Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

30 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕр

Дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕр

«Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа!» (3 ИОАН. 4).

54 ЗАРӔГ «Мӕнӕ фӕндаг»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. 3 Иоанны 3, 4 стихтӕм гӕсгӕ нын циндзинад цы хӕссы?

ИОАНН рӕстдзинад базонынӕн кӕмӕн баххуыс кодта, уыдон ын сывӕллӕттӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Ӕмӕ Хуыцауӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый куы фехъуыста, уӕд тынг цин кодта. Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Ӕмӕ сын Иоанн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Мах дӕр фӕцин кӕнӕм, нӕ «сывӕллӕттӕ», ома нӕхи сывӕллӕттӕ кӕнӕ, рӕстдзинад базонынӕн кӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уыдон, сӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнынц ӕмӕ йын иузӕрдионӕй куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд. (Бакӕс 3 Иоанны 3, 4.)

2. Иоанны фыстӕджытӕн сӕ нысан цы уыд?

2 Н. э. 98 азы Иоанн, ӕвӕццӕгӕн, цард Ефесы кӕнӕ кӕмдӕр Ефесмӕ хӕстӕг. Ӕвӕццӕгӕн, уым ӕрцард, сакъадах Патмосмӕ йӕ куы ахастой ӕмӕ уый фӕстӕ куы ссӕрибар, уӕд. Ӕмӕ уыцы азмӕ ӕввахс сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй ныффыста йе ’ртӕ фыстӕджы. Иоанны фӕндыд иузӕрдион чырыстӕттӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтауын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йесойыл ӕууӕндыдаиккой ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цардаиккой.

3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

3 Уыцы рӕстӕг апостолтӕй Иоанны йеддӕмӕ ӕгас ничиуал уыд. Иоанны мӕты ӕфтыдта, ӕмбырдты мӕнг ахуыргӕнджытӕ кӕй фӕзынд ӕмӕ рӕстдзинад кӕй зыгъуыммӕ кодтой, уый (1 Иоан. 2:18, 19, 26) *. Уыдон раст дин ныууагътой ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ не ’ххӕст кодтой, фӕлӕ дзырдтой, Хуыцауы кӕй зонынц. Ӕркӕсӕм, Иоанн чырыстӕттӕн Хуыцауы разамындӕй цы уынаффӕтӕ радта, уыдонмӕ. Ӕмӕ базонӕм дзуапп ӕртӕ фарстайӕн: цы нысан кӕны рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын? Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕргӕйӕ цавӕр цӕлхдуртыл сӕмбӕлӕм? Ӕмӕ нӕ бон куыд у кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй дарддӕр дӕр рӕстдзинады фӕндагыл цӕуӕм?

 

ЦЫ НЫСАН КӔНЫ РӔСТДЗИНАДМӔ ГӔСГӔ ЦӔРЫН?

4. 1 Иоанны 2:3–6 ӕмӕ 2 Иоанны 4, 6 стихтӕм гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм?

4 Цӕмӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый. Стӕй хъуамӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 2:3–6; 2 Иоанны 4, 6.) Йесо алкӕддӕр каст Йегъовӕйы коммӕ, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм Йесойы къахвӕдтыл цӕуыныл, уӕд афтӕмӕй кӕсдзыстӕм Йегъовӕйы коммӕ (Иоан. 8:29; 1 Пет. 2:21).

5. Фидарӕй нӕ цы хъуамӕ уырна?

5 Цӕмӕй дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ рӕстдзинады Хуыцау кӕй у ӕмӕ нын йӕ Ныхасы уылты цыдӕриддӕр дзуры, уый раст ӕмӕ ӕцӕг кӕй у. Хъуамӕ ма нӕ фидарӕй уырна, Йесо кӕй у зӕрдӕвӕрд Мессийӕ. Абон бирӕты нӕ уырны, Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, уый. Ӕмӕ Иоанн дӕр фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «фӕзынд бирӕ фӕлитойтӕ». Уыдонӕн сӕ бон уыд асайын, Библийы Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы фыст ис, уый сӕрыл дзурынмӕ цӕттӕ чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕтты (2 Иоан. 7–11). Иоанн ныффыста: «Афтӕ чи зӕгъы, Йесо, дам, Чырысти нӕу, уый кӕд нӕ сайы, уӕд ма чи сайы?» (1 Иоан. 2:22). Цӕмӕй мах дӕр мачи асайа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхас иртасӕм. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ис Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы базонӕн (Иоан. 17:3). Ӕмӕ нӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уырндзӕн фидарӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый рӕстдзинад кӕй у.

ЦАВӔР ЦӔЛХДУРТЫЛ СӔМБӔЛӔМ?

6. Ӕрыгон чырыстӕттӕн хатт цӕлхдур цы свӕййы?

6 Чырыстӕттӕ иууылдӕр, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕ, хъуамӕ сӕхи хъахъхъӕной, ацы дунейы адӕм цы хъуыдытыл хӕст сты ӕмӕ цы ахуырӕдтӕ амонынц, уыдонӕй (1 Иоан. 2:26). Алексийӕ *, 25-аздзыд французаг хо, зӕгъы: «Скъолайы куы ахуыр кодтон, уӕд нын амыдтой эволюцийы теори ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ахуырӕдтӕ. Ӕмӕ-иу дызӕрдыг кӕнын райдыдтон, цӕуыл ӕууӕндын, уый рӕстдзинад кӕй у. Скъолайы нын цы амыдтой, уый-иу мӕм хатт раст касти. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстон, хорз кӕй нӕ уыдзӕн, ахуыргӕнджытӕ нын цы амонынц, ӕрмӕст уымӕ куы хъусон ӕмӕ Йегъовӕйӕн та дзырды бар куы нӕ раттон». Уӕд Алексийӕ кӕсын райдыдта чиныг «Цард куыд фӕзынд? Эволюцийы уылты ӕви сфӕлдыстады уылты?» * Ӕмӕ цалдӕр къуырийы фӕстӕ йӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕцыдӕр сты. Алексийӕ зӕгъы: «Библийы рӕстдзинад кӕй ис, уымӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссардтон. Стӕй йӕ бамбӕрстон, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрон, уӕд амондджын кӕй уыдзынӕн».

7. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

7 Чырыстон ацы дунейы зондӕй кӕй фӕхъӕстӕ, уый ма цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Йегъовӕйӕн фӕлӕггад кӕны, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр фӕаразы. Фӕлӕ чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр, ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, хъуамӕ сӕхи уымӕй хизой. Иоанн бамбарын кодта, уый гӕнӕн кӕй нӕй, цӕмӕй адӕймаг ӕнӕгъдау цард дӕр кӕна ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ дӕр цӕра (1 Иоан. 1:6). Йегъовӕ уыны, цыдӕриддӕр аразӕм, уый. Ӕмӕ хъуамӕ уый алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, цӕмӕй йын нӕ хъуыддӕгтӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Цы аразӕм, уый адӕмӕй басусӕг кӕнӕн ис, фӕлӕ Йегъовӕйӕ ницы ис басусӕг кӕнӕн (Дзут. 4:13).

8. Ацы дунейы адӕм тӕригъӕдмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

8 Ацы дунейы адӕм тӕригъӕдмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, мах ӕм ахӕм цӕстӕй хъуамӕ ма кӕсӕм. Иоанн ныффыста: «Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм» (1 Иоан. 1:8). Иоанны рӕстӕджы, раст дин чи ныууагъта, уыдон ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдысты, ӕмӕ, адӕймаг зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ куы араза, уӕддӕр йӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уа. Ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц. Уыдон фӕзӕгъынц, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндынц. Фӕлӕ, Йегъовӕ тӕригъӕдыл цы нымайы, уыдӕттӕ тӕригъӕдыл нӕ нымайынц. Уӕлдайдӕр уый хауы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ. Йегъовӕ тӕригъӕдыл кӕй нымайы, уыцы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, дзы ӕвзӕрӕй ницы ис ӕмӕ, дам, кӕд адӕймаджы фӕнды афтӕ кӕнын, уӕд, дам, кӕнӕд.

Ӕрыгӕттӕ, сбӕлвырд-иу кӕнут, Йегъовӕ цавӕрдӕр хъуыддаг ӕвзӕрыл кӕнӕ хорзыл цӕмӕн нымайы, уый. Ӕмӕ уӕд цӕттӕ уыдзыстут уӕ уырнындзинады сӕрыл дзурынмӕ (кӕс 9 абзац) *

9. Ӕрыгӕттӕ Библимӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд сын уый цы пайда ӕрхӕссы?

9 Арӕх ӕрыгон чырыстӕттӕн тынг зын вӕййы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын, уымӕн ӕмӕ сӕ сӕ къласӕгтӕ кӕнӕ се ’мкусджытӕ сӕхи зондыл фӕаразынц. Зӕгъӕм, Александр радзырдта: «Скъолайы куы ахуыр кодтон, уӕд-иу мын иуӕй-иу чызджытӕ дзырдтой, цӕмӕй семӕ ӕмуат ӕрцыдаин. Куы нӕ-иу сразы дӕн, уӕд та мын-иу афтӕ бакодтой, дӕуӕн, дам, ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдӕмӕ лӕппутӕ цӕуынц». Кӕд ды дӕр ахӕм фӕлварӕнты бахауыс, уӕд дӕ зӕрдыл дар: Библимӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд дӕхицӕн аргъ кӕндзынӕ, де ’нӕниздзинад бахъахъхъӕндзынӕ, фӕсмойнаг нӕ фӕуыдзынӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕ нӕ адард уыдзынӕ. Фӕлварӕны-иу фидар куы фӕлӕууай, уӕд-иу дын иннӕ хатт ӕнцондӕр уыдзӕн, раст цы у, уый аразын. Стӕй ма дӕ зӕрдыл дар, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ ацы дунейы адӕм Хӕйрӕджы цӕстӕй кӕй кӕсынц. Ӕмӕ-иу сӕ зондыл куы нӕ ацӕуай, уӕд-иу «Фыдбылызыл фӕуӕлахиз» уыдзынӕ (1 Иоан. 2:14).

10. 1 Иоанны 1:9 стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнӕм?

10 Мах зонӕм, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, тӕригъӕд цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Ӕмӕ фӕархайӕм, цӕмӕй тӕригъӕд ма саразӕм. Фӕлӕ тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд Йегъовӕмӕ скувӕм ӕмӕ нӕ тӕригъӕдыл басӕттӕм. (Бакӕс 1 Иоанны 1:9.) Ӕмӕ кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтам, уӕд хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурӕм. Уыдоны Йегъовӕ сӕвӕрдта, цӕмӕй ныл тыхсой (Иак. 5:14–16). Фӕлӕ нӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи хъуамӕ ма хӕрӕм. Нӕ уарзӕгой Фыд йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц. Иугӕр Йегъовӕ загъта, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕна, уымӕн сӕ ныххатыр кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд сайгӕ нӕ кӕны. Йегъовӕ алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй йын нӕ бон уа сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнын (1 Иоан. 2:1, 2, 12; 3:19, 20).

11. Нӕ бон куыд у нӕхи бахизын, нӕ уырнындзинад кӕй тыххӕй ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн, ахӕм мӕнг ныхӕстӕй?

11 Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстыл ма ’ууӕндӕм. Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг ахӕм адӕмы уылты архайы, цӕмӕй Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дызӕрдыг хъуыдытыл ӕфтауа. Уӕдӕ-иу хъуамӕ сбӕрӕг кӕнӕм, цы фехъусӕм, уый ӕцӕг у ӕви мӕнг *. Не знӕгтӕ интернеты кӕцыдӕр сайтты ӕмӕ социалон сетьты мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйыл мауал ӕууӕндӕм ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд мауал уӕм. Рох дӕ ма уӕд, уыцы мӕнг ныхӕстӕ кӕмӕй цӕуынц, уый, ӕмӕ сыл ма ӕууӕнд! (1 Иоан. 4:1, 6; Рарг. 12:9).

12. Библийӕ цы базыдтам, уыдӕттыл фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм?

12 Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм Йесойыл ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ фӕнд уый уылты кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл. Стӕй хъуамӕ ӕууӕндӕм ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд ӕрмӕстдӕр уыцы цагъары уылты кӕй дӕтты (Матф. 24:45–47). Ӕмӕ-иу нӕм цӕмӕй дызӕрдыг хъуыдытӕ ма фӕзына, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕдзух Хуыцауы Ныхас иртасын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн, арф уидӕгтӕ чи ауагъта, ахӕм бӕласы хуызӕн. Павел дӕр ахӕм хъуыды загъта, Колоссты ӕмбырдмӕ куы ныффыста, уӕд: «Нӕ Хицау Йесо Чырыстийыл куыд баууӕндыдыстут, афтӕ дарддӕр дӕр йӕ коммӕ кӕсут. ...Йӕ мидӕг уидӕгтӕ ауадзут, ууыл рӕзут ӕмӕ уырнындзинады ӕрфидар ут» (Кол. 2:6, 7). Нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм, уӕд нын Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон нӕ уырнындзинад никуы фӕцудын кӕндзысты! (2 Иоан. 8, 9).

13. Ацы дуне нӕм цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ цӕмӕн?

13 Ацы дуне нӕ йе сӕфт кӕй уыны, ууыл хъуамӕ дис ма кӕнӕм (1 Иоан. 3:13). Иоанн загъта, «ӕгас дуне... Фыдбылызы къухы» кӕй ис (1 Иоан. 5:19). Ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ Хӕйрӕг мӕстӕй тынгдӕр фыцы (Рарг. 12:12). Уый фӕархайы хинӕй, зӕгъӕм, раст дин чи ныууагъта, уыдоны уылты кӕнӕ та нӕ фӕхъавы ӕнӕгъдаудзинады къӕппӕджы баппарынмӕ. Фӕлӕ нӕ ныхмӕ ӕргом дӕр фӕцӕуы. Уый зоны, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад. Ӕмӕ йӕ тых, йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууын кӕна ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕна. Уӕдӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, кӕцыдӕр бӕстӕты нын сӕрибарӕй архайыны бар кӕй нӕй кӕнӕ дзы нӕ хъуыддаг бынтондӕр ӕхгӕд кӕй у, уый. Фӕлӕ уыцы бӕстӕты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уӕддӕр фидар лӕууынц. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисынц, Хӕйрӕг нын цыфӕнды ма ’взарын кӕна, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзыстӕм.

КӔРӔДЗИЙӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ РӔСТДЗИНАДЫ ФӔНДАГЫЛ ЦӔУЫНӔН

14. Нӕ бон куыд у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл цӕуой?

14 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ зын куы ӕмбарӕм, уӕд сын нӕ бон уыдзӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй дарддӕр дӕр рӕстдзинады фӕндагыл цӕуой (1 Иоан. 3:10, 11, 16–18). Кӕрӕдзийы хъуамӕ алкӕддӕр уарзӕм: алцыдӕр хорз куы вӕййы, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, дӕ бон нӕ уаид, зиан кӕуыл ӕрцыд, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕры ныфс бауадзын кӕнӕ йын истӕмӕй баххуыс кӕнын? Кӕнӕ дӕ бон нӕ уаид, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыцы ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын? Арӕх сын фӕхъӕуы сӕ хӕдзӕрттӕ йе та сӕ Паддзахады залтӕ сцалцӕг кӕнын кӕнӕ ногӕй саразын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм ӕмӕ сын сӕ зын кӕй ӕмбарӕм, уый нӕ ныхӕстӕй дӕр куыннӕ вӕййы бӕрӕг. Фӕлӕ ноджы ахсджиагдӕр у, цӕмӕй уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм.

15. 1 Иоанны 4:7, 8 стихтӕм гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

15 Кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уымӕй фӕзмӕм нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды. (Бакӕс 1 Иоанны 4:7, 8.) Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Зӕгъӕм, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд уарзондзинад равдисдзыстӕм, куы йын ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ уыцы хабар куы ферох кӕнӕм (Кол. 3:13). Ӕркӕсӕм, ӕфсымӕр Альдойыл цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Уый иу ӕфсымӕрӕн тынг аргъ кодта. Фӕлӕ иухатт уыцы ’фсымӕр цыдӕр ӕнӕрхъуыды ныхас загъта, Альдо цы адӕмыхаттӕй уыд, уый тыххӕй. Альдомӕ йӕ ныхас хъыг фӕкаст. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, ӕмӕ уыцы ’фсымӕрмӕ ма мӕсты кодтаид. Уымӕй уӕлдай ма уыцы ’фсымӕры хъусын кӕнынмӕ фӕхуыдта. Ӕмӕ, уацамынды куы уыдысты, уӕд ын Альдо загъта, йӕ ныхас ын хъыг кӕй уыд. Альдо зӕгъы: «Уыцы ӕфсымӕр уый куы базыдта, уӕд мӕ хатыр ракуырдта. Ӕмӕ йӕ хъӕлӕсӕй дӕр бӕрӕг уыд, тынг кӕй фӕсмон кӕны. Мах кӕрӕдзи бамбӕрстам ӕмӕ уыцы хабар ферох кодтам».

16, 17. Дарддӕр дӕр цы хъуамӕ аразӕм?

16 Апостол Иоанн ӕфсымӕрты тынг уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Кӕй сыл тыхст, уый бӕрӕг у, йе ’ртӕ фыстӕджы сын цы уынаффӕтӕ радта, уыдонӕй. Куыд ӕхсызгон нын у, Иоанны хуызӕн уарзӕгой адӕймӕгтӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ – Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты! (1 Иоан. 2:27).

17 Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕм ӕркастыстӕм, уыдон дын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Архай, цӕмӕй дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрай, ома алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсай. Йӕ Ныхас ын иртас ӕмӕ дзы цы фыст ис, ууыл ӕууӕнд, стӕй Йесойыл фидарӕй ӕууӕнд. Дӕхи хъахъхъӕн, адӕм цы хъуыдытыл хӕст сты ӕмӕ цы ахуырӕдтӕ амонынц, уыдонӕй. Раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстыл ма ’ууӕнд. Афтӕ макуы хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ бон у Йегъовӕйӕн дӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр аразын. Чи дӕ рӕдийын кӕны, уыдонмӕ ма хъус. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕр ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕн. Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй фидар уой: исчи дӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ын ныххатыр кӕн, стӕй-иу, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмӕ балӕуу. Ӕмӕ уӕд, цыфӕнды цӕлхдуртыл куы ’мбӕлай, уӕддӕр цӕрдзынӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ.

49 ЗАРӔГ Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн цин хӕссӕм

^ 5 абз. Ацы дунейы хицау у Хӕйрӕг, мӕнгдзинады фыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр ӕмбӕлӕм цавӕрдӕр цӕлхдуртыл. Н. э. 1 ӕнусы кӕрон чи цард, уыцы чырыстӕттӕн дӕр сӕ хабар афтӕ уыд. Йегъовӕйы фӕндыд уыдонӕн дӕр ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕнын, ӕмӕ апостол Иоаннӕн ныффыссын кодта ӕртӕ фыстӕджы. Уыцы фыстӕджыты фӕрцы базондзыстӕм, чырыстӕттӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕргӕйӕ цавӕр цӕлхдуртыл сӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ бон куыд у сӕ сӕрты хизын.

^ 6 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ 6 абз. Ацы чиныг ис уырыссаг ӕвзагыл. Хуыйны «Жизнь — как она возникла? Путем эволюции или путем сотворения?».

^ 11 абз. Кӕс 2018 азы августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыргӕнӕн статья «Хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕныс?».

^ 60 абз. НЫВ. Ӕрыгон хо скъолайы цытӕ хъусы ӕмӕ цытӕ уыны, уыдӕттӕм гӕсгӕ афтӕ уайы, цыма гомосексуализмы ӕвзӕрӕй ницы ис. (Кӕмдӕрты арвӕрдыны хуызтӕ сты гомосексуализмы нысан.) Фӕстӕдӕр уыцы хо хӕдзары ӕрмӕг иртасы, цӕмӕй йӕ уырнындзинад бафидар кӕна ӕмӕ, Йегъовӕ растыл цы нымайы, уый йӕ фидарӕй уырна. Уый фӕрцы раст уынаффӕ рахаста.