Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

51 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ, «ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны»

Йегъовӕ, «ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны»

«Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (ПС. 34:18).

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1, 2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

ИУӔЙ-ИУ хатт цардыл хъуыдытӕ кӕнгӕйӕ адӕймаг фӕзӕгъы, ӕвӕдза, цард куыд цыбыр у ӕмӕ ма «мастӕй дзаг» дӕр у, зӕгъгӕ (Иов 14:1). Уӕдӕ диссаг нӕу, хатт нӕ ныфс кӕй асӕтты. Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты сӕ ныфс асаст. Чидӕртӕ ма суанг мӕлӕтмӕ дӕр бӕллыдысты (1 Пад. 19:2–4; Иов 3:1–3, 11; 7:15, 16). Фӕлӕ-иу сын Йегъовӕ алы хатт дӕр удӕнцой радта ӕмӕ-иу сӕ бафидар кодта. Ӕмӕ сӕ хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй нын удӕнцой хӕссой, стӕй дзы цӕмӕй цӕуылдӕр сахуыр уӕм (Ром. 15:4).

2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй цалдӕрыл: Иаковы фырт Иосифыл, идӕдз сылгоймаг Ноеминыл ӕмӕ йӕ чындз Руфыл, 73-ӕм псалом чи ныффыста, уыцы левитыл ӕмӕ апостол Петрыл. Уыдонӕн кӕцыдӕр уавӕрты сӕ ныфс асаст. Цымӕ сӕ Йегъовӕ куыд бафидар кодта? Ӕмӕ сын сӕ хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мах фендзыстӕм, «Йегъовӕ хӕстӕг [кӕй] у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны [кӕй] ирвӕзын кӕны» (Пс. 34:18).

ИОСИФ ӔФХӔРД БАЙЙӔФТА

3, 4. Иосиф ӕрыгонӕй цытӕ бавзӕрста?

3 Иосифыл 17 азы бӕрц куы цыд, уӕд федта дыууӕ фыны. Уыцы фынтӕ уыдысты Хуыцауӕй. Ӕмӕ нысан кодтой, иу бон Иосиф кадджын лӕг кӕй суыдзӕн ӕмӕ йын йӕ бинонтӕ дӕр стыр кад кӕй кӕндзысты (Райд. 37:5–10). Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ царды цалх цӕхгӕр иннӕрдӕм ӕрзылд. Йе ’фсымӕртӕ йын кад кӕной, уый кой дзы ӕппындӕр нӕ уыд. Уыдон ӕй ауӕй кодтой, ӕмӕ ӕппынфӕстаг сси египетаг хицау Потифары цагъар (Райд. 37:21–28). Иосиф уыди йӕ фыдӕн йӕ уарзон хъӕбул. Фӕлӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ сси мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг египетаг хицауы цагъар (Райд. 39:1).

4 Уый фӕстӕ Иосифӕн йӕ уавӕр ноджы фыддӕр фӕци. Потифары ус ыл тугтӕ ӕрымысыд, зӕгъгӕ, дам, мын тыхми бакӕнынмӕ хъавыд. Потифар не сбӕрӕг кодта, хабар ӕцӕгӕй афтӕ уыд ӕви нӕ, ӕмӕ Иосифы ахӕстоны ныппӕрста (Райд. 39:14–20; Пс. 105:17, 18). Ахъуыды-ма кӕн, ӕрыгон Иосифӕн куыд зын уыдаид, ахӕм ӕвзӕр хъуыддаджы йӕ кӕй фӕаххосджын кодтой, уый. Стӕй уый тыххӕй Йегъовӕйы номыл дӕр цъыф бакалдаид. Уӕдӕ Иосифӕн йӕ ныфс куыннӕ асастаид.

5. Иосифӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид?

5 Иосиф цагъар куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ, фӕстӕдӕр ахӕстонмӕ куы бахауд, уӕд дӕр йӕ бон йӕ царды ницы уыд фӕивын. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид? Йӕ бон цы нӕ уыд аразын, ууыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ-иу ын цы бахӕс кодтой, уый-иу зӕрдиагӕй арӕзта. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ алкӕддӕр архайдта Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Ӕмӕ йын уый тыххӕй Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кодта (Райд. 39:21–23).

6. Иосиф цы фынтӕ федта, уыдон дзы ныфс цӕмӕн уагътаиккой?

6 Иосиф ма-иу, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, цы фынтӕ федта, уыдоныл дӕр, ӕмӕ дзы уый дӕр ныфс уагътаид. Уыцы фынтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ та йӕ бинонты фендзӕн ӕмӕ йӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивдзӕн. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. 37 азы бӕрц ыл куы цыд, уӕд йӕ фынтӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой! (Райд. 37:7, 9, 10; 42:6, 9).

7. 1 Петры 5:10 стихмӕ гӕсгӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн зындзинӕдты фидар фӕлӕууынӕн?

7 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Иосифы хабарӕй бӕрӕг у, ацы дуне ӕгъатыр кӕй у ӕмӕ-иу ӕнаххосӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм. Суанг ма нын, чи зоны, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй исчи нӕ зӕрдӕ скъаха. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ Къӕдзӕх ӕмӕ нӕ бӕрзонд Хох куы уа, уӕд-иу нӕхимӕ нӕ ныхъхъусдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ ныууадздзыстӕм (Пс. 62:6, 7; бакӕс 1 Петры 5:10). Стӕй, куыд базыдтам, афтӕмӕй, Йегъовӕ Иосифӕн фынтӕ куы фенын кодта, уӕд ыл 17 азы бӕрц цыд. Бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй нӕ фӕдызӕрдыг кӕны, йе ’рыгон лӕггадгӕнджытӕ йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзысты. Абон дӕр бирӕ ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Иосифау Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндынц. Кӕйдӕрты дзы ахӕстӕтты дӕр сбадын кӕнынц, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый тыххӕй (Пс. 110:3).

НОЕМИН ӔМӔ РУФЫЛ ЗИӔНТТӔ ӔРЦЫД

8. Ноемин ӕмӕ Руф цытӕ бавзӕрстой?

8 Иудӕйы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд Ноемин ӕмӕ йӕ бинонтӕ ацыдысты Моавы зӕхмӕ, цӕмӕй уал иуцасдӕр уым ацардаиккой. Уым Ноеминӕн йӕ сӕрыхицау Елимелех амард, ӕмӕ Ноемин йӕ дыууӕ фыртимӕ баззад. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд лӕппутӕ ракуырдтой моавитаг чызджыты. Чындзытӕ хуындысты Руф ӕмӕ Орфӕ. Уымӕй иу-10 азы фӕстӕ Ноеминӕн йӕ фырттӕ дӕр амардысты, ӕмӕ сын зӕнӕг дӕр нӕ рацыд (Руф 1:1–5). Уыцы ӕртӕ сылгоймагӕн сӕ зӕрдӕтӕ куыннӕ скъуыдтӕ кодтаиккой! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Руф ӕмӕ Орфӕйӕн сӕ бон уыд ногӕй смой кӕнын. Фӕлӕ ацӕргӕ Ноеминыл та чи батыхстаид? Ноеминӕн йӕ цард царды ад нал кодта. Суанг ма иухатт афтӕ дӕр загъта: «Ма мӕ хонут Ноемин. Хонут мӕ Марӕ, уымӕн ӕмӕ мын Ӕппӕтхъомысджын стыр мӕстытӕ бавзарын кодта». Уыцы мастӕфхӕрд сылгоймаг сфӕнд кодта фӕстӕмӕ Вифлееммӕ аздӕхын, ӕмӕ Руф дӕр йемӕ ацыд (Руф 1:7, 18–20).

Хуыцау Ноемин ӕмӕ Руфӕн равдыста, йӕ бон кӕй у йӕ лӕггадгӕнджытӕн удӕнцой раттын ӕмӕ сӕ ныфс бауадзын. Уырны дӕ, дӕуӕн дӕр афтӕ кӕй баххуыс кӕндзӕн? (кӕс 8–13 абзацтӕ) *

9. Руф 1:16, 17, 22 стихтӕм гӕсгӕ, Руф Ноеминӕн ныфсы хос куыд уыд?

9 Ноеминӕн йӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас сты иннӕты ӕнувыд уарзты фӕрцы. Зӕгъӕм, Руф равдыста, Ноемины ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, йемӕ кӕй баззад, уымӕй. (Бакӕс Руф 1:16, 17, 22.) Вифлеемы Руф уӕззау фыдӕбон кодта. Цӕмӕй сын хӕринаг уыдаид, уый тыххӕй-иу быдырмӕ ацыд, ӕмӕ-иу хъӕбӕрхоры ӕфсиртӕ уыгъта. Гъемӕ уыцы ӕрыгон сылгоймагӕн йӕ хорзы кой уайтагъд айхъуыст (Руф 3:11; 4:15).

10. Йегъовӕ Ноемин ӕмӕ Руфы хуызӕн мӕгуыр адӕмы кӕй уарзта, уый куыд равдыста?

10 Йегъовӕ израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй иу уыд Ноемин ӕмӕ Руфы хуызӕн мӕгуыр адӕмы тыххӕй. Уыцы закъонӕй бӕрӕг уыд, тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ-иу уӕ хуымтӕ суанг сӕ кӕрӕтты онг ма ныккӕрдут, цӕмӕй мӕгуыртӕн сӕ бон уа, хуымты цы ӕфсиртӕ баззайы, уыдон уидзын (Лев. 19:9, 10). Уый фӕрцы Ноемин ӕмӕ Руфӕн уыд хӕринаг ӕмӕ сӕ мӕгуыргур цӕуын нӕ хъуыд.

11, 12. Вооз Ноемин ӕмӕ Руфӕн цавӕр хорздзинад сарӕзта?

11 Руф-иу ӕфсиртӕ уыгъта хъӕздыг лӕг Воозы хуымы. Йе ’фсиныл куыд ӕнувыд уыд ӕмӕ йӕ куыд уарзта, уый Воозы дисы бафтыдта. Ӕмӕ сфӕнд кодта Ноемины бинонты зӕхх балхӕнын ӕмӕ Руфы ракурын (Руф 4:9–13). Вооз ӕмӕ Руфӕн райгуырд лӕппу – Овид. Уый уыд паддзах Давиды фыдыфыд (Руф 4:17).

12 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Ноемин гыццыл Овиды йӕ хъӕбысмӕ куы райста, уӕд куыд цин кодтаид ӕмӕ Йегъовӕйӕн цы арфӕтӕ фӕкодтаид! Фӕлӕ Ноемин ӕмӕ Руфмӕ фидӕны ноджы хуыздӕр цыдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Куы райгас уой, уӕд базондзысты, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, Йесо Чырысти, кӕй уыд Овиды хӕдзарвӕндагӕй!

13. Ноемин ӕмӕ Руфы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хатт нӕ ныфс асӕтты, суанг ма зӕрдӕсаст дӕр фӕвӕййӕм. Чи зоны, куыд бакӕнӕм, уый дӕр нал фӕзонӕм. Ӕмӕ ахӕм уавӕрты хъуамӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм нӕ уӕларвон Фыдыл ӕмӕ нӕхи бӕттӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын нӕ зындзинӕдтӕн алы хатт кӕрон не скӕны. Зӕгъӕм, Ноеминӕн йӕ лӕджы ӕмӕ йӕ фыртты нӕ райгас кодта. Фӕлӕ нын Йегъовӕ баххуыс кӕны, цӕмӕй-иу нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразӕм. Иуӕй-иу хатт афтӕ бакӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты. Ӕнувыд уарзт куы равдисынц ӕмӕ нын исты хорзы куы бацӕуынц, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ нын уыдоны уылты Йегъовӕ баххуыс кодта (Ӕмб. 17:17).

ИУ ЛЕВИТЫ ЙӔ КЪАХ ИННӔРДӔМ ФӔЦӔЙХАСТА

73-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕ афтӕ каст, ӕмӕ, йӕ царды Йегъовӕ фыццаг бынаты кӕмӕн нӕй, уыдон фӕрнӕйдзаг цард кӕнынц. Ӕмӕ йӕ йӕ къах иннӕрдӕм фӕцӕйхаста. Гӕнӕн ис, махыл дӕр ахӕм хабар ӕрцӕуа (кӕс 14–16 абзацтӕ)

14. Иу левитӕн йӕ ныфс цӕмӕн асаст?

14 73-ӕм псалом чи ныффыста, уый уыд левит. Уыди йыл кадджын хӕс – лӕггад кодта Йегъовӕйы кувӕндоны. Фӕлӕ иуафон суанг уымӕн дӕр йӕ ныфс асаст. Цӕмӕн? Уый райдыдта фыдгӕнджытӕм ӕмӕ, йӕхицӕй хъал чи уыд, уыдонмӕ хӕлӕг кӕнын. Се ’взӕр хъуыддӕгтӕм сын нӕ бахӕлӕг кодта. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг цард кӕнынц (Пс. 73:2–9, 11–14). Уыдон ӕнӕмӕтӕй бухъцард кодтой. Ӕмӕ уый уынгӕйӕ ацы левитӕн йӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ ӕз мӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы сыгъдӕг кодтон, дзӕгъӕлы ӕхсадтон мӕ къухтӕ ӕнаххосдзинады». Бӕрӕг у, йӕ хабар хорз кӕй нӕ уыд. Гӕнӕн уыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕ дӕр адард уыдаид.

15. Псалом 73:16–19, 22–25 стихтӕм гӕсгӕ, ацы псалом чи ныффыста, уыцы левитӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй ныфссаст мауал уыдаид?

15 Бакӕс Псалом 73:16–19, 22–25. Левит «Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ» бацыд. Уым Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн йӕ бон уыд йӕ уавӕрыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын ӕмӕ Хуыцаумӕ скувын. Ӕмӕ йӕ бамбӕрста, рӕдыд зондыл кӕй ныххӕцыд ӕмӕ тӕссаг фӕндагыл кӕй ӕрлӕууыд. Гӕнӕн уыд, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдаид. Стӕй ма бамбӕрста, фыдгӕнджытӕ «бырынцъаг ран» кӕй лӕууынц ӕмӕ «бӕллӕхы... [кӕй] фесӕфдзысты». Цӕмӕй сӕм мауал хӕлӕг кодтаид ӕмӕ ныфссаст мауал уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй ракастаид. Ӕмӕ афтӕ куы бакодта, уӕд йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр ӕмӕ та Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодта. Уый загъта: «Чи мын ис уӕлӕрвты? Ӕмӕ мын зӕххыл дӕр дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр цин нӕй».

16. Левиты хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Чи зоны, махмӕ дӕр афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ фӕрнӕйдзаг цард кӕнынц. Фӕлӕ сӕм хъуамӕ ма хӕлӕг кӕнӕм. Уыдоны ӕцӕг амондджын схонӕн нӕй. Стӕй сын фидӕн дӕр нӕй (Еккл. 8:12, 13). Куы сӕм хӕлӕг кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн, ӕмӕ ма, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕ дӕр адард уӕм. Уӕдӕ кӕд ды дӕр иуӕй-иу хатт фыдгӕнджыты ӕнӕмӕт цардмӕ бахӕлӕг кӕныс, уӕд левитау архай: Хуыцауы уынаффӕтӕм хъус ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл дӕхи бӕтт. Йегъовӕ де стыр цин куы уа, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын. Ӕмӕ, «ӕцӕг цардмӕ» чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр цӕудзынӕ (1 Тим. 6:19).

ПЕТРӔН ЙӔ ЛӔМӔГЪДЗИНӔДТЫ ТЫХХӔЙ ЙӔ НЫФС АСАСТ

Кӕд Петрӕн йӕ ныфс асаст, уӕддӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыд, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кодта. Йӕ хабар нын у ныфсы хос, ӕмӕ уыцы хабары фӕрцы нӕ бон у иннӕты дӕр ныфс уадзын (кӕс 17–19 абзацтӕ)

17. Петрӕн йӕ ныфс цӕмӕн асаст?

17 Апостол Петр ныфсджын адӕймаг уыд. Фӕлӕ-иу хатт, нӕ ахъуыды кодта, афтӕмӕй цыдӕр загъта кӕнӕ сарӕзта, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ фӕсмон кодта. Зӕгъӕм, Йесо йӕ апостолтӕн куы загъта, хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ кӕй амӕлдзӕн, уӕд ын Петр бауайдзӕф кодта: «Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд» (Матф. 16:21–23). Фӕлӕ йын Йесо бамбарын кодта, кӕй рӕдийы. Фӕстӕдӕр, адӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд та Петр хистӕр сауджыны цагъарӕн йӕ хъус ахауын кодта (Иоан. 18:10, 11). Ӕмӕ та йын Йесо йӕ рӕдыдмӕ бацамыдта. Уымӕй уӕлдай ма Петр йӕхицӕй ӕппӕлыд. Уый загъта, Йесойы иннӕ апостолтӕ куы ныууадзой, уӕддӕр ӕй уый кӕй никуы ныууадздзӕн (Матф. 26:33). Петр йӕхицӕн куыд хъӕбатыр ӕнхъӕл уыд, бынтон ахӕм хъӕбатыр нӕ разынд. Адӕмӕй кӕй фӕтарст, уый тыххӕй Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куы бамбӕрста, цы сарӕзта, уый, уӕд «ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта» (Матф. 26:69–75). Петр, хӕрзаг, хъуыды кодта, цымӕ мын Йесо искуы ныххатыр кӕндзӕн, зӕгъгӕ.

18. Йесо Петрӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид?

18 Фӕлӕ Петр йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста. Кӕд фӕрӕдыд, уӕддӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыд. Ӕмӕ иннӕ апостолтимӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кодта (Иоан. 21:1–3; Хъуыд. 1:15, 16). Цымӕ йын цы баххуыс кодта? Уый размӕ Йесо зӕрдиагӕй куывта, цӕмӕй Петр йӕ уырнындзинад ма фесӕфтаид. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд фехъуыста. Стӕй ма Йесо Петрӕн афтӕ дӕр загъта, куы ’рфӕсмон кӕнай, уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ дӕр йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаиккой. Фӕстӕдӕр Йесо Петрмӕ фӕзынд. Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд йӕ ныфсыл ын ныфс бафтауын (Лук. 22:32; 24:33, 34; 1 Кор. 15:5). Уый фӕстӕ Йесо фӕзынд апостолтӕм, кӕсаг ахсынмӕ куы уыдысты, уӕд. Уыдон ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кӕсаг ахстой, фӕлӕ ницы ӕрцахстой. Йесо Петрӕн фадат радта, цӕмӕй йын загътаид, тынг ӕй кӕй уарзы. Йесо йӕ зынаргъ ӕмбалӕн йӕ рӕдыд ныххатыр кодта ӕмӕ йын йӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакодта (Иоан. 21:15–17).

19. Псалом 103:13, 14 стихтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нӕ рӕдыдтытӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм?

19 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йесо Петры рӕдыдмӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕй бӕрӕг у, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у. Йесо та алцӕмӕй дӕр у йӕ Фыды хуызӕн. Уӕдӕ, куы фӕрӕдийӕм, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хӕйрӕджы кӕй фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ мах хъуамӕ алкӕддӕр архайӕм нӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыныл. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййы. Ӕмӕ нын иннӕтӕ нӕ зӕрдӕ истӕмӕй куы скъахой, уӕд-иу сын мах дӕр хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм. (Бакӕс Псалом 103:13, 14.)

20. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

20 Иосифы, Ноемин ӕмӕ Руфы, левиты, стӕй апостол Петры хабӕрттӕй бӕрӕг у, «Йегъовӕ хӕстӕг [кӕй] у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ» (Пс. 34:18). Йегъовӕ хатт бауадзы, цӕмӕй-иу зындзинӕдтӕ бавзарӕм, ӕмӕ нӕ ныфс дӕр асӕтты. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы зындзинӕдты фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ уырнындзинад сфидар вӕййы (1 Пет. 1:6, 7). Иннӕ статьяйы дӕр аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыд баххуыс кӕны, сӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй кӕнӕ зындзинӕдты тыххӕй сӕ ныфс куы асӕтты, уӕд.

7 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ хъару

^ 5 абз. Иосиф, Ноемин ӕмӕ Руф, иу левит, стӕй апостол Петр бавзӕрстой, сӕ ныфс кӕй тыххӕй асаст, ахӕм зындзинӕдтӕ. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ сын удӕнцой куыд радта ӕмӕ сӕ куыд бафидар кодта, уымӕ. Ӕмӕ ма аныхас кӕндзыстӕм, сӕ хабӕрттӕй ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис, ууыл.

^ 56 абз. Ноемин, Руф ӕмӕ Орфӕ идӕдзтӕй баззадысты, ӕмӕ сты зӕрдӕрыст. Уый фӕстӕ Ноемин ӕмӕ Руфӕн сӕ маст цинмӕ раивта. Воозимӕ цин кӕнынц ноггуырд Овидыл.