Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг фембӕлд нӕ Паддзахы тыххӕй цы ӕргом кӕны?

Хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг фембӕлд нӕ Паддзахы тыххӕй цы ӕргом кӕны?

«Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар... Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг – „бадзырды туг“» (МАТФ. 26:26–28).

16 ЗАРӔГ Йегъовӕйӕн скад кӕн йе ’вӕрд Паддзахы тыххӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Йесо, йӕ мӕлӕты бон ын куыд бӕрӕг кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл хуымӕтӕг амындтӕ кӕй радта, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ кӕсы? б) Йесойы миниуджытӕй кӕцытыл аныхас кӕндзыстӕм?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙЫ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр алы аз дӕр куыд фӕбӕрӕг кӕнӕм, уый дӕ бон у зӕгъын? Нӕ фылдӕр уайтагъддӕр зӕгъдзысты, Ӕрымысӕн изӕры сӕйраджыдӕр цы вӕййы, уый. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ аразын нӕ фӕхъӕуы. Фӕлӕ кӕд хуымӕтӕг фембӕлд у, уӕддӕр у тынг ахсджиаг. Ӕмӕ, чи зоны, исчи зӕгъа: «Уӕдӕ уӕд уыцы фембӕлд ахӕм хуымӕтӕг цӕмӕн вӕййы?»

2 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ӕй иннӕтӕ зыдтой, адӕмӕн рӕстдзинад хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй чи ӕмбарын кодта, ахӕм адӕймагӕй (Матф. 7:28, 29). Ӕмӕ йын йӕ мӕлӕты бон куыд бӕрӕг кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл дӕр радта хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг амындтӕ. Мах бӕстондӕр аныхас кӕндзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрыл ӕмӕ, Йесо уыцы бон цы загъта ӕмӕ цы сарӕзта, ууыл. Ӕмӕ ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йесо куыд сӕрныллӕг ӕмӕ хъӕбатыр у, стӕй адӕмы куыд уарзы, уый. Стӕй ма фендзыстӕм, нӕ бон ӕй ноджы хуыздӕр фӕзмын куыд у, уый дӕр.

ЙЕСО У СӔРНЫЛЛӔГ

Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йесо мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта ӕмӕ ныр уӕлӕрвты Паддзах кӕй у (кӕс 3–5 абзацтӕ)

3. Матфейы 26:26–28 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо йӕ апостолтимӕ Ӕрымысӕн изӕр куыд сбӕрӕг кодта? Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ цӕмӕ амыдтой?

3 Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур ӕрӕвӕрдта, йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ куы уыд, уӕд. Уыцы изӕр уыдон бӕрӕг кодтой Куадзӕн, ӕмӕ, фынгыл цы уыд, уый райста ӕмӕ сын бацамыдта, Ӕрымысӕн изӕр куыд бӕрӕг кӕнын хъӕуы, уый. (Бакӕс Матфейы 26:26–28.) Йесо райста ӕрмӕстдӕр донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн, ӕмӕ йӕ апостолтӕн загъта, дзул кӕй амоны йӕ ӕнӕтӕригъӕд буармӕ, сӕн та – йӕ тугмӕ. Йесо тагъд йӕ апостолты тыххӕй хъуамӕ йӕ буар радтаид ӕмӕ йӕ туг ныккалдтаид. Апостолтӕм, чи зоны, диссаг нӕ фӕкаст, уыцы ахсджиаг хабар бӕрӕг кӕнынӕн ӕндӕр кӕй ницы хъӕудзӕн, уый. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

4. Йесо Марфӕйӕн цы уынаффӕ радта, уый фӕрцы куыд ис бамбарӕн, Ӕрымысӕн изӕры стыр фынг цӕуылнӕ ӕрӕвӕрын кодта, уый?

4 Ӕркӕсӕм, уымӕй цалдӕр мӕйы размӕ, Йесо зӕххыл ӕртыккаг аз куы лӕггад кодта, уӕд, цы ’рцыд, уымӕ. Йесо уазӕгуаты уыд йе ’ввахс ӕмбӕлттӕм – Лазӕр, Марфӕ ӕмӕ Марийӕмӕ – ӕмӕ сын рӕстдзинады тыххӕй цыдӕртӕ амонын райдыдта. Фӕлӕ Марфӕ хӕринаг кӕныныл сси, цӕмӕй йӕ кадджын уазӕджы раз стыр фынг ӕрӕвӕрдтаид. Йесо уый бафиппайдта, ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй уынаффӕ радта, цӕмӕй бамбӕрстаид, алы хатт ахӕм фынгтӕ ӕвӕрын ӕнӕмӕнг кӕй нӕу (Лук. 10:40–42). Ӕмӕ фӕстӕдӕр, йӕ мӕлӕтмӕ ма цалдӕр сахаты куы хъуыд, уӕд, Йесо йӕхӕдӕг бакодта, Марфӕйӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ – Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд фынгыл бирӕ ницы уыд. Цымӕ уымӕй Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн?

5. Ӕрымысӕн изӕры бирӕ кӕй ницы уыд, уымӕй Йесойы тыххӕй цы ис базонӕн ӕмӕ уый Филиппӕгтӕм 2:5–8 стихтӕй дӕр куыд зыны?

5 Йесо цыдӕриддӕр дзырдта ӕмӕ арӕзта, уымӕй бӕрӕг уыд, сӕрныллӕг кӕй у. Ӕмӕ зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд дӕр равдыста, куыд сӕрныллӕг у, уый (Матф. 11:29). Уый зыдта, тагъд йӕ цард кӕй ратдзӕн ӕмӕ уый кӕй уыдзӕн ӕппӕты стырдӕр нывонд ӕмӕ йӕ Йегъовӕ куы райгас кӕна, уый фӕстӕ уӕлӕрвты Паддзах кӕй суыдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ын йӕ мӕлӕт ӕрымысыны тыххӕй стыр бӕрӕгбон скӕной. Уый бӕсты сын загъта, цӕмӕй-иу афӕдз иу хатт уыцы бон сбӕрӕг кӕной, бирӕ дзы мацы уа, афтӕмӕй (Иоан. 13:15; 1 Кор. 11:23–25). Уымӕй бӕрӕг у, Йесо сӕрбӕрзонд кӕй нӕ уыд. Махӕн тынг ӕхсызгон у, нӕ уӕларвон Паддзахы диссаджы миниуджытӕй иу сӕрныллӕгдзинад кӕй у. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:5–8.)

6. Фӕлварӕнтыл ӕмбӕлгӕйӕ нӕ бон куыд у Йесойы сӕрныллӕгдзинад бафӕзмын?

6 Нӕ бон куыд у Йесойы сӕрныллӕгдзинад бафӕзмын? Хъуамӕ, нӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:3, 4). Ногӕй та не ’ргом аздахӕм, Йесо фӕстаг ӕхсӕв зӕххыл куы уыд, уымӕ. Йесо зыдта, тагъд хъизӕмайраг мардӕй кӕй амӕлдзӕн. Фӕлӕ йӕ мӕт уыд йӕ иузӕрдион апостолтыл, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕ мӕлӕтыл ын тынг кӕй маст кӕндзысты. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕхсӕв амындтӕ лӕвӕрдта ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта (Иоан. 14:25–31). Йесо сӕрныллӕгӕй равдыста, йӕхи разӕй иннӕтыл кӕй хъуыды кӕны. Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагъта!

ЙЕСО У ХЪӔБАТЫР

7. Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уый фӕстӕ стыр хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

7 Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уый фӕстӕ равдыста стыр хъӕбатырдзинад. Уый ӕмбӕрста, йӕ Фыды фӕндонмӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ бакодтаид, уый ӕмӕ уымӕ цӕттӕ уыд, кӕд ӕмӕ йӕ зыдта, Хуыцауы фауӕг ӕй кӕй рахондзысты ӕмӕ йӕ фыдгӕнӕджы мардӕй кӕй амардзысты, уӕддӕр (Матф. 26:65, 66; Лук. 22:41, 42). Йесо иузӕрдионӕй баззад, цӕмӕй Йегъовӕйы ном скадджын кодтаид, Дун-дунейы Хицауыл ӕй кӕй нымайы, уый равдыстаид ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн ӕнусон цардмӕ фӕндаг байгом кодтаид. Афтӕмӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бацӕттӕ кодта, разӕй сӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ.

8. а) Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн цы загъта? б) Йесойы мӕлӕтӕй бирӕ азтӕ куы рацыд, уӕд дӕр ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ хъӕбатырдзинад куыд фӕзмыдтой?

8 Йесойы хъӕбатырдзинад ма уымӕй дӕр рабӕрӕг, ӕмӕ, йӕхи цы тыхсын кодта, ууыл не сси, фӕлӕ йӕ хъуыдытӕ уыдысты йӕ иузӕрдион апостолтыл. Зӕгъӕм, Иудӕйы куы арвыста, уӕд Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл цы хуымӕтӕг амындтӕ радта, уыдоны фӕрцы йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн сӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр лӕууыдаиккой, йӕ туг кӕй ныккалдта, уый цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдон ӕмӕ, семӕ цы ног бадзырд арӕзт ӕрцыд, уый (1 Кор. 10:16, 17). Йесойы фӕндыд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсыны аккаг уыдаиккой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ бамбарын кодта, йӕ Фыдимӕ сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый (Иоан. 15:12–15). Йесо ма йӕ апостолтӕн загъта, разӕй сӕм цавӕр фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй дӕр. Стӕй сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ фӕзмой ӕмӕ сын загъта, «фидар лӕуут», зӕгъгӕ (Иоан. 16:1–4а, 33). Ӕмӕ Йесойы мӕлӕтӕй бирӕ азтӕ куы рацыд, уӕд дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты удуӕлдай ӕмӕ хъӕбатыр. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн алыхуызон фӕлварӕнты рӕстӕг ӕххуыс кодтой, кӕд-иу уый тыххӕй хатгай сӕхӕдӕг дӕр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, уӕддӕр (Дзут. 10:33, 34).

9. Нӕ бон куыд у Йесойы хъӕбатырдзинад фӕзмын?

9 Абон мах дӕр фӕархайӕм, цӕмӕй Йесойау хъӕбатыр уӕм. Зӕгъӕм, хъӕбатырдзинад нӕ фӕхъӕуы, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынӕн. Хатгай не ’фсымӕрты ӕнаххосӕй ахӕстӕтты сбадын кӕнынц. Ӕмӕ-иу сын уӕд хъуамӕ, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй ӕххуыс кӕнӕм, зӕгъӕм-иу уыдоны тыххӕй кувӕм, стӕй-иу хицауады раз ӕмӕ тӕрхондӕтты сӕ сӕрыл дзурӕм (Фил. 1:14; Дзут. 13:19). Хъӕбатырдзинад ма ӕвдисӕм, «ныфсджынӕй» кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр (Хъуыд. 14:3). Йесойау нӕ фидар фӕнд у хорз хабар хъусын кӕнын, иннӕтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, суанг уӕд дӕр. Фӕлӕ нын хатгай, гӕнӕн ис, ӕмӕ хъӕбатырдзинад ма фаг кӕна. Ахӕм уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн?

10. Ӕрымысӕн изӕры размӕ цалдӕр къуырийы дӕргъы цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

10 Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй нӕ бон у хъуыды кӕнын, Чырыстийы нывонды фӕрцы нын цы ныфс ис, ууыл (Иоан. 3:16; Еф. 1:7). Ӕрымысӕн изӕрмӕ цалдӕр къуырийы йеддӕмӕ нал баззад, ӕмӕ нын хорз фадат ис, цӕмӕй Чырыстийы нывондыл ноджы арфдӕр хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ ноджы тынгдӕр бузныг уӕм. Хорз уаид, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ уыдзӕн кӕсинаг, уыдон куы бакӕсиккам ӕмӕ лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕниккам Йесойы мӕлӕтимӕ баст хабӕрттыл. Ӕмӕ уӕд Ӕрымысӕн изӕры ноджы хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, дзул ӕмӕ сӕнӕн цы стыр нысаниуӕг ис ӕмӕ Чырыстийы нывондӕн цы стыр тых ис, уый. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой ӕмӕ уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нын зынаргъ чи у, уыдонӕн дӕр цы пайда хӕссы, уый куы ’мбарӕм, уӕд нӕ фидӕнӕй фидар ныфс уыдзӕн, стӕй хъӕбатырӕй архайдзыстӕм ӕмӕ кӕронмӕ фидар фӕлӕудзыстӕм (Дзут. 12:3).

11, 12. Ӕрымысӕн изӕр нын нӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕны?

11 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй нын Ӕрымысӕн изӕр нӕ зӕрдыл ӕрмӕст Чырыстийы нывонд нӕ лӕууын кӕны, фӕлӕ ма, Йесо цы диссаджы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдыста, уый дӕр. Ӕмӕ ныр дӕр Йесо, нӕ Хистӕр Сауджын, уӕлӕрвты уыцы миниуджытӕ ӕвдисы – Хуыцауӕн мах тыххӕй лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй фервӕзӕм (Дзут. 7:24, 25). Уый тыххӕй дзы мах тынг бузныг стӕм! Ӕмӕ уый равдисдзыстӕм, Ӕрымысӕн изӕр, Йесо нын куыд бацамыдта, афтӕ куы бӕрӕг кӕнӕм, уымӕй (Лук. 22:19, 20). Уыцы хабар мах фӕбӕрӕг кӕнӕм, дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ 14 нисан цы бонмӕ ӕрхауы, уыцы бон, ӕмӕ уый у афӕдзы мидӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр бон.

12 Йесо Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл хуымӕтӕг амындтӕ кӕй радта, уымӕй ма равдыста ноджыдӕр иу миниуӕг. Уыцы миниуӕг ӕй баразӕнгард кодта мах тыххӕй йӕ цард раттынмӕ. Ӕмӕ зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ӕй иннӕтӕ зыдтой, уыцы миниуӕг ӕдзухдӕр чи ӕвдыста, ахӕм адӕймагӕй. Цымӕ уый цавӕр миниуӕг у?

ЙЕСО АДӔМЫ УАРЗЫ

13. Иоанны 15:9 стихӕй ӕмӕ 1 Иоанны 4:8–10 стихтӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы уарзондзинад куыд зыны? Сӕ уарзондзинады фӕрцы арфӕгонд чи у?

13 Йесо цыфӕнды ма арӕзтаид,– йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уыд, Йегъовӕйау нӕ бирӕ кӕй уарзы. (Бакӕс Иоанны 15:9; 1 Иоанны 4:8–10.) Йӕ уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр равдыста, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы стыр уарзондзинад равдыстой, уый фӕрцы не ’ппӕт дӕр – сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр – стӕм арфӕгонд (Иоан. 10:16; 1 Иоан. 2:2). Стӕй, Ӕрымысӕн изӕр куыд бӕрӕг кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл Йесо цы амындтӕ радта, уыдонӕй дӕр бӕрӕг у, йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсы. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

Йесо Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕныны фӕдыл хуымӕтӕг амындтӕ кӕй радта, уый фӕрцы йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бирӕ ӕнусты дӕргъы, стӕй алыхуызон уавӕрты сӕ бон уыд йӕ мӕлӕты бон бӕрӕг кӕнын (кӕс 14–16 абзацтӕ) *

14. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй уарзы, уый куыд равдыста?

14 Йесо йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕныны фӕдыл бирӕ цыдӕртӕ аразын кӕй нӕ бафӕдзӕхста, фӕлӕ сын хуымӕтӕг амындтӕ кӕй радта, уымӕй дӕр равдыста йӕ уарзондзинад. Уыцы сӕрст чырыстӕтты Ӕрымысӕн изӕр алы аз дӕр бӕрӕг кӕнын хъуыдаид алыхуызон уавӕрты, суанг ахӕстӕтты уӕвгӕйӕ дӕр (Рарг. 2:10). Цымӕ-иу сӕ бон баци, Йесо сын цы бафӕдзӕхста, уый сӕххӕст кӕнын? Куыннӕ!

15, 16. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн-иу суанг зын уавӕрты дӕр сӕ бон цӕй фӕрцы баци Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнын?

15 Абоны онг дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ архайынц, цӕмӕй-иу Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕной. Сӕ бон цыдӕриддӕр вӕййы, уый саразынц, цӕмӕй-иу ӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ сбӕрӕг кӕной, суанг зын уавӕрты дӕр. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Ӕфсымӕр Харольд Кинг Китайы ахӕстоны камерӕйы иунӕгӕй куы бадт, уӕд бацархайдта, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтаид. Цы йӕм уыд, уымӕй сусӕгӕй Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ скодта. Стӕй ма, йӕ бон куыд уыд, афтӕ сбӕрӕг кодта, Ӕрымысӕн изӕр цы бонмӕ хъуамӕ ӕрхаудаид, уый. Ӕмӕ уыцы бон куы ралӕууыд, уӕд йӕ камерӕйы азарыд, скуывта ӕмӕ рыныхас радзырдта.

16 Ныр та ӕркӕсӕм ӕндӕр хабармӕ. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы иу концлагеры хотӕ сфӕнд кодтой Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнын, кӕд сӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр. Фӕлӕ Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнынӕн бирӕ цыдӕртӕ кӕй нӕ хъуыд, уый фӕрцы йӕ сӕ бон баци сусӕгӕй сбӕрӕг кӕнын. Уыдон радзырдтой: «Гыццыл бандон урс хӕцъилӕй ӕрӕмбӕрзтам ӕмӕ йыл Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕ ӕрӕвӕрдтам, нӕхӕдӕг та йӕ алыварс слӕууыдыстӕм. Цӕмӕй нӕ мачи баззыдтаид, уый тыххӕй нӕ камерӕйы рухс не ссыгътам, фӕлӕ бандоныл сойын цырагъ сӕвӕрдтам. [...] Ногӕй та нӕ Фыдӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ дзырд радтам, нӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ кӕй сараздзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ сыгъдӕг ном рухс кӕнӕм». Цӕй диссаджы уырнындзинад равдыстой уыцы хотӕ! Ӕмӕ Йесо та цӕй стыр уарзондзинад равдыста, Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕныны фӕдыл хуымӕтӕг амындтӕ кӕй радта, уымӕй! Уый фӕрцы йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ бон у уыцы хабар цыфӕнды зын уавӕрты дӕр бӕрӕг кӕнын.

17. Цавӕр фарстатыл у нӕ бон ахъуыды кӕнын?

17 Ӕрымысӕн изӕр кӕй ӕрхӕстӕг кӕны, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккам: «Мӕ бон куыд у Йесойы уарзондзинад ноджы хуыздӕр фӕзмын? Мӕхи цы тыхсын кӕны, фылдӕр ууыл хъуыды кӕнын ӕви, мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕрты цы тыхсын кӕны, ууыл? Сӕ бон цы у, уымӕй сӕ фылдӕр истытӕ фӕдомын ӕви, сӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый мӕ зӕрдыл фӕдарын?» Цӕй ӕмӕ алкӕддӕр Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм (1 Пет. 3:8).

ЙЕСОЙЫ СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД, ХЪӔБАТЫРДЗИНАД ӔМӔ УАРЗОНДЗИНАД ФӔЗМ

18, 19. а) Фидарӕй цы ис зӕгъӕн? б) Ӕппӕт хъарутӕй дӕ цӕуыл фӕнды архайын?

18 Тагъд нӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын нал хъӕудзӕн. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йесо куы ’рцӕуа, уӕд ма зӕххыл «йе ’взӕрст адӕмӕй» чи баззайа, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзӕн, цӕмӕй йемӕ уӕлӕрвты уой, ӕмӕ уӕд Ӕрымысӕн изӕр нал бӕрӕг кӕндзыстӕм (1 Кор. 11:26; Матф. 24:31).

19 Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Ӕрымысӕн изӕр куы нал бӕрӕг кӕнӕм, уӕд дӕр-иу уыцы бон ӕхсызгонӕй ӕрымысдзыстӕм ӕмӕ-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, Йесо хуымӕтӕг амындтӕ кӕй радта, уымӕй кӕй равдыста сӕрныллӕгдзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ уарзондзинад. Ӕмӕ ацы ахсджиаг хабар чидӕриддӕр бӕрӕг кодта, уыдон ног дунейы се ’ппӕтӕн дӕр уый тыххӕй куыннӕ дзурдзысты. Ныр та уал ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй Йесойы сӕрныллӕгдзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ уарзондзинад фӕзмӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ ӕнӕмӕнгдӕр схорзӕхджын кӕндзӕн (2 Пет. 1:10, 11).

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

^ 5 абз. Тагъд мах бӕрӕг кӕндзыстӕм Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Уыцы хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг фембӕлд нын ӕргом кӕны Йесойы диссаджы миниуджытӕ – йӕ сӕрныллӕгдзинад, йӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ йӕ уарзондзинад. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, нӕ бон куыд у Йесойау уыцы миниуджытӕ ӕвдисын.

^ 55 абз. НЫВТӔ. Иузӕрдион чырыстӕттӕ Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнынц: фыццаг ӕнусы ӕмбырды; 19 ӕнусы; нацистты рӕстӕджы концлагеры; нӕ рӕстӕджы Хуссар Америкӕйы бӕстӕтӕй иуы, къултӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм Паддзахады залы. (Ӕцӕг хабӕрттӕ не сты, фӕлӕ сты равдыстытӕ.)