Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕз «уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ»

Ӕз «уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ»

«Хонын [уӕ] мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон» (ИОАН. 15:15).

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Дыууӕ адӕймаджы куыд балымӕн вӕййынц?

АДӔЙМАГ искӕимӕ рӕстӕг куы фервиты, йемӕ куы фӕныхӕстӕ кӕны, йӕхи тыххӕй йын куы радзуры, уӕд тынг балымӕн вӕййынц. Фӕлӕ Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм, уый алы хатт афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ сӕмбӕлӕм цавӕрдӕр цӕлхдуртыл. Цавӕр цӕлхдуртӕ сты?

2. Цы цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй фыццаг цавӕр у?

2 Фыццаг цӕлхдур у, Йесойы кӕй никуы федтам, уый. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр ӕй бирӕтӕ нӕ федтой. Фӕлӕ апостол Петр ныффыста: «Сымах кӕд Чырыстийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтат, уӕддӕр ӕй уарзут. Ӕмӕ йӕ кӕд ныртӕккӕ дӕр нӕ уынут, уӕддӕр ыл ӕууӕндут» (1 Пет. 1:8). Уӕдӕ цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ йӕ уынгӕ кӕнӕм.

3. Цы цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй дыккаг цавӕр у?

3 Дыккаг цӕлхдур у, нӕ бон Йесоимӕ ныхас кӕнын кӕй нӕу, уый. Кӕд Йегъовӕмӕ Йесойы номӕй фӕкувӕм, уӕддӕр ныхас Йегъовӕимӕ фӕкӕнӕм, Йесоимӕ нӕ, фӕлӕ. Йесойы йӕхи дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ адӕймаг кувгӕ кӕмӕ фӕкӕны, уый фӕнымайы йӕ Хуыцауыл. Ӕмӕ махӕн та ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау ис – Йегъовӕ (Матф. 4:10). Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у ӕвдисын, Йесойы кӕй уарзӕм, уый.

4. Цы цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй ӕртыккаг цавӕр у ӕмӕ ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

4 Ӕртыккаг цӕлхдур у, Йесо уӕлӕрвты кӕй цӕры, уый. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу йемӕ фембӕлын ӕмӕ йемӕ рӕстӕг ӕрвитын. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у Йесойы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонын. Мах базондзыстӕм, цавӕр цыппар къахдзӕфы нӕ хъӕуы скӕнын, цӕмӕй йӕ тынгдӕр бауарзӕм. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суӕм.

ЙЕСОЙЫ ХӔЛӔРТТӔ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ СУӔМ?

5. Йесойы хӕлӕрттӕ цӕмӕн хъуамӕ суӕм? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕтӕ « Йесойы хӕлӕрттӕ куы суӕм, уӕд суыдзыстӕм Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ дӕр» ӕмӕ « Йесомӕ раст цӕстӕй кӕс».)

5 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Хӕлар суа, уӕд хъуамӕ суӕм Йесойы хӕлӕрттӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм ӕрмӕст дыууӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ загъта: «Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн бауарзтат» (Иоан. 16:27). Стӕй ма загъта: «Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоан. 14:6). Йесойы хӕлӕрттӕ куы нӕ уӕм, афтӕмӕй куы архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суӕм, уӕд уый афтӕ уыдзӕн, цыма хӕдзармӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр куыддӕрты хъавӕм бахизынмӕ. Йесо дӕр ахӕм абарстӕй спайда кодта. Уый загъта: «Ӕз дӕн фыстӕн дуар» (Иоан. 10:7). Дыккаг та уый, ӕмӕ Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды фӕзмыдта. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:9). Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйы базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ базонӕм, Йесо куыд цард ӕмӕ куыд лӕггад кодта, уый. Йесойы тыххӕй-иу фылдӕр куы базонӕм, уӕд-иу ӕй тынгдӕр бауарздзыстӕм. Ӕмӕ йӕ цас тынгдӕр уарзӕм, уыйас ын йӕ Фыды дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм.

6. Йесойы хӕлӕрттӕ ма ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ суӕм? Бамбарын ӕй кӕн.

6 Йесойы хӕлӕрттӕ ма уый тыххӕй дӕр хъуамӕ суӕм, цӕмӕй-иу нын Хуыцау нӕ куывдтытӕн дзуапп ратта. Нӕ куывды кӕрон фӕзӕгъӕм, «Йесо Чырыстийы номӕй», зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн Йесойы уылты дзуапп куыд ратты, уый. Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Мӕ номӕй цыфӕнды ма ракурат,– сараздзынӕн уын ӕй» (Иоан. 14:13). Кӕд нын нӕ куывдтытӕм Йегъовӕ фӕхъусы ӕмӕ сын дзуапп уый ратты, уӕддӕр Йесойӕн ахӕм бартӕ радта, цӕмӕй-иу сараза, Йегъовӕ цы аскъуыддзаг кӕны, уый (Матф. 28:18). Уымӕй уӕлдай ма, цалынмӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратты, уӕдмӕ фӕкӕсы, Йесойы уынаффӕтӕм хъусӕм ӕви нӕ. Зӕгъӕм, Йесо загъта: «Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр хатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ» (Матф. 6:14, 15). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо махмӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ сты, мах дӕр иннӕтӕм афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм.

7. Йесойы нывонд пайда кӕмӕн ӕрхӕсдзӕн?

7 Йесойы нывонд пайда ӕрхӕсдзӕн ӕрмӕстдӕр йӕ хӕлӕрттӕн. Уый кӕцӕй зонӕм? Йесо загъта, йӕ уд кӕй ратдзӕн йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау (Иоан. 15:13). Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ ’рцыд, уӕдмӕ чи цард, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хъӕудзӕн Йесойы базонын ӕмӕ йӕ бауарзын. Зӕгъӕм, райгас уыдзысты Авраам, Саррӕ, Моисей ӕмӕ Раав. Фӕлӕ суанг уыдоны дӕр хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суой, уымӕн ӕмӕ уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, ӕнустӕм цӕрдзысты ӕви нӕ (Иоан. 17:3; Хъуыд. 24:15; Дзут. 11:8–12, 24–26, 31).

8, 9. Иоанны 15:4, 5 стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй, Йесойы хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд нӕ бон цы уыдзӕн аразын? Йемӕ иудзинады уӕм, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

8 Абон мах хъусын кӕнӕм хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Йесоимӕ ӕмгуыст кӕнӕм. Уый нын хӕссы стыр циндзинад. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ сын рӕстдзинад амыдта. Фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд ӕй Йегъовӕ сӕвӕрдта ӕмбырды сӕргъы. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр дарддӕр разамынд дӕтты хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн. Йесо уыны, дӕ бон цы у, уый кӕй аразыс, цӕмӕй фылдӕр адӕм Йесойы ӕмӕ йӕ Фыды базоной. Ӕмӕ дын дӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны. Уыцы хъуыддаг нӕ бон у аразын, Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо кӕй ӕххуыс кӕнынц, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. (Бакӕс Иоанны 15:4, 5.)

9 Уӕдӕ Библийӕ базонӕн ис, Йесойы кӕй хъуамӕ уарзӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм, Йесойы хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы суыдзыстӕм, ууыл. Ӕркӕсдзыстӕм цыппар хъуыддагмӕ.

ЦЫ ХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ЙЕСОЙЫ ХӔЛАР СУАЙ?

Йесойы хӕлар суыдзынӕ: 1) хуыздӕр ӕй куы базонай, 2) куыд хъуыды кӕны, афтӕ куы хъуыды кӕнай ӕмӕ уыйау куы архайай, 3) йе ’фсымӕртӕн куы ӕххуыс кӕнай ӕмӕ 4) Йегъовӕйы организациимӕ ӕмгуыст куы кӕнай (кӕс 10–14 абзацтӕ) *

10. Цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ фыццаг цы хъӕуы саразын?

10 1) Йесойы хуыздӕр базон. Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны Евангелитӕй нӕ бон у Йесойы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонын. Йесойы царды хабӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, кӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ Хицау уыд, уӕддӕр сӕ йӕ цагъартыл нӕ нымадта. Цӕуыл-иу хъуыды кодта ӕмӕ-иу йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый-иу сын радзырдта (Иоан. 15:15). Сӕ мастыл сын маст кодта ӕмӕ-иу семӕ кӕугӕ дӕр кодта (Иоан. 11:32–36). Суанг йе знӕгтӕ дӕр уыдтой, хорз хабар-иу йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдон-иу йӕ хӕлӕрттӕ кӕй систы (Матф. 11:19). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыд, уымӕй йӕ куы фӕзмӕм, уӕд иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ уыдзыстӕм амондджындӕр, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм.

11. Цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ цы къахдзӕфтӕ хъӕуы скӕнын, уыдонӕй дыккаг цавӕр у ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

11 2) Хъуыды кӕн, Йесо куыд хъуыды кӕны, афтӕ ӕмӕ уыйау архай. Йесо куыд хъуыды кӕны, уый хорз куы зонӕм ӕмӕ мах дӕр афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (1 Кор. 2:16). Нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын? Ӕркӕсӕм иу хъуыддагмӕ. Йесо-иу фылдӕр хъуыды кодта, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд баххуыс кодтаид, ууыл (Матф. 20:28; Ром. 15:1–3). Ахӕм зондахаст ын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыд удуӕлдай ӕмӕ хатыргӕнаг. Иннӕты рӕхуыст ныхӕстӕм-иу уайтагъд нӕ рамӕсты (Иоан. 1:46, 47). Стӕй-иу иннӕтӕм сӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй нӕ каст (1 Тим. 1:12–14). Йесо загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35). Хорз уаид, ахӕм фарстайыл куы ахъуыды кӕниккам: «Ӕз дӕр Йесойы фӕзмын ӕмӕ, мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрон?»

12. Цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ цы къахдзӕфтӕ хъӕуы скӕнын, уыдонӕй ӕртыккаг цавӕр у ӕмӕ уый нӕ бон куыд у аразын?

12 3) Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕн. Сӕрст чырыстӕттӕн кӕй феххуыс кӕнӕм, уый Чырысти афтӕ нымайы, цыма йын йӕхицӕн ӕххуыс кӕнӕм (Матф. 25:34–40). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕной ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, сӕйраджыдӕр уымӕй ӕххуыс кӕнӕм сӕрст чырыстӕттӕн (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 10:42). Ныртӕккӕ хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр, ӕмӕ уый Чырыстийы ӕфсымӕртӕн нӕ бантыстаид, «ӕндӕр фыстӕ» сын куы не ’ххуыс кодтаиккой, уӕд (Иоан. 10:16). Кӕд «ӕндӕр фыстӕй» дӕ, уӕд ацы хъуыддаджы архайгӕйӕ ӕвдисыс, ӕрмӕст сӕрст чырыстӕтты кӕй нӕ уарзыс, фӕлӕ Йесойы дӕр.

13. Нӕ бон куыд у Лукайы 16:9 стихмӕ гӕсгӕ архайын?

13 Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хӕлӕрттӕ ма суыдзыстӕм, разамынд цы хъуыддагӕн дӕттынц, уымӕн ӕхцайӕ куы ӕххуыс кӕнӕм. (Бакӕс Лукайы 16:9.) Зӕгъӕм, нӕ бон у ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын. Уыцы мысайнӕгты фӕрцы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы дард рӕтты дӕр, Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм агъуыстытӕ арӕзт цӕуынц, стӕй, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста кӕнӕ ӕндӕр зын уавӕры чи бахауд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнӕм. Нӕ бон ма у мысайнӕгтӕ ӕмбырды хӕрдзтӕн дӕр дӕттын, стӕй, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ ӕхцайӕ фӕкӕсын (Ӕмб. 19:17). Афтӕмӕй нӕ бон у Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын.

14. Ефесӕгтӕм 4:15, 16 стихтӕм гӕсгӕ, цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ цы къахдзӕфтӕ хъӕуы скӕнын, уыдонӕй цыппӕрӕм цавӕр у?

14 4) Йегъовӕйы организациимӕ ӕмгуыст кӕн. Йесомӕ, ӕмбырды Хистӕрмӕ, ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм, кӕй бар стӕм, уыцы ӕфсымӕртимӕ ӕмгуыст куы фӕкӕнӕм, уӕд. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:15, 16.) Зӕгъӕм, ныртӕккӕ мах архайӕм, цӕмӕй Паддзахады залтӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнӕм. Уый тыххӕй иуӕй-иу ӕмбырдтӕ баиу кодтой, стӕй сын сӕ территоритӕ дӕр аивтой. Уый фӕрцы нӕ мысайнӕгтӕ кӕцыдӕр хъуыддӕгтыл нал бахардз вӕййынц. Уыцы ивындзинӕдты тыххӕй хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иуты бахъуыд ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын. Чи зоны, уыцы иу ӕмбырдимӕ бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтой, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл тынг сахуыр сты. Ӕмӕ сын ныр загътой, ӕндӕр ӕмбырдмӕ сӕ кӕй хъӕуы ахизын. Уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы организациимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнынц, уый Йесойӕн тынг ӕхсызгон у.

ЙЕСОЙЫ ХӔЛӔРТТӔ ӔНУСТӔМ

15. Фидӕны Йесомӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр цӕй фӕрцы кӕндзыстӕм?

15 Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи сты, уыцы чырыстӕттӕ Йесоимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ Хуыцауы Паддзахады. Уыдонӕн ис ныфс, ӕнустӕм йемӕ кӕй уыдзысты, кӕй йӕ уындзысты, йемӕ кӕй ныхас кӕндзысты ӕмӕ йемӕ рӕстӕг кӕй ӕрвитдзысты (Иоан. 14:2, 3). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, Йесо уыдоныл дӕр батыхсдзӕн. Ӕмӕ йӕ кӕд уынгӕ нӕ кӕндзысты, уӕддӕр ӕм бонӕй-бонмӕ ӕввахсдӕр кӕндзысты. Йегъовӕ ӕмӕ сын Йесо цы диссаджы цард балӕвар кӕндзысты, уый сын хӕсдзӕн циндзинад (Ис. 9:6, 7).

16. Йесойы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм?

16 Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Йӕ хӕлӕрттӕ та бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц. Зӕгъӕм, уарзы сӕ ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны. Ис сын ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ, йӕ хӕлӕрттӕ кӕй сты, уый фӕрцы свӕййынц йӕ Фыды, Йегъовӕйы, хӕлӕрттӕ дӕр. Уый та у ӕппӕты зынаргъдӕр хӕзна. Уӕдӕ цӕй стыр кад у, Йесо дӕ йӕ хӕларыл нымайа, уый!

17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»

^ 5 абз. Апостолтӕ цалдӕр азы Йесоимӕ лӕггад кодтой, иумӕ рӕстӕг ӕрвыстой, ныхас-иу кодтой, ӕмӕ систы хорз хӕлӕрттӕ. Йесойы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Фӕлӕ уый апостолтӕн куыд ӕнцон уыд, махӕн афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, цавӕр цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм, уыдонӕй цалдӕрыл, стӕй цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм ӕмӕ йыл алкӕддӕр ӕнувыд уӕм.

^ 55 абз. НЫВТӔ. 1) Бинонты ахуыры рӕстӕг нӕ бон у Йесойы царды ӕмӕ лӕггады хабӕрттӕ раиртасын. 2) Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрӕм. 3) Хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ куы хъусын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм. 4) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм уынаффӕ куы рахӕссой, ӕмбырдтӕ баиу кӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд семӕ ӕмгуыст кӕндзыстӕм.