Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны?

Ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны?

«Хъусын кӕнут нӕ Хицауы мӕлӕты тыххӕй, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (1 КОР. 11:26).

18 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. а) Милуангай адӕймӕгтӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд Йегъовӕ цӕмӕ фӕкӕсы? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.) б) Цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

ӔНӔХЪӔН зӕххыл дӕр милуангай адӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд Йегъовӕ, цас сты, уымӕ нӕ фӕкӕсы, фӕлӕ сӕ алкӕмӕ дӕр хицӕнӕй йӕ хъус фӕдары. Уый фӕуыны, афӕдзӕй-афӕдзмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ куыд бацархайынц, цӕмӕй-иу уыцы фембӕлдмӕ ӕрбацӕуой. Чидӕртӕ сӕ кӕд карз ӕфхӕрд ӕййафынц, уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц. Иуӕй-иутӕ та кӕд не ’мбырдтӕм ӕдзух нӕ фӕцӕуынц, уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын тынг ахсджиагыл нымайынц. Йегъовӕ фӕуыны, фыццаг хатт чи ’рбацӕуы, уыдоны дӕр, ӕмӕ се ’хсӕн вӕййы, ӕнӕуи чи сцымыдис вӕййы, ахӕмтӕ дӕр.

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, Ӕрымысӕн изӕрмӕ уыйбӕрц адӕм кӕй ӕрбацӕуы, уый (Лук. 22:19). Фӕлӕ уӕддӕр, цас вӕййынц, уымӕ нӕ фӕкӕсы, фӕлӕ сӕ уырдӕм ӕрбацӕуынмӕ цы баразӕнгард кӕны, уымӕ. Мах аныхас кӕндзыстӕм ахӕм ахсджиаг фарстайыл: ӕрмӕст Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ, фӕлӕ ма нын Йегъовӕйы фӕрцы алы къуыри дӕр цы ӕмбырдтӕ вӕййы, уыдонмӕ дӕр цӕмӕн фӕцӕуӕм?

Ӕгас зӕххыл дӕр милуангай адӕм ӕрӕмбырд сты Ӕрымысӕн изӕрмӕ, ӕмӕ сын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕгасцуай дзурынц (кӕс 1, 2 абзацтӕ)

ӔМБЫРДТӔМ ЦӔУЫНМӔ НӔ РАЗӔНГАРД КӔНЫ СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД

3, 4. а) Ӕмбырдтӕм цӕмӕн фӕцӕуӕм? б) Ӕмбырдтӕм кӕй фӕцӕуӕм, уымӕй цы ’вдисӕм? в) 1 Коринфӕгтӕм 11:23–26 стихтӕм гӕсгӕ, Ӕрымысӕн изӕрмӕ-иу цӕмӕн хъуамӕ ӕрбацӕуӕм?

3 Мах ӕмбырдтӕм сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕцӕуӕм, ӕмӕ уый хауы нӕ лӕггадмӕ. Стӕй ма уый тыххӕй дӕр, ӕмӕ нӕ ӕмбырдты Йегъовӕ фӕахуыр кӕны. Сӕрбӕрзонд чи у, уыдонӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, исчи сын зӕндтӕ амона, уый (3 Иоан. 9). Мах та зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ организаци ахуыр кӕной (Ис. 30:20; Иоан. 6:45).

4 Ӕмбырдтӕм кӕй фӕцӕуӕм, уымӕй ӕвдисӕм, сӕрныллӕг кӕй стӕм ӕмӕ ахуыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм. Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй не ’рбацӕуӕм, ӕмӕ уый нӕ хӕсыл нымайӕм, фӕлӕ-ма уый тыххӕй дӕр, ӕмӕ сӕрныллӕгӕй ӕххӕст кӕнӕм Йесойы фӕдзӕхст: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 11:23–26.) Уыцы фембӕлд нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ фидӕнӕй фидар ныфс уа, стӕй нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕ нӕ куыд бирӕ уарзы, уый. Фӕлӕ Йегъовӕ зоны, нӕ ныфсыл нын ныфс бафтауын афӕдз иу хатт фаг кӕй нӕу. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ууыл батыхст, цӕмӕй нын алы къуыри дӕр ӕмбырдтӕ уа ӕмӕ нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕм цӕуӕм. Цӕмӕй ӕдзух ӕмбырдтӕм цӕуӕм, уый тыххӕй та нӕ хъӕуы сӕрныллӕгдзинад. Алы къуыри дӕр нӕ бахъӕуы дзӕвгар рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй-иу нӕхи ӕмбырдтӕм бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕм ацӕуӕм.

5. Сӕрныллӕг адӕймӕгтӕ цӕмӕн сразы вӕййынц, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕна?

5 Йегъовӕ адӕмы йӕ организацимӕ хоны, ӕмӕ алы аз дӕр бирӕ сӕрныллӕг адӕмы бафӕнды, цӕмӕй сӕ Хуыцау ахуыр кӕна (Ис. 50:4). Бирӕтӕ фыццаг ӕрбацӕуынц Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ иннӕ фембӕлдтӕм дӕр райдайынц цӕуын (Зах. 8:20–23). Ӕхсызгон нын у, Йегъовӕ – не ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг – не ’ппӕты дӕр кӕй ахуыр кӕны ӕмӕ нын разамынд кӕй дӕтты (Пс. 40:17). Уымӕй хуыздӕр ӕмӕ уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ уарзон Фырт ахуыр кӕной! (Матф. 17:5; 18:20; 28:20).

6. Иу нӕлгоймаг Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацыд, уымӕй йӕ сӕрныллӕгдзинад куыд рабӕрӕг?

6 Мах алы аз дӕр тыхтӕ ӕрӕвӕрӕм, цӕмӕй-иу Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы фӕхонӕм. Уыцы фембӕлдмӕ бирӕ сӕрныллӕг адӕм ӕрбацӕуы, ӕмӕ сын уый ӕрхӕссы стыр пайда. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Цалдӕр азы размӕ не ’фсымӕр иу нӕлгоймагӕн Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт радта. Нӕлгоймаг хуынды гӕххӕтт райста, фӕлӕ йын загъта, нӕ мын рауайдзӕн ӕрбацӕуын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ не ’фсымӕр Ӕрымысӕн изӕры Паддзахады залы куы федта, уӕд тынг бадис кодта. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уыцы нӕлгоймагыл бацин кодтой, ӕмӕ йын уый йӕ зӕрдӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта. Афӕдзы дӕргъы ӕмбырдтӕ ӕртӕ хатты йеддӕмӕ нӕ фӕцух кодта. Цымӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацыд? Уыйбӕрц сӕрныллӕгдзинад ӕм разынд, ӕмӕ йӕ пълӕнттӕ фӕивта. Чи йӕ фӕхуыдта, уыцы ӕфсымӕр фӕстӕдӕр загъта, тынг сӕрныллӕг адӕймаг у, зӕгъгӕ. Йегъовӕ уыцы адӕймаджы йӕхимӕ ӕрбакодта, ӕмӕ ныр у донаргъуыд ӕфсымӕр (2 Сам. 22:28; Иоан. 6:44).

7. Ӕмбырдты цы фехъусӕм ӕмӕ Библи кӕсгӕйӕ цы базонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм?

7 Ӕмбырдты цы фехъусӕм ӕмӕ Библи кӕсгӕйӕ цы базонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм. Ӕрымысӕн изӕры размӕ цалдӕр къуырийы дӕргъы ӕмбырдты фылдӕр фӕныхас кӕнӕм Чырыстийы цӕвиттоныл ӕмӕ, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй цы сӕрныллӕгдзинад равдыста, ууыл. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма цалдӕр боны куы фӕхъӕуы, уӕд та нын Библийӕ кӕсинаг вӕййы, Йесойы мӕлӕтимӕ ӕмӕ райгасдзинадимӕ баст хабӕрттӕ кӕм фыст сты, ахӕм скъуыддзӕгтӕ. Ӕмӕ, цы базонӕм ӕмӕ цы бакӕсӕм, уыдӕтты фӕрцы ноджы тынгдӕр бузныг вӕййӕм, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый тыххӕй. Уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Йесойау сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, уый нын зын куы уа, уӕд дӕр (Лук. 22:41, 42).

ӔМБЫРДТӔМ ЦӔУЫНӔН НӔ ХЪӔУЫ ХЪӔБАТЫРДЗИНАД

8. Йесо хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

8 Мах ма фӕархайӕм, цӕмӕй Йесойау хъӕбатыр уӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм, йӕ мӕлӕты размӕ цалдӕр боны дӕргъы куыд хъӕбатырӕй архайдта, ууыл. Йесо зыдта, тагъд дзы йе знӕгтӕ кӕй хынджылӕг кӕндзысты, ехсӕй йӕ кӕй нӕмдзысты ӕмӕ йӕ хъӕдыл кӕй байтындздзысты (Матф. 20:17–19). Фӕлӕ уӕддӕр цӕттӕ уыд йӕ цард раттынмӕ. Ӕмӕ рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд, йемӕ Гефсиманийы дыргъдоны чи уыд, уыцы апостолтӕн загъта: «Сыстут, цӕуын нӕ хъӕуы. Уӕртӕ ӕрбацӕуы мӕ уӕйгӕнӕг» (Матф. 26:36, 46). Ӕмӕ уырдӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ бирӕ адӕм ӕд хӕцӕнгӕрзтӕ куы ’рбацыд, уӕд размӕ рацыд, йӕхи сын бацамыдта ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ апостолты ауагътаиккой (Иоан. 18:3–8). Цӕй диссаджы хъӕбатырдзинад равдыста Йесо! Абон сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр фӕархайынц, цӕмӕй Йесойау хъӕбатыр уой. Уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Ӕмбырдтӕм кӕй цӕуыс ӕмӕ афтӕмӕй хъӕбатырдзинад кӕй ӕвдисыс, уый фӕрцы иннӕтӕ бафидар вӕййынц (кӕс 9 абзац) *

9. а) Ӕмбырдтӕм цӕуынӕн нӕ хатгай хъӕбатырдзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? б) Нӕ хъӕбатырдзинад куыд фӕзыны, йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны чи бады, уыцы ӕфсымӕртыл?

9 Цӕмӕй ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм цӕуӕм, уый тыххӕй нӕ хатгай фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад. Мах ӕмбӕлӕм алыхуызон зындзинӕдтыл: кӕуыл цавӕрдӕр бӕллӕх ӕрцӕуы, кӕмӕн йӕ ныфс асӕтты, кӕмӕн та йе ’нӕниздзинад фӕцуды. Фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырдтӕм фӕцӕуӕм. Кӕмӕндӕрты та нӕ нӕ бинонтӕ кӕнӕ хицауад нӕ ныхмӕ цӕуынц, фӕлӕ уӕддӕр хъӕбатырдзинад ӕвдисӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕнӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм, нӕ хъӕбатырдзинад куыд фӕзыны, йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны чи бады, уыцы ӕфсымӕртыл (Дзут. 13:3). Йегъовӕйӕн зын уавӕрты дӕр кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй куы фехъусынц, уӕд сӕ уырнындзинад бафидар вӕййы, ӕмӕ сӕхицӕн фидарӕй фӕзӕгъынц, хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион кӕй уыдзысты. Апостол Павел дӕр уый йӕхиуыл бавзӕрста. Ромы ахст куы уыд ӕмӕ, йе ’фсымӕртӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый-иу куы фехъуыста, уӕд-иу йӕ циныл цин бафтыд (Фил. 1:3–5, 12–14). Куы йӕ ссӕрибар кодтой, уый хӕдразмӕ кӕнӕ та уый хӕдфӕстӕ Павел ныффыста йӕ фыстӕг Дзуттӕгтӕм. Йӕ фыстӕджы уыцы иузӕрдион чырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй «кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзтаиккой» ӕмӕ ӕмбырдтӕ макуы цух кодтаиккой (Дзут. 10:24, 25; 13:1).

10, 11. а) Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй хъуамӕ хонӕм? б) Ефесӕгтӕм 1:7 стихмӕ гӕсгӕ, уый цӕмӕн аразӕм?

10 Хъӕбатырдзинад ма равдисӕм, Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ хиуӕтты, не ’мкусджыты ӕмӕ нӕ сыхӕгты куы фӕхонӕм, уӕд дӕр. Цӕмӕн сӕ фӕхонӕм? Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг стӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр базоной, ахӕм фадат сын кӕй ис, цӕмӕй Чырыстийы нывонды фӕрцы Йегъовӕйы «стыр хорзӕхӕй» схайджын уой. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 1:7; Рарг. 22:17.)

11 Иумӕ куы фембырд кӕнӕм, уӕд ма афтӕмӕй равдисӕм ӕндӕр миниуӕг дӕр, ӕмӕ уыцы миниуӕг у Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы сӕйраг миниуджытӕй иу.

ӔМБЫРДТӔМ ЦӔУЫНМӔ НӔ РАЗӔНГАРД КӔНЫ УАРЗОНДЗИНАД

12. а) Ӕмбырдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы ноджы тынгдӕр уарзӕм? б) 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15 стихтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнынц?

12 Мах Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы уарзӕм, ӕмӕ нӕ уый разӕнгард кӕны ӕмбырдтӕм цӕуынмӕ. Ӕмӕ уым цы базонӕм, уый фӕрцы нӕ уарзондзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕны. Ӕмбырдты нын арӕх нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый (Ром. 5:8). Ӕмӕ нын Ӕрымысӕн изӕры та не ’ргом уӕлдай тынгдӕр раздахынц, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо адӕмы,– суанг Чырыстийы нывондӕн чи нӕма саргъ кодта, уыдоны дӕр,– куыд тынг уарзынц, уымӕ. Мах сӕ уый тыххӕй тынг бузныг стӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр Йесойы фӕзмӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15.) Стӕй ма нӕ тынг фӕнды Чырыстийы нывонды тыххӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын дӕр. Ӕмӕ йӕ нӕ бон кадджын кӕнын у, зӕгъӕм, ӕмбырдты зӕрдиагӕй дзуаппытӕ дӕтгӕйӕ.

13. Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Фырты куыд тынг уарзӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

13 Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Фырты куыд тынг уарзӕм, уый равдисдзыстӕм, уыдоны тыххӕй нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ куы уӕм, уӕд. Ӕмбырдтӕм цӕуынӕн нӕ арӕх фӕхъӕуы нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Зӕгъӕм, ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕрӕн иу фембӕлд вӕййы кусгӕ бонты изӕры, арӕхдӕр фӕллад куы вӕййӕм, уӕд. Иннӕ фембӕлд та вӕййы улӕфгӕ бонты, иннӕтӕ сӕ фӕллад куы фӕуадзынц, уӕд. Цымӕ Йегъовӕ фӕуыны, ӕмбырдтӕм фӕлладӕй дӕр кӕй ацӕуӕм, уый? Куыннӕ! Ууыл ӕппӕт тыхтӕй кӕй фӕархайӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уарзондзинад кӕй ӕвдисӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ тынг аргъ кӕны (Мар. 12:41–44).

14. Йесо удуӕлдай уарзондзинад кӕй ӕвдыста, уымӕй нын фӕзминаг куыд у?

14 Йесо нын фӕзминаг у, удуӕлдай уарзондзинад кӕй ӕвдыста, уымӕй. Йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй йӕ цард раттынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕй уӕлдай ма алы бон дӕр сӕ хорзыл тыхсти. Уый фылдӕр уыдоныл хъуыды кодта, йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ. Зӕгъӕм-иу фӕллад кӕнӕ тынг тыхст куы уыди, уӕд дӕр-иу сын йӕ рӕстӕг не ’вгъау кодта (Лук. 22:39–46). Йесо, иннӕтӕ йын хорзы кӕй цӕудзысты, уымӕ не ’нхъӕлмӕ каст, фӕлӕ-иу сын йӕхӕдӕг балӕггад кодта (Матф. 20:28). Ӕмӕ кӕд мах дӕр Йегъовӕйы ӕмӕ не ’фсымӕрты афтӕ тынг уарзӕм, уӕд нӕ тых, нӕ бонӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй-иу Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм.

15. Уӕлдай тынгдӕр нӕ кӕмӕн фӕнды ӕххуыс кӕнын?

15 Мах стӕм ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр стӕм иу бинонтау, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕм иннӕтӕ дӕр ӕрбаиу уой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнӕм, цӕмӕй адӕмы не ’мбырдтӕм хонӕм. Фӕлӕ нӕ уӕлдай тынгдӕр та ӕххуыс кӕнын фӕнды, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй ӕмбырдтӕм кӕнӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал цӕуы, уыдонӕн (Гал. 6:10). Кӕй сӕ уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ сӕ разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуой, уӕлдайдӕр та цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуой. Ӕмӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ, нӕ уарзӕгой Фыд ӕмӕ Фыййаумӕ, куы ’рбаздӕхынц, уӕд мах дӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесойау тынг фӕцин кӕнӕм (Матф. 18:14).

16. а) Нӕ бон куыд у кӕрӕдзийы фидар кӕнын ӕмӕ нын не ’мбырдтӕ куыд ӕххуыс кӕндзысты? б) Ныр хорз рӕстӕг цӕмӕн у Иоанны 3:16 стихы фыст Йесойы ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн?

16 19 апрелмӕ цалдӕр къуырийы йеддӕмӕ нал баззад, ӕмӕ нӕ фӕнды, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхонын. (Кӕс рамкӕ « Адӕмы сӕрмагонд раныхасмӕ хондзынӕ?».) Афӕдзы дӕргъы та нӕ фӕнды ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ афтӕмӕй кӕрӕдзийы фидар кӕнын. Ацы дунейы кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕны, уыйас ноджы ахсджиагдӕр у ӕмбырдтӕм цӕуын, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр сӕрныллӕгдзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ уарзондзинад ӕвдисын (1 Фес. 5:8–11). Цӕй ӕмӕ хъуыддагӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо бирӕ кӕй уарзынц, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм! (Бакӕс Иоанны 3:16.)

126 ЗАРӔГ Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ӕмӕ фидар

^ 5 абз. 2019 азы 19 апрелы, майрӕмбоны, уыдзӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр фембӕлд – Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, мах не ’ппӕт дӕр уыцы фембӕлдмӕ ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнын. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ нын алы къуыри дӕр цы ӕмбырдтӕ вӕййы, уыдонмӕ цӕуынмӕ нӕ цы разӕнгард кӕны, ууыл.

^ 52 абз. НЫВТӔ. Йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны чи бады, ахӕм ӕфсымӕр кӕсы, йӕ бинонтӕ йӕм цы писмо ӕрбарвыстой, уый, ӕмӕ сӕ рох кӕй нӕу, уый дзы ныфс уадзы. Йӕ бинонтӕ дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион сты, кӕд сӕ бӕстӕйы змӕстытӕ цӕуы, уӕддӕр, ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ цин кӕны.