Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Йесо Чырысти Хистӕр сауджын кӕд сси ӕмӕ ног бадзырд фидаргонд кӕд ӕрцыд?

▪ Йесо Чырысти Хистӕр сауджын сси, н. э. 29 азы аргъуыд куы райста, уӕд. Уый кӕцӕй зонӕм? Аргъуыд куы райста, уӕд уымӕй равдыста, цӕттӕ кӕй у «нывондхӕссӕныл» йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ, ома Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ (Гал. 1:4; Дзут. 10:5–10). Ӕмӕ иугӕр уыцы «нывондхӕссӕн» Йесойы аргъуыдӕй фӕстӕмӕ ис, уӕд стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон дӕр уӕд фӕзындаид, уымӕн ӕмӕ нывондхӕссӕн у кувӕндоны хай. Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндон амоны, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ бон цӕй фӕрцы у, уымӕ, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис Чырыстийы нывонды фӕрцы (Матф. 3:16, 17; Дзут. 5:4–6).

Иугӕр ӕнӕуынгӕ кувӕндон фӕзынд, уӕд дзы хистӕр сауджын дӕр хъуыд. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ Йесойы «байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ хъаруйӕ» (Хъуыд. 10:37, 38; Мар. 1:9–11). Фӕлӕ йӕ кӕцӕй зонӕм, ӕмӕ Йесо Хистӕр сауджынӕй ӕвӕрд ӕрцыд, куы амард ӕмӕ куы райгас, уый размӕ? Ацы фарстайӕн дзуапп ссардзыстӕм, Аароны ӕмӕ, йӕ фӕстӕ хистӕр сауджынтӕ чи уыдысты, уыдоны хабармӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд.

Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, ӕрмӕстдӕр хистӕр сауджынӕн уыд Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуӕн. Ӕппӕты сыгъдӕг бынат Сыгъдӕг бынатӕй хицӕн кодта ӕмбӕрзӕн. Хистӕр сауджын-иу ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ бахызт ӕрмӕстдӕр Сыгъдӕггӕнӕн боны (Дзут. 9:1–3, 6, 7). Аарон хистӕр сауджынӕй ӕвӕрд ӕрцыд, ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ, Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ, куы бацыд, уый фӕстӕ нӕ, фӕлӕ уый размӕ. Ӕмӕ иннӕ хистӕр сауджынтӕ дӕр афтӕ ӕвӕрд цыдысты. Ӕмӕ Йесо дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны Хистӕр сауджынӕй ӕвӕрд ӕрцыд йӕ мӕлӕты фӕстӕ нӕ, фӕлӕ йӕ мӕлӕты размӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ бахызт «ӕмбӕрзӕны» мидӕмӕ, уӕлӕрвтӕм, «ӕмбӕрзӕн та у йӕ буар» (Дзут. 10:20). Уымӕ гӕсгӕ апостол Павел Йесойы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «хистӕр сауджын... фӕзынд» ӕмӕ бахызт «комкоммӕ уӕларвмӕ» (Дзут. 9:11, 24).

▪ Цӕмӕй ног бадзырд фидаргонд ӕрцыдаид, уый тыххӕй хъуыди ӕртӕ хъуыддаджы саразын. Цавӕр?

Фыццаг: Йесо ӕрлӕууыд Йегъовӕйы раз. Дыккаг: Йесо Йегъовӕмӕ бахаста йӕ нывонды аргъ. Ӕртыккаг: Йегъовӕ Йесойы туджы аргъ айста. Цалынмӕ ацы хъуыддӕгтӕ арӕзт не ’рцыдысты, уӕдмӕ ног бадзырд йӕ тыхы нӕ бацыд.

Библийы нӕй фыст, Йегъовӕ Йесойы нывонды аргъ бӕлвырдӕй кӕд айста, уый. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу бӕлвырдӕй зӕгъын, ног бадзырд фидаргонд кӕд ӕрцыд ӕмӕ йӕ тыхы кӕд бацыд, уый. Фӕлӕ зонӕм, Йесо уӕлӕрвтӕм кӕй ссыд Фӕндзайӕм бонӕй 10 боны раздӕр (Хъуыд. 1:3). Уый уыд цыбыр рӕстӕг, ӕмӕ уыцы 10 боны мидӕг кӕцыдӕр афон йӕ нывонды аргъ Йегъовӕмӕ бахаста, ӕмӕ йын ӕй Йегъовӕ айста (Дзут. 9:12). Афтӕ кӕй уыд, уый бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой Фӕндзайӕм боны (Хъуыд. 2:1–4, 32, 33). Куыд зыны, афтӕмӕй ног бадзырд уӕдмӕ йӕ тыхы бацыд.

Уӕдӕ ног бадзырд фидаргонд ӕрцыд ӕмӕ йӕ тыхы бацыд, Йегъовӕ Йесойы туджы аргъ куы айста, уӕд. Йесо Чырысти у Хистӕр сауджын ӕмӕ ног бадзырды ӕхсӕны лӕг (Дзут. 7:25; 8:1–3, 6; 9:13–15).