Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

34 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы ӕмбырды дын ис дӕхи бынат!

Йегъовӕйы ӕмбырды дын ис дӕхи бынат!

«Буар иу куыд у, уӕнгтӕ та – бирӕ, ӕмӕ уыцы буары уӕнгтӕ иууылдӕр, кӕд бирӕ сты, уӕддӕр иу буары уӕнгтӕ куыд сты, афтӕ у Чырыстийы буар дӕр» (1 КОР. 12:12).

101 ЗАРӔГ Иумӕ лӕггад кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Махӕй алкӕмӕ дӕр цавӕр кад ӕрхауд?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӕмбырды кӕй стӕм, уый нын стыр кад у! Мах лӕггад кӕнӕм фарнуарзаг, амондджын адӕмимӕ иумӕ, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, цӕрӕм дзӕнӕты. Фӕлӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у ӕмбырды аразын?

2. Павел цалдӕр фыстӕджы цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста?

2 Уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, апостол Павел цалдӕр фыстӕджы цы цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхаста, уый фӕрцы. Уыцы фыстӕджыты Павел ӕмбырд абарста адӕймаджы буаримӕ, хицӕн адӕймӕгты та – буары уӕнгтимӕ (Ром. 12:4–8; 1 Кор. 12:12–27; Еф. 4:16).

3. Ацы статьяйы цавӕр ӕртӕ хъуыдымӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр ис йӕхи бынат ӕмӕ дзы иу дӕр уӕлдай нӕу. Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ӕмбырд фидар кӕнын, уӕлдай нӕу, цавӕр адӕмыхаттӕй стӕм, цас ӕхца нӕм ис, цавӕр бинонтӕй стӕм ӕмӕ нӕм цавӕр ахуырдзинад ис. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Павелы цӕвиттонӕй базонӕн цы ис, уымӕ. Аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ хъуыдыйыл. 1) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕмбырды махӕй алкӕмӕн дӕр ис йӕхи бынат? 2) Ӕмбырды дын цавӕр бынат ис, уый бамбарын дын зын куы уа, уӕд дӕ бон цы у саразын? 3) Ахсджиаг цӕмӕн у, ӕмбырды дыл цы хӕс ис, уый дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕнын?

ӔМБЫРДЫ АЛКӔМӔН ДӔР ИС ЙӔХИ БЫНАТ

4. Ромӕгтӕм 12:4, 5 стихтӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

4 Павелы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн алкӕмӕн дӕр йӕхи бынат кӕй ис. Павел загъта: «Буар иу куыд у, буары уӕнгтӕ та – бирӕ, фӕлӕ уӕнгтӕ се ’ппӕт уыцы иу куыст куыд нӕ кӕнынц, раст афтӕ мах дӕр: кӕд бирӕ стӕм, уӕддӕр стӕм иу буар – Чырыстиимӕ иумӕ, ӕмӕ стӕм, кӕрӕдзиимӕ баст чи у, ахӕм уӕнгтӕ» (Ром. 12:4, 5). Павелы ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд? Кӕд ныл алыхуызон хӕстӕ ис, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр аргъ кӕны.

Ӕмбырды алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразӕм, фӕлӕ Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр тынг аргъ кӕны (кӕс 5–12 абзацтӕ) *

5. Йегъовӕ нын цавӕр «лӕвӕрттӕ» радта?

5 Аныхас кӕнӕм, разамынд нын чи дӕтты, уыдоныл (1 Фес. 5:12; Дзут. 13:17). Йегъовӕ нын Чырыстийы уылты радта «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты» (Еф. 4:8). Уыцы «лӕвӕрттӕм» хауынц Разамонӕг советы уӕнгтӕ ӕмӕ Разамонӕг советы ӕххуысгӕнджытӕ, филиалты комитетты чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ, районон цӕстдарджытӕ, нӕ организацийы скъолаты ахуыргӕнджытӕ, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ. Уыцы ӕфсымӕрты се ’ппӕты дӕр Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ зынаргъ «фыстыл» тыхсой ӕмӕ ӕмбырд фидар кӕной (1 Пет. 5:2, 3).

6. 1 Фессалоникӕгтӕм 2:6–8 стихтӕм гӕсгӕ, сыгъдӕг тыхӕй ӕвӕрд ӕфсымӕртӕн сӕ нысан цы у?

6 Йегъовӕ ӕфсымӕрты йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕвӕры, цӕмӕй алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕной. Буары уӕнгты куыст, зӕгъӕм, къухты кӕнӕ къӕхты куыст, ӕнӕхъӕн буарӕн пайда куыд хӕссы, афтӕ, ӕфсымӕртӕ цы аразынц, уый пайда хӕссы ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн. Уыдон сӕхицӕн кад нӕ агурынц. Сӕ нысан у хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕнын. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:6–8.) Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ахӕм удуӕлдай, фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ нын кӕй ис, уый тыххӕй!

7. Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц?

7 Ӕгас зӕххыл дӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ лӕггад кӕнынц миссионертӕй, сӕрмагонд пионертӕй кӕнӕ пионертӕй. Ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнынц, уый фӕрцы бирӕтӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой. Уыцы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕрмӕ бирӕ ӕхца кӕнӕ бирӕ дзауматӕ нӕ вӕййы. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны (Мар. 10:29, 30). Махӕн ӕхсызгон у, не ’мбырдты ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ис, уый ӕмӕ нын тынг зынаргъ сты!

8. Йегъовӕйӕн алы хъусынгӕнӕг дӕр зынаргъ цӕмӕн у?

8 Цымӕ, сыгъдӕг тыхӕй ӕвӕрд чи у, ӕрмӕстдӕр уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджыты лӕггадӕн ис аргъ? Уый афтӕ нӕу. Хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонӕй алчидӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн тынг зынаргъ у (Ром. 10:15; 1 Кор. 3:6–9). Ӕмбырдӕн йӕ сӕйраг нысӕнттӕй иу у нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 28:19, 20; 1 Тим. 2:4). Ӕмӕ, ӕмбырды чи ис, уыдон иууылдӕр,– донаргъуыд хъусынгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ дӕр,– сӕ бон цы у, уый фӕаразынц, цӕмӕй уыцы куыст сӕ царды ӕппӕты ахсджиаг уа (Матф. 24:14).

9. Нӕ чырыстон хотӕн цӕмӕн аргъ кӕнӕм?

9 Чырыстон хотӕн дӕр ӕмбырды ис кадджын бынат. Чидӕр дзы кӕйдӕр ус у, чидӕр дзы кӕйдӕр мад у, чидӕр дзы идӕдз у, кӕмӕндӕр та дзы бинонтӕ нӕй. Ӕмӕ Йегъовӕ уыцы иузӕрдион хотӕн тынг аргъ кӕны. Библийы фыст ис, Йегъовӕйы зӕрдӕ чи рухс кодта, ахӕм сылгоймӕгты тыххӕй. Уыдон нын фӕзминаг сты се ’мбаргӕдзинадӕй, сӕ уырнындзинадӕй, сӕ зынгзӕрдӕдзинадӕй, сӕ хъӕбатырдзинадӕй, сӕ рӕдаудзинадӕй ӕмӕ, хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзтой, уымӕй (Лук. 8:2, 3; Хъуыд. 16:14, 15; Ром. 16:3, 6; Фил. 4:3; Дзут. 11:11, 31, 35). Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, абон дӕр не ’мбырдты уыдоны хуызӕн сылгоймӕгтӕ кӕй ис, уый тыххӕй!

10. Нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн цӕмӕн аргъ кӕнӕм?

10 Ӕмбырдты ма ис бирӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ нын уый у стыр арфӕдзинад. Чидӕртӕ сӕ Йегъовӕйӕн цӕрӕнбонты лӕггад кӕнынц, чидӕртӕ та – къаддӕр. Бирӕтӕн дзы се ’нӕниздзинад фӕцудыдта, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй. Ӕмӕ ӕмбырды ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ бон нӕу, цас сӕ фӕнды, уыйбӕрц аразын. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц. Стӕй сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц иннӕты фидар кӕнынӕн ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынӕн. Сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмбырдӕн стыр пайда у. Нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы цӕсты дӕр ӕмӕ мах цӕсты дӕр сты рӕсугъд (Ӕмб. 16:31).

11, 12. Де ’мбырды цы ӕрыгӕттӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ ис, уыдон дын ныфсы хос цӕмӕй сты?

11 Ахъуыды-ма кӕнӕм, не ’мбырдты цы ӕрыгӕттӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ ис, уыдоныл дӕр. Уыдон ацы дунейы бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уымӕн ӕмӕ дуне ис Хӕйрӕджы къухы ӕмӕ йӕ зондахаст алкӕмдӕр ахъардта (1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ нын не ’рыгӕттӕ ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ стыр ныфсы хос сты. Ӕмбырдты дзуаппытӕ куы фӕдӕттынц, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ сӕ уырнындзинады сӕрыл ныфсджынӕй куы фӕдзурынц, уӕд не ’ппӕт дӕр тынг бафидар вӕййӕм. Уӕдӕ ӕрыгӕттӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр Йегъовӕйы ӕмбырды ахсджиаг бынат ис (Пс. 8:2).

12 Чидӕртӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, мӕнӕй ӕмбырды ницы пайда ис. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Уый бамбарынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

РОХ ДӔ МА УӔД, ӔМБЫРДЫ ДЫН ДӔХИ БЫНАТ КӔЙ ИС

13, 14. Иуӕй-иутӕ афтӕ цӕмӕн фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ ӕмбырды ницы пайда ис?

13 Павелы цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй ма цы ис базонӕн? Цӕй кой кодта, уый нӕ рӕстӕгмӕ дӕр хауы, уымӕн ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, мӕнӕй ӕмбырды ницы пайда ис. Уый ныффыста: «Къах афтӕ куы зӕгъа, ӕз къух нӕ дӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ буарӕй нӕ дӕн, зӕгъгӕ, уӕд ныр уый тыххӕй буарӕй нал у? Науӕд хъус куы зӕгъа, ӕз цӕст нӕ дӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ буарӕй нӕ дӕн, зӕгъгӕ, уӕд ныр уый тыххӕй буарӕй нал у?» (1 Кор. 12:15, 16). Ацы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

14 Дӕхи иннӕтимӕ куы барай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ мауал уынай, дӕхимӕ хорзӕй цы ис, уый. Ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ хорз фӕарӕхсынц иннӕты ахуыр кӕнынмӕ, чидӕртӕ та – ӕмбырды хъуыддӕгтӕ пълан кӕнынмӕ ӕмӕ разамынд дӕттынмӕ. Кӕмӕндӕрты та хорз фӕуайы иннӕты фидар кӕнын. Ӕмӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, ӕз уыцы хъуыддӕгтӕм уыдонау нӕ арӕхсын, зӕгъгӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ адӕймаг дӕ (Фил. 2:3). Фӕлӕ, цӕмӕдӕрты дӕуӕй хуыздӕр чи арӕхсы, уыдонимӕ дӕхи ӕдзух куы барай, уӕд дӕ ныфс асӕтдзӕн. Ӕмӕ ма, гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнын дӕр райдайай, зӕгъгӕ, мӕнӕй ӕмбырды ницы пайда ис. Цы дын баххуыс кӕндзӕн ахӕм хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн?

15. 1 Коринфӕгтӕм 12:4–11 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ курдиӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

15 1 ӕнусы Йегъовӕ иуӕй-иу чырыстӕтты йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы диссаджы хуызы схайджын кодта алыхуызон курдиӕттӕй. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 12:4–11.) Кӕд иухуызон курдиӕттӕй не схайджын сты, уӕддӕр сӕ алчидӕр Йегъовӕйӕн зынаргъ уыд. Мах абон сыгъдӕг тыхы фӕрцы диссаджы хуызы цавӕрдӕр курдиӕттӕй не схайджын вӕййӕм. Фӕлӕ абон дӕр хабар афтӕ у: кӕд нӕм иухуызон курдиӕттӕ нӕй, уӕддӕр Йегъовӕйӕн не ’ппӕт дӕр стӕм тынг зынаргъ.

16. Павел нын цавӕр уынаффӕ радта?

16 Нӕхи иннӕтимӕ барыны бӕсты хуыздӕр уаид Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын: «Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн» (Гал. 6:4).

17. Павелы уынаффӕ нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

17 Адӕймаг, «йӕхӕдӕг цы аразы», ууыл-иу цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕна? Афтӕмӕй, гӕнӕн ис, бамбара, иннӕтӕм чи нӕй, ахӕм курдиӕттӕ йӕм кӕй ис. Чи зоны, кӕцыдӕр хистӕр нӕлгоймаг раныхӕстӕ дзурынмӕ афтӕ дӕсны нӕу, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы та ӕнтыстджын у. Кӕнӕ йын, чи зоны, иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтау нӕ фӕуайы алцы спълан кӕнын ӕмӕ алцы афоныл саразын. Фӕлӕ у фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты Библийӕ исты уынаффӕ куы фӕхъӕуы, уӕд уымӕ бацӕуынц. Йе та, чи зоны, тынг уазӕгуарзон адӕймаг у (Дзут. 13:2, 16). Цавӕр курдиӕттӕ нӕм ис ӕмӕ цӕмӕ арӕхсӕм, уый хорз куы ӕмбарӕм, уӕд цин кӕндзыстӕм, нӕ бон ӕмбырдӕн хорзӕй цыдӕр кӕй у аразын, ууыл. Ӕмӕ уӕд иннӕтӕм сӕ курдиӕтты тыххӕй нӕ хӕлӕг кӕндзыстӕм.

18. Цӕй фӕрцы сахуыр уыдзыстӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын?

18 Ӕмбырды цыфӕнды ма аразӕм, хъуамӕ нӕ алчидӕр архайа йӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕныныл. Стӕй хъуамӕ, кӕмӕ арӕхсӕм, уыцы хъуыддӕгты дӕсныдӕр кӕнӕм. Йегъовӕ нӕ йӕ организацийы уылты ахуыр кӕны, цӕмӕй рӕстдзинад амонынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм. Зӕгъӕм, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды фӕахуыр кӕнӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын. Уыцы фембӕлды цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ фӕархайыс?

19. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъоламӕ фӕхоной?

19 Ис ма нӕм диссаджы скъола – Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Уыцы скъоламӕ фӕхонынц, 23 азӕй 65 азмӕ кӕуыл цӕуы ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕуӕн уый дӕ къухы никуы бафтдзӕн. Фӕлӕ, уыцы скъолайы ахуыр кӕнын дӕ бон цӕуылнӕ у, уыдӕттыл хъуыды кӕныны бӕсты дӕхицӕн ныффысс, цӕмӕн дӕ фӕнды уыцы скъолайы ахуыр кӕнын. Уый фӕстӕ та ныффысс, цы фӕнд кӕныс саразын, цӕмӕй уый дӕ къухы бафта. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы ӕмӕ дӕ фыдӕбоны фӕрцы, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдтӕ, уыцы хъуыддаг дӕ къухы бафтдзӕн.

ДӔ КУРДИӔТТЫ ФӔРЦЫ ӔМБЫРД ФИДАР КӔН

20. Ромӕгтӕм 12:6–8 стихтӕй цы ис базонӕн?

20 Павелы цӕстуынгӕ цӕвиттонӕй ма ноджыдӕр цы ис базонӕн? Ромӕгтӕм 12:6–8 стихты дӕр та Павел загъта, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм алыхуызон курдиӕттӕ кӕй ис. (Бакӕс сӕ.) Фӕлӕ ам чырыстӕтты ӕргом раздӕхта, сӕ курдиӕтты фӕрцы ӕмбырд кӕй хъуамӕ фидар кӕной, уымӕ.

21, 22. Роберты хабарӕй ӕмӕ Феличейы хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн?

21 Ӕркӕсӕм иу хистӕр нӕлгоймаджы хабармӕ. Роберт * лӕггад кодта фӕсарӕнты, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр снысан кодтой йӕхи бӕстӕмӕ, Вефилмӕ. Робертмӕ афтӕ каст, ӕмӕ, йӕ хӕстӕ хорз не ’ххӕст кодта, ӕмӕ йӕ ӕндӕр ранмӕ уый тыххӕй снысан кодтой (кӕд ын ӕфсымӕртӕ дзырдтой, уый афтӕ кӕй нӕу, уӕддӕр). Роберт загъта: «Уӕддӕр бирӕ рӕстӕджы дӕргъы афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕхи аххос уыд, афтӕ кӕй рауад, уый. Хатт-иу Вефилӕй ацӕуынмӕ дӕр хъавыдтӕн». Робертӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй та цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаид? Иу хистӕр нӕлгоймаг ын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, зӕгъгӕ, дам, раздӕр кӕм лӕггад кодтам, уым нӕ Йегъовӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодта. Ӕмӕ, дам, нын уыцы фӕлтӕрддзинад ӕххуыс кӕны, ныр кӕм стӕм, уым нӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Уӕд Роберт бамбӕрста, раздӕр цы уыд, уый кӕй хъуамӕ ферох кӕна ӕмӕ йӕ тыхтӕ кӕй хъуамӕ сараза, йӕ бон ныртӕккӕ цы у аразын, уымӕ.

22 Ӕфсымӕр Феличе Эпископойӕн дӕр иуафон йӕ уавӕр фӕивта. 1956 азы йӕ бинойнагимӕ фӕци Галаады скъола ӕмӕ лӕггад кодта районон цӕстдарӕгӕй Боливийы. 1964 азы сын сывӕллон райгуырд. Феличе загъта: «Нӕ лӕггад нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд ӕмӕ нын зын уыд, нӕ бон афтӕ лӕггад кӕнын кӕй нал уыдзӕн, уый. Ӕргом куы зӕгъон, уӕд афӕдзы бӕрц мӕхицӕн тӕригъӕдтӕ кодтон. Фӕлӕ мын Йегъовӕ баххуыс кодта мӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынӕн. Фылдӕр хъуыды кӕнын райдыдтон, мӕ ног хӕстӕ, ныййарӕджы хӕстӕ, хуыздӕр куыд ӕххӕст кӕнон, ууыл». Дӕуӕн дӕр, мыййаг, Роберт ӕмӕ Феличейау дӕ ныфс асаст, раздӕр куыд лӕггад кодтай, ныр афтӕ кӕй нал лӕггад кӕныс, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд дӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕс. Фылдӕр хъуыды кӕн, дӕ бон ныртӕккӕ куыд у Йегъовӕйӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕнын, ууыл. Дӕ курдиӕтты фӕрцы иннӕтӕн ӕххуыс кӕн ӕмӕ ӕмбырд фидар кӕн. Ӕмӕ уӕд райгонд уыдзынӕ.

23. Цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

23 Махӕй алчидӕр Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ у. Уый фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, йӕ бинонтӕй кӕй стӕм. Нӕ бон нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фидар кӕнын куыд у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ стӕй уый аразгӕ дӕр куы кӕнӕм, уӕд нӕм афтӕ нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ ӕмбырды махӕй ницы пайда ис. Фӕлӕ ӕмбырды иннӕтӕм та цы цӕстӕй кӕсӕм? Кӕй сын аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Ууыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.

24 ЗАРӔГ Ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ!

^ 5 абз. Махӕй алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ Йегъовӕ уарза. Фӕлӕ, чи зоны, хатт фӕхъуыды кӕнӕм, уӕвгӕ, мӕнӕй ӕмбырды исты пайда ис, зӕгъгӕ. Ацы статьяйы фӕрцы бамбардзыстӕм, ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕхи бынат кӕй ис ӕмӕ Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр кӕй аргъ кӕны.

^ 21 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 62 абз. НЫВТӔ. Ӕртӕ нывыл ӕвдыст у, ӕмбырды размӕ, ӕмбырды рӕстӕг ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ цы цӕуы, уый. 1-аг ныв: хистӕр нӕлгоймаг уазӕгыл зӕрдиагӕй бацин кодта; ӕрыгон ӕфсымӕр микрофонтӕ цӕттӕ кӕны; хо ныхас кӕны ацӕргӕ хоимӕ. 2-аг ныв: ӕрыгӕттӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыры рӕстӕг сӕ къухтыл хӕцынц, цӕмӕй дзуапп раттой. 3-аг ныв: лӕг ӕмӕ ус Паддзахады зал ӕфснайынц; хо йӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕны мысайнӕгты асыччы мысайнаг ныппарынӕн; литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕрыгон ӕфсымӕр литературӕимӕ архайы; ӕфсымӕр ацӕргӕ хойӕн зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ дзуры.