Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕрбабырсдзысты цӕгатӕй!

Ӕрбабырсдзысты цӕгатӕй!

«Мӕ зӕхмӕ ӕрбабырста, нымӕц дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм тыхджын адӕм» (ИОИЛ 1:6).

95 ЗАРӔГ Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Библи куыд иртӕстой ӕмӕ уый хорз цӕмӕй уыд?

НУДӔСӔМ ӕнусы кӕрон Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ ма цалдӕр адӕймаджы ӕмбырд кӕнын райдыдтой, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас иртӕстаиккой. Уыдоны фӕндыд базонын, Библи Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй, Йесо Чырыстийы тыххӕй, мӕрдты тыххӕй ӕмӕ Чырыстийы нывонды тыххӕй бӕлвырдӕй цы дзуры, уый. Пайда кодтой хуымӕтӕг мадзалӕй. Исчи-иу цавӕрдӕр фарста радта. Уый фӕстӕ-иу иумӕ ӕркастысты, уыцы фарстамӕ цыдӕриддӕр стихтӕ хауд, уыдонмӕ. Ӕмӕ-иу ӕппынфӕстаг, цы хъуыдымӕ-иу ӕрцыдысты, уый ныффыстой. Йегъовӕ сын баххуыс кодта Библийӕ бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ бамбарынӕн. Ӕмӕ сӕ абон мах дӕр тынг ахсджиагыл нымайӕм.

2. Хатт афтӕ цӕмӕн рауайы, ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕй кӕцыдӕр раст нӕ бамбарӕм?

2 Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы Библииртасджытӕ бамбӕрстой, Библийы пехуымпарӕдтӕ бамбарын цавӕрдӕр ахуырад бамбарынӕй бирӕ зындӕр кӕй у. Цымӕ цӕмӕн? Библийы пехуымпарӕдтӕ арӕх хуыздӕр бамбарӕн вӕййы, ӕххӕст кӕнын куы райдайынц кӕнӕ та куы сӕххӕст вӕййынц, уӕд. Фӕлӕ ма хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ-иу цӕмӕй пехуымпарад раст бамбарӕм, уый тыххӕй йӕм фӕхъӕуы ӕнӕхъӕнӕй ӕркӕсын. Ӕрмӕстдӕр кӕцыдӕр стихтӕ куы раиртасӕм, иннӕтӕм та нӕ хъус куы не ’рдарӕм, уӕд, гӕнӕн ис, уыцы пехуымпарад раст ма бамбарӕм. Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй Иоилы пехуымпарадӕн йӕ хабар афтӕ рауад. Цӕй ӕмӕ ацы пехуымпарадмӕ ногӕй ӕркӕсӕм ӕмӕ базонӕм, ӕндӕрхуызон ӕй ӕмбарын цӕмӕн хъӕуы, уый.

3, 4. Иоилы 2:7–9 стихты цы пехуымпарад ис, уый нырмӕ куыд ӕмбӕрстам?

3 Бакӕс Иоилы 2:7–9. Иоил загъта, ӕнӕфсис мӕтыхтӕ Израилы зӕххыл кӕй ницыуал ныууадздзысты. Сӕ дӕндӕгтӕ ӕмӕ се ’фсӕртӕ уыдзысты домбайы дӕндӕгты ӕмӕ ’фсӕрты хуызӕн, ӕмӕ дзы зайӕгойӕ цыдӕриддӕр уа, уыдон бахӕрдзысты! (Иоил 1:4, 6). Бирӕ азты дӕргъы афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ уыцы мӕтыхтӕ амонынц Йегъовӕйы адӕммӕ, ома, мӕтыхтӕн бауромӕн куыд нӕй, афтӕ Хуыцауы адӕмӕн дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы бауромӕн нӕй. Стӕй ма йӕ афтӕ ӕмбӕрстам, ӕмӕ, цы аразынц, уый зиан хӕссы «зӕххӕн», ома, дины разамонджыты дӕлбар чи сты, уыцы адӕмӕн *.

4 Ӕрмӕстдӕр Иоилы 2:7–9 стихтӕ куы кӕсӕм, уӕд ис афтӕ ахъуыды кӕнӕн, ӕмӕ нырмӕ ацы пехуымпарад раст ӕмбӕрстам. Фӕлӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй куы раиртасӕм, уӕд фендзыстӕм, ӕндӕрхуызон ӕй кӕй хъӕуы ӕмбарын. Ӕркӕсӕм, ахӕм хатдзӕг цӕмӕн ис скӕнӕн, уымӕ. Аныхас кӕндзыстӕм цыппар бӕлвырдгӕнӕныл.

ЦӔМӔН ӔЙ ХЪӔУЫ ӔНДӔРХУЫЗОН ӔМБАРЫН?

5, 6. Адӕймагмӕ цавӕр фарста фӕзындзӕн, куы бакӕса: а) Иоил 2:20 стих? б) Иоил 2:25 стих?

5 Фыццаг ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ мӕтыхты тыххӕй цы загъта, ууыл: «Цӕгатӕй уӕм чи ’рцӕуа, уый [ома мӕтыхты] фӕсурдзынӕн» (Иоил 2:20). Кӕд мӕтыхтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм амонынц, Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ чи хъусын кӕны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ чи цӕттӕ кӕны, уыдонмӕ, уӕд Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн загъта, фӕсурдзынӕн сӕ, зӕгъгӕ? (Йез. 33:7–9; Матф. 28:19, 20). Бӕрӕг у, Йегъовӕ уыцы ныхӕстӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕй нӕ загъта, фӕлӕ йын йӕ адӕммӕ знаджы цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм кӕмӕйдӕр.

6 Дыккаг бӕлвырдгӕнӕн ссарӕн ис Иоилы 2:25 стихы. Уым Йегъовӕ зӕгъы: «Ме стыр ӕфсад – мӕтыхтӕ, лӕппын мӕтыхтӕ, хъӕндилтӕ ӕмӕ-иу уӕм къуыдыркӕлмытӕ куы арвыстон ӕмӕ-иу уын уӕ тыллӕг куы бахордтой, уыцы азты цы зиан баййӕфтат, уый уын бафиддзынӕн». Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, мӕтыхтӕ цы зиан ӕрхастой, уый кӕй бафиддзӕн. Кӕд мӕтыхтӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕм амонынц, уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ, цы хабар хъусын кӕнынц, уый зиан хӕссы? Фӕлӕ уыцы хабар зиан нӕ хӕссы. Уый адӕмы ирвӕзын кӕны ӕмӕ дзы ахӕм тых ис, цӕмӕй фыдгӕнджытӕн дӕр сӕ цард аивын кӕна (Йез. 33:8, 19). Уыдонӕн та уый стыр арфӕдзинад у!

7. Иоилы 2:28, 29 стихты афтӕ кӕй ис фыст, «уый фӕстӕ ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн», зӕгъгӕ, уый фӕрцы цы ис бамбарӕн?

7 Бакӕс Иоилы 2:28, 29. Ахъуыды кӕнӕм ӕртыккаг бӕлвырдгӕнӕныл. Уый та у, пехуымпарады цы хабӕртты кой ис, уыдон фӕд-фӕдыл куыд цӕуынц, уый. Йегъовӕ загъта, «уый фӕстӕ ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн», зӕгъгӕ. Ома цӕй фӕстӕ? Мӕтыхтӕ сӕ хӕс кӕронмӕ куы сӕххӕст кӕной, уый фӕстӕ. Ӕмӕ кӕд мӕтыхтӕ Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕм амонынц, уӕд сыл Йегъовӕ йӕ тых, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ куы ахӕццӕ кӕной, уый фӕстӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕруадза? Хуыцауы хъомысджын сыгъдӕг тых сын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд уал азы дӕргъы сӕ бон нӕ уаид хъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхмӕ дӕр фӕцӕуынц ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг ӕхгӕнгӕ дӕр скӕнынц.

Ӕфсымӕр Рутерфорд ӕмӕ иннӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕ ныфсджынӕй хъусын кодтой, Хуыцау ацы фыддунейӕн цы тӕрхон рахаста, уый тыххӕй (кӕс 8 абзац)

8. Раргомады 9:1–11 стихты цы мӕтыхты кой ис, уыдон кӕмӕ амонынц? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

8 Бакӕс Раргомад 9:1–11. Ныр та ӕркӕсӕм цыппӕрӕм бӕлвырдгӕнӕнмӕ. Иоилы пехуымпарад мӕтыхты тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддагмӕ кӕй амоны, уый раздӕр афтӕ уымӕн ӕмбӕрстам, ӕмӕ уый хуызӕн пехуымпарад ис Раргомады чиныджы дӕр. Уым мӕтыхты тыххӕй фыст ис: «Сӕ сӕртыл цыма сызгъӕрин кадыхудтӕ уыд, сӕ цӕсгӕмттӕ та уыдысты адӕймаджы цӕсгӕмтты хуызӕн» (Рарг. 9:7). Фыст ма дзы ис, уыдон фондз мӕйы дӕргъы хъизӕмарӕй кӕй марынц, «сӕ ныхтыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмы [ома Хуыцауы знӕгты]». Мӕтых ӕцӕгдӕр фондз мӕйы бӕрц фӕцӕры (Рарг. 9:4, 5). Ацы пехуымпарад амоны Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕм. Уыдон ныфсджынӕй хъусын кӕнынц, Хуыцау ацы фыддунейӕн цы тӕрхон рахаста, уый тыххӕй. Ӕмӕ, ацы дуне кӕй зӕрдӕмӕ цӕуы, уыцы адӕм уый фехъусгӕйӕ тынг стыхсынц.

9. Иоил цы мӕтыхты федта, уыдон цӕмӕй хицӕн кӕнынц, Иоанн цы мӕтыхты федта, уыдонӕй?

9 Фӕлӕ кӕд Иоилы чиныджы дӕр ӕмӕ Раргомады чиныджы дӕр мӕтыхты кой ис, уӕддӕр ацы пехуымпарӕдтӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Зӕгъӕм, Иоилы пехуымпарады мӕтыхтӕ зайӕгойӕ ницыуал ныууагътой (Иоил 1:4, 6, 7). Иоанны цӕстылуайӕны та мӕтыхтӕн загъд уыд, цӕмӕй «знаггад ма кӕной... зӕххон зайӕгойтӕн» (Рарг. 9:4). Иоил цы мӕтыхты федта, уыдон фӕзындысты цӕгатӕй (Иоил 2:20). Иоанн цы мӕтыхты федта, уыдон та ссыдысты дӕлдзӕхӕй (Рарг. 9:2, 3). Иоилы пехуымпарады Йегъовӕ зӕгъы, мӕтыхты кӕй фӕсурдзӕн. Раргомады цы мӕтыхты кой ис, уыдоны та нӕ фӕсырдта, фӕлӕ сӕ бауагъта, цӕмӕй сӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕной. Ӕмӕ Библийы никӕм ис бакӕсӕн, Йегъовӕ сӕ райгонд кӕй нӕу. (Кӕс рамкӕ « Пехуымпарӕдтӕ мӕтыхты тыххӕй. Кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?».)

10. Иоилы чиныджы ӕмӕ Раргомады чиныджы цы мӕтыхты кой ис, уыдон иу кӕмӕдӕр амонынц? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

10 Ацы дыууӕ пехуымпарады кӕрӕдзийӕ афтӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын иумӕйагӕй ницы ис. Ома уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ, Иоилы чиныджы кӕй кой ис, уыцы мӕтыхтӕ ӕмӕ, Раргомады кӕй кой ис, уыцы мӕтыхтӕ иу кӕмӕдӕр нӕ амонынц? О. Хатт уыцы иу цыдӕр Библийы иу уавӕры иу цӕмӕдӕр фӕамоны, ӕндӕр уавӕры та – ӕндӕр цӕмӕдӕр. Зӕгъӕм, Раргомады 5:5 стихы Йесо хуыйны «Домбай Иудӕйы мыггагӕй». 1 Петры 5:8 стихы та Хӕйрӕг хуыйны «богътӕгӕнаг домбай». Уӕдӕ, Иоилы пехуымпарад нырмӕ куыд ӕмбӕрстам, уый фӕдыл нӕм фарстатӕ кӕй фӕзынд, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ хъӕуы ӕндӕрхуызон ӕмбарын. Фӕлӕ куыд?

ИОИЛЫ ПЕХУЫМПАРАД ЦӔМӔ АМОНЫ?

11. Иоилы 1:6 стих ӕмӕ 2:1, 8, 11 стихтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, мӕтыхтӕ чи сты, уый бамбарынӕн?

11 Иоилы пехуымпарадмӕ ӕнӕхъӕнӕй лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд ӕй бамбардзыстӕм, Иоил кӕй кӕны, цавӕрдӕр ӕфсад кӕй ӕрбабырсдзӕн, уый кой (Иоил 1:6; 2:1, 8, 11). Йегъовӕ загъта, йе «стыр ӕфсад» (ома вавилойнаг ӕфсӕддонты) кӕй арвитдзӕн, цӕмӕй ӕгоммӕгӕс израилӕгты бафхӕра (Иоил 2:25). Уыцы ӕфсады тыххӕй пехуымпарады фыст ис, «цӕгатӕй» кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ вавилойнӕгтӕ Израилмӕ ӕцӕгдӕр цӕгатырдыгӕй хъуамӕ ӕрбабырстаиккой (Иоил 2:20). Се ’фсад уыд, бӕлвырд уагмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыцы мӕтыхты хуызӕн. Иоил афтӕ ныффыста: «Алчи сӕ [ома алы ӕфсӕддон] цӕуы йӕхи фӕндагыл... [...] Горӕтмӕ бабырсынц, къулыл сызгъорынц, хӕдзӕртты сӕрмӕ схизынц, абырджытау рудзгуытӕй бабырынц» (Иоил 2:7–9). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн уыцы ныв: алы ран дӕр ӕфсӕддонтӕ. Бамбӕхсӕн никуы ис. Иуӕн дӕр йӕ бон нӕу вавилойнӕгты хъамайӕ аирвӕзын!

12. Иоилы пехуымпарад мӕтыхты тыххӕй куыд сӕххӕст?

12 Н. э. размӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ (кӕнӕ халдейтӕ) мӕтыхтау Иерусалиммӕ бабырстой. Библийы фыст ис: «Халдейты паддзах... сын... се ’рыгон лӕппуты сӕ кувӕндоны мидӕг хъамайӕ амардта. Ӕмӕ нӕдӕр ӕрыгон лӕппутыл бацауӕрста, нӕдӕр чызджытыл, нӕдӕр зӕрӕдтыл ӕмӕ нӕдӕр, йӕ бон кӕмӕн ницыуал уыд, ахӕм адӕмыл. Хуыцау ын ӕппӕт дӕр йӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар басыгъта ӕмӕ Иерусалимӕн йӕ къул ныппырх кодта. Стӕй йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ дзы зынаргъ дзаумайӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон дӕр басыгътой» (2 Аз. 36:17, 19). Вавилойнӕгты фӕстӕ адӕм уыцы зӕхмӕ кӕсгӕйӕ дзырдтой: «Ай у ӕдзӕрӕг бӕстӕ, нӕдӕр дзы адӕм ис, нӕдӕр фос, халдейты къухтӕм лӕвӕрд у» (Йер. 32:43).

13. Йеремийы 16:16, 18 стихтӕн сӕ хъуыды бамбарын кӕн.

13 Иоилы пехуымпарад фыст куы ’рцыд, уымӕй иу-200 азы фӕстӕ Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн уыцы хабары тыххӕй ноджыдӕр цыдӕр ныффыссын кодта. Йегъовӕ загъта, знӕгтӕ алы къуымты дӕр кӕй агурдзысты, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыцы израилӕгты ӕмӕ сӕ къухӕй иу дӕр кӕй нӕ аирвӕздзӕн. «Ӕз фӕдзырдтон бирӕ кӕсагахсджытӕм,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕ уыдон агурдзысты ӕмӕ сӕ ахсдзысты. Уый фӕстӕ фӕдзурдзынӕн бирӕ цуанӕттӕм, ӕмӕ сыл уыдон цуан кӕндзысты алы хохыл дӕр, алы къуыбырыл дӕр, стӕй къӕдзӕхты скъуыдты. ...Ӕз [сын] ӕххӕстӕй бафиддзынӕн сӕ фыдракӕндты тыххӕй ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй». Йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы израилӕгтӕ вавилойнӕгтӕй нӕдӕр денджызты бамбӕхстаиккой, нӕдӕр хъӕдты (Йер. 16:16, 18).

ЗӔХХ ТА ДӔТДЗӔН БИРӔ ТЫЛЛӔГ

14. Иоилы 2:28, 29 стихты цы пехуымпарад ис, уый кӕд сӕххӕст?

14 Уый фӕстӕ Иоил дзуры хорз хабар. Зӕхх та дӕтдзӕн бирӕ тыллӕг (Иоил 2:23–26). Фӕстӕдӕр та бирӕ адӕмӕн фӕзындзӕн фадат рӕстдзинад базонынӕн. Йегъовӕ загъта: «Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты. [...] Уыцы бонты мӕ тых ӕруадздзынӕн суанг лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтыл дӕр» (Иоил 2:28, 29). Ацы ныхӕстӕ, израилӕгтӕ Вавилонӕй сӕ зӕхмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд нӕ сӕххӕст сты. Уыцы хабар ӕрцыд иу-600 азы фӕстӕ, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны. Уый кӕцӕй зонӕм?

15. Хъуыддӕгты 2:16, 17 стихтӕм гӕсгӕ, Петр Иоилы 2:28 стихы ныхӕсты цы фӕивта ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

15 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй апостол Петр загъта, Иоилы 2:28, 29 стихты ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты Фӕндзайӕм боны. Уӕд ӕрцыд диссаджы хабар. Райсомӕй 9 сахатмӕ ’ввахс Хуыцау ахуыргӕнинӕгтыл диссаджы хуызы йӕ сыгъдӕг тых ӕруагъта, ӕмӕ уыдон алы ӕвзӕгтыл «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» дзурын райдыдтой (Хъуыд. 2:11). Петр Иоилы пехуымпарады кой куы кодта, уӕд дзы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй гыццыл цыдӕр фӕивта. Бафиппайдтай йӕ? (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:16, 17.) Иоилы пехуымпарады фыст ис, «уый фӕстӕ ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн», зӕгъгӕ. Петр та йӕ афтӕ загъта, «фӕстаг бонты... ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн», зӕгъгӕ. Ацы ран «фӕстаг бонтӕ» амыдтой дзуттаг цардӕвӕрды фӕстаг бонтӕм. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых хъуамӕ ӕруагътаид «алыхуызон адӕймӕгтыл». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, цалынмӕ Иоилы пехуымпарад сӕххӕст, уӕдмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд.

16. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы 1 ӕнусы хъусын кӕныны хъуыддаг кӕуылты аххӕссыд? Нӕ рӕстӕджы тыххӕй та цы ис зӕгъӕн?

16 Хуыцау 1 ӕнусы чырыстӕттыл йӕ сыгъдӕг тых куы ’руагъта, уӕд уыдон хъусын кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕппынфӕстаг аххӕссыд ӕнӕхъӕн дунейыл. Апостол Павел йӕ фыстӕг Колоссӕгтӕм ныффыста н. э. 61 азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ бон уыд зӕгъын, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцыд «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Кол. 1:23). «Арвы бын ӕппӕт адӕм» амыдтой, Павелӕн ӕмӕ-иу иннӕтӕн сӕ бон ацӕуын кӕдӕм уыд, уыцы бӕстӕты цӕрӕг адӕммӕ. Нӕ рӕстӕджы та Йегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ноджы фылдӕр рӕтты – «суанг зӕххы кӕроны онг дӕр»! (Хъуыд. 13:47; кӕс рамкӕ « „Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн“ мӕ лӕггадгӕнджытыл»).

ЦЫ ФӔИВТА?

17. Иоилы пехуымпарад мӕтыхты тыххӕй ныр куыд ӕмбарӕм?

17 Иоилы 2:7–9 стихты цы пехуымпарад ис, уый ныр растдӕр ӕмбарӕм. Цыбыртӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд ацы стихтӕ, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕ нӕ амонынц. Ацы пехуымпарад амоны, н. э. размӕ 607 азы вавилойнӕгты ӕфсад Иерусалиммӕ куы бабырста, уӕд цы арӕзта, уымӕ.

18. Йегъовӕйы адӕм дарддӕр дӕр куыд архайынц?

18 Фӕлӕ иу цыдӕр нӕ фӕивта. Йегъовӕйы адӕм дарддӕр хорз хабар алкӕм дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц ӕмӕ пайда кӕнынц алыхуызон мадзӕлттӕй (Матф. 24:14). Хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, уӕддӕр нӕ уый нӕ бауромдзӕн. Йегъовӕ нын арфӕ кӕны, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм. Хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ тӕмӕны бацыд! Мах нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл, дарддӕр дӕр нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарынӕн. Ӕмӕ йӕ зонӕм, йӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд нын кӕй баххуыс кӕндзӕн «рӕстдзинад кӕронмӕ бамбарынӕн»! (Иоан. 16:13).

97 ЗАРӔГ Адӕймаг цӕры Хуыцауы Ныхасы фӕрцы

^ 5 абз. Бирӕ азты дӕргъы афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ, Иоилы 1 ӕмӕ 2 сӕрты цы пехуымпарад ис, уый ӕххӕст кӕны нӕ рӕстӕджы ӕмӕ амоны хъусын кӕныны хъуыддагмӕ. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй ацы пехуымпарад ӕндӕр цӕмӕдӕр амоны ӕмӕ йӕ хъӕуы ӕндӕрхуызон ӕмбарын. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм цыппар бӕлвырдгӕнӕнмӕ.

^ 3 абз. Кӕс 2009 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Сфӕлдыстад дзурӕг у Йегъовӕйы ӕгӕрон зондыл», 14–16 абзацтӕ.