Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕй Хуыцауы тыххӕй цы ис базонӕн?

Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕй Хуыцауы тыххӕй цы ис базонӕн?

«Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (ХЪУЫД. 24:15).

151 ЗАРӔГ Уый фӕдзурдзӕн

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕйы цӕмӕн бафӕндыд, цӕмӕй ма ноджыдӕр исчи царды ад бавзӕрстаид?

КӔДДӔР Йегъовӕйы йеддӕмӕ Дун-дунейы ничи уыд. Фӕлӕ йын ӕнкъард нӕ уыд. Уый иунӕгӕй дӕр амондджын уыди. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй ма ноджыдӕр исчи царды ад бавзӕрстаид. Йӕ зӕрдӕ уарзондзинадӕй йедзаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бафӕндыд искӕй сфӕлдисын, искӕмӕн цард раттын (Пс. 36:9; 1 Иоан. 4:19).

2. Йегъовӕ зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон куы фӕлдыста, уӕд Йесо ӕмӕ зӕдтӕ цы ӕнкъардтой?

2 Йегъовӕ фыццаг сфӕлдыста йӕ Фырты. Ӕмӕ, «уымӕй фӕстӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр», уыимӕ зӕдты дӕр, сфӕлдыста йӕ Фыртимӕ иумӕ (Кол. 1:16). Йесо тынг цин кодта, йӕ Фыдимӕ кӕй фыдӕбон кодта, ууыл (Ӕмб. 8:30). Ӕмӕ зӕдтӕ дӕр цин кодтой, Йегъовӕ ӕмӕ Дӕсны кусӕг Йесо арв ӕмӕ зӕхх куы сфӕлдыстой, уӕд. Зӕхх конд куы ’рцыд, уӕд уыдон «фырцинӕй... хъӕр кодтой». Ӕмӕ, уый фӕстӕ Йегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕттыл дӕр, уӕлдайдӕр адӕмыл, афтӕ цин кодтой (Иов 38:7; Ӕмб. 8:31). Йегъовӕ кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдон иууылдӕр дзурӕг сты йӕ уарзондзинадыл ӕмӕ йӕ зондыл (Пс. 104:24; Ром. 1:20).

3. 1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22 стихтӕм гӕсгӕ, Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕмӕн цавӕр фадат ис?

3 Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй, цы диссаджы зӕхх скодта, ууыл адӕм ӕнустӕм цардаиккой. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ сӕ уарзӕгой Фыды ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт сау мигътау зӕхх ӕрбамбӕрзтой (Ром. 5:12). Уӕд Йегъовӕ куыд бакодта? Уайтагъд бамбарын кодта, адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый (Райд. 3:15). Хъуамӕ йӕ Фырты нывондӕн ӕрхастаид, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар уыдаиккой. Уый фӕрцы йӕ бон уыд адӕмӕн фадат раттын, цӕмӕй, кӕйдӕриддӕр фӕнды, уый йын лӕггад кӕна ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уа (Иоан. 3:16; Ром. 6:23; бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22).

4. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

4 Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн. Ӕмӕ нӕм уымӕ гӕсгӕ фӕзыны алыхуызон фарстатӕ. Зӕгъӕм, куыд ӕгас кӕндзысты? Нӕ бинонтӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй чи амард, уыдон куы райгас уой, уӕд сӕ базондзыстӕм? Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый цины хабар цӕмӕн уыдзӕн? Ӕмӕ ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзондзинадӕн, зондӕн ӕмӕ фӕразондзинадӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕй алкӕцымӕ дӕр ӕркӕсӕм.

МӔРДТӔ КУЫД ӔГАС КӔНДЗЫСТЫ?

5. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, чи амард, уыдон се ’ппӕт уыцы иу рӕстӕг нӕ райгас уыдзысты?

5 Йегъовӕ йӕ Фырты уылты ӕнӕнымӕц милуанты куы ӕгас кӕна, уӕд се ’ппӕты уыцы иу рӕстӕг нӕ райгас кӕндзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Сонтӕй зӕххыл уыйбӕрц адӕм куы фӕзынид, уӕд бӕстӕ сӕмтъеры уаид. Йегъовӕ та афтӕ нӕ фӕархайы. Уый зоны, алцӕмӕн дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй хъуамӕ уа, цӕмӕй адӕм фӕрнӕй ӕмӕ сабырӕй цӕрой (1 Кор. 14:33). Йегъовӕ Йесоимӕ зӕхх адӕмӕн цӕрынӕн куы цӕттӕ кодта, уӕд бӕрӕг уыд, фӕразон ӕмӕ зондджын кӕй у. Ӕмӕ Йесо дӕр Миназон хицаудзинады рӕстӕг архайдзӕн фӕразонӕй ӕмӕ зондджынӕй, Армагеддоны сӕрты чи ахиздзӕн, уыдонимӕ иумӕ, чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕмӕн зӕхх куы цӕттӕ кӕна, уӕд.

Армагеддоны сӕрты чи ахиздзӕн, уыдон, чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕмӕн амондзысты Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ сын ӕмбарын кӕндзысты Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хабӕрттӕ (кӕс 6 абзац) *

6. Хъуыддӕгтӕ 24:15 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ кӕй райгас кӕндзӕн, уыдоны ’хсӕн чи уыдзӕн?

6 Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ, Армагеддоны сӕрты чи ахиза, уыдоны хъӕудзӕн, чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕмӕн Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ амонын ӕмӕ сын Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хабӕрттӕ ӕмбарын кӕнын. Цӕмӕн? Чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдзысты, Библи «фыдгӕнджытӕ» кӕй хоны, ахӕм адӕм. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 24:15.) Хъӕудзӕн сӕ бирӕ цыдӕртӕ аивын, цӕмӕй Чырыстийы нывонды фӕрцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уой. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйы чи нӕ зондзӕн, уыцы милуантӕн хъӕудзӕн рӕстдзинад амонын! Цымӕ алкӕимӕ дӕр хицӕнӕй хъӕудзӕн ахуыр кӕнын, абон куыд фӕкӕнӕм, афтӕ? Алчидӕр сӕ кӕцыдӕр ӕмбырды уыдзӕн? Ӕмӕ, мыййаг, сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фӕстӕ чи райгас уыдзӕн, уыдоны ахуыр кӕндзысты? Уыдӕттӕ бӕлвырд нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон «зӕхх [кӕй] байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй» (Ис. 11:9). Уыцы мин азы дӕргъы нын тынг бирӕ куыст уыдзӕн, ӕмӕ, цы араздзыстӕм, уый нын хӕсдзӕн циндзинад!

7. Хуыцауы адӕм, чи райгас уыдзӕн, уыдоны куы ахуыр кӕной, уӕд сӕ цӕмӕн ӕмбардзысты?

7 Мин азы дӕргъы Хуыцауы адӕмы се ’ппӕты дӕр хъӕудзӕн дарддӕр сӕ удыхъӕд ивын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕной. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдоны дӕр ӕмбардзысты, се ’взӕр миниуджытӕй фервӕзынӕн ӕмӕ сын Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн куы ’ххуыс кӕной, уӕд (1 Пет. 3:8). Чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕм уындзысты, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕрныллӕг кӕй сты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр сӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайынц. Ӕмӕ сӕ бафӕнддзӕн семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Фил. 2:12).

ЧИ НЫН АМАРД, УЫДОН КУЫ РАЙГАС УОЙ, УӔД СӔ БАЗОНДЗЫСТӔМ?

8. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нын чи амард, уыдон куы райгас уой, уӕд сӕ нӕ бон уыдзӕн базонын?

8 Чи нын амард, уыдон куы райгас уой, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бон уыдзӕн базонын. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Зӕгъӕм, раджы заманты-иу Йегъовӕ кӕй райгас кодта, уыдон-иу уыдысты сӕхи хуызӕн. Ӕмӕ фидӕны дӕр Йегъовӕ адӕмы куы ӕгас кӕна, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, бакастӕй уыдзысты, цалынмӕ нӕ амардысты, уӕдмӕ цыхуызӕн уыдысты, ахӕм. Стӕй дзургӕ дӕр ӕмӕ хъуыды дӕр кӕндзысты, раздӕр куыд дзырдтой ӕмӕ куыд хъуыды кодтой, афтӕ. Йесо мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Ӕмӕ йӕ райгас кӕнай, уый та абарста, куыд ӕй райхъал кӕнай, уыимӕ (Матф. 9:18, 24; Иоан. 11:11–13). Адӕймаг куы райхъал вӕййы, уӕд бакастӕй вӕййы, куы нӕма бафынӕй, уӕд куыд уыд, афтӕ. Йӕ хъӕлӕс дӕр вӕййы йӕхи хъӕлӕсы хуызӕн, стӕй алцыдӕр фӕхъуыды кӕны. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Лазӕры хабар. Цыппар боны мард уыд, ӕмӕ йӕ буар ӕмбийын райдыдта. Фӕлӕ йӕ Йесо куы райгас кодта, уӕд ӕй йӕ хотӕ уайтагъд базыдтой, ӕмӕ сӕ Лазӕр дӕр куыннӕ хъуыды кодта (Иоан. 11:38–44; 12:1, 2).

9. Чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн уайтагъд ӕххӕст зонд ӕмӕ ӕххӕст буӕрттӕ цӕуылнӕ уыдзӕн?

9 Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг иу адӕймаг дӕр кӕй нал зӕгъдзӕн, «ӕз рынчын дӕн», зӕгъгӕ (Ис. 33:24; Ром. 6:7). Уӕдӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдон уыдзысты ӕнӕниз. Фӕлӕ уайтагъд алцӕмӕй ӕххӕст не суыдзысты, кӕннод сӕ сӕ хиуӕттӕ нӕ базониккой. Куыд зыны, афтӕмӕй Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг адӕм сындӕггай суыдзысты ӕххӕст. Ӕмӕ мин азы кӕрон Йесо Паддзахад фӕстӕмӕ ратдзӕн йӕ Фыды къухтӕм. Хуыцауы Паддзахад кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзӕн, цы хъуамӕ сараза, уый. Уыимӕ адӕмӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй суой ӕххӕст (1 Кор. 15:24–28; Рарг. 20:1–3).

МӔРДТӔ КӔЙ РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ, УЫЙ ЦИНЫ ХАБАР ЦӔМӔН УЫДЗӔН?

10. Мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд цы ӕнкъардзынӕ?

10 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, чи дын амард, уыдон куы райгас уой, уӕд дӕ зӕрдӕ куыдтӕ кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, фырцинӕй худгӕ дӕр кӕндзынӕ ӕмӕ кӕугӕ дӕр. Кӕнӕ, чи зоны, фырцинӕй Йегъовӕйы кадӕн зардзынӕ. Иу хъуыддаг бӕлвырд у: ды ноджы тынгдӕр бауарздзынӕ дӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕ Фырты, ахӕм стыр уарзондзинад кӕй равдыстой, уый тыххӕй.

11. Иоанны 5:28, 29 стихтӕм гӕсгӕ, Хуыцауы закъӕттӕ чи ’ххӕст кӕндзӕн, уыдон цӕмӕй схайджын уыдзысты?

11 Чи райгас уыдзӕн, уыдон сӕ зӕронд удыхъӕд куы ныууадзой ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдайой, уӕд цы цин кӕндзысты! Ахӕм ивындзинӕдтӕ чи скӕндзӕн, уыдонӕй зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ райгас сты цӕрынӕн, ома сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрын. Фӕлӕ, ивын кӕй нӕ бафӕнда, уыдоны Хуыцау нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй дзӕнӕты цӕрой ӕмӕ адӕмы сабыр цард ӕмӕ фарн халой (Ис. 65:20; бакӕс Иоанны 5:28, 29).

12. Йегъовӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр куыд раарфӕ кӕндзӕн?

12 Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕргӕйӕ Хуыцауы адӕм иууылдӕр сӕхиуыл бавзардзысты, Ӕмбисӕндты 10:22 стихы цы фыст ис, уый: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы». Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ адӕм суыдзысты «хъӕздыг», ома бонӕй-бонмӕ тынгдӕр кӕндзысты Чырыстийы хуызӕн ӕмӕ ӕххӕстӕй-ӕххӕстдӕр кӕндзысты (Иоан. 13:15–17; Еф. 4:23, 24). Бонӕй-бонмӕ кӕндзысты фидардӕр ӕмӕ сӕ удыхъӕд дӕр хуыздӕрырдӕм ивдзӕн. Уый цӕй диссаджы цард уыдзӕн! (Иов 33:25). Фӕлӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый абон та куыд баххуыс кӕндзӕн?

АРГЪ КӔНӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ УАРЗОНДЗИНАДӔН

13. Псалом 139:1–4 стихтӕй куыд зыны, Йегъовӕ нӕ хорз кӕй зоны? Ӕмӕ уый куыд у бӕрӕг, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уымӕй?

13 Гыццыл раздӕр загътам, Йегъовӕ-иу адӕймаджы куы райгас кӕна, уӕд-иу ын кӕй уыдзӕн йӕ раздӕры удыхъӕд, стӕй алцыдӕр кӕй хъуыды кӕндзӕн. Уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? Уый дӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ бахъуыды кӕны дӕ алы ӕнкъарӕн дӕр, дӕ алы хъуыды дӕр, дӕ алы ныхас дӕр ӕмӕ дӕ алы хъуыддаг дӕр. Ӕмӕ, мӕлгӕ куы акӕнай, уӕддӕр ын зын нӕ уыдзӕн, цавӕр адӕймаг уыдтӕ, растдӕр дӕ ахӕм адӕймагӕй райгас кӕнын. Паддзах Давид зыдта, Йегъовӕ алы адӕймаджы тыххӕй дӕр алцыдӕр кӕй зоны. (Бакӕс Псалом 139:1–4.) Уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

14. Йегъовӕ нӕ хорз кӕй зоны, уый нӕ ныфс цӕмӕн уадзы?

14 Хъуамӕ нӕ рох ма уа: Йегъовӕ мах тыххӕй алцыдӕр уымӕн зоны, ӕмӕ йын тынг зынаргъ стӕм. Алкӕмӕн дӕр йӕ хорз миниуджыты тыххӕй тынг аргъ кӕны. Уый зоны, царды ныл хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ’рцыд, уый нӕ удыхъӕдыл куыд фӕзынд. Ӕмӕ нӕ уый ныфс куыннӕ уадзы! Хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ иунӕг стӕм. Алы бон дӕр, алы минут дӕр Йегъовӕ нӕ фарсмӕ ис, цӕмӕй-иу нын бахъуаджы сахат баххуыс кӕна (2 Аз. 16:9).

АРГЪ КӔНӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗОНДӔН

15. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфс нын кӕй ис, уый Йегъовӕйы стыр зондыл дзурӕг цӕмӕн у?

15 Адӕймаг мӕлӕтӕй куы тӕрса, уӕд уый йе знӕгты къухы тыхджын хӕцӕнгарз уыдзӕн. Хӕйрӕджы бар кӕуыл цӕуы, уыдон уыцы хӕцӕнгарзы фӕрцы адӕмы се ’мбӕлттыл гадзрахатӕй рацӕуын кӕнынц кӕнӕ сын, раст цы нӕу, уый саразын кӕнынц. Фӕлӕ мах зӕрдӕты ахӕм тас нӕ бауадздзысты, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, маргӕ дӕр нӕ куы акӕной, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ кӕй райгас кӕндзӕн (Рарг. 2:10). Мах фидарӕй уырны, цыфӕнды куы саразой, уӕддӕр нӕ Йегъовӕйӕ кӕй нӕ фӕхицӕн кӕндзысты (Ром. 8:35–39). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфс нын кӕй ис, уый Йегъовӕйы стыр зондыл дзурӕг куыннӕ у! Уыцы ныфсы фӕрцы Хӕйрӕджы тыхджындӕр хӕцӕнгӕрзтӕй сӕ иуӕн йӕ тых асаста, ӕмӕ махӕн та радта ахӕм хъӕбатырдзинад, ӕмӕ нӕ бон вӕййы Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын.

Уырны нӕ, Йегъовӕ нын, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕй дӕтдзӕн? Уый, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдонӕй бӕрӕг у? (кӕс 16 абзац) *

16. Цавӕр фарстатыл дӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын? Цавӕр дзуапп сын ратдзынӕ, уый фӕрцы куыд ис базонӕн, Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ дарыс ӕви нӕ?

16 Йегъовӕйы знӕгтӕ дӕм куы ’ртхъирӕн кӕной, амардзыстӕм дӕ, зӕгъгӕ, уӕд дӕ цард Йегъовӕйы бар бакӕндзынӕ? Уый дӕ бон куыд у базонын? Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Алы бон дӕр гыццыл хъуыддӕгты фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахӕссын, уыдонӕй бӕрӕг вӕййы, мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарын?» (Лук. 16:10). Кӕнӕ ахӕм фарстатыл: «Уырны мӕ, фыццаджыдӕр Йегъовӕйы Паддзахад куы агурон, уӕд мын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ? Ӕмӕ уый мӕ цардӕй бӕрӕг у?» (Матф. 6:31–33). Кӕд ацы фарстатӕн, «о», зӕгъгӕ, дзуапп радтай, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарыс ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнмӕ дӕр цӕттӕ дӕ (Ӕмб. 3:5, 6).

АРГЪ КӔНӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔРАЗОНДЗИНАДӔН

17. а) Йегъовӕ мӕрдты кӕд райгас кӕндзӕн, уымӕй йӕ фӕразондзинад куыд у бӕрӕг? б) Йегъовӕйӕ йӕ фӕразондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

17 Йегъовӕ ацы зӕронд дунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕн снысан кодта бӕлвырд бон ӕмӕ сахат (Матф. 24:36). Ӕмӕ уыцы бонӕй раздӕр архайын нӕ райдайдзӕн. Кӕд ӕй мӕрдты райгас кӕнын тынг фӕнды, уӕддӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Иов 14:14, 15). Уый сӕ райгас кӕндзӕн, йӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд (Иоан. 5:28). Ӕмӕ хъуамӕ Йегъовӕйы фӕразондзинадӕн аргъ кӕнӕм. Уый фӕрцы бирӕтӕн, уыимӕ махӕн дӕр, уыд «ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕнусон цардӕй фылдӕр адӕм схайджын уой. Йӕ фӕразондзинады тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Хъуамӕ зӕрдиагӕй агурӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕмы ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ суой (Хъуыд. 13:48). Ӕмӕ уӕд махау уыдонӕн дӕр Йегъовӕйы фӕразондзинад ӕрхӕсдзӕн пайда.

18. Иннӕтимӕ фӕразон цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

18 Йегъовӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цалынмӕ мин азы нӕ фӕуой ӕмӕ ӕххӕст адӕймӕгтӕ не суӕм, уӕдмӕ. Ӕмӕ нын уӕдмӕ та нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзӕн. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уынӕм, иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый ӕмӕ фӕразон уӕм, сӕ хъӕндзинӕдтӕн сын быхсӕм. Иу хо иуафон бамбӕрста, йӕ лӕг цыдӕр кӕй кӕны. Лӕг-иу сонтӕй йӕхимидӕг тынг ратыхст, йӕхицӕн-иу ӕнцой нал ардта. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырдтӕм дӕр нал цыд. Хо зӕгъы: «Уый мын тынг зын уыд. Нӕ цард ӕнӕнхъӕлӕджы цӕхгӕр фӕивта, ӕмӕ нӕ фӕндтӕй дӕр ницыуал рауад». Фӕлӕ уый йӕ лӕджы уарзта ӕмӕ йын дарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕххуыс кодта. Уыцы хо йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта ӕмӕ йӕ къухтӕ не ’руагъта. Уый дӕр Йегъовӕйы фӕзмыдта ӕмӕ фылдӕр хъуыды кодта, йӕ лӕгмӕ хорзӕй цы ис, ууыл. Афтӕ зӕгъы: «Мӕ сӕрыхицау тынг хорз адӕймаг у. Ӕмӕ, йӕ бон цас у, уыйбӕрц архайы, цӕмӕй йӕхимӕ ӕрцӕуа, кӕд ын уый афтӕ тагъд нӕ уайы, уӕддӕр». Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ фӕразон уӕм, нӕ бинонтӕй кӕнӕ ӕмбырдӕй зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы, уыдонимӕ.

19. Дарддӕр дӕр нӕ цы фӕнды аразын?

19 Хуыцау зӕхх куы скодта, уӕд Йесо ӕмӕ зӕдтӕ тынг цин кодтой. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд цин кӕндзысты, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕххӕст адӕм куы цӕрой ӕмӕ иууылдӕр Йегъовӕйы куы уарзой ӕмӕ йын куы лӕггад кӕной! Ӕмӕ, уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон дӕр куыд цин кӕндзысты, адӕмӕн куы ’ххуыс кӕной, уӕд! (Рарг. 4:4, 9–11; 5:9, 10). Масты цӕссыгты бӕсты адӕмӕн сӕ рустыл згъордзысты цины цӕссыгтӕ, ӕмӕ низтӕн, мӕстытӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Рарг. 21:4). Уый диссаджы цард куыннӕ уыдзӕн! Уӕдмӕ та хъуамӕ нӕ уарзӕгой, зондджын ӕмӕ фӕразон Фыды фӕзмӕм. Ӕмӕ уӕд, цыфӕнды фӕлварӕнтыл куы ’мбӕлӕм, уӕддӕр, нӕ бон уыдзӕн цин кӕнын (Иак. 1:2–4). Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый тыххӕй! (Хъуыд. 24:15).

141 ЗАРӔГ Цард у зынаргъ лӕвар

^ 5 абз. Йегъовӕ у уарзӕгой, зондджын ӕмӕ фӕразон Фыд. Уый бӕрӕг у, ӕппӕт дӕр куыд сфӕлдыста, уымӕй, стӕй, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уымӕй дӕр. Ацы статьяйы дзырд цӕудзӕн, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый фӕдыл нӕм цавӕр фарстатӕ фӕзыны, уыдоныл. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы уарзондзинадӕн, зондӕн ӕмӕ фӕразондзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон равдисын куыд у, ууыл.

^ 59 абз. НЫВ. Бирӕ сӕдӕ азты размӕ чи цард, иу ахӕм индейаг нӕлгоймаг райгас Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг. Армагеддоны сӕрты чи ахызт, уыцы ӕфсымӕр ын зӕрдиагӕй амоны, цы йӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй йын Чырыстийы нывонд пайда ӕрхӕсса.

^ 61 абз. НЫВ. Ӕфсымӕр йӕ хицауӕн дзуры, кӕцыдӕр бонты йӕ бон кӕй нӕу изӕрыгӕтты фӕскуыст кусын, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг рахицӕн кодта Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтӕн. Фӕлӕ, куы бахъӕуа, уӕд йӕ бон у ӕндӕр бонты фӕскуыст бакусын.