Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъор

Дӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъор

«Мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон» (2 ТИМ. 4:7).

129 ЗАРӔГ Фидар лӕудзыстӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Не ’ппӕт дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

КУЫ ДЫН зӕгъиккой, кӕй дӕ хъӕуы згъорджытимӕ ерысы архайын, ӕмӕ йӕ куы зонис, уый афтӕ ӕнцон кӕй нӕ уыдзӕн, уӕд сразы уаис, уӕлдайдӕр та рынчын кӕнӕ фӕллад куы уаис, уӕд? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Фӕлӕ апостол Павел загъта, ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр ерысы кӕй архайынц. Уыдон згъорынц, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл (Дзут. 12:1). Ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды, Йегъовӕ нын цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уый райсын, уӕд хъуамӕ не ’ппӕт дӕр – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, хъаруджын чи у, уыдон дӕр ӕмӕ, фӕллад чи у, уыдон дӕр – кӕронмӕ фӕразонӕй згъорӕм (Матф. 24:13).

2. 2 Тимофеймӕ 4:7, 8 стихтӕм гӕсгӕ, Павелӕн йӕ бон цӕмӕн уыд ахӕм уынаффӕ раттын?

2 Павелӕн йӕ бон уыд иннӕтӕн ахӕм уынаффӕ раттын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕ «фӕндагыл кӕронмӕ азгъордта». (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 4:7, 8.) Фӕлӕ бӕлвырдӕй цавӕр ерысы згъорыны кой кодта?

ЦАВӔР ЕРЫСЫ АРХАЙӔМ?

3. Павел цавӕр ерысы згъорыны кой кодта?

3 Павел цалдӕр хатты цӕвиттонӕн ӕрхаста, рагон Грецийы-иу цы хъӕзтытӕ уыд, уыдон, цӕмӕй цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыды бамбарын кодтаид (1 Кор. 9:25–27; 2 Тим. 2:5). Цалдӕр хатты чырыстоны цард абарста ерысы згъорынимӕ (1 Кор. 9:24; Гал. 2:2, фип.; Фил. 2:16, фип.). Адӕймаг «згъорын» райдайы, йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд (1 Пет. 3:21). Ӕмӕ кӕронмӕ бахӕццӕ вӕййы, Йегъовӕ йын хӕрзиуӕг – ӕнусон цард – куы ратты, уӕд (Матф. 25:31–34, 46; 2 Тим. 4:8).

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Чырыстӕттӕ царды фӕндагыл кӕй згъорынц, уый цӕмӕй у, ерысгӕнджытӕ даргъ фӕндагыл кӕй фезгъорынц, уый хуызӕн? Ӕмхуызон сты цалдӕр хъуыддаджы. Ӕркӕсдзыстӕм дзы ӕртӕмӕ. Фыццаг: хъуамӕ архайӕм ерысы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Дыккаг: нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр хъуамӕ уой нӕ нысаныл. Ӕртыккаг: нӕ фӕндагыл згъоргӕйӕ цӕлхдуртыл куы ’мбӕлӕм, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр згъорӕм.

АРХАЙ ЕРЫСЫ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ

Алчидӕр нӕ хъуамӕ згъора чырыстон фӕндагыл (кӕс 5–7 абзацтӕ) *

5. Цавӕр фӕндагыл хъуамӕ згъорӕм ӕмӕ цӕмӕн?

5 Цӕмӕй ерысы згъорджытӕ рамбулой ӕмӕ хӕрзиуӕг райсой, уый тыххӕй хъуамӕ архайой ерысы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, зӕгъӕм, хъуамӕ згъорой, кӕй сын сбӕрӕг кодтой, уыцы фӕндагыл. Ӕмӕ цӕмӕй мах дӕр хӕрзиуӕг райсӕм, ома ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕрӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ згъорӕм чырыстон фӕндагыл (Хъуыд. 20:24; 1 Пет. 2:21). Фӕлӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдоны нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ цӕрӕм. Уыцы адӕмы фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр семӕ нӕхи тъыссӕм ӕнӕгъдау миты цъымарайы (1 Пет. 4:4). Уыдон ныл фӕхудынц, афтӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ, сӕхӕдӕг цы фӕндагыл цӕуынц, уый хуыздӕр у ӕмӕ сӕрибар сты. Фӕлӕ куыд тынг рӕдийынц! (2 Пет. 2:19).

6. Брайаны хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис?

6 Хӕйрӕджы дунейы зондыл чи цӕуы, уыцы адӕмимӕ иу фӕндагыл згъорын чидӕриддӕр райдайы, уый тагъд бамбары, цы фӕндаг равзӕрста, уый йӕ сӕрибар кӕй нӕ кӕны. Адӕймаг свӕййы Хӕйрӕджы цагъар ӕмӕ йӕ буары фӕндты цагъар (Ром. 6:16). Ӕркӕсӕм Брайаны хабармӕ. Йӕ ныййарджытӕ йӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕвӕрдтой чырыстон фӕндагыл. Фӕлӕ куы фестырдӕр, уӕд ӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕугӕйӕ амондджын нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ сфӕнд кодта, Хӕйрӕджы зондыл чи цыд, уыдонимӕ иу фӕндагыл згъорын. Брайан радзырдта: «Уӕд ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодтон, цы сӕрибардзинадмӕ бӕллыдтӕн, уый мӕ йӕхицӕн цагъар кӕй скӕндзӕн. [...] Фӕстӕдӕр фӕцахуыр дӕн наркотиктыл, фыднозт кӕнын райдыдтон ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ кодтон. Цалдӕр азы дӕргъы уыдтӕн, адӕймаг тынг кӕуыл сахуыр вӕййы ӕмӕ цардӕн тӕссаг кӕмӕй у, ахӕм наркотикты цагъар. ...Ӕмӕ мын цӕмӕй ӕхца фаг кодтаид, уый тыххӕй мӕхӕдӕг дӕр наркотиктӕ уӕй кӕнын райдыдтон». Ӕппынфӕстаг Брайан йӕхицӕн загъта, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдайдзӕн. Уый йӕ цард аивта ӕмӕ 2001 азы донаргъуыд райста. Ныр згъоры чырыстон фӕндагыл, ӕмӕ у тынг амондджын *.

7. Матфейы 7:13, 14 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ разы цавӕр дыууӕ фӕндаджы ис?

7 Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй равзарӕм раст фӕндаг! Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй, цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндагыл нӕ иу дӕр мауал згъора. Уый фӕнды, цӕмӕй рахизӕм, ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕуыл цӕуынц, уыцы уӕрӕх фӕндагмӕ. Уыцы фӕндаг бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуы ӕмӕ йыл цӕуын дӕр ӕнцондӕр у. Фӕлӕ «сӕфтмӕ... кӕны». (Бакӕс Матфейы 7:13, 14.) Цӕмӕй раст фӕндагӕй иуварс ма ахизӕм ӕмӕ нӕ ацы дунейы адӕм ма фӕсайой, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ йӕм хъусӕм.

ДӔ ХЪУЫДЫТӔ ДӔ НЫСАНЫЛ УӔНТ

Нӕ хъуыдытӕ хъуамӕ уой нӕ нысаныл ӕмӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй иннӕтӕн цӕлхдур ма суӕм (кӕс 8–12 абзацтӕ) *

8. Даргъ фӕндагыл чи фезгъоры, уый куы ахауы, уӕд куыд бакӕны?

8 Даргъ фӕндагыл чи фезгъоры, уый йӕ размӕ фӕкӕсы, цӕмӕй мацӕуыл фӕкӕла. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, иннӕ згъорджытӕй исчи ӕнӕбары скъуыра кӕнӕ та дзыхъхъытӕ фӕндагыл фӕкӕла. Ерысы архайджытӕй исчи куы ахауы, уӕддӕр сысты ӕмӕ дарддӕр фезгъоры. Йӕ хъуыдытӕ сӕйраджыдӕр, цӕй тыххӕй фӕкалд, ууыл нӕ вӕййынц, фӕлӕ йӕ нысаныл ӕмӕ йӕм цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл.

9. Куы «фӕкӕлӕм», уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

9 Чырыстон фӕндагыл згъоргӕйӕ мах дӕр арӕх «фӕкӕлӕм». Зӕгъӕм, фӕрӕдийӕм ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй. Кӕнӕ та, немӕ иумӕ чи згъоры, уыдон нын нӕ зӕрдӕ истӕмӕй фӕриссын кӕнынц. Ӕмӕ ууыл дис кӕнын дӕр нӕ хъӕуы. Иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ иууылдӕр згъорӕм уыцы иу уынгӕг фӕндагыл – цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Уымӕ гӕсгӕ хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ нӕхи кӕрӕдзийыл «скъуырӕм». Павел дӕр ныффыста, хатт-иу кӕрӕдзийы истӕмӕй кӕй фӕхъыг кӕндзыстӕм (Кол. 3:13). Фӕлӕ-иу хъуамӕ ӕдзух ма хъуыды кӕнӕм, цӕй тыххӕй фӕкалдыстӕм, ууыл. Фӕлтау-иу нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр саразӕм, цы хӕрзиуӕг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ. Куы фӕкӕлӕм, уӕддӕр-иу хъуамӕ сыстӕм ӕмӕ-иу дарддӕр нӕ фӕндагыл згъорӕм. Куы смӕсты уӕм ӕмӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы нал комӕм, уӕд кӕронмӕ нӕ бахӕццӕ уыдзыстӕм ӕмӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма гӕнӕн ис, ӕмӕ, уыцы уынгӕг фӕндагыл ноджыдӕр чи згъоры, уыдонӕн дӕр цӕлхдур суӕм.

10. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу иннӕтӕн «цӕлхдур» ма суӕм?

10 Нӕ бон ма цы у аразын, цӕмӕй-иу иннӕтӕн «цӕлхдур» ма суӕм? Хъуамӕ-иу ӕдзух нӕхи ныхасыл ма ныллӕууӕм, фӕлӕ-иу иннӕтӕм дӕр байхъусӕм ӕмӕ, гӕнӕн куы уа, уӕд-иу, уыдоны куыд фӕнды, афтӕ бакӕнӕм (Ром. 14:13, 19–21; 1 Кор. 8:9, 13). Мах цы ерысы архайӕм, уый ӕнӕуи ерыстӕй иу цӕмӕйдӕр тынг хицӕн кӕны. Уыцы ерысты архайджытӕй алкӕй дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕты разӕй фӕуа ӕмӕ хӕрзиуӕг уый райса. Уыдоны ӕрмӕстдӕр сӕхи мӕт вӕййы. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, иннӕты дӕр атъӕпп кӕной, цӕмӕй фӕраздӕр уой. Фӕлӕ мах кӕрӕдзиимӕ нӕ ерыс кӕнӕм (Гал. 5:26; 6:4). Нӕ нысан у, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр згъорджытӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй немӕ иумӕ кӕронмӕ азгъорой ӕмӕ хӕрзиуӕг – ӕнусон цард – райсой. Мах фӕнды, Павел Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй кӕй ныффыста, уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын. Ӕмӕ, нӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл нӕ хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4).

11. Згъорджытӕ сӕ хъуыдытӕ цӕмӕ саразынц ӕмӕ цӕмӕн?

11 Даргъ фӕндагыл чи фезгъоры, уый ӕрмӕст йӕ размӕ нӕ фӕкӕсы, фӕлӕ ма йӕ хъуыдытӕ саразы йӕ нысанмӕ дӕр. Кӕд ӕм йӕ нысан нӕма фӕзыны, уӕддӕр йӕ бон вӕййы йӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, кӕронмӕ куыд азгъордта ӕмӕ йӕ хӕрзиуӕг куыд райста. Уый ӕдзух фӕхъуыды кӕны йӕ хӕрзиуӕгыл, ӕмӕ дзы тыхтӕ бацӕуы.

12. Йегъовӕ нын цавӕр хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта?

12 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уый ӕнӕмӕнг райсдзӕн, кӕронмӕ чи азгъора, уыдонӕй алчидӕр. Уыцы хӕрзиуӕг у ӕнусон цард кӕнӕ уӕлӕрвты, кӕнӕ зӕххыл дзӕнӕты. Библийы фыст ис уыцы хӕрзиуӕджы тыххӕй, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, цы диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Уыцы ныфс ӕдзух нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын цӕлхдур ницы суыдзӕн ӕмӕ дарддӕр фӕразонӕй згъордзыстӕм.

КӔД ЗЫНДЗИНӔДТӔ ӔВЗАРЫС, УӔДДӔР ДАРДДӔР ЗГЪОР

Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ фӕнды, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр згъорын (кӕс 13–20 абзацтӕ) *

13. Ӕнӕуи згъорджытӕй уӕлдай мах нӕ ныфс кӕуыл дарӕм?

13 Рагон Грецийы-иу хъӕзтыты чи архайдта, уыдон-иу зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдысты, зӕгъӕм, бафӕлладысты-иу кӕнӕ-иу сӕ цыдӕр рыст. Фӕлӕ уыдон ӕрмӕст сӕхи хъарутӕй уыдысты ныфсджын, стӕй ӕмбӕрстой, тренировкӕ куы нӕ кӕной, уӕд кӕй нӕ рамбулдзысты. Мах дӕр ахуыр кӕнӕм чырыстон фӕндагыл згъорын. Фӕлӕ уыдонӕй уӕлдай махӕн ис, ӕгӕрон тыхы хицау чи у, ахӕм Ӕххуысгӕнӕг. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд нӕ ӕрмӕст ахуыр кӕй нӕ кӕндзӕн, фӕлӕ нӕ кӕй сфидар кӕндзӕн! (1 Пет. 5:10).

14. 2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10 стихтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн?

14 Павел бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Бафхӕрдтой-иу ӕй, йӕ фӕдыл-иу зылдысты, хатт-иу йе уӕнгты хъару нал уыд, стӕй ма йӕ тухӕнӕй мардта «буары... сындз» (2 Кор. 12:7). Фӕлӕ уыцы зындзинӕдты тыххӕй йӕ къухтӕ не ’руагъта. Уый сӕ нымадта, йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый равдисыны фадатыл. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10.) Ахӕм цӕстӕй сӕм кӕй каст, уый тыххӕй йын Йегъовӕ ӕххуыс кодта ӕппӕт зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн.

15. Зындзинӕдтӕм Павелы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нӕхиуыл цы бавзардзыстӕм?

15 Гӕнӕн ис, мах дӕр нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафӕм кӕнӕ нӕ фӕдыл зилынц. Чи зоны, тох кӕнӕм низимӕ кӕнӕ афтӕ бафӕлладыстӕм, ӕмӕ не уӕнгты тыхы мур нал ис. Фӕлӕ зындзинӕдтӕм Павелы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд алы уавӕры дӕр нӕ бон уыдзӕн нӕхиуыл бавзарын, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый.

16. Кӕд де ’нӕниздзинад фӕцудыдта, уӕд дӕ бон цы у аразын?

16 Чи зоны, уатон рынчын дӕ кӕнӕ бадыс инвалиды коляскӕйы. Йе та, чи зоны, дӕ къӕхтӕ дӕ коммӕ нал кӕсынц кӕнӕ цӕстӕй хорз нал уыныс. Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, уӕддӕр дӕ бон у, ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕниз чи у, уыдонимӕ «згъорын»? Бӕгуыдӕр! Ацӕргӕ кӕнӕ рынчын чи у, уыдонӕй бирӕтӕ згъорынц, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Уый сӕхи хъарутӕй сӕ бон нӕу аразын. Уыдон сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарынц. Зӕгъӕм, интернеты уылты фембӕлдтӕм баиу вӕййынц ӕмӕ программӕмӕ байхъусынц, ӕмӕ сӕ хъарутыл хъарутӕ бафты. Уымӕй уӕлдай ма архайынц ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы дӕр: фӕхъусын кӕнынц сӕ хиуӕттӕн, дохтыртӕн ӕмӕ медицинон хотӕн.

17. Йегъовӕйы хъуыддаджы йӕ бон бирӕ аразын кӕмӕн нӕу, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

17 Кӕд дӕ бон нӕу Йегъовӕйы хъуыддаджы, цас дӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл згъорынӕн дӕм хъарутӕ нал ис. Йегъовӕ дӕ уарзы дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕмӕ йын бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй. Абон дӕ йе ’ххуыс уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, ӕмӕ дӕ уый никуы ныууадздзӕн (Пс. 9:10). Уый дӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзӕн. Йе ’нӕниздзинад тынг кӕмӕн фӕцудыдта, иу ахӕм хо мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕ уавӕр фыддӕр кӕны, ӕмӕ мын уый тыххӕй иннӕтӕн хорз хабар радзурынӕн къаддӕр фадӕттӕ ис. Фӕлӕ йӕ зонын, цы аразын, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс вӕййы, кӕд мӕ бон бирӕ нӕу, уӕддӕр. Ӕмӕ мын уый циндзинад хӕссы». Дӕ ныфс куы асӕтты, уӕд-иу ахъуыды кӕн, иунӕг кӕй нӕ дӕ ӕмӕ Йегъовӕ дӕ фарсмӕ кӕй ис, ууыл. Ахъуыды-иу кӕн Павелы цӕвиттоныл ӕмӕ йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстыл: «Уӕдӕ мын ӕхсызгон у, лӕмӕгъдзинӕдтӕ мӕм кӕй ис... Уымӕн ӕмӕ лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын» (2 Кор. 12:10).

18. Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уӕлдай зын цӕмӕн вӕййы?

18 Чырыстон фӕндагыл чи згъоры, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕмбӕлынц, иннӕтӕ ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ вӕййынц, ахӕм зындзинӕдтыл. Зӕгъӕм, кӕмӕндӕр депресси вӕййы кӕнӕ ӕдзух цӕуылдӕр фӕтыхсы ӕмӕ йӕхицӕн ӕнцой нӕ фӕары. Уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уӕлдай зын цӕмӕн вӕййы? Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ къух саст куы вӕййы кӕнӕ уатон рынчын куы вӕййы, уӕд уый алчидӕр фӕуыны, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды истӕмӕй баххуыс кӕнын. Фӕлӕ ӕддаг бакастӕй алы хатт базонӕн нӕ вӕййы, адӕймаг йӕхимӕ кӕй ныхъхъуыста кӕнӕ нервыты низӕй рынчын кӕй у. Афтӕмӕй та йӕ рыст, йӕ къух кӕнӕ йӕ къах саст кӕмӕн у, уый рыстӕй къаддӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ йӕ мидӕг цытӕ цӕуы, уый иннӕтӕ кӕй нӕ фӕуынынц, уый тыххӕй йын, гӕнӕн ис, йӕ зын мачи бамбара ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс мачи бафтауа.

19. Мемфивосфей нын фӕзминаг цӕмӕй у?

19 Кӕд цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй дӕ бон нӕу, цас дӕ фӕндид, уыйбӕрц лӕггад кӕнын ӕмӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ иннӕтӕ не ’мбарынц, уӕд дӕ Мемфивосфейы хабар ныфс бауадздзӕн (2 Сам. 4:4). Уый уыди дыууӕ къахӕй дӕр къуылых. Стӕй йӕ паддзах Давид дзӕгъӕлы бафхӕрдта. Мемфивосфей ахӕм зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзӕрста, уый йӕхи аххос нӕ уыд. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта. Уый аргъ кодта, йӕ царды хорзӕй цы уыди, уымӕн. Давид ӕм уый размӕ хӕларзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй дзы бузныг уыд (2 Сам. 9:6–10). Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ куы фӕаххосджын кодта, уӕддӕр ын йӕ рӕдыдмӕ нӕ ныккомкоммӕ ӕмӕ маст хӕссын никӕмӕ райдыдта. Стӕй Йегъовӕйы дӕр нӕ аххосджын кодта. Мемфивосфейӕн сӕйраг уыди, цӕмӕй Йегъовӕйы сӕрст паддзахӕн ӕххуыс кодтаид, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй (2 Сам. 16:1–4; 19:24–30). Мемфивосфей махӕн дӕр фӕзминаг у, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ цӕвиттон Библийы ныффыссын кодта (Ром. 15:4).

20. Иуӕй-иутӕн зын цы вӕййы, фӕлӕ сӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна?

20 Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕнӕуи уавӕрты дӕр адӕмы ’хсӕн куы вӕййынц, уӕд сын зын вӕййы ӕмӕ тынг стыхсынц. Бирӕ адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуын сӕ кӕй хъӕуы, афтид уыцы хъуыдыйӕ дӕр сӕхицӕн ӕнцой нал фӕарынц. Фӕлӕ уӕддӕр фӕцӕуынц ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм. Кӕд сын ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын зын вӕййы, уӕддӕр хорз хабар фӕхъусын кӕнынц. Кӕд ды дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд ӕй зон, ахӕм ӕнкъарӕнтимӕ бирӕтӕ кӕй тох кӕнынц. Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн. Дӕ къухтӕ кӕй не ’руагътай, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дын арфӕ кӕны ӕмӕ дын тых дӕтты (Фил. 4:6, 7; 1 Пет. 5:7) *. Кӕд низимӕ тох кӕнгӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныс, уӕд ӕй зон, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у.

21. Йегъовӕйы фӕрцы не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон цы бауыдзӕн?

21 Ӕнӕуи ерыс ӕмӕ, Павел кӕй кой кодта, уыцы ерыс алцӕмӕй ӕмхуызон не сты. Ӕмӕ уый хорз у. Раджы заманты-иу ерысы архайджытӕй ӕрмӕстдӕр иу райста хӕрзиуӕг. Чырыстон фӕндагыл згъоргӕйӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдонӕй та алчидӕр райсдзӕн хӕрзиуӕг – ӕнусон цард (Иоан. 3:16). Ӕнӕуи ерысы архайджытӕй алчидӕр хъуамӕ уыдаид ӕнӕниз ӕмӕ хъаруджын, кӕннод нӕ рамбылдтаиккой. Кӕд махӕй та бирӕтӕ низтимӕ дӕр тох кӕнынц, уӕддӕр фӕразонӕй згъорынц (2 Кор. 4:16). Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон бауыдзӕн кӕронмӕ азгъорын!

144 ЗАРӔГ Дӕ цӕстыты раз уӕд лӕвар!

^ 5 абз. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, кӕйдӕр та низ бадомдта. Ӕмӕ нӕ ахӕм нӕй, фӕллад цы у, уый чи нӕ зоны. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, цӕй згъорын бауыдзӕн мӕ бон, зӕгъгӕ. Апостол Павел дзырдта, чырыстӕттӕ кӕй згъорынц, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Ӕмӕ ацы статьяйы дзырд цӕуы, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон куыд у уыцы фӕндагыл фӕразонӕй згъорын ӕмӕ хӕрзиуӕг райсын.

^ 6 абз. Кӕс статья «Библи ивы адӕймаджы цард» 2013 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

^ 20 абз. Ахӕм зындзинӕдтимӕ чи тох кӕны, уыдонӕн цы ’ххуыс кӕны, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 2019 азы майы программӕйӕ, ис сайты jw.org®. (Кӕс БИБЛИОТЕКӔ > JW BROADCASTING®.)

^ 63 абз. НЫВ. Ацӕргӕ ӕфсымӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайы, уый фӕрцы дарддӕр дӕр чырыстон фӕндагыл згъоры.

^ 65 абз. НЫВ. Иннӕтӕн фылдӕр куы нуазын кӕнӕм кӕнӕ нӕхӕдӕг нозтӕй бӕрц куы нӕ зонӕм, уӕд сын цӕлхдур суыдзыстӕм.

^ 67 абз. НЫВ. Кӕд ӕфсымӕр рынчындоны хуыссы, уӕддӕр дарддӕр чырыстон фӕндагыл згъоры – йӕ дохтырӕн хъусын кӕны.