Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

2020 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Дӕ бон бауыдзӕн ацы фарстатӕн дзуапп раттын?

Сӕрст чырыстӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Мах сын аргъ кӕнӕм сӕ фидар уырнындзинады тыххӕй. Фӕлӕ сын ӕгӕр нӕ кад кӕнӕм. Мах архайӕм, цӕмӕй ӕгӕр бӕрзонд макӕй ӕвӕрӕм (Иуд. 16). Стӕй сӕ, цӕмӕй не ’мбӕлы, уыдӕттӕй нӕ фӕфӕрсӕм (w20.01, 28, 29 фф.).

Йегъовӕ дӕ кӕй уыны, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ дӕ кӕй уыдта, куы нӕма райгуырдтӕ, уӕд дӕр. Уый дын дӕ куывдтытӕм фӕхъусы. Уый зоны, дӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕныс, уый. Дӕ хъуыддӕгтӕ йын кӕнӕ циндзинад ӕрхӕссынц, кӕнӕ та йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц (1 Аз. 28:9; Ӕмб. 27:11). Йегъовӕ дӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта йӕхимӕ (w20.02, 12 ф.).

Дзурын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ хъусӕй лӕууын кӕд фӕхъӕуы?

Махӕн ӕхсызгон вӕййы иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын. Дзурын ма фӕхъӕуы, кӕмӕндӕр тӕригъӕд саразынӕй тӕссаг кӕй у, уый куы фӕуынӕм, уӕд. Искӕмӕн уынаффӕ раттын куы фӕхъӕуы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъусӕй нӕ фӕлӕууынц. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕты нӕ хъуыддаг куыд цӕуы, уый тыххӕй нӕхӕдӕг дӕр ницы фӕдзурӕм ӕмӕ фӕрсгӕ дӕр никӕй фӕкӕнӕм. Иннӕтӕн дзурӕн цы нӕй, уый сын нӕ фӕдзурӕм (w20.03, 20, 21 фф.).

Иоилы 2 сӕры ӕмӕ Раргомады 9 сӕры мӕтыхты тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

Иоилы 2:20–29 стихты фыст ис, Хуыцау мӕтыхты кӕй фӕсурдзӕн ӕмӕ, цы зиан ӕрхастой, уый кӕй бафиддзӕн. Уый фӕстӕ йӕ тых ӕруадздзӕн. Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты, вавилойнӕгты ӕфсад Израилмӕ куы бабырста, уӕд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр. Раргомады 9:1–11 стихты цы пехуымпарад ис, уый амоны Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕм. Уыдон ныфсджынӕй хъусын кӕнынц, Хуыцау ацы фыддунейӕн цы тӕрхон рахаста, уый тыххӕй. Ӕмӕ, ацы дуне кӕй зӕрдӕмӕ цӕуы, уыцы адӕм уый фехъусгӕйӕ тынг стыхсынц (w20.04, 3–6 фф.).

Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у?

Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ. Уыдон цӕуынц Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, хъусын кӕнын сӕ нӕ уадзынц ӕмӕ сӕ се сӕфт уынынц. Цӕгатаг паддзах тох кӕны хуссайраг паддзахимӕ w20.05, 13 ф.).

Галатӕгтӕм 5:22, 23 стихты цы фараст миниуӕджы кой ис, ӕрмӕстдӕр уыдон хауынц, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты», уымӕ?

Нӕ. Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм ӕндӕр хорз миниуджытӕ дӕр, зӕгъӕм, «фидардзинад» (1 Тим. 6:11) (w20.06, 17 ф.).

Социалон сетьты цы къамтӕ ӕмӕ цы видеотӕ сӕвӕрыс ӕмӕ дзы цы ныффыссыс, ууыл лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнай?

Социалон сетьты цы ныффыссыс, цы къамтӕ ӕмӕ дзы цы видеотӕ сӕвӕрыс, уыдон фенгӕйӕ иннӕтӕ, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕной, ӕмӕ дӕхицӕй ӕппӕлыс ӕмӕ сӕрныллӕг нӕ дӕ (w20.07, 6, 7 фф.).

Хъусынгӕнджытӕ хорз кӕсагахсджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?

Уыдон кӕсаг фӕахсынц, кӕсаг кӕм вӕййы, уым ӕмӕ, уыцы ран кӕд вӕййы, уӕд. Зонынц, кӕсаг ахсынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕй куыд пайда кӕнын хъӕуы. Хъӕбатырӕй фӕархайынц, уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд дӕр. Махӕн дӕр нӕ бон у хъусын кӕныны хъуыддаджы афтӕ архайын (w20.09, 5 ф.).

Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзой?

Нӕ бон сын у дзурын, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсой ӕмӕ, цы бакӕсынц, ууыл арф хъуыды кӕной. Стӕй сӕ хъуамӕ кувын сахуыр кӕнӕм (w20.11, 4 ф.).

Апостол Павел афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «Чырыстийы фӕрцы... иууылдӕр райгас уыдзысты», уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? (1 Кор. 15:22).

Павелы афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ мӕрдтӕ иууылдӕр райгас уыдзысты. Уый кодта сӕрст чырыстӕтты кой. Уыцы чырыстӕтты «Хуыцау... ссыгъдӕг кодта» ӕмӕ уыдысты «Йесо Чырыстиимӕ иудзинады» (1 Кор. 1:2; 15:18) (w20.12, 5, 6 фф.).

Сӕрст чырыстӕттӕн уӕлӕрвты сӕ хӕс цы уыдзӕн? (1 Кор. 15:51–53).

Уыдон Чырыстиимӕ адӕмты здахдзысты ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй (Рарг. 2:26, 27) (w20.12, 12, 13 фф.).