: сӕ зӕрдӕтӕй тас фӕсурын сӕ бон бауыдзӕн, Йегъовӕйыл сӕ ныфс куы дарой, ӕрмӕстдӕр уӕд.

^ 52 абз. НЫВ. Бинонтӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлынц куысты, рынчындоны, уацамынды ӕмӕ скъолайы.

^ 54 абз. НЫВ. Ӕвдисӕнтӕ хӕдзары ӕмбырд уадзынц, ӕмӕ сӕм пъӕлицӕ ӕрбабырста, фӕлӕ уыдон не старстысты.

^ 56 абз. НЫВ. Бинонты ахуыр ӕдзух куы уадзӕм, уӕд уый фӕрцы зындзинӕдты фидар лӕудзыстӕм.